Ноябрь
Ӕртыццӕг, 1 ноябрь
Се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ (Иоан. 6:45).
Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны бирӕ хъуыддӕгты. Зӕгъӕм, исчи дӕ ныхмӕ куы рацӕуы, уӕд дын баххуыс кӕны, цӕмӕй йемӕ сабырӕй ныхас кӕнай. Кӕнӕ искӕй Библийӕ фылдӕр базонын куы бафӕнды, уӕд дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны хъӕугӕ стих. Стӕй дын дӕтты тыхтӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнай, бирӕтӕ хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр (Йер. 20:7–9). Йегъовӕ куыд хорз у, уый ма ӕвдисы, хъусын кӕнын нӕ кӕй ахуыр кӕны, уымӕй дӕр. «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды фенӕм, адӕмимӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уый. Ӕмӕ нын стӕй уыцы цӕвиттонтӕ уацамынды баххуыс кӕнынц. Чи зоны, фыццаг нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм ног цыдӕртӕ бафӕлварынмӕ. Фӕлӕ йӕ стӕй фенӕм, хъусын кӕнгӕйӕ уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд бирӕтӕ хорз кӕй байхъусынц. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты фехъусӕм, нӕ бон кӕй у бафӕлварын, цӕмӕй ӕндӕр хуызы дӕр Йегъовӕйӕн балӕггад кӕнӕм. Чи зоны, раздӕр афтӕ никуы лӕггад кодтам. Ӕмӕ та, гӕнӕн ис, тыхсӕм, нӕ нын рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый куы фӕдӕттӕм, уӕд нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны. w21.08 27 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 2 ноябрь
Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм (Еф. 5:16).
Апостол Павел коринфӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уӕд сын карз уайдзӕф бакодта. Уый фӕстӕ сӕм Титы арвыста. Ӕмӕ куыд цин кодта, йӕ ныхӕстӕ йын сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый куы базыдта, уӕд! (2 Кор. 7:6, 7). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Павелау сӕ бон у сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвитын. Зӕгъӕм, сӕ бон у ӕмбырдмӕ раздӕр ӕрбацӕуын, цӕмӕй-иу семӕ аныхӕстӕ кӕной. Цӕмӕй хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауай, уымӕн арӕх бирӕ рӕстӕг нӕ фӕхъӕуы, фаг вӕййы цалдӕр минуты дӕр (Ром. 1:12). Павелы чи фӕзмы, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг ма хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты Библийы фӕрцы бафидар кӕны ӕмӕ сын фӕзӕгъы, Хуыцау сӕ куыд тынг уарзы, уый. Фӕархайы, цӕмӕй сӕ цӕйдӕр тыххӕй раппӕла. Искӕмӕн уынаффӕ куы ратты, уӕд йӕ уынаффӕйӕн йӕ бындур вӕййы Хуыцауы Ныхас. Ӕмӕ кӕд адӕймагӕн йӕ рӕдыды тыххӕй ӕргом фӕзӕгъы, уӕддӕр йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕны, цӕмӕй йын йӕ уынаффӕмӕ байхъуса (Гал. 6:1). w22.03 29 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 3 ноябрь
Уыцы хӕзна [нын] ис ӕлыг мигӕнӕнты, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй схайджын стӕм, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ – нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй чи у, уыцы хъаруйӕ (2 Кор. 4:7).
Абон Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты схайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕной. Зӕгъӕм, баххуыс нын кӕны, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд. Ефесӕгтӕм 6:18 стихы нын апостол Павел фӕдзӕхсы, цӕмӕй алкӕддӕр кувӕм. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн. Хатт нӕ зындзинӕдтӕй афтӕ стыхсӕм, ӕмӕ нал фӕзонӕм, куыд кӕнӕм, уый. Ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый дӕр хатт нӕ фӕзонӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм, цӕуыл тыхсӕм, уый бамбарын кӕнын нын зын куы вӕййы, уӕд дӕр (Ром. 8:26, 27). Тых ма нын дӕтты Библийы фӕрцы. Павел Фыстад иртӕста, ӕмӕ йын уый лӕвӕрдта тых ӕмӕ удӕнцой. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ Библи иртасӕм (Ром. 15:4). Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, уый (Дзут. 4:12). w21.05 22 ф., 8–10 абз.
Сабат, 4 ноябрь
Хуыцау уӕ... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).
Мах зонӕм, тынг ахсджиаг кӕй у адӕмы ахуыр кӕнын. Фӕлӕ нын, чи зоны, уый афтӕ ӕнцон нӕу. Чи зоны, нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон нӕу, цас нӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ сты ацӕргӕ кӕнӕ бынтон ӕнӕниз не сты. Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд дӕ зӕрдыл дар, телефонӕй, планшетӕй кӕнӕ компьютерӕй дӕр тынг хорз ис Библийы ахуыртӕ уадзӕн. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у хӕдзары бадгӕйӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ йӕ уадзын. Уый ма ноджыдӕр иу цӕмӕйдӕр у хорз. Кӕйдӕрты фӕндид Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ арӕхдӕр цафон фӕхъусын кӕнынц, уыцы афон адӕмы нӕ февдӕлы. Фӕлӕ сӕ, чи зоны, равдӕла райсомӕй раджы кӕнӕ ӕхсӕвыгон дӕр. Дӕ бон нӕ уаид искӕимӕ уыцы афон Библи ахуыр кӕнын? Йесо Никодимы ӕхсӕвы ахуыр кодта. Уый уыди, Никодимӕн хуыздӕр кӕд уыд, уыцы рӕстӕг (Иоан. 3:1, 2). w21.07 5 ф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 5 ноябрь
Ацы адӕм мӕм ӕрмӕст дзыхӕй хӕстӕг кӕнынц ӕмӕ мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой (Ис. 29:13).
Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕм диссаг фӕкаст, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ком кӕй нӕ дардтой, уый. Йесо сын бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгты ком дарын кӕй нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ нырма ӕгас уыд (Матф. 9:14–17). Фӕлӕ йӕм уӕддӕр фарисейтӕ ӕмӕ ма йӕ ныхмӕ ноджыдӕр чи цыд, уыдон фаутӕ хастой, се ’гъдӕуттӕ сын кӕй не ’ххӕст кодта, уый тыххӕй. Мӕсты йӕм кодтой, сабаты-иу рынчынты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй (Мар. 3:1–6; Иоан. 9:16). Уыдон сӕхицӕй ӕппӕлыдысты, сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ. Сӕхӕдӕг та адӕмӕн бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй кувӕндоны цыдӕртӕ уӕй кодтаиккой. Ӕмӕ сын Йесо куы бауайдзӕф кодта, уӕд ӕм тынг смӕсты сты (Матф. 21:12, 13, 15). Назареты ӕмбырдгӕнӕны та адӕмӕн ракодта, раджы заманты чи цард, уыдонӕй кӕйдӕрты кой. Ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, хиуарзон кӕй уыдысты ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр мӕстӕй рафыхтысты (Лук. 4:16, 25–30). Бирӕтӕм ӕнахуыр фӕкаст, Йесо цы дзырдта ӕмӕ куыд кодта, уый, ӕмӕ йыл уый тыххӕй нӕ баууӕндыдысты (Матф. 11:16–19). w21.05 5, 6 фф., 13, 14 абз.
Къуырисӕр, 6 ноябрь
Куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу (2 Кор. 2:11).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕмбарӕм, адӕймаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ зыдгӕнаг куы суа, уӕд уый тынг тӕссаг кӕй у. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, йӕ лӕггадгӕнджытӕй уыцы миниуджытӕ кӕмӕ фӕзындысты, уыдоны хабӕрттыл. Фыццаджыдӕр Хӕйрӕджы ис зыд ӕмӕ ӕнӕфсис схонӕн. Уый кӕддӕр уыди Йегъовӕйы зӕд, ӕмӕ йӕ бар бирӕ кадджын хӕстӕ уыдаид. Фӕлӕ йын уый фаг нӕ уыд. Ӕрфӕндыди йӕ, цӕмӕй уымӕн дӕр куывтаиккой, кӕд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ӕмбӕлы кувын, уӕддӕр. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн суӕм. Ӕмӕ нӕ йӕхи зондыл фӕаразы, цӕмӕй, цы нын ис, уымӕй райгонд мауал уӕм. Фыццаг ахӕм зондыл сарӕзта Евӕйы. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн алцыдӕр радта. Уыди сын бирӕ алыхуызон хӕринӕгтӕ. Сӕ бон уыди «цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр» хӕрын, иу бӕласӕй фӕстӕмӕ (Райд. 2:16). Фӕлӕ Хӕйрӕг Евӕйы асайдта. Баууӕндын ӕй кодта, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ бахӕра. Евӕ нӕ аргъ кодта, цы йын уыд, уыдӕттӕн. Йӕ зӕрдӕ фылдӕр цыдӕртӕ ӕрцагуырдта. Ӕмӕ йӕ хорз зонӕм, уый цӕмӕ ’ркодта. Евӕ тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард (Райд. 3:6, 19). w21.06 14 ф., 2, 3 абз.; 17 ф., 9 абз.
Дыццӕг, 7 ноябрь
Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут (Райд. 1:28).
Адам ӕмӕ Евӕ хъуамӕ цот уагътаиккой ӕмӕ сӕ хӕдзармӕ, зӕхмӕ, хорз зылдаиккой. Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый куы арӕзтаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕнустӕм уыдаиккой йӕ бинонтӕй. Адам ӕмӕ Евӕйӕн Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн уыд кадджын бынат. Псаломы 8:5 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй, Йегъовӕ адӕймаджы куыд сфӕлдыста, уый тыххӕй Давид загъта: «Зӕдтӕй йӕ бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл». Адӕмӕн зӕдты хъару, зӕдты зонд ӕмӕ курдиӕттӕ не ’рцыдысты лӕвӕрд (Пс. 103:20). Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, адӕм хъомысджын зӕдтӕй «бирӕ дӕлдӕр» ӕвӕрд не сты! Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй йӕ бинонтӕй нал уыдысты. Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр бӕллӕхты хай бакодтой. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм ӕнустӕм дӕр йӕ сывӕллӕттӕ уой. w21.08 2, 3 фф., 2–4 абз.
Ӕртыццӕг, 8 ноябрь
«Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы, фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ»,– зӕгъы... Йегъовӕ (Зах. 4:6).
Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ ныхмӕ цӕуынц. Кӕцыдӕр бӕстӕты нӕ бон нӕу нӕ хъуыддаг сӕрибарӕй аразын, ӕмӕ нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахсынц ӕмӕ сӕ акӕнынц «хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм». Афтӕмӕй уыдон дӕр фехъусынц хорз хабар (Матф. 10:17, 18). Сӕрибардзинад нын кӕм ис, уыцы бӕстӕты та нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн арӕх сӕ бинонтӕ фӕцӕуынц сӕ ныхмӕ (Матф. 10:32–36). Фӕлӕ арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ куы фенынц, ӕмӕ сын ницы уайы, уӕд сӕ нал фӕхъыгдарынц Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Чидӕртӕ та дзы сӕхӕдӕг дӕр свӕййынц зынгзӕрдӕ Ӕвдисӕнтӕ. Уӕдӕ исчи дӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Хъӕбатыр ӕмӕ ныфсджын у! Йегъовӕ демӕ ис. Уый дын ӕххуыс кӕны йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Ӕмӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсай! w22.03 15 ф., 8 абз.
Цыппӕрӕм, 9 ноябрь
Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон, ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут (Пс. 97:10).
Библийы фыст ис, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны «хъал цӕстытӕй, мӕнг ӕвзагӕй» ӕмӕ «ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕй» (Ӕмб. 6:16, 17). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн ӕнад у, «фӕлитой чи у, уый» (Пс. 5:6). Йегъовӕ ахӕм митӕ ӕмӕ миниуджытӕй йе сӕфт афтӕ тынг уыны, ӕмӕ Нойы рӕстӕджы фыдгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фесӕфта, уымӕн ӕмӕ зӕхх фыдмитӕй байдзаг кодтой (Райд. 6:13). Йегъовӕ ма пехуымпар Малахийы уылты загъта, йӕ иузӕрдион цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи рацӕуы ӕмӕ дзы чи ахицӕн вӕййы, уыдонӕй дӕр йе сӕфт кӕй уыны. Сӕ лӕггад Йегъовӕйы цӕсты ницы у. Ӕмӕ, афтӕ кӕй бакодтой, уый тыххӕй сӕ дзуапп ӕрдомдзӕн (Мал. 2:13–16; Дзут. 13:4). Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут» (Ром. 12:9). «Сӕфт уынын»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, цыдӕр дын ӕнад куы уа, ӕлгъаг дӕм куы кӕса. Уӕдӕ, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддаг саразӕм, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр нӕ зӕрдӕ хъуамӕ схӕццӕ уа. w22.03 5 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 10 ноябрь
Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр (Ис. 30:18).
Тагъд нӕ нӕ уӕларвон Фыд йӕ Паддзахады фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Йегъовӕмӕ чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдон ныр дӕр ӕмӕ ног дунейы дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдонӕн ног дунейы сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Нал уыдзӕн хӕрам хъуыддӕгтӕ, маст ӕмӕ рыст (Рарг. 21:4). Ног дунейы алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй ӕмӕ ницӕуыл мӕт кӕндзыстӕм (Пс. 72:16; Ис. 54:13). Цард ӕцӕгдӕр тынг диссаг уыдзӕн! Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм ӕмӕ нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ афтӕмӕй цӕттӕ кӕны ног дунейы цӕрынмӕ. Уӕдӕ дӕ ныфс мацӕй тыххӕй асӕттӕд ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн. Махмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цалынмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ! w21.08 13 ф., 17–19 абз.
Сабат, 11 ноябрь
Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты (Дзут. 13:16).
Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ апостол Павелы фыстӕг куы райстой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ бахъуыд алцыдӕр ныууадзын – сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ куыст, се ’нӕуырнӕг хиуӕтты – ӕмӕ хӕхтӕм лидзын (Матф. 24:16). Уӕд сӕ ӕнӕмӕнг хъуыди кӕрӕдзийы ӕххуыс. Ӕмӕ кӕд уымӕй размӕ Павелы уынаффӕмӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕм цы уыд, уыдӕттӕй иннӕтӕн хай кодтой, уӕд сын уый фӕстӕ ӕнцондӕр уыдаид, къуындӕгдӕр уавӕрты цӕрын сӕ куы бахъуыд, уӕд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын алы хатт нӕ фӕзӕгъынц, ӕххуыс сӕ кӕй хъӕуы, уый. Иннӕтӕ дӕ зонӕнт, кӕдфӕнды дӕр ӕххуыс ракурӕн кӕмӕй ис, ахӕм адӕймагӕй. Де ’мбырды куыннӕ ис, иннӕтӕн алкӕддӕр ӕнӕзивӕгӕй чи баххуыс кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Афтӕ дӕм никуы фӕкӕсдзӕн, цыма сӕ цӕмӕйдӕр батыхсын кодтай. Мах ӕй зонӕм, куы бахъӕуа, уӕд нын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзысты. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр ахӕмтӕ уӕм. w22.02 23, 24 фф., 13–15 абз.
Хуыцаубон, 12 ноябрь
Архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй (Еф. 4:3).
Фӕстаг азты бирӕ рӕтты ӕмбырдтӕ баиу кодтой, кӕцыдӕр ӕмбырдтӕн та сӕ район дӕр фӕивта. Махӕн дӕр куы зӕгъой, цӕмӕй ӕндӕр ӕмбырдмӕ ахизӕм, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ ӕмӕ нӕ бинонтимӕ иу ӕмбырды нал уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын уый, чи зоны, зын уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕ йӕхӕдӕг нӕ фӕзӕгъы, алы хъусынгӕнӕджы дӕр кӕцы ӕмбырдмӕ снысан кӕной, уый. Ӕмӕ нын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа сӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕууӕнды хистӕр нӕлгоймӕгтыл, ӕмӕ сыл мах дӕр хъуамӕ ӕууӕндӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕ рахастой, уый нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕддӕр сӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм? Афтӕмӕй бахъахъхъӕндзыстӕм, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый. Ӕмбырды иууылдӕр сӕрныллӕгдзинад куы равдисынц ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд алчидӕр вӕййы амондджын (Дзут. 13:17). Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм (Хъуыд. 20:28). w22.02 4, 5 фф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 13 ноябрь
Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай (1 Тим. 4:13).
Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд архай, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. «Дӕ хъарутӕ иууылдӕр» уымӕ сараз (1 Тим. 4:15). Уӕд, цы кӕсыс, цы дзурыс ӕмӕ иннӕты цӕуыл ахуыр кӕныс, уый сӕ зӕрдӕтӕм ноджы тынгдӕр хъардзӕн. Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр: брошюрӕйы «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн» цы уроктӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр бӕстон бакусын. Иу хаттӕн бакус иу урокыл. Ӕмӕ дын ӕмбырды раныхас кӕнӕ ӕндӕр хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд-иу, урочы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕн. Куыд дзурдзынӕ, уый-иу хӕдзары афӕлвар. Дӕ бон ма у уынаффӕ ракурын уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй – «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы чи фыдӕбон кӕны», уыдонӕй (1 Тим. 5:17). Дӕ нысан ӕрмӕст уый ма уӕд, цӕмӕй дзырдарӕхст суай. Уымӕй уӕлдай ма архай, цӕмӕй, чи дӕм хъусы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнай, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна ӕмӕ сӕ фӕнда, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ архайын. Ӕмӕ уӕд дӕхӕдӕг дӕр цин кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдон дӕр цин кӕндзысты. w21.08 24 ф., 17 абз.
Дыццӕг, 14 ноябрь
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр куы ӕвӕрӕм, уӕд, махӕй курдиатджындӕр чи у ӕмӕ цӕмӕдӕрты махӕй хуыздӕр чи арӕхсы, уыдонимӕ ерыс нӕ кӕндзыстӕм. Фӕлӕ сӕм ахӕм курдиӕттӕ кӕй ис, уый нын ӕхсызгон уыдзӕн, уӕлдайдӕр уыдоны фӕрцы Йегъовӕйы куы кадджын кӕной, уӕд. Ӕмӕ уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ ӕмбырды иууылдӕр архайынц, цӕмӕй дзы фарн ӕмӕ иудзинад уа. Цӕмӕй хӕлӕггӕнаг ма уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм бонзонгӕ, ома ӕмбарӕм, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм хорз кӕй нӕ арӕхсӕм. Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕхи афтӕ нӕ дардзыстӕм, цыма се ’ппӕтӕй курдиатджындӕр стӕм. Фӕлӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм хуыздӕр чи арӕхсы, уыдонӕй истӕуыл сахуыр уӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр раныхӕстӕ дзурынмӕ хорз арӕхсы. Уӕд ӕй ис бафӕрсӕн, йӕ раныхӕстӕ куыд фӕцӕттӕ кӕны, уымӕй. Кӕнӕ хо хӕринаг кӕнынмӕ дӕсны у. Уӕд ӕй ис бафӕрсӕн, уый йын цӕй фӕрцы уайы. w21.07 16 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 15 ноябрь
[Йегъовӕмӕ] хӕрамӕй... ницы ис (Дык. з. 32:4).
Нымӕцты чиныджы фыст ис, иу лӕг сабаты кӕй ӕмбырд кодта сугтӕ, ӕмӕ йын Йегъовӕ уый тыххӕй мӕлӕты тӕрхон кӕй рахаста. 2 Самуилы чиныджы та фыст ис, бирӕ азты фӕстӕ Йегъовӕ паддзах Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта. Ӕмӕ уый та кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ ма йын йӕ лӕджы дӕр амарын кодта (Ным. 15:32, 35; 2 Сам. 12:9, 13). Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм: «Сабаты сугтӕ чи ӕмбырд кодта, уымӕн нӕ ныххатыр кодта. Ӕмӕ уӕд Давидӕн цӕмӕн ныххатыр кодта, кӕд ӕмӕ уый стырдӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзта?» Библийы хабӕрттӕй алкӕцы лыстӕггай нӕу фыст. Зӕгъӕм, Давиды тыххӕй зонӕм, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта (Пс. 51:2–4). Сабатбоны закъон чи фехӕлдта, уыцы адӕймаджы тыххӕй та цы зонӕм? Цы сарӕзта, ууыл ӕрфӕсмон кодта? Мыййаг ма уый размӕ дӕр Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты ахызт? Чи зоны йын раздӕр дӕр дзырдтой, кӕй рӕдийы. Фӕлӕ уый уӕддӕр никӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕхи фӕнд тардта. Библийы уыдӕтты тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ мах нӕ Хуыцауы тыххӕй фаг зонӕм, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, «алы хъуыддаджы дӕр [кӕй] архайы рӕстӕй» (Пс. 145:17). w22.02 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 16 ноябрь
Зонд... ис бонзонгӕтӕм (Ӕмб. 11:2).
Бонзонгӕ адӕймаг йӕхицӕй, йӕ бон цы нӕу, уый нӕ фӕдомы, ӕмӕ уый фӕрцы вӕййы амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын. Бонзонгӕ адӕймаджы абарӕн ис, хӕххон фӕндагыл хӕрдмӕ чи фӕцӕуы, ахӕм шофыримӕ. Уый йӕ цыд фӕсындӕгдӕр кӕны, цӕмӕй йӕ машинӕ ма ахуысса ӕмӕ дарддӕр размӕ цӕуа. Афтӕ бонзонгӕ адӕймаг дӕр зоны, йӕ цыд кӕд «фӕсындӕгдӕр кӕна», уый, цӕмӕй йӕ бон уа дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразын (Фил. 4:5). Ӕркӕсӕм Верзелийы хабармӕ. 80 азы йыл куы цыд, уӕд ын паддзах Давид загъта, цӕмӕй йемӕ ацыдаид ӕмӕ суыдаид йӕ уынаффӕгӕнджытӕй иу. Фӕлӕ Верзели не сразы. Уый ӕмбӕрста, йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ кӕй нал у аразын. Ӕмӕ паддзахӕн загъта, цӕмӕй йӕ бӕсты ацыдаид Кимгам, ӕрыгондӕр нӕлгоймаг (2 Сам. 19:35–37). Верзелийау нӕ ацӕргӕ ’фсымӕртӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы, сӕ бӕсты цавӕрдӕр хӕстӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕ кӕй феххӕст кӕнынц, уый. w21.09 10 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 17 ноябрь
Фырт чи у, уый Фыды йеддӕмӕ ничи зоны. Фыд чи у, уый дӕр Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны (Лук. 10:22).
Чи зоны, кӕмӕндӕр зын у, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, ууыл баууӕндын, уымӕн ӕмӕ йӕхи фыдӕй рӕвдыд нӕ зыдта. Чи зоны, дӕуӕн дӕр уый зын у. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ хорз ӕмбары, ӕмӕ нын уый у ныфсы хос. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ Ныхасы дӕр ныффыссын кодта: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8). Йегъовӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ нын зӕгъы, кӕй нын уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр Фыд. Йесо нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм. Уый йӕ Фыды тынг хорз зоны ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр фӕзмы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Йесо нын хистӕр ӕфсымӕрау амоны, куыд ис нӕ Фыды кадджын кӕнӕн ӕмӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма нын амоны, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнӕм ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу ын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Фӕлӕ Йесойы цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ бон у фыццаджыдӕр бамбарын, Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уый. w21.09 21 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 18 ноябрь
Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут (1 Пет. 5:2).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгты бар бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг – ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын. Уый бамбарын кодта, чырыстӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд куы сараза, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕной. Зӕгъӕм, хъуамӕ сбӕрӕг кӕной, йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгдӕр фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Чи зоны, дзургӕ кӕны, фӕсмон кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цы сарӕзта, уый йын ӕцӕгдӕр ӕнад у? Йӕхицӕн фидарӕй загъта, афтӕ кӕй нал бакӕндзӕн? Кӕд, ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ кӕй балымӕн, уый тыххӕй фӕрӕдыд, уӕд ӕй фӕнды уыцы ӕмбӕлтты ныууадзын? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕмӕ скувынц ӕмӕ уыдӕттыл ахъуыды кӕнынц. Ӕркӕсынц Библимӕ дӕр. Стӕй ма ахъуыды кӕнынц, адӕймаг, цы сарӕзта, уымӕ йӕхӕдӕг цы цӕстӕй кӕсы, ууыл дӕр. Уый фӕстӕ аскъуыддзаг кӕнынц, уый гӕнӕн ис ӕви нӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕмбырды уа. Кӕйдӕрты бахъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын (1 Кор. 5:11–13). w22.02 5 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 19 ноябрь
Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Кол. 3:10).
Донаргъуыд ӕрӕджы райстам ӕви бирӕ азты размӕ,– не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ удыхъӕд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа. Уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ сӕрмӕ ма уадзӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыдытӕ. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ бандавынц нӕ удыхъӕдыл. Нӕ тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕдзух ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хорзӕй дзургӕ дӕр ӕмӕ аразгӕ дӕр ницы кӕндзыстӕм (Еф. 4:17–19). Фӕлӕ нӕ зонд хорз хъуыдытӕй куы дзаг кӕнӕм, уӕд дзургӕ дӕр ӕмӕ аразгӕ дӕр кӕндзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕ (Гал. 5:16). Фӕлӕ нырма уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ-иу нӕ сӕры иу ӕвзӕр хъуыды дӕр макуы фӕзына. Фӕлӕ ахӕм хъуыдытӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзысты ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Донаргъуыд райсыны размӕ адӕймаг хъуамӕ ныууадза, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ. Уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй йӕ зӕронд удыхъӕд ныууадза. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна, уый тыххӕй ма хъуамӕ нӕ удыхъӕд «ногмӕ раивӕм». w22.03 8 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 20 ноябрь
Сымах алы ӕгъдауӕй дӕр равдыстат, ацы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут (2 Кор. 7:11).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцон нӕ вӕййы бамбарын, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕцӕгӕй фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Уыдон зӕрдӕтӕ нӕ уынынц. Ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарын, адӕймаг, цы тӕригъӕд сарӕзта, уымӕй йе сӕфт кӕй федта, уымӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ феной, йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цард кӕй аивта, стӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, ууыл кӕй маст кӕны. Фӕлӕ цӕмӕй ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕна, уый тыххӕй йӕ, гӕнӕн ис, бирӕ рӕстӕг бахъӕуа. Кӕй ацух кодтой, уый йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый йӕ бон куыд у равдисын? Хъуамӕ ӕмбырдтӕ ма цух кӕна ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кува ӕмӕ Библи иртаса. Стӕй хъуамӕ тынг архайа, цӕмӕй йӕхи хиза, тӕригъӕдмӕ йӕ чи ’ркодта, уыцы уавӕртӕй. Ӕппӕт тыхтӕй куы архайа, цӕмӕй та Йегъовӕ йӕ Хӕлар суа, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад кӕй ӕрцӕудзӕн. w21.10 6 ф., 16–18 абз.
Дыццӕг, 21 ноябрь
Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис... уыдонӕн сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ. Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу (Рац. 20:4, 5).
Йесо Хуыцауы тынг уарзта, ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕрмӕстдӕр уымӕн куывта (Лук. 4:8). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уый амыдта. Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр нывтӕн нӕ куывтой. Хуыцау у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ йӕ адӕймаг куыдфӕнды ма сныв кӕна, уӕддӕр, цы сныв кӕна, уый Хуыцауы хуызӕн иу гыццыл дӕр нӕ уыдзӕн! (Ис. 46:5). Сыгъдӕджытӕ кӕй хонынц, уыдоны нывтӕ кӕй скӕнынц ӕмӕ уыдонмӕ кӕй фӕкувынц, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Дӕс фӕдзӕхстӕй дыккаджы Йегъовӕ загъта, абоны стихы фыст ис, уый. Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хорз ӕмбарынц, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый. Историктӕ дӕр куыд зӕгъынц, афтӕмӕй 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куывтой ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Хуыцауӕн кувынц, фыццаг чырыстӕттӕ йын куыд куывтой, афтӕ. w21.10 19, 20 фф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 22 ноябрь
Хӕдзары сӕр чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал бацӕуӕд (Матф. 24:17).
Йесо 1 ӕнусы Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕтты бафӕдзӕхста, Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхсдзысты (Лук. 21:20–24). Ӕмӕ чырыстӕттӕ уый куы федтаиккой, уӕд хъуамӕ хӕхтӕм алыгъдаиккой. Уый фӕрцы аирвӕзтаиккой. Фӕлӕ сӕ хъуыди алцыдӕр ныууадзын. Иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уый тыххӕй фыст уыд: «Уыдон ныууагътой сӕ зӕххытӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ. Сӕ хӕдзӕрттӕй сӕ дзауматӕ дӕр нӕ рахастой. Фидарӕй сӕ уырныдта, Йегъовӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ, ахсджиагыл нымад цы уыд, уыдӕттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтой, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уый». Фыст ма дзы уыд: «Гӕнӕн ис, фидӕны ахӕм фӕлварӕнтыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый. Сӕйраг нын уыдӕттӕ сты, ӕви нӕ Хуыцау нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый? Лидзын нӕ куы бахъӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм зындзинӕдтыл ӕмӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух уӕм. Ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уӕм, куыд хъӕуы, афтӕ бакӕнынмӕ». w22.01 4 ф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 23 ноябрь
О Хуыцау, куыд зынаргъ у де ’нувыд уарзт! (Пс. 36:7).
Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ Моисейӕн йӕ номы ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй цыдӕр раргом кодта. Загъта йын: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (Рац. 34:6, 7). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй цы ис базонӕн? Йегъовӕ ӕнӕуи нӕ загъта, иннӕты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы. Фӕлӕ загъта, йе ’нувыд уарзт ӕгӕрон кӕй у. Ахӕм ныхӕстӕ ма Библийы ӕмбӕлынц ноджыдӕр 8 хатты (Ным. 14:18; Неем. 9:17; Пс. 86:15; 103:8; Ис. 63:7; Йер. хъ. 3:32; Иоил 2:13; Ионӕ 4:2). Библи ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзуры афтӕ. Ацы ныхӕстӕ адӕммӕ никуы фӕхауынц. Йегъовӕ арӕх кӕны йе ’нувыд уарзты кой. w21.11 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 24 ноябрь
Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут (Матф. 6:25).
Къайтӕн фӕзминаг сты апостол Петр ӕмӕ йӕ бинойнаг. Петр Йесоимӕ куы базонгӕ, уымӕй рацыдаид афӕдзы ’рдӕг кӕнӕ афӕдз дӕр, ӕмӕ йӕ уӕд бахъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Петр кодта кӕсаг ахсыны куыст ӕмӕ йӕ бинонты дӕр уымӕй дардта. Ӕмӕ йын Йесо куы загъта, цӕмӕй ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл цыдаид, уӕд ӕй хъуыди йӕ бинойнагыл дӕр ахъуыды кӕнын (Лук. 5:1–11). Петр аскъуыддзаг кодта, Йесоимӕ иумӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ бинойнаг дӕр йемӕ разы уыди. Библийӕ базонӕн ис, Йесойы райгасы фӕстӕ-иу Петр ӕндӕр рӕттӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ куы цыд, уӕд-иу йӕ бинойнаг дӕр йемӕ кӕй уыд. Чи зоны, алыхатт нӕ, фӕлӕ иуӕй-иу хӕттыты (1 Кор. 9:5). Куыд зыны, афтӕмӕй фӕзминаг чырыстон бинойнаг уыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Петрӕн йӕ бон уыд чырыстон лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн сӕрибарӕй уынаффӕтӕ раттын (1 Пет. 3:1–7). Петры ӕмӕ йӕ бинойнаджы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, ома Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ӕвӕрой, уӕд сӕ, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ уадздзӕн (Матф. 6:31–34). w21.11 18 ф., 14 абз.
Сабат, 25 ноябрь
Мӕн фӕзмут (1 Кор. 11:1).
Апостол Павел йе ’фсымӕрты ӕмӕ йӕ хоты тынг уарзта. Уыдоны тыххӕй бирӕ фыдӕбон кодта, йӕхиуыл нӕ ауӕрста (Хъуыд. 20:31). Ӕмӕ йӕ уыдон дӕр тынг уарзтой. Зӕгъӕм, Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы базыдтой, кӕй йӕ нал фендзысты, уӕд фӕкуыдтой (Хъуыд. 20:37). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзынц ӕмӕ сын сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр вӕййы, уымӕй баххуыс кӕнынц (Фил. 2:16, 17). Фӕлӕ сын хатт сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Цы сын баххуыс кӕндзӕн? Баххуыс сын кӕндзӕн Павелы цӕвиттон. Уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, ӕмӕ-иу ын хатт ӕнцон нӕ уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:18–20). Стӕй ӕмбӕлд алыхуызон зындзинӕдтыл. Фӕлӕ-иу йӕ къухтӕ не ’руагъта ӕмӕ-иу йӕ циндзинад не ’рмынӕг. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы куы фӕзмой, уӕд-иу, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты ахиздзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзысты. w22.03 26 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 26 ноябрь
Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау (Лев. 19:3).
Левит 19:3 стихы ис сабатбоны кой. Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕ хъӕуы сабатбоны закъон дӕр ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ-иу израилӕгтӕ алы къуыри дӕр уыцы закъон кӕй ӕххӕст кодтой ӕмӕ сын уый цы пайда хаста, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Сабаты-иу хъуамӕ мацы куыст кодтаиккой. Уый сын уыди рӕстӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо дӕр уыцы бон йӕ райгуырӕн горӕты ӕмбырдгӕнӕнмӕ ацыд ӕмӕ-иу адӕмы раз Хуыцауы Ныхас каст (Рац. 31:12–15; Лук. 4:16–18). Сабатбоны закъон махӕн цӕуыл дзурӕг у? Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын, фӕлӕ-иу хъуамӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн ӕнӕмӕнг рӕстӕг ссарӕм. Мыййаг дӕ уыцы хъуыддаджы исты фӕивын хъӕуы? Алы бон дӕр-иу Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг куы ссарай, уӕд Йегъовӕмӕ тынг баввахс уыдзынӕ. Ӕмӕ уый та ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй йӕ цӕсты сыгъдӕг уай. w21.12 5 ф., 13 абз.
Къуырисӕр, 27 ноябрь
Ӕз фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ рӕстгӕнджытӕм не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм (Лук. 5:32).
Йесо-иу йӕ рӕстӕг алыхуызон адӕмимӕ ӕрвыста. Хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ адӕмимӕ дӕр-иу бадт иу фынгыл, стӕй-иу бирӕ рӕстӕг ӕрвыста мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмимӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай, тӕригъӕдджынтыл нымад чи уыд, уыдонмӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Йесо ахӕм кӕй уыд, уый сӕрбӕрзонд адӕмӕн сси цӕлхдур. Йӕхи цӕсты раст чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бадут?» Йесо сын загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ (Лук. 5:29–31). Бирӕ раздӕр Мессийӕйы тыххӕй пехуымпар Исай ныффыста: «Адӕм ӕй ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, сӕхи дзы дард ластой... Мах-иу дзы нӕхи иннӕрдӕм азылдтам, цӕмӕй йын йӕ цӕсгом ма уыдтаиккам. Ӕппындӕр ӕй ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ йӕ мах нымадтам ницӕйагыл» (Ис. 53:3). Ацы пехуымпарадӕй бӕрӕг уыд, адӕм Мессийӕйӕ сӕхи дард кӕй ласдзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 1 ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ хъуамӕ зыдтаиккой, бирӕтӕ Йесойыл кӕй нӕ баууӕнддзысты. w21.05 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 28 ноябрь
Йегъовӕ [йӕ] фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн (Иак. 5:15).
Фыццаг чырыстӕттӕй чидӕртӕ нӕ тагъд кодтой уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайыныл (Иак. 1:22). Чидӕртӕ хъӕздгуытӕн хъулон митӕ кодтой (Иак. 2:1–3). Кӕмӕндӕр та зын уыд йе ’взаджы рохтыл хӕцын (Иак. 3:8–10). Уыцы чырыстӕттӕ тынг рӕдыдысты. Фӕлӕ Иаков афтӕ нӕ хъуыды кодта, адонӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Уый сын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ комкоммӕ радта уынаффӕтӕ. Стӕй сын загъта, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕххуыс бацагуырдтаиккой (Иак. 5:13, 14). Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ ма домӕм, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕй аивдзысты, уымӕ. Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕн ӕнцон нӕ вӕййы Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын (Иак. 4:1–4). Кӕйдӕрты бахъӕуы бирӕ рӕстӕг, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой ӕмӕ сӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ сфидар кӕной. Хъуамӕ ма тӕрсӕм, фӕивын сӕ цы хъӕуы, уый сын дзурын. Стӕй раст нӕ уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ никуы аивдзысты. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмы йӕхимӕ кӕй ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн сӕ цард аивынӕн (Иак. 4:10). w22.01 11 ф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 29 ноябрь
Мӕгуыры ӕрдиагмӕ йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕххуысмӕ сиддзӕн, фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ уыдзӕн (Ӕмб. 21:13).
Мах не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн. Ӕмӕ нӕ уый та никӕй фӕнды. Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй, хатыр кӕнын чи нӕ зоны, ахӕм адӕймӕгтӕ ма суӕм. Хъуамӕ-иу «мӕгуыры ӕрдиагмӕ» нӕ хъустӕ ма сӕхгӕнӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи зын уавӕры куы уа, уӕд-иу хъуамӕ нӕхи ницыхъусӕг ӕмӕ ницызонӕг ма скӕнӕм. Мах фӕнды ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уымӕ тӕрхоны дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзысты» (Иак. 2:13). Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбарӕм, мах дӕр кӕй фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уой. Ӕмӕ нын уӕд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕлдайдӕр та хъуамӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм, йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ ӕмбырдмӕ чи ’рбаздӕхы, уыдонмӕ. Библийы цы адӕмы кой ис, уыдоны хабӕрттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ карз ма уӕм. w21.10 12 ф., 16, 17 абз.
Цыппӕрӕм, 30 ноябрь
Цалынмӕ ӕз уӕртӕ уым кувон, уӕдмӕ уал сымах ам абадут (Матф. 26:36).
Йесойӕн йӕ зӕххон лӕггад кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕй бафӕндыд хибарӕй баззайын. Уый уыд йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв. Йесо Гефсиманийы дыргъдонмӕ ацыд, цӕмӕй, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыдӕттыл ахъуыды кодтаид ӕмӕ йӕ Фыдмӕ скуывтаид. Ӕмӕ ма уыцы ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта тынг ахсджиаг уынаффӕ. Гефсиманийы дыргъдонмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыди фӕсӕмбисӕхсӕв. Йесо йӕ апостолтӕн загъта, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут», йӕхӕдӕг та ацыд кувынмӕ (Матф. 26:37–39). Фӕлӕ цалынмӕ куывта, уӕдмӕ бафынӕй сты. Йесо сӕ афтӕмӕй куы ’рбаййӕфта, уӕд та сын ногӕй загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут» (Матф. 26:40, 41). Йесо ӕмбӕрста, цӕуылдӕрты кӕй мӕт кӕнынц, стӕй фӕллад дӕр кӕй сты. Ӕмбӕрста, ӕнцон сын кӕй нӕ уыд, ӕмӕ уый тыххӕй загъта, «буар... лӕмӕгъ у», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ ма дыууӕ хатты ацыд кувынмӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕ хатты дӕр кувгӕйӕ нӕ, фӕлӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта (Матф. 26:42–45). w22.01 28 ф., 10, 11 абз.