Октябрь
Хуыцаубон, 1 октябрь
Амондджын у уыцы адӕймаг, мӕныл чи нӕ дызӕрдыг кӕны (Матф. 11:6).
Мах ӕууӕндӕм, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ адӕмӕн дӕр уыдӕттӕ амонӕм. Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцауӕн куыд кувӕм, уый бирӕтӕм ӕгӕр хуымӕтӕг кӕсы, ӕмӕ сын уый цӕлхдур свӕййы. Стӕй сын Библийӕ цы фӕамонӕм, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕндӕр цыдӕртӕ фӕфӕнды фехъусын. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Адӕймагмӕ уырнындзинад уӕд фӕзыны, ӕмӕ уыцы хабар куы фехъусы. Ӕмӕ йӕ хъусгӕ та фӕкӕны, исчи Чырыстийы тыххӕй куы фӕдзуры, уӕд» (Ром. 10:17). Уӕдӕ адӕймагмӕ уырнындзинад фӕзыны, Фыстад кӕй фӕиртасы, уый фӕрцы. Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, ахӕм дины бӕрӕгбӕтты кӕй фӕархайы, уый йӕ уырнындзинадӕн ницы пайда у, уыцы бӕрӕгбӕттӕ йӕм цыфӕнды рӕсугъд ма кӕсой, уӕддӕр. Хъуамӕ нӕм уа, йӕ бындур бӕлвырд зонындзинӕдтӕ кӕмӕн сты, ахӕм фидар уырнындзинад, уымӕн ӕмӕ «ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй» (Дзут. 11:1, 6). Уӕдӕ цӕмӕй бамбарӕм, рӕстдзинад кӕй ссардтам, уый тыххӕй нӕ уӕларвӕй диссаг фенын нӕ хъӕуы. Библийы ахуырӕдтӕ лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд уый дӕр фаг уыдзӕн, цӕмӕй нӕ бауырна, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у, стӕй цӕмӕй дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм. w21.05 4, 5 фф., 11, 12 абз.
Къуырисӕр, 2 октябрь
Цы уавӕрты бахаудтӕн, уыдон ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс дӕр... фесты (Фил. 1:12).
Апостол Павел бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Йегъовӕйы ӕххуыс ӕй уӕлдай тынгдӕр хъуыд, дуртӕй йӕ куы фӕхостой, куы-иу ӕй фӕнадтой ӕмӕ-иу ӕй ахӕстоны куы бакодтой, уӕд (2 Кор. 11:23–25). Павел ӕргом дзырдта, хатт-иу ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ кӕй тох кодта (Ром. 7:18, 19, 24). Стӕй ма йӕ тухӕнӕй мардта «буары... сындз». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди цавӕрдӕр низ, ӕмӕ Павелы тынг фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцау уымӕй фервӕзын кодтаид (2 Кор. 12:7, 8). Йегъовӕ Павелӕн хъарутӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр дарддӕр лӕггад кодта. Аныхас кӕнӕм, Павелӕн цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Ромы ахст куы уыд ӕмӕ иу хӕдзары куы цард, уӕд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта дзуттаг дины разамонджытӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, стыр хицӕуттӕн дӕр (Хъуыд. 28:17; Фил. 4:21, 22). Хъусын ма кодта Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсадӕй бирӕтӕн, стӕй-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Хъуыд. 28:30, 31; Фил. 1:13). Уыцы рӕстӕг ма Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста цалдӕр фыстӕджы йе ’мчырыстӕттӕм. Ӕмӕ уыцы фыстӕджытӕ махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты. w21.05 21 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 3 октябрь
Фыст цы у, уый сӕрты ма хизут, цӕмӕй... уӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕссат (1 Кор. 4:6).
Иудӕйы паддзах Ози сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый тыххӕй уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ сарӕзта, бар ын цӕмӕн нӕ уыд, уый. Ози тынг курдиатджын уыд. Уый бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз, сарӕзта горӕттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ. Уыди йӕм тынг бирӕ фос, стӕй уарзта зӕххы куыст дӕр. Ӕмӕ йын «ӕцӕг Хуыцау арфӕ кодта» (2 Аз. 26:3–7, 10). «Фӕлӕ хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта». Йегъовӕ куыд бафӕдзӕхста, афтӕмӕй ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн уыди бар, цӕмӕй-иу кувӕндоны буд ссыгътаиккой. Фӕлӕ Ози бацыд кувӕндонмӕ, цӕмӕй дзы буд ссыгътаид. Уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йыл хъотыр бафтыдта (2 Аз. 26:16–21). Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр, сӕрбӕрзонд кӕй систӕм, уый тыххӕй Озийау тӕригъӕд саразӕм? О, гӕнӕн ис, нӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл куы уӕм, уӕд. Рох нӕ макуы уӕд, цы курдиӕттӕ нӕм ис ӕмӕ нын ӕмбырды цы кадджын хӕстӕ ис, уыдон Йегъовӕйӕ кӕй сты (1 Кор. 4:7). Фӕлӕ сӕрбӕрзонд куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ бар никуы ницы бакӕндзӕн. w21.06 16 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 4 октябрь
Дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут – цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл (Лук. 10:20).
Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл-иу уацамынды алкӕд диссагӕн дзуринаг хабӕрттӕ кӕй не ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, мах ӕй нӕ зонӕм, фыццаг сӕм чи байхъуыста, уыдон ӕппынфӕстаг уырнджытӕ систы ӕви нӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ бамбӕрстаиккой: адӕм сӕм кӕй хъуыстой, ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма цин кодтаиккой. Ӕппӕты стырдӕр циндзинад сын хъуамӕ хастаид, Йегъовӕ сын сӕ лӕггадӕй райгонд кӕй уыд, уый. Дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ куы байтауӕм ӕмӕ сыл дон куы фӕкӕнӕм, уӕд фӕтауӕм, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды», уый. Цӕмӕн у нӕ бон афтӕ зӕгъын? Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд равдисӕм, кӕй нӕ фӕнды сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: нӕ ныфс куы нӕ асӕтта кӕнӕ куы нӕ бафӕллайӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд «ӕркӕрддзыстӕм» ӕнусон цард, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнынӕн куы никӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр (Гал. 6:7–9). w21.10 26 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 5 октябрь
Йесо... сын фӕтӕригъӕд кодта... Гъемӕ сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын (Мар. 6:34).
Иухатт Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдысты, ӕмӕ тынг бафӕлладысты. Ӕмӕ сӕ фӕндыди иу гыццыл баулӕфын. Уыдон ацыдысты хибар ранмӕ, фӕлӕ сӕ адӕм уым дӕр ссардтой. Йесо сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын», кӕд фӕллад уыди, уӕддӕр. Йесо йӕхи сӕвӕрдта уыцы адӕмы бынаты. Уыдта йӕ, куыд ӕфхӕрд уыдысты ӕмӕ сӕ ныфс кӕй ницӕмӕй уыд. Ӕмӕ йӕ фӕндыди, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Абон дӕр адӕм ахӕм уавӕры сты. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ сӕ цардӕй райгонд сты, уӕддӕр дӕ уый ма фӕсайӕд. Уыдон сты, чи адзӕгъӕл, ахӕм ӕнӕфыййау фысты хуызӕн. Ахӕм адӕмы тыххӕй апостол Павел загъта, зӕгъгӕ сӕ ныфс ницӕмӕй ис ӕмӕ цӕрынц ӕнӕ Хуыцауӕй (Еф. 2:12). Нӕ территорийы цы адӕм цӕры, уыдоны тынг хъӕуы Хуыцауы базонын. Ӕмӕ-иу ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ тынг бафӕнддзӕн, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн нӕ уарзондзинад дӕр. Ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс сын уыдзӕн, Библи ахуыр кӕныны тыххӕй-иу сын куы зӕгъӕм, уӕд. w21.07 5 ф., 8 абз.
Майрӕмбон, 6 октябрь
Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ... кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм (Гал. 5:26).
Кадуарзаг адӕймаг вӕййы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон. Хӕлӕггӕнаг адӕймаг, иннӕтӕм цы ис, ахӕм цӕмӕдӕрты ӕрмӕст бӕлгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ йӕ цӕст дӕр нӕ фӕуарзы, цӕмӕй сын уыдӕттӕ уа. Адӕймаг искӕмӕ куы хӕлӕг кӕна, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзы йе сӕфт уыны. Адӕймаг кадуарзаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг куы вӕййы, уӕд уый абарӕн ис, хӕдтӕхӕгӕн йӕ артаджы лыстӕг бырӕттӕ куыд бахауой, уыимӕ. Чи зоны, уыцы хӕдтӕхӕгӕн йӕ бон бауыдзӕн стӕхын. Фӕлӕ ӕрбадынмӕ куы хъава, уӕд ныппырх уыдзӕн. Афтӕ чырыстон дӕр, чи зоны, Йегъовӕйӕн иуцасдӕр лӕггад кӕны. Фӕлӕ кӕд кадуарзаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг у, уӕд ӕй уый бӕллӕхмӕ ӕркӕндзӕн (Ӕмб. 16:18). Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Апостол Павелы уынаффӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кадуарзаг ма суӕм: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Фил. 2:3). w21.07 15, 16 фф., 6–8 абз.
Сабат, 7 октябрь
Хорз хабар [уын] куы хъусын кодтам, уӕд нӕ ныхӕстӕ афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ сын уыди стыр тых, уыцы хъуыддаджы архайдта Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр, ӕмӕ сымах фидарӕй баууӕндыдыстут (1 Фес. 1:5).
Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ раст дин хъуамӕ дзуапп дӕтта алы фарстайӕн дӕр, йӕ кой Библийы куы нӕ уа, уӕд дӕр. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис? Зӕгъӕм, апостол Павел иннӕ чырыстӕттӕн дзырдта, «алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:21). Фӕлӕ ма загъта, бирӕ цыдӕртӕ кӕй не ’мбӕрста. Уый ныффыста: «Ныртӕккӕ цы зонӕм, уый ӕххӕстӕй нӕ зонӕм». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мах кӕсӕм, дзӕбӕх кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ» (1 Кор. 13:9, 12). Павел алцы нӕ зыдта, ӕмӕ мах дӕр алцы нӕ зонӕм. Фӕлӕ уый зыдта, Йегъовӕйы тыххӕй сӕйраджыдӕр цы хъуыди зонын, уыдӕттӕ. Ӕмӕ йын уыцы зонындзинӕдтӕ дӕр фаг уыдысты, цӕмӕй йӕ фидарӕй уырныдтаид, цӕуыл баууӕндыд, уый рӕстдзинад кӕй у. Йесо Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кодта ӕмӕ йын абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд нӕ тынгдӕр уырндзӕн, рӕстдзинад кӕй ссардтам, уый. w21.10 18, 19 фф., 2–4 абз.
Хуыцаубон, 8 октябрь
Фӕндзай азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕд та йӕ лӕггад фӕуыдзӕн (Ным. 8:25).
Нӕ буц хистӕртӕ, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнут ӕви нӕ, уӕддӕр уӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Ног уавӕртыл ахуыр кӕнут, уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут ӕмӕ хъуыды кӕнут, уӕ бон цы у, ууыл, уӕ бон цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ. Паддзах Давиды фӕндыд Йегъовӕйӕн хӕдзар саразын. Фӕлӕ йын Йегъовӕ куы загъта, уыцы кад ӕрыгон Соломонмӕ кӕй ӕрхаудзӕн, уӕд Давид Йегъовӕйы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Ӕмӕ, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй кувӕндон аразынӕн баххуыс кодта (1 Аз. 17:4; 22:5). Давидмӕ афтӕ нӕ каст, ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕхӕдӕг хуыздӕр сарӕзтаид, Соломон «нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ (1 Аз. 29:1). Уый зыдта, кувӕндон арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, уыцы хъуыддагӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн, уый фӕрцы. Разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны кар ӕмӕ фӕлтӕрддзинад сӕйраг нӕ уыд. Абон дӕр ацӕргӕтӕ Давидау Йегъовӕйы хъуыддаджы зӕрдиагӕй фӕархайынц, раздӕр цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдон куы нал феххӕст кӕнынц, уӕд дӕр. Ӕмӕ йӕ зонынц, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн, уыцы хӕстӕ чи ’ххӕст кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕн. w21.09 9 ф., 4 абз.; 10 ф., 5, 8 абз.
Къуырисӕр, 9 октябрь
Уый сабыр адӕмӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ цӕрой, сабыр адӕмы сахуыр кӕндзӕн йӕ фӕндагыл цӕуын (Пс. 25:9).
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ цард афтид, ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл нӕ цӕудзӕн. Фӕлӕ хъуамӕ нысӕнттӕ ӕвӕрӕм иннӕты курдиӕттӕм ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ нӕхи курдиӕттӕм ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. Нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс асӕтдзӕн (Лук. 14:28). Ды дӕ Йегъовӕйы бинонтӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дӕ. Дыккаг дӕу хуызӕн адӕймаг нӕй. Йегъовӕ дӕ йӕхимӕ уый тыххӕй не ’рбакодта, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр дӕ. Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕмӕ ныккаст ӕмӕ федта, сӕрныллӕг адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ дӕ кӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ ахуыр кӕна ӕмӕ дӕ ива. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый йын кӕй дӕттыс, уымӕн. Фидар ӕмӕ иузӕрдион кӕй дӕ, уымӕй бӕрӕг у, «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ» дын кӕй ис (Лук. 8:15). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн дӕтт, дӕумӕ хуыздӕрӕй цы ис, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзынӕ дӕхи хъуыддӕгтыл! (Гал. 6:4). w21.07 23 ф., 15 абз.; 25 ф., 20 абз.
Дыццӕг, 10 октябрь
Тӕригъӕдджыны рӕдыд фӕндагӕй чи раздаха, уый йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн (Иак. 5:20).
Иуӕй-иу хатт нӕ бахъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цавӕрдӕр хӕрам хъуыддагӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы базонынц, ӕмбырды чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уӕд Йегъовӕмӕ фӕкувынц ӕмӕ дзы «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» фӕкурынц, цӕмӕй уыцы уавӕрмӕ уый цӕстӕй ракӕсой (Иак. 3:17). Сӕ нысан вӕййы, тӕригъӕд чи аразы, уый «рӕдыд фӕндагӕй... раздахын» (Иак. 5:19, 20). Стӕй ма сӕ фӕфӕнды ӕмбырд бахъахъхъӕнын ӕмӕ, уыцы адӕймаг тӕригъӕд кӕй ныхмӕ сарӕзта, уымӕн дӕр баххуыс кӕнын (2 Кор. 1:3, 4). Ахӕм хъуыддӕгтӕ куы февзарынц, уӕд уал фыццаг алцыдӕр базонынц. Ӕмӕ уымӕн та рӕстӕг бахъӕуы. Уый фӕстӕ Йегъовӕмӕ скувынц. Тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ раттынц ӕмӕ йын, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ зонд бацамонынц (Йер. 30:11). Уыдон уынаффӕ рахӕссыныл ӕгӕр тагъд нӕ фӕкӕнынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд уый ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕссы. w21.08 11 ф., 12, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 11 октябрь
Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн... Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр (Руф 1:16).
Израилы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд Ноемин, йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты Моавмӕ ацыдысты. Уым Ноеминӕн йӕ сӕрыхицау амард. Йӕ фырттӕ бинонтӕ скодтой, фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ фырттӕ дӕр амардысты (Руф 1:3–5). Ноеминыл дуне баталынг. Уый тынг маст кодта. Суанг ма афтӕ дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ йын уыдӕттӕ Йегъовӕ бавзарын кодта. Ноемин загъта: «Йегъовӕ мӕ ныхмӕ... сси»; «Ӕппӕтхъомысджын [мын] стыр мӕстытӕ бавзарын кодта»; «Йегъовӕ мӕ... фегад кодта ӕмӕ мӕ Ӕппӕтхъомысджын бӕллӕхы хай... бакодта» (Руф 1:13, 20, 21). Йегъовӕ зоны, «ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ зондджын адӕймаг дӕр ӕнӕзонд ми [кӕй] бакӕны» (Еккл. 7:7). Руфы баразӕнгард кодта, цӕмӕй Ноеминмӕ ӕнувыд уарзт равдыстаид. Руф разынд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Уый йе ’фсинӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаид, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, ууыл. w21.11 9 ф., 9, 10 абз.; 10 ф., 13 абз.
Цыппӕрӕм, 12 октябрь
Курӕд Хуыцауӕй (Иак. 1:5).
Кӕд Йегъовӕйы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ фылдӕр аразынмӕ ма тырнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Хъуамӕ-иу нӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрӕм, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсӕм, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм. Ӕмбаргӕ ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм ӕмӕ фылдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтӕн лӕггад кӕныныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыцы нысӕнттӕ нӕ къухы бафтдзысты (Ӕмб. 11:2; Хъуыд. 20:35). Дӕ бон дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын? Цӕмӕй уый бамбарай, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув (Ӕмб. 16:3). Дӕ бон у, дӕ разы цавӕрдӕр нысан сӕвӕрын, зӕгъӕм, ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, Вефилы лӕггад кӕнын кӕнӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын. Йе та, чи зоны, дӕ бон у ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнай, уыцы ’взагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн кӕнӕ, уыцы ’взагыл кӕм дзурынц, ахӕм ранмӕ ацӕуай. w21.08 23 ф., 14, 15 абз.
Майрӕмбон, 13 октябрь
Ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт! (Пс. 136:1).
Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у мах йе ’нувыд уарзтӕй тавын (Мих. 7:18). Фӕдзӕхсы нын, цӕмӕй ӕнувыд уарзт ма ныууадзӕм (Ӕмб. 3:3). Фӕлӕ уал нӕ фыццаг хъӕуы базонын, ӕнувыд уарзт цы у, уый. Цы у ӕнувыд уарзт? «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы ирон ӕвзагыл ацы дзырдбаст ӕмбӕлы 240 хаттӕй фылдӕр. Искӕй ӕнувыд уарзтӕй чи фӕуарзы, уый йӕ фӕуарзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, вӕййы йыл ӕнувыд ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивы. Ацы дзырдбаст арӕх фембӕлы, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый кой кӕм вӕййы, уым. Фӕлӕ ахӕм уарзондзинад вӕййы адӕмы ’хсӕн дӕр. Фыццаджыдӕр нын Йегъовӕ у фӕзминаг, иннӕты ӕнувыд уарзтӕй куыд уарзы, уымӕй. Паддзах Давид дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзт у уӕлӕрвты онг... О Хуыцау, куыд зынаргъ у де ’нувыд уарзт!» (Пс. 36:5, 7). Давидау мах дӕр Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕн аргъ кӕнӕм? w21.11 2 ф., 1, 2 абз.; 3 ф., 4 абз.
Сабат, 14 октябрь
Кувгӕ та кӕнут афтӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9).
Йегъовӕйӕн ис стыр бинонтӕ. Йӕ бинонты ’хсӕн сты Йесо, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг», ӕмӕ милуангай зӕдтӕ (Кол. 1:15; Пс. 103:20). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн ӕмбарын кодта, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у Йегъовӕйы сӕ Фыдыл нымайын. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын загъта: «Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ» (Иоан. 20:17). Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕрбаиу вӕййы, кӕрӕдзийыл ӕнувыд чи сты, уыцы чырыстон бинонтӕм (Мар. 10:29, 30). Йегъовӕ, ӕрмӕстдӕр нӕ цыдӕртӕ чи домы, ахӕм тызмӕг хицау нӕу. Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Фыд. Нӕ бон вӕййы йемӕ кӕдфӕнды дӕр аныхас кӕнын. Йесо йӕ растдӕр ахӕм Фыдыл нымайы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм мах дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы амыдта, кувын куыд хъӕуы, уӕд сын загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд“». Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», «Сфӕлдисӕг» ӕмӕ «Ӕнусты Паддзах» (Райд. 49:25; Ис. 44:2; 1 Тим. 1:17). Ӕмӕ Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын, цӕмӕй йӕ кувгӕйӕ афтӕ хонӕм. Афтӕ куы загътаид, уӕддӕр нӕ фӕрӕдыдаид. Фӕлӕ Йесо загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы хонӕм нӕ Фыд. w21.09 20 ф., 1, 3 абз.
Хуыцаубон, 15 октябрь
Манасси базыдта, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у (2 Аз. 33:13).
Паддзах Манасси нӕ хъуыста, Йегъовӕ йын йӕ пехуымпарты уылты цы дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг «Йегъовӕ [Иудӕйы] ныхмӕ ракодта Ассирийы паддзахы ӕфсады хистӕрты, ӕмӕ уыдон Манассийы къӕдзӕхты ’хсӕн ӕрцахстой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ акодтой Вавилонмӕ». Ӕцӕгӕлон бӕстӕйы ахст куы уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фӕхъуыды кодта, цытӕ кодта, уыдӕттыл. Ӕмӕ «йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта». Уымӕй уӕлдай ма «йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм ӕрмӕст иу хатт не скуывта (2 Аз. 33:10–13). Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ Манассийы куывдтытӕн дзуапп радта. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕ уыдта. Уыдта йӕ, кӕй аивта. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыд йӕ куывдтытӕй дӕр. Йегъовӕ йын йӕ лӕгъстӕтӕ фехъуыста ӕмӕ йын фӕстӕмӕ паддзахы бартӕ дӕр радта. Манасси, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта. w21.10 4 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 16 октябрь
Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу (Еккл. 4:9).
Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы бахъуыди, кӕм сахуыр сты, уыцы бынат ныууадзын, ног ран ӕрбынат кӕнын ӕмӕ куыст ссарын. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ ӕрцардысты Коринфы. Уым бынӕттон ӕмбырдимӕ ӕмгуыст кодтой ӕмӕ апостол Павелимӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кодтой. Уый фӕстӕ-иу ацыдысты, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ-иу кӕм хъуыди, уыцы горӕттӕм дӕр (Хъуыд. 18:18–21; Ром. 16:3–5). Уыдон иумӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ арӕзтой, ӕмӕ сӕ цардӕй райгонд уыдысты. Нӕ рӕстӕджы дӕр къайтӕн сӕ бон у Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйау Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын. Хорз уаид, чи ӕмбӕлы, уыцы лӕппу ӕмӕ чызг, сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынц ӕмӕ царды цӕмӕ тырнынц, уыдӕттыл куы аныхас кӕниккой, цалынмӕ сӕ цард нӕ баиу кодтой, уӕдмӕ. Лӕг ӕмӕ ус уынаффӕтӕ иумӕ куы хӕссой ӕмӕ сӕ нысӕнттӕм иумӕ куы тырной, уӕд арӕхдӕр уындзысты, Йегъовӕйы сыгъдӕг тых сӕ царды куыд архайы, уый (Еккл. 4:12). w21.11 17 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 17 октябрь
Алчидӕр уӕ хъуамӕ тӕрса йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕй. [...] Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау (Лев. 19:3).
Мах хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхст ӕмӕ нӕ ныййарджыты нымайӕм. Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Левиты 19:3 стихы цы фӕдзӕхст ис, уый загъд кӕй уыди мӕнӕ ацы ныхӕсты хӕдфӕстӕ: «Ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ» (Лев. 19:2). Нӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Ӕз та Йегъовӕйы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ мӕ ныййарджыты нымайын?» Чи зоны, нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл цӕйдӕрты тыххӕй худы. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уый аивӕн нал ис. Фӕлӕ ныр нӕ бон у нӕхицӕн зӕгъын, амӕй фӕстӕмӕ мӕ ныййарджытӕн хуыздӕр уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Ис бацархайӕн, цӕмӕй семӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм. Нӕ бон сӕм у ӕхцайӕ фӕкӕсын, дарддӕр сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм Левиты 19:3 стихы фыст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. w21.12 4, 5 фф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 18 октябрь
Макӕй кой кӕнут (Матф. 7:1).
Паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Давид Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ ма йын йӕ лӕджы дӕр амарын кодта (2 Сам. 11:2–4, 14, 15, 24). Ӕмӕ ӕрмӕст йӕхи нӕ бакодта бӕллӕхты хай, фӕлӕ ма йӕ бинонты, уыимӕ йӕ устыты дӕр (2 Сам. 12:10, 11). Ӕндӕр хатт та Давид йӕ ныфс Йегъовӕйыл нӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ йын бар цӕмӕн нӕ уыд, уый сарӕзта – Израилы ӕфсӕддонты банымадта. Уый цӕмӕ ’ркодта? 70 000 израиладжы фыднизӕй фӕцагъдысты! (2 Сам. 24:1–4, 10–15). Ды дӕр афтӕ хъуыды кодтаис, ӕмӕ Давид уый аккаг нӕу, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна? Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уымӕй рох нӕ уыд, Давид ын бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый. Стӕй уыдта, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Йегъовӕ зыдта, Давид ӕй бирӕ кӕй уарзта ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд рӕстӕй архайын. Йегъовӕ фыццаджыдӕр, хорзӕй нӕм цы ис, уый кӕй уыны, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ? (1 Пад. 9:4; 1 Аз. 29:10, 17). w21.12 19 ф., 11–13 абз.
Цыппӕрӕм, 19 октябрь
Лӕг уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ, Хуыцауы кадджынгӕнгӕ, йӕ фӕдыл ацыд (Лук. 18:43).
Йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн уыд, уыдонӕн Йесо тынг тӕригъӕд кодта. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Аргъауӕг Иоаннмӕ цы ныхӕстӕ арвыста, уыдон: «Куырмытӕ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц». Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый-иу чи федта, уыдон-иу «иууылдӕр Хуыцауы скадджын кодтой» (Лук. 7:20–22). Мах дӕр фӕнды Йесойы фӕзмын. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн ис, уыдонмӕ стӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ семӕ вӕййӕм фӕразон. Йегъовӕ нын диссӕгтӕ аразыны хъару нӕ радта. Фӕлӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй, цӕстӕй чи нӕ уыны кӕнӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ куырмӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын дзурӕм, ног дунейы иууылдӕр ӕххӕст кӕй суыдзысты ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй уыдзысты (Лук. 4:18). Уыцы хорз хабары фӕрцы ныр дӕр бирӕтӕ Хуыцауы кадджын кӕнынц. w21.12 9 ф., 5 абз.
Майрӕмбон, 20 октябрь
Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр (Иак. 5:11).
Иаков бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Фыстадӕй. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн бамбарын кодта, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй схорзӕхджын кӕны, Иовау иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдоны. Ӕмӕ уый бамбарын кодта хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй. Афтӕмӕй Иаков ӕргом йӕхимӕ не здӕхта, фӕлӕ Йегъовӕмӕ. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ рӕстдзинад амонӕм хуымӕтӕгӕй ӕмӕ, цы дзурӕм, уымӕн йӕ бындур хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхас. Нӕ нысан хъуамӕ уа, мах цас зонӕм, уый равдисын нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕ цас зоны ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый равдисын (Ром. 11:33). Уый нын бантысдзӕн, цы дзурӕм, уымӕн йӕ бындур алкӕддӕр Хуыцауы Ныхас куы уа, уӕд. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн нӕ дзурдзыстӕм, йӕ бынаты мах куыд бакӕниккам. Хъуамӕ йын йӕхи сахуыр кӕнӕм, Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл хъуыды кӕнын. Стӕй-иу ын хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй-иу бамбара, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Ӕмӕ йӕ уӕд йӕ царды цыдӕртӕ ивын мах тыххӕй нӕ фӕнддзӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй. w22.01 10, 11 фф., 9, 10 абз.
Сабат, 21 октябрь
Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Лев. 19:18).
Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, иннӕтӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕ. Ӕмӕ, ӕвзӕрӕй макӕмӕн мацы аразӕм, уый фаг нӕу. Цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты нӕхицӕй фылдӕр уарзӕм. Йесо дӕр бамбарын кодта, Левиты 19:18 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ гӕсгӕ архайын ахсджиаг кӕй у, уый. Иухатт ӕй иу фарисей бафарста: «Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» Йесо йын загъта, «фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» кӕй у Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарзын. Уый фӕстӕ та загъта дыккаг фӕдзӕхсты тыххӕй. Ӕрхаста Левит 19:18 стихы ныхӕстӕ: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 22:35–40). Иннӕты кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн нын бирӕ фадӕттӕ вӕййы. Зӕгъӕм, Левиты 19:18 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уымӕй. Уым фыст ис: «Дӕ маст ма ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс». w21.12 10, 11 фф., 11–13 абз.
Хуыцаубон, 22 октябрь
Йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» (Матф. 14:30).
Йесо апостол Петрмӕ йӕ къух бадардта ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта. Цалынмӕ Петр Йесомӕ каст, уӕдмӕ йӕ бон уыди абухгӕ денджызы уылӕнтыл цӕуын. Фӕлӕ куыддӕр уылӕнтӕм бакаст, афтӕ фӕтарст, ӕмӕ ныгъуылын райдыдта (Матф. 14:24–31). Петрыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Петр бӕлӕгъӕй куы рахызт ӕмӕ доныл куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, ӕмӕ фӕтӕрсдзӕн ӕмӕ ныгъуылын райдайдзӕн. Уый хъавыд Йесомӕ доныл бацӕуын, фӕлӕ уылӕнтӕм акаст. Петры доныл цӕуынӕн уырнындзинад куыд хъуыди, мах дӕр афтӕ фӕхъӕуы уырнындзинад, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты сӕрты ахизӕм. Ӕдзух Йегъовӕмӕ куы нӕ «кӕсӕм» ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр «ныгъуылын» райдайдзыстӕм, ома дзы адард уыдзыстӕм. Цыфӕнды «тыхдымгӕты» ма бахауӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йегъовӕйы. Ӕмӕ нӕ рох макуы уӕд, йӕ бон кӕй у махӕн баххуыс кӕнын. w21.12 17 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 23 октябрь
Ӕз... де стыр ӕнувыд уарзты фӕрцы бацӕудзынӕн дӕ хӕдзармӕ (Пс. 5:7).
Кувын, Библи иртасын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын хауынц нӕ лӕггадмӕ. Йегъовӕ у нӕ уӕларвон Фыд, уый нӕ тынг уарзы. Ӕмӕ йӕм куы фӕкувӕм, уӕд нӕ бон вӕййы йемӕ аныхас кӕнын. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базонӕм, ӕппӕт зонд кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕй (Ӕмб. 2:1–5). Цы бакастыстӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд та ноджы хуыздӕр бамбарӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цы диссаджы миниуджытӕ ис. Стӕй нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, цы фидӕн нын ӕрцӕттӕ кодта, уый. Ахӕм хъуыддӕгтӕн йӕ рӕстӕг чи бавгъау кӕндзӕн? Фӕлӕ алы хатт нӕ бон нӕ вӕййы уыцы хъуыддӕгтӕн бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Ӕмӕ уӕд цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ спайда кӕнӕм? Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ссар сабыр бынат. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо-иу куыд бакодта, ууыл. Цалынмӕ лӕггад кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ 40 боны дӕргъы уыди ӕдзӕрӕг быдыры (Лук. 4:1, 2). Уым ӕй ничи хъыгдардта, ӕмӕ йӕ бон уыд Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, ууыл ахъуыды кӕнын. Уый фӕрцы йӕхи бацӕттӕ кодта, цы фӕлварӕнтӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. w22.01 27, 28 фф., 7, 8 абз.
Дыццӕг, 24 октябрь
Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым... алцыдӕр рауайдзӕн (Ӕмб. 15:22).
Хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ нын ӕндӕр фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр, гӕнӕн ис, бацамона, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уымӕ. Исчи нын Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ куы ратта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны. Ӕмӕ-иу ын хъуамӕ йӕ уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд уынаффӕмӕ байхъусын зындӕр вӕййы, исчи нын ӕй куы ратты, уӕд. Суанг ма йӕм, гӕнӕн ис, фӕхӕрам уӕм. Мах ӕмбарӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр хъыг вӕййы, исчи нын нӕ рӕдыдмӕ куы бацамоны, уӕд (Еккл. 7:9). Гӕнӕн ис, нӕхи рӕстытӕ кӕнӕм кӕнӕ хъуыды кӕнӕм, ай та ӕдзух мӕн баййары, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу хатт нӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, уынаффӕ нын куыд раттынц, уый. Чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Цы йӕ хъуыддаг ис? Йӕхицӕн куы зонид!» Афтӕтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардзыстӕм. Йе та иннӕты рафӕрс-бафӕрс кӕндзыстӕм, цалынмӕ, нӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ нӕ фехъусӕм, уӕдмӕ. w22.02 8, 9 фф., 2–4 абз.
Ӕртыццӕг, 25 октябрь
Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат (Ис. 30:15).
Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм ног дунейы цӕйдӕр тыххӕй афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Йегъовӕ цыдӕр раст нӕ сарӕзта? Ахъуыды-ма кӕнӕм, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд цы ’рцыд, ууыл. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдтой. Сӕ зӕрдӕ ӕрцагуырдта, Египеты цы хӕринӕгтӕ, цы халсартӕ хордтой, уыдон. Йегъовӕ сын цы маннӕ лӕвӕрдта, ууыл та былысчъилтӕ кодтой (Ным. 11:4–6; 21:5). Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ махӕн дӕр стыр бӕллӕхы фӕстӕ нӕ хабар афтӕ рауайа? Армагеддоны фӕстӕ зӕхх хъӕудзӕн сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ дзы гыццылгай дзӕнӕт аразын. Ӕмӕ нын, ӕвӕццӕгӕн, куыст тынг бирӕ уыдзӕн. Стӕй нын, чи зоны, фыццаг рӕстӕг алцы нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нӕ хъӕудзӕн цӕмӕндӕрты бабыхсын. Цымӕ уӕд хъаст кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын цы дӕтдзӕн, уыдӕттӕй? Ныртӕккӕ куы аргъ кӕнӕм, цы нын дӕтты, уыдӕттӕн, уӕд сын ног дунейы дӕр аргъ кӕндзыстӕм. w22.02 7 ф., 18, 19 абз.
Цыппӕрӕм, 26 октябрь
[Уыдон] ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм» (Зах. 8:23).
Захарийы 8:23 стихы «дзуттаг лӕг» амоны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ (Ром. 2:28, 29). Ӕмӕ сын ӕндӕр фыстӕ дзурынц, «мах дӕр уемӕ цӕуӕм», зӕгъгӕ. Пехуымпарады афтӕ загъд кӕй уыд, уыдон «ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл ӕнувыд сты ӕмӕ семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Йезекилы 37:15–19, 24, 25 стихты цы пехуымпарад ис, уым та ис дыууӕ лӕдзӕджы кой. «Иудӕйы лӕдзӕг» амоны, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ (Израилы паддзӕхтӕ-иу Иудӕйы мыггагӕй ӕрцыдысты ӕвзӕрст). «Ефремы лӕдзӕг» та амоны, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хъуамӕ уыцы дыууӕ къорды баиу кодтаид ӕмӕ суыдаиккой «иу лӕдзӕг». Йегъовӕ ацы пехуымпарад сӕххӕст кодта. Сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ ӕндӕр фысты баиу кодта, ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст сты фидар тӕгтӕй. Ис сын иу Паддзах – Йесо Чырысти, ӕмӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц (Иоан. 10:16). w22.01 22 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 27 октябрь
Уӕхи адӕмы цӕстмӕ ма ӕвдисут, ӕз рӕстгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ (Матф. 6:1).
Йесо дзырдта, чидӕртӕ мӕгуыртӕн кӕй ӕххуыс кодтой иннӕты цӕстмӕ. Ӕмӕ кӕд мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнын хорз хъуыддаг уыд, уӕддӕр, уыдон цы арӕзтой, уый Йегъовӕйы цӕсты ницы уыд (Матф. 6:2–4). Хорз адӕймӕгтӕ нӕ схонӕн уыдзӕн, иннӕтӕн хорздзинад сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы аразӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Кӕмӕндӕр баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, уый фембарын ӕмӕ йын баххуыс кӕнын? Цӕмӕн мӕ фӕфӕнды иннӕтӕн хорздзинад аразын?» Йегъовӕ ӕдзухдӕр цыдӕр аразы, ӕдзухдӕр архайгӕ кӕны. Ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕр у архайгӕ тых (Райд. 1:2). Уымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй алкӕцы дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй. Иаков ныффыста: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:26). Ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн ис иннӕ миниуджытӕй дӕр. Уӕдӕ нӕм уыцы миниуджытӕ куы уой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ мидӕг кӕй архайы. w22.03 11, 12 фф., 14–16 абз.
Сабат, 28 октябрь
Чи [уӕ] ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг (1 Пет. 1:15).
Чырыстӕттӕ цы хъуыддӕгтӕ хъуамӕ аразой, уыдонӕй апостол Петр рахицӕн кодта иу ахсджиаг хъуыддаг. Цалынмӕ сын бафӕдзӕхста, алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг, зӕгъгӕ, уӕдмӕ сын загъта: «Уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ» (1 Пет. 1:13). Цымӕ цӕй кой кодта? Петр загъта, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ алкӕм дӕр кӕй хъусын кӕндзысты, чи сӕ ӕрхуыдта, уымӕн йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй (1 Пет. 2:9). Абон уыцы хъуыддаг аразынц чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр. Уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй ӕмӕ адӕмӕн стыр пайда хӕссы. Мах стӕм Хуыцауы сыгъдӕг адӕм, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын махӕн у стыр кад! (Мар. 13:10). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Хуыцауы дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр кӕй уарзӕм. Стӕй ма равдисдзыстӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм. w21.12 13 ф., 18 абз.
Хуыцаубон, 29 октябрь
Сымах зӕрдӕйӕ кӕмӕн цы хатыр кӕнут, уымӕн ӕй ӕз дӕр хатыр кӕнын (2 Кор. 2:10).
Апостол Павел уыдта, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм хорзӕй цы уыд, уый. Павел ӕмбӕрста, адӕймаг кӕй фӕрӕдыд, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ ӕвзӕр адӕймаг у. Уый уарзта йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытыл хъуыды кодта. Кӕд-иу сын алы хатт ӕнцон нӕ уыди, раст куыд у, афтӕ бакӕнын, уӕддӕр Павел нӕ дызӕрдыг кодта, уый сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй фӕндыд. Ӕрмӕст сын баххуыс кӕнын хъуыд. Ӕркӕсӕм-ма, Павел Филиппты ӕмбырдӕй дыууӕ хойӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ (Фил. 4:1–3). Еводи ӕмӕ Синтихи цӕйдӕр тыххӕй кӕрӕдзимӕ зулцӕстӕй кӕсын райдыдтой. Фӕлӕ сын Павел уайдзӕфтӕ нӕ кодта. Уый ракодта сӕ хорз миниуджыты кой. Уыцы хотӕ Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Йегъовӕ дӕр сӕ уарзта. Павел зыдта, хорз хотӕ кӕй сты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй бафидыдтаиккой. Иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый кӕй уыдта, уый фӕрцы йӕхи циндзинад дӕр не ’рмынӕг, стӕй уыцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уый фӕстӕ дӕр уыдысты йӕ хорз ӕмбӕлттӕ. w22.03 30 ф., 16–18 абз.
Къуырисӕр, 30 октябрь
Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны (Пс. 34:18).
Йегъовӕ нын ратты фарн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц ӕмӕ нал фӕмӕт кӕнӕм. Иу хо радзырдта: «Арӕх мӕхимӕ иунӕг фӕкӕсын. Ӕмӕ хатт уый тыххӕй афтӕ фӕхъуыды кӕнын, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Фӕлӕ йӕм уӕд уайтагъд скувын ӕмӕ йын радзурын, мӕ зӕрдӕйы цытӕ цӕуы, уый. Куывды фӕрцы ахӕм хъуыдытӕй фервӕзын» (Фил. 4:6, 7). Кӕд нын исчи амард, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо нӕ фарсмӕ кӕй сты. Хъуамӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау адӕмӕн тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кӕнӕм. Йесойы цӕссыгтӕ ма нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ зонынц ӕмӕ сӕ фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ нын нӕ цӕссыгтӕ кӕд ныссӕрфдзӕн, уыцы бонмӕ! (Рарг. 21:4). w22.01 16 ф., 7 абз.; 19 ф., 19, 20 абз.
Дыццӕг, 31 октябрь
Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц (Матф. 7:13).
Йесо загъта, дыууӕ фӕндаджы кӕй ис. Иу у «уӕрӕх», иннӕ та – «уынгӕг» (Матф. 7:14). Ӕртыккаг фӕндаг нӕй. Ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, кӕцы фӕндагыл цӕудзӕн, уый. Адӕймаг цы уынаффӕтӕ фӕхӕссы, уыдонӕй уымӕй ахсджиагдӕр нӕй. Уымӕй аразгӕ у, ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм ӕви нӕ. Уӕрӕх фӕндагыл бирӕтӕ цӕуынц, уымӕн ӕмӕ йыл ӕнцон у цӕуын. Хъыгагӕн, бирӕты нӕ фӕнды уыцы фӕндаг ныууадзын, ӕмӕ цӕуынц адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл. Уыдон ӕй не ’мбарынц, уыцы фӕндагыл сӕ Хӕйрӕг кӕй цӕуын кӕны, стӕй уыцы фӕндаг сӕфтмӕ кӕй кӕны (1 Кор. 6:9, 10; 1 Иоан. 5:19). Иннӕ фӕндаг та у уынгӕг. Ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ бирӕтӕ не ссарынц. Цӕуылнӕ? Матфейы 7:15 стихы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй мӕнг пехуымпартӕй сӕхи хызтаиккой. w21.12 22, 23 фф., 3–5 абз.