Декабрь
Майрӕмбон, 1 декабрь
Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ (Иоан. 10:16).
Йесо йӕхи абарста фыййауимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та – фыстимӕ (Иоан. 10:14). Ӕмӕ уый хорз абарст у. Фыстӕ сӕ фыййауы дӕр ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс дӕр хорз фӕзонынц. Уый афтӕ кӕй у, уый иу бӕлццон йӕхи цӕстӕй федта. Уый радзырдта: «Фыстӕн сӕ къам сисынмӕ хъавыдыстӕм, ӕмӕ сӕм дзырдтам. Фӕлӕ нын уыдон нӕ хъӕлӕстӕ нӕ зыдтой, ӕмӕ нӕм не ’рбацыдысты. Уӕд сӕ фыййау, иу гыццыл лӕппу, ӕрбауад, ӕмӕ сӕм куыддӕр фӕдзырдта, афтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты». Уыцы бӕлццон цы радзырдта, уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм Йесойы ныхӕстӕ. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ». Фӕлӕ Йесо ныр уӕлӕрвты ис. Ӕмӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ йӕм хъусӕм? Цы амыдта, уыдӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕм хъусӕм (Матф. 7:24, 25). w21.12 16 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 2 декабрь
Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын (Ром. 3:23).
Апостол Павел чырыстӕтты тынг ӕфхӕрдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, кӕй рӕдыди, ӕмӕ аивта (1 Тим. 1:12–16). Йегъовӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид уарзӕгой, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймаг. Павел ӕдзух йӕ хъӕндзинӕдтыл нӕ хъуыды кодта. Уый уырныдта, Йегъовӕ йын йӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ром. 7:21–25). Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ хъӕндзинӕдтӕй бынтондӕр фервӕздзӕн ӕмӕ ӕппындӕр нал рӕдидзӕн. Фӕлӕ архайдта, цӕмӕй йӕм чырыстон миниуджытӕ фӕзындаид, ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕйы фӕрцы йӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын (1 Кор. 9:27; Фил. 4:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй снысан кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕххӕст нӕ вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу сӕ рӕдыдтытӕ феной ӕмӕ сӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕной (Еф. 4:23, 24). Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ Библи лӕмбынӕг иртаса, цӕмӕй-иу фена, фӕивын ӕй цы хъӕуы, уый. Ӕмӕ куы архайа, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ива, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уа амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын (Иак. 1:25). w22.03 29, 30 фф., 13–15 абз.
Хуыцаубон, 3 декабрь
Макӕй кой кӕнут (Матф. 7:1).
Кӕд ӕй ӕмбарӕм, ӕмӕ кӕмӕндӕр тӕрхон кӕнӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын нӕ хӕс кӕй у (Иак. 2:8.) Хъуамӕ ма Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ макӕмӕн тӕрхон кӕнӕм. Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у, фаутӕ кӕмӕ хӕссӕм, уыцы адӕймагимӕ рӕстӕг ӕрвитын. Ис ӕй уацамындмӕ кӕнӕ уазӕгуаты фӕхонӕн. Хорз уаид, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куы фӕзмиккам ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ хорз миниуджытӕ куы уыниккам. Афтӕмӕй нӕ хорз фыййаумӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ никӕмӕн тӕрхон кӕндзыстӕм. Фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕсмӕ куыд фӕхъусынц, афтӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр хъусынц Йесойы хъӕлӕсмӕ. Уӕлдай нӕу, «гыццыл дзугӕй» стӕм ӕви «ӕндӕр фыстӕй»,– хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ хорз фыййауы хъӕлӕсмӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм (Лук. 12:32; Иоан. 10:11, 14, 16). w21.12 19 ф., 11 абз.; 21 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 4 декабрь
Хистӕр лӕгты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта (1 Пад. 12:8).
Ровоам Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕм адӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй сын сӕ уаргъ фӕрогдӕр кодтаид. Йӕ фыд Соломон сыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта. Уӕд Ровоам бауынаффӕ кодта Израилы хистӕр лӕгтимӕ. Ӕмӕ раст бакодта. Уыдон ын загътой, адӕмы курдиат куы сӕххӕст кӕна, уӕд ын цӕрӕнбонты кӕй лӕггад кӕндзысты (1 Пад. 12:3–7). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕ уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕмӕ, кӕимӕ схъомыл, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдта. Уыдон ын загътой, цӕмӕй адӕмӕн сӕ уаргъ фӕуӕззаудӕр кӕна (1 Пад. 12:9–11). Ровоамӕн йӕ бон уыд Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йӕ бафӕрсын, кӕй уынаффӕмӕ байхъуса, уымӕй. Фӕлӕ уый бакодта, йе ’мгӕрттӕ йын куыд загътой, афтӕ. Уый тыххӕй йӕхи дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмы дӕр фыдбылызы баппӕрста. Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Гӕнӕн ис, исчи нын ратта, нӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ. Фӕлӕ нын кӕд уынаффӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕтты, уӕд ӕм хъуамӕ байхъусӕм. w22.02 9 ф., 6 абз.
Дыццӕг, 5 декабрь
Лӕппуты фидауц – сӕ тых (Ӕмб. 20:29).
Сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг фылдӕр фӕхъуыды кӕны, ӕрыгӕттӕ хорз цӕмӕ арӕхсынц, ууыл, ӕвӕлтӕрд кӕй сты, ууыл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ семӕ ерыс нӕ фӕкӕны, фӕлӕ сӕ фӕнымайы йе ’мкусджытыл. Ацӕргӕтӕ ӕрыгӕтты нымайынц Йегъовӕйы лӕварыл. Ӕмӕ дзы уыцы лӕвары тыххӕй тынг бузныг сты. Сӕхӕдӕг раздӕрау хъаруджын ӕмӕ фидар нал вӕййынц. Ӕмӕ, ӕмбырды фылдӕр аразын кӕй фӕфӕнды, уыцы ӕрыгӕттӕн тынг фӕаргъ кӕнынц. Ацӕргӕтӕн сӕ бон у Ноемины бафӕзмын. Ноемин Иудӕйы зӕхмӕ куы здӕхт, уӕд йӕ чындз Руф дӕр йемӕ рацыд. Ноемин ын дзырдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ адӕммӕ аздӕхтаид. Фӕлӕ Руф нӕ бакуымдта ӕмӕ йемӕ иумӕ Вифлееммӕ ’рцыди. Уый фӕстӕ дзы Ноемин тынг бузныг уыд, йемӕ кӕй баззад, уый тыххӕй (Руф 1:7, 8, 18). Уый дыууӕ сылгоймагӕн дӕр ӕрхаста арфӕдзинӕдтӕ (Руф 4:13–16). Нӕ рӕстӕджы дӕр сӕрныллӕг ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Ноемины бафӕзмынц, ӕмӕ сӕм ӕрыгӕттӕ се ’ххуысы къух куы бадарынц, уӕд сын, ницы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, нӕ фӕзӕгъынц. w21.09 10, 11 фф., 9–11 абз.
Ӕртыццӕг, 6 декабрь
Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ... цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).
Нӕ уӕларвон Фыд зоны, нӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй не сты. Чи зоны, дӕ бон у иннӕтӕй фылдӕр аразын. Кӕнӕ та, чи зоны, иннӕтӕ цас аразынц, дӕуӕн дӕ бон уыйбӕрц аразын нӕу дӕ кармӕ гӕсгӕ, де ’нӕниздзинады тыххӕй кӕнӕ дыл бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд (Гал. 6:4). Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн, ды цы аразыс, уый. Кӕд ӕй уарзыс ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, уӕд дӕ райгонд у. Йегъовӕ уыны, цы дӕ фӕндид саразын, суанг уый дӕр. Уый фӕнды, цӕмӕй цин кӕнай, цы аразыс, ууыл. Мах зонӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зындзинӕдты рӕстӕг кӕй баххуыс кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ зӕрдӕты ис фарн (Ис. 41:9, 10). Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд у «кад ӕмӕ намысы аккаг», уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста! Уый аккаг у, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдон ӕй иууылдӕр кадджын кӕной. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын! (Рарг. 4:11). w22.03 24 ф., 16 абз.; 25 ф., 18 абз.
Цыппӕрӕм, 7 декабрь
Архайдтон ӕвӕстиатӕй, абон-райсом нӕ кодтон дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл (Пс. 119:60).
Алы хатт-иу нын нӕ рауайдзӕн Йесойы бафӕзмын, кӕд нӕ фӕнды, уӕддӕр. Фӕлӕ-иу нӕ ныфс хъуамӕ ма асӕтта (Иак. 3:2). Кафджытӕм чи бацыд, уый иу бонмӕ йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн дӕсны кафӕг не суыдзӕн. Фӕлӕ йын цы нӕ уайы, ууыл дарддӕр куы куса, стӕй, йӕ ахуыргӕнӕг куыд кафы, уымӕ куы кӕса, ӕмӕ уый дӕр афтӕ кафыныл куы архайа, уӕд дӕсныдӕр кӕндзӕн. Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ нын нӕ рауайдзӕн Йесойы алцӕмӕй дӕр фӕзмын. Фӕлӕ, Библи иртасгӕйӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, цӕмӕй-иу нӕ хъӕндзинӕдтӕй фервӕзӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм (Пс. 119:59). Ацы дунейы бирӕты ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт ис. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ахӕмтӕ не сты. Махӕн нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, Йесо куыд удуӕлдай уыд, уый ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм (1 Пет. 2:21). Ӕмӕ зӕрдиагӕй куы архайӕм, цӕмӕй Йесойы хуызӕн удуӕлдай уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ дӕр райгонд уыдзӕн. Ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад! w22.02 25 ф., 16, 18 абз.
Майрӕмбон, 8 декабрь
Ис [дзы] зынӕмбарӕн бынӕттӕ (2 Пет. 3:16).
Абон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты йӕ Ныхас Библийы фӕрцы. Йегъовӕ нын цы амоны, ууыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы арӕм, уӕд ын йӕ разамындмӕ дӕр хъусдзыстӕм ӕмӕ хорз хабар дӕр ӕнтыстджынӕй хъусын кӕндзыстӕм (1 Тим. 4:15, 16). Йегъовӕ ма нын разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕр (Матф. 24:45). Ӕууӕнкджын цагъар нын цы разамынд ратты, уый иуӕй-иу хатт нӕ фембарӕм. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕхы аирвӕзӕн куыд ис, уый фӕдыл нын амындтӕ куы фӕдӕтты, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, махмӕ ахӕм хабар никуы ’рцӕудзӕн. Уыцы ’фсымӕртӕ нын цы разамынд дӕттынц, уый нӕм раст куы нӕ кӕса, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Ахъуыды-иу кӕнӕм, хатт-иу Хуыцауы адӕмӕн лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст чи нӕ уыд, ахӕм разамынд, фӕлӕ-иу уый фӕрцы кӕй аирвӕзтысты (Тӕрх. 7:7; 8:10). w22.03 18 ф., 15, 16 абз.
Сабат, 9 декабрь
Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд (Лук. 23:46).
Йесо ацы ныхӕстӕ йӕ Фыдӕн загъта. Зыдта, йӕ фидӕн йӕ Фыдӕй аразгӕ кӕй у, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, кӕй йӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн. Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕ цард Йегъовӕйы къухтӕм раттынмӕ. Ӕмӕ йыл уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ «зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр» дарӕм (Ӕмб. 3:5). Ӕркӕсӕм Джошуайы хабармӕ. 15-аздзыдӕй мӕлӕтдзаг рынчын фӕци. Уый не сразы, Хуыцауы закъон кӕй тыххӕй фехӕлдтаид, ахӕм мадзӕлттӕй хос кӕныныл. Йӕ мӕлӕты размӕ йӕ мадӕн загъта: «Ма, мӕ цард Йегъовӕйы бар ис. [...] Мӕ бон дын у фидарӕй зӕгъын: ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Уый уыны, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыны йӕ, тынг ӕй кӕй уарзын». Хорз уыдзӕн, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕна ахӕм фарстайыл: «Мӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд мӕхи Йегъовӕйы бар бакӕндзынӕн ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕн? Фидарӕй мӕ уырны, кӕй мӕ ’рхъуыды кӕндзӕн?» w21.04 12, 13 фф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 10 декабрь
Иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты (Ӕмб. 11:25).
Йегъовӕ нын тых дӕтты, кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы. Иннӕтӕн Библийы рӕстдзинад куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ тых бацӕуы ӕмӕ нӕ ныфсыл ныфс бафты, куы нӕ нӕм фӕхъусынц, уӕд дӕр. Кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ аразой. Чи зоны, дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы. Фӕлӕ кӕд, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дын дӕ лӕггадӕй райгонд кӕй у. Йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдоны фӕнды хъусын кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕ уый уыны. Ӕмӕ сын йӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу аныхас кӕной, чи сӕм фӕкӕсы, уыдонимӕ кӕнӕ дохтыртимӕ ӕмӕ медицинон хотимӕ. Ныртӕккӕ цы аразӕм, уый, раздӕр цы арӕзтам, уыимӕ куы барӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн. Фӕлӕ йӕ куы уынӕм, Йегъовӕ нын ныртӕккӕ куыд ӕххуыс кӕны, уӕд-иу нӕ тыхтӕ бацӕудзӕн, ӕмӕ-иу цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраздзыстӕм. Стӕй нӕ зӕрдӕты циндзинад дӕр уыдзӕн. Мах ӕй нӕ зонӕм, рӕстдзинады мыггӕгтӕй кӕцы сзайдзӕн (Еккл. 11:6). w21.05 24, 25 фф., 14–17 абз.
Къуырисӕр, 11 декабрь
Цӕмӕн ахызтӕ Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ӕмӕ йӕ разы стыр тӕригъӕд цӕмӕн ракодтай? (2 Сам. 12:9).
Йегъовӕ паддзах Давидӕн бирӕ цыдӕртӕ радта. Радта йын хъӕздыгдзинад, кад. Ӕххуыс ын кодта, цӕмӕй-иу хӕстыты йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаид. Ӕмӕ дзы Давид бузныг уыди. Уый Йегъовӕйы хорздзинӕдты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн» (Пс. 40:5). Фӕлӕ дзы иуафон Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ айрох сты. Давидӕн цалдӕр усы уыди. Фӕлӕ уый бабӕллыд кӕйдӕр усмӕ. Уый уыди Вирсави, хеттаг Урийы ус. Давид ӕппындӕр никӕуыл ахъуыды кодта, ӕмӕ Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд. Вирсави басывӕрджын. Фӕлӕ стӕй Давид ноджы фыддӕр ми бакодта – Урийы амарын кодта (2 Сам. 11:2–15). Цымӕ цӕуыл хъуыды кодта Давид? Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фендзӕн? Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг йӕ монцты фӕдыл ацыд, ӕмӕ йӕхи бӕллӕхты хай бакодта. Фӕстӕдӕр Давид йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта. Уый тыххӕй дзы Давид тынг бузныг уыд! (2 Сам. 12:7–13). w21.06 17 ф., 10 абз.
Дыццӕг, 12 декабрь
Мах афтӕ нӕ зӕгъӕм, ӕмӕ нӕхи хъаруты фӕрцы бӕззӕм уыцы хъуыддагӕн, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Хуыцауы фӕрцы бӕззӕм (2 Кор. 3:5).
Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ сарӕхсдзыстӕм Библийы ахуыр уадзынмӕ. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм нырма фаг зонындзинӕдтӕ кӕнӕ фаг фӕлтӕрддзинад нӕй, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнай. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уай? Фыццаг: Йегъовӕ зоны, дӕ бон кӕй у иннӕты ахуыр кӕнын. Дыккаг: Йесойӕн лӕвӕрд сты «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр», ӕмӕ дын уый бабар кодта, цӕмӕй адӕмы ахуыр кӕнай (Матф. 28:18). Ӕртыккаг: Йегъовӕ ӕмӕ дын дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕххуыс кӕндзысты. Йегъовӕ Йесойӕн бацамыдта, цы йӕ хъӕудзӕн дзурын, ӕмӕ дӕуӕн дӕр уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн (Иоан. 8:28; 12:49). Дӕ бон ма у дӕ уацамындон къорды цӕстдарӕгӕн, фӕлтӕрдджын пионерӕн кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕгӕн зӕгъын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна искӕимӕ Библийы ахуыр райдайынӕн ӕмӕ йӕ уадзынӕн. Хорз ма уыдзӕн, уыцы хъусынгӕнджытӕй-иу искӕимӕ йӕ Библийы ахуырмӕ куы ацӕуай ӕмӕ куы фенай, ахуыр куыд уадзы, уый. w21.07 6 ф., 12 абз.
Ӕртыццӕг, 13 декабрь
Гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын чи у, уый ӕууӕнкджын уыдзӕн стыр хъуыддаджы дӕр, гыццыл хъуыддаджы ӕнӕууӕнк чи у, уый та стыр хъуыддаджы дӕр уыдзӕн ӕнӕууӕнк (Лук. 16:10).
Ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ ныртӕккӕ ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ алцыдӕр раст кӕй аразы, уый. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг нын цы амындтӕ дӕтдзысты, уыдон нӕм, гӕнӕн ис, фӕкӕсой ӕнахуыр кӕнӕ зынбамбарӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕм йӕхӕдӕг не ’рдзурдзӕн, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакӕнут, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн нын разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл йӕ номӕй чи архайдзӕн, уыдоны уылты. Уӕд уый афон нӕ уыдзӕн, цӕмӕй рахъуыды-бахъуыды кӕнӕм кӕнӕ дызӕрдыг кӕнӕм, зӕгъгӕ, цымӕ ацы амындтӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕйӕ сты ӕви нын бӕрнон ӕфсымӕртӕ сӕхи хъуыдытӕ дзурынц. Уый уыдзӕн тынг ахсджиаг рӕстӕг! Ӕмӕ уӕд куыд бакӕндзынӕ? Фӕнды дӕ дзуапп базонын? Уӕд ахъуыды кӕн, ныртӕккӕ Хуыцауы организацийы разамындмӕ фӕхъусыс ӕви нӕ. Кӕд разамындмӕ гӕсгӕ уайтагъддӕр райдайыс архайын, уӕд стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр афтӕ кӕндзынӕ. w22.02 6 ф., 15 абз.
Цыппӕрӕм, 14 декабрь
Сымахимӕ абаргӕйӕ ӕз цы сарӕзтон? (Тӕрх. 8:2).
Иухатт Гедеон ӕмӕ йе 300 хӕстоны Йегъовӕйы фӕрцы се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ сӕхицӕй нӕ ныббуц сты. Уӕд, Ефремы мыггагӕй чи уыди, уыцы хӕстонтӕ Гедеонмӕ ’рбацыдысты, ӕрмӕст арфӕтӕ ракӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ хыл кӕнынмӕ, семӕ сӕ тохмӕ кӕй нӕ акодтой, уый тыххӕй (Тӕрх. 8:1). Гедеон сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта ӕмӕ сын куыд раарфӕ кодта. Ӕмӕ уӕд уыцы нӕлгоймӕгтӕн «сӕ маст ссыди» (Тӕрх. 8:3). Гедеон сӕрныллӕгдзинад равдыста, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн бахъахъхъӕдтаид. Ефремӕгтӕ куыд бакодтой, уый нын у зондзонӕн. Хъуамӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм Йегъовӕйы скадджын кӕныныл, нӕхи скадджын кӕныныл нӕ, фӕлӕ. Гедеонӕй та бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? Цы саразынц, уый тыххӕй сӕм исчи куы смӕсты уа, уӕд-иу хъуамӕ бацархайой хъуыддагмӕ уыцы адӕймаджы цӕстӕй ракӕсыныл. Сӕ бон дзы у раппӕлын, хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй. Уымӕн сӕ бахъӕудзӕн сӕрныллӕгдзинад. Фӕлӕ ахӕм уавӕры ахсджиагдӕр у фарн бахъахъхъӕнын. Нӕхӕдӕг раст кӕй стӕм, уый сбӕлвырд кӕнын афтӕ ахсджиаг нӕу. w21.07 16, 17 фф., 10–12 абз.
Майрӕмбон, 15 декабрь
Скӕнӕм адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ (Райд. 1:26).
Йегъовӕ адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Йегъовӕмӕ ис бирӕ диссаджы миниуджытӕ: уарзондзинад, иузӕрдиондзинад, у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ архайы рӕстӕй (Пс. 86:15; 145:17). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ уый хуызӕн уӕм, уымӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ конд стӕм. Ахӕм миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу равдисдзыстӕм, бузныг дзы кӕй стӕм (1 Пет. 1:14–16). Нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы фӕаразӕм, уӕд вӕййӕм тынг амондджын. Йегъовӕ нӕ йӕ миниуджытӕй кӕй схайджын кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, ӕмӕ суӕм, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ уӕд мах дӕр йӕ бинонтыл банымайдзӕн. Йегъовӕ адӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта диссаджы хӕдзар. Фыццаг адӕймаджы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ раздӕр зӕхх адӕмӕн цӕрынӕн ӕрцӕттӕ кодта (Иов 38:4–6; Йер. 10:12). Махыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ рӕдау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын радта бирӕ хорз цыдӕртӕ, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса (Пс. 104:14, 15, 24). Цы сфӕлдыста, уыдӕттыл-иу йӕ цӕст куы ахаста, уӕд-иу «федта, хорз кӕй сты» (Райд. 1:10, 12, 31). w21.08 3 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 16 декабрь
Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23).
Алкӕуыл дӕр нӕ ис хӕс – хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20; Ром. 10:14). Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хъуыддаджы арӕхстджындӕр суай? Брошюрӕйы «Ахуыр кӕн» цы уроктӕ ис, уыдоныл бакус ӕмӕ-иу дӕ разы сӕвӕр, уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзынӕ, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ сӕйраг хъуыддаг ма ферох уӕд – Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ дӕ удыхъӕды фидар кӕнын (Кол. 3:12; 2 Пет. 1:5–8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй алкӕй дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Ног дунейы Йегъовӕйӕн, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕндзыстӕм. Фӕлӕ уал уӕдмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын нӕ лӕггад циндзинад хӕсдзӕн. Ӕмӕ нын цыдӕр куы не ’нтыса, уӕд-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд нӕ «амондджын Хуыцау» Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм (1 Тим. 1:11). Цӕй уӕдӕ, ныртӕккӕ цы аразӕм, ууыл цин кӕнӕм! w21.08 25 ф., 18–20 абз.
Хуыцаубон, 17 декабрь
Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис (Дзут. 11:6).
Кӕд рӕстдзинад дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс, уӕд дӕ ныййарджытӕй базыдтай, алцыдӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста. Стӕй базыдтай йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Райд. 1:1; Хъуыд. 17:24–27). Фӕлӕ бирӕтӕ не ’ууӕндынц, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста кӕнӕ Хуыцау уӕвгӕ кӕй ис, ууыл. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд ӕмӕ, дам, вазыгджын царды формӕтӕ гыццылгай равзӕрдысты хуымӕтӕг царды формӕтӕй. Афтӕ чи фӕдзуры, уыдонӕй бирӕтӕ сты ахуыргонд адӕм. Уыдон фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, наукӕ сбӕлвырд кодта, Библийы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй нӕу ӕмӕ, дам, Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыдон сты ӕнахуыргонд, талынг ӕмӕ ӕнцонсайӕн адӕм. Уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви йын ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын,– не ’ппӕты дӕр хъӕуы дарддӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Ӕмӕ нӕ уӕд, Библийыл чи не ’ууӕнды, уыдон сӕ «зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» нӕ асайдзысты (Кол. 2:8). w21.08 14 ф., 1–3 абз.
Къуырисӕр, 18 декабрь
О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау (Рарг. 4:11).
Авел, Ной, Авраам ӕмӕ Иов уыдысты Хуыцауӕн коммӕгӕс, уыди сын фидар уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ хастой. Уымӕй ӕвдыстой, кӕй йӕ уарзтой ӕмӕ йӕ кӕй нымадтой, уый. Сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй Йегъовӕйы кадджын кодтой. Ӕмӕ сӕ лӕггадӕй райгонд уыди. Уый фӕстӕ Йегъовӕ Авраамы байзӕддӕгтӕн радта Моисейы закъон. Цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ дзы цы амындтӕ уыди, уыдоны фӕрцы израилӕгтӕ зыдтой, Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ кувой, уый. Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕй нал домдта, цӕмӕй Моисейы закъон ӕххӕст кодтаиккой (Ром. 10:4). Чырыстӕттӕн лӕвӕрд ӕрцыд ног закъон – «Чырыстийы закъон» (Гал. 6:2). Сӕ бон куыд уыди уыцы «закъон» ӕххӕст кӕнын? Уыцы закъоны бирӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ амындтӕ нӕ уыди. Чырыстӕттӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмыдтаиккой ӕмӕ, цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккой. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кодтаиккой «Чырыстийы закъон». Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй Чырыстийы фӕзмой. Афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр рухс кӕнынц ӕмӕ удӕнцой дӕр ссарынц (Матф. 11:29). w22.03 20, 21 фф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 19 декабрь
Цасдӕр рӕстӕг баззад ӕдзӕрӕг ран ӕмӕ куывта (Лук. 5:16).
Йегъовӕ фӕхъусы йӕ сывӕллӕтты куывдтытӕм. Уый бӕрӕг у, йӕ Фырт зӕххыл куы уыд, уӕд-иу ын йӕ куывдтытӕм алкӕддӕр кӕй хъуыста, уымӕй. Йегъовӕ-иу ӕй фехъуыста, ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу ӕм куы скуывта, уӕд, зӕгъӕм, 12 апостолы равзарыны размӕ (Лук. 6:12, 13). Йесойӕн-иу зын куы уыд ӕмӕ-иу ӕм куы скуывта, уӕд дӕр-иу ӕй фехъуыста. Иудӕ йӕ куы ауӕй кодта, уый размӕ йӕ Фыдӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын радтаид тыхтӕ, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкодта, фӕлӕ ма йӕм зӕды дӕр рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лук. 22:41–44). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ дӕр фехъусы ӕмӕ нын дзуапп ратты, уымӕн хуыздӕр рӕстӕг куы вӕййы, уӕд, ӕмӕ хуыздӕр куыддӕриддӕр вӕййы, афтӕ (Пс. 116:1, 2). Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ иу индиаг хойы куывдӕн дзуапп куыд радта, уымӕ. Уыцы хо уыди нервыты низӕй рынчын, ӕмӕ-иу цӕссыгкалгӕйӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Уый ныффыста: «2019 азы нӕ интернет-телеуынынады майы программӕ уыди, нӕ бон мӕт ӕмӕ сагъӕстимӕ тох кӕнын куыд у, уый тыххӕй. Уыцы программӕ раст цыма мӕн тыххӕй рацыд. Йегъовӕ мын афтӕмӕй мӕ куывдтытӕн дзуапп радта». w21.09 21, 22 фф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 20 декабрь
Лидзут хӕхтӕм (Лук. 21:21).
Ахъуыды-ма кӕн, 1 ӕнусы чырыстӕттӕн куыд зын уыдаид сӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын ӕмӕ та фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй ног бынаты сӕ къахыл слӕууыдаиккой. Хъуамӕ сӕ фидарӕй уырныдтаид, Йегъовӕ сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Баххуыс сын кодтаид Павелы уынаффӕ дӕр. Ромӕгтӕ Иерусалимыл куы ’ртыхстысты, уымӕй 5 азы раздӕр дзуттӕгтӕм ныффыста: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: „Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн“. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзут. 13:5, 6). Павелы уынаффӕ уайтагъд йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон ӕнцондӕрӕй сахуыр сты хуымӕтӕг цардыл ног бынаты. Уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ ӕнӕ къӕбӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн. w22.01 4 ф., 7, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 21 декабрь
Йегъовӕ... фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:9).
Искӕмӕй куы фӕзӕгъынц, фӕлмӕнзӕрдӕ у, зӕгъгӕ, уӕд нӕ цӕстытыл ауайы хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕдау адӕймаг. Чи зоны ма нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, Йесо хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый дӕр. Уый «фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ... баххуыс кодта», абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы дзуттагӕн, кӕд йӕхӕдӕг дзуттаг нӕ уыд, уӕддӕр (Лук. 10:29–37). Ацы хабарӕй базонӕн ис, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый. Уый у нӕ Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕй сӕ иу. Хуыцау нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ нӕ уарзы. Ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад алы бон дӕр равдисы. Чидӕр фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый ма цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, чи фӕрӕдыд, уый нӕ бафхӕры. Ӕмӕ нӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад афтӕ дӕр равдисы. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны» (Пс. 103:10). Фӕлӕ афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый бафхӕры. w21.10 8 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 22 декабрь
Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ ды ме ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай фӕуай (Ис. 54:10).
Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы, йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайы, ӕрмӕстдӕр уыдоны, ома йӕ лӕггадгӕнджыты. Ӕмӕ уый бӕрӕг у паддзах Давиды ӕмӕ пехуымпар Данелы ныхӕстӕй дӕр. Зӕгъӕм, Давид загъта: «Дарддӕр дӕр де ’нувыд уарзтӕй тав, чи дӕ зоны, уыдоны»; «Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хайджын сты, чи дзы тӕрсы, уыдон». Данел та загъта: «О Йегъовӕ, ӕцӕг Хуыцау... Чи дӕ уарзы ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй ды ӕххӕст кӕныс дӕ бадзырд ӕмӕ сын де ’нувыд уарзтӕй хай кӕныс» (Пс. 36:10; 103:17; Дан. 9:4). Ацы ныхӕстӕй базонӕн ис, Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй йӕ лӕггадгӕнджыты уый тыххӕй кӕй уарзы, ӕмӕ йӕ уыдон зонынц, тӕрсынц дзы, уарзынц ӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц. Уӕдӕ бӕрӕг у: Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕрмӕстдӕр йӕ адӕмы. Цалынмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ дӕр нӕ уарзта, иннӕ адӕмы куыд уарзы, афтӕ (Пс. 104:14). Фӕлӕ ма ныр хайджын стӕм йе ’нувыд уарзтӕй дӕр. w21.11 3, 4 фф., 8, 9 абз.
Сабат, 23 декабрь
Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн (Матф. 4:10).
Цыфӕнды ма уа, уӕддӕр архайдзыстӕм абоны стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ. Абон бирӕтӕ цӕуынц кӕцыдӕр зындгонд сауджынты ӕмӕ аргъуанты разамонджыты фӕдыл. Уыдон тынг дзырдарӕхст вӕййынц, ӕмӕ сын адӕм ахӕм кад фӕкӕнынц, раст цыма хуыцӕуттӕ сты. Сӕ аргъуанты адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ вӕййы. Сӕ чингуытӕ сын фелхӕнынц, стӕй сын дуне ӕхца мысайнагӕн фӕдӕттынц. Бирӕтӕ сын сӕ алы ныхасыл дӕр ӕууӕндынц. Ахӕм цин сыл фӕкӕнынц, ӕмӕ сӕм Йесо Чырысти куы фӕзындаид, уӕд ууыл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ нӕ цин кодтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ адӕмы ахӕм бынаты не ’вӕрынц. Махмӕ нӕй сауджынтӕ. Ӕмӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдоны кӕд нымайӕм, уӕддӕр нӕ рох не сты Йесойы ныхӕстӕ: «Сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут» (Матф. 23:8–10). Хуыцауы бынаты никӕй ӕвӕрӕм, нӕдӕр дины разамонджыты, нӕдӕр хицӕутты, стӕй сын сӕ къух дӕр нӕ аразӕм. Мах ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнӕм, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕй (Иоан. 18:36). w21.10 20 ф., 6, 7 абз.
Хуыцаубон, 24 декабрь
Ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ. [...] Мӕн йеддӕмӕ дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд (Рац. 20:2, 3).
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уӕд хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Уымӕй ахсджиагдӕр нын мацы кӕнӕ мачи хъуамӕ суа. Мах хӕссӕм ном «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ», ӕмӕ нӕ фидар фӕнд у, Хуыцауы сыгъдӕг ном чи фӕчъизи кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизын (Лев. 19:12; Ис. 57:15). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уымӕй-иу равдыстой, сӕ Хуыцауыл ӕй кӕй нымайынц. Левиты 18:4 стихы фыст ис: «Ӕххӕст кӕнут мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕм хъусут, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрут. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау». Уыцы закъӕттӕй кӕцыдӕртӕ фыст сты 19-ӕм сӕры. Зӕгъӕм, 5–8, 21, 22 стихты дзырд цӕуы фосы нывӕндты тыххӕй. Нывӕндтӕ-иу хъуамӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ ӕрхастаиккой, цӕмӕй-иу ма фӕчъизи кодтаиккой, Йегъовӕ табуйагыл цы нымадта, уый. Ацы стихты цы бакастыстӕм, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ нӕ фӕнда Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын кады нывӕндтӕ хӕссын, ома йӕ нӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнын, Дзуттӕгтӕм 13:15 стихы куыд фыст ис, афтӕ. w21.12 5 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 25 декабрь
Цин кӕн дӕ усыл, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, ууыл (Ӕмб. 5:18).
Ӕрыгон къайтӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын чи сахуыр, уыцы лӕггадгӕнджытӕй. Иуӕй-иу къайтӕ бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Ӕмӕ кӕд хъуыды кӕнут, уӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрат, ууыл, уӕд уӕ бон у уыдонӕй искӕимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ сӕ уынаффӕ ракурын. Афтӕмӕй равдисдзыстут, уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарут, уый (Ӕмб. 22:17, 19). Уӕ зӕрдыл дарут, бинонты цард Йегъовӕйы лӕвар кӕй у (Матф. 19:5, 6). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ усӕн уыцы лӕвар циндзинад хӕсса. Ӕрыгон къайтӕ, ахъуыды кӕнут уӕ цардыл, уӕ рӕстӕг цӕуыл ӕрвитут, ууыл. Уӕ цардӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы лӕвӕрттӕн тынг кӕй аргъ кӕнут ӕмӕ дзы бузныг кӕй стут? Йегъовӕмӕ кувут. Йӕ Ныхасы агурут, уӕ уавӕры уын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ стӕй йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайут. Царды уын ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд уыдзыстут ӕцӕг амондджын! w21.11 18 ф., 16 абз.; 19 ф., 18 абз.
Дыццӕг, 26 декабрь
Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм (Иак. 3:2).
Иаков йӕхимӕ раст цӕстӕй каст. Йесойы ӕфсымӕр кӕй уыд ӕмӕ йыл ӕмбырды кадджын хӕстӕ кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта. Йе ’мчырыстӕтты хуыдта йӕ «уарзон ӕфсымӕртӕ» (Иак. 1:16, 19; 2:5). Иаков йӕхи афтӕ нӕ дардта, цыма ӕххӕст адӕймаг уыд. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Хъуамӕ нӕхи ма ӕвӕрӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй уӕлдӕр. Афтӕ сӕм куы кӕса, ӕмӕ мах никуы фӕрӕдийӕм, уӕд афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ сӕ бон никуы бауыдзӕн Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ уӕд сӕ ныфс асӕтдзӕн. Фӕлтау-иу сын ӕргом зӕгъӕм, нӕхицӕн дӕр алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, Йегъовӕ цы дзуры, уый аразын ӕмӕ-иу сын радзурӕм, куыд нын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Уӕд-иу бамбардзысты, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй бауыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. w22.01 11, 12 фф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 27 декабрь
Йесо Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут сымах дӕр (Фил. 2:5).
Йесо куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд архайгӕ дӕр кӕндзыстӕм, уый куыд архайдта, афтӕ, ӕмӕ нӕ удыхъӕд дӕр суыдзӕн Йесойы удыхъӕды хуызӕн (Дзут. 1:3). Ахъуыды кӕн ӕртӕ хъуыддагыл: 1) Адӕм афтӕ конд сты, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуызӕн уой. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ уыдоны хуызӕн уай, кӕд дын уый алы хатт нӕ уайдзӕн, уӕддӕр. Ӕрмӕст уый хъуамӕ дӕхи бафӕнда (Райд. 1:26). 2) Хуыцауы сыгъдӕг тых у Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тых. Ӕмӕ уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы саразӕм, нӕхи бон цы нӕу саразын, уый. 3) Йегъовӕ ӕмбары, ныртӕккӕ нӕ бон кӕй нӕу, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон ӕххӕстӕй ӕвдисын. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд рахицӕн кодта мин азы, цӕмӕй, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон ӕххӕст суой (Рарг. 20:1–3). Ныр та Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зӕрдиагӕй архайӕм нӕ удыхъӕд ногмӕ раивыныл ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕна. w22.03 9 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 28 декабрь
Нырма зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнын, афтӕ йӕ ды фӕзоныс, о Йегъовӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый (Пс. 139:4).
Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, ӕрмӕст уый фӕрцы йӕм не ’ввахсдӕр кӕнӕм. Баввахс ма йӕм вӕййӕм, йӕ Ныхас ын кӕй фӕиртасӕм ӕмӕ ӕмбырдты кӕй вӕййӕм, уый фӕрцы дӕр. Цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ спайда кӕнӕм? Ис ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнӕн: «Ӕмбырды куы вӕййын кӕнӕ мӕхӕдӕг Библи куы фӕиртасын, уӕд мӕ ницы фӕхъыгдары?» Чи зоны нӕм исчи телефонӕй ӕрбадзуры кӕнӕ нӕм исты ныффыссы. Адӕймаг истӕуыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд ын ӕнцон нӕ вӕййы Библи иртасгӕйӕ кӕнӕ ӕмбырды рӕстӕг Библийыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ тынг ахсджиаг у бацархайын, цӕмӕй-иу нӕ хъуыдытӕ ма адзӕгъӕл уой. Йегъовӕйӕ-иу ӕххуыс ракур. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын ратта фарн. Уыцы фарн дын ӕрмӕст дӕ зӕрдӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн, фӕлӕ дӕ зонд дӕр (Фил. 4:6, 7). w22.01 29, 30 фф., 12–14 абз.
Майрӕмбон, 29 декабрь
Дӕ хъус ӕрдар зондджынты ныхӕстӕм ӕмӕ сӕм байхъус (Ӕмб. 22:17).
Паддзах Ози дӕр уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Иухатт бацыд Йегъовӕйы кувӕндонмӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн кӕм лӕууыд, уырдӕм, цӕмӕй дзы буд ссыгътаид. Уырдӕм бацӕуыны бар та ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн уыд. Сауджынтӕ йын загътой: «Йегъовӕйӕн буд судзын дӕ хӕс нӕу, Ози. Буд судзын сауджынты... хӕс у». Фӕлӕ «Ози мӕстӕй рафыхт». Гъеныр сӕрныллӕгдзинад куы равдыстаид, сауджынтӕм куы байхъуыстаид ӕмӕ кувӕндонӕй уайтагъд куы рацыдаид, уӕд ын, чи зоны, Йегъовӕ ныххатыр кодтаид. Цымӕ Ози уынаффӕмӕ цӕуылнӕ байхъуыста? Чи зоны, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕз паддзах дӕн, ӕмӕ мӕ бон у, цы мӕ фӕнды, уый аразын. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ози йӕхиуыл кӕй фервӕссыд ӕмӕ йын бар кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йыл Йегъовӕ хъотыр бафтыдта, ӕмӕ «йӕ мӕлӕты онг уыди хъотырджын» (2 Аз. 26:16–21). Озийы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Чифӕнды ма уӕм, цавӕрфӕнды кадджын хӕстӕ ныл ма уа,– исчи нын Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ куы ратта ӕмӕ йӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. w22.02 9 ф., 7 абз.
Сабат, 30 декабрь
Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат ӕмӕ уӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауадза (Хъуыд. 3:19).
Зӕронд удыхъӕд кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг фӕцӕуы йӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл, ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыдытӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй (Кол. 3:9). Гӕнӕн ис, уа хиуарзон, мӕстыгӕр, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын ма зона. Гӕнӕн ис, кӕса хӕлд нывтӕм кӕнӕ, ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ тыхми кӕм ӕвдисынц, ахӕм кинотӕм. Ахӕм адӕймагмӕ хорз миниуджытӕ дӕр куыннӕ вӕййы. Ӕмӕ йӕ, чи зоны, йӕ ныхӕсты кӕнӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йӕ цӕсгом дӕр фӕхӕры. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ фӕфӕнды йӕ зондахаст аивын ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзын (Гал. 5:19–21; 2 Тим. 3:2–5). Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕрӕй ӕппындӕр макуы мацы фӕзына. Уӕддӕр-иу, уый фӕстӕ цӕуыл фӕфӕсмон кӕндзыстӕм, ахӕмӕй исты зӕгъдзыстӕм кӕнӕ сараздзыстӕм (Йер. 17:9; Иак. 3:2). Фӕлӕ зӕронд удыхъӕд куы ныууадзӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдджын буары монцты ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты уацары нал уыдзыстӕм. Ӕмӕ суыдзыстӕм бынтон ӕндӕрхуызон адӕймӕгтӕ (Ис. 55:7). w22.03 3 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 31 декабрь
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, архайут, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ хорз миниуджытӕ уынат. Алчидӕр дзы ӕнӕххӕст у, фӕлӕ дзы алкӕмӕ дӕр ис, уарзӕн сӕ кӕй тыххӕй ис, ахӕм миниуджытӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгты иуӕй-иу хатт бахъӕуы искӕмӕн уынаффӕ раттын. Фӕлӕ-иу уыдон дӕр апостол Павелау хъуамӕ адӕймагӕн йӕ рӕдыдмӕ ма ныккомкоммӕ уой. Хъуамӕ-иу сӕ зӕрдыл дарой, Йегъовӕйы кӕй уарзы, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕны ӕмӕ нырма йӕ бон бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй бауыдзӕн саразын, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз миниуджытӕ куы уыной, уӕд ӕмбырд алкӕмӕн дӕр уыдзӕн хъарм къонайы хуызӕн. Уӕ зӕрдыл дарут: Йегъовӕ уӕ нӕ домы, цӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ уат. Уый фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион уат (1 Кор. 4:2). Ма дызӕрдыг кӕнут, сымахӕн дӕр тынг кӕй аргъ кӕны, цыдӕриддӕр аразут, уый тыххӕй. Йегъовӕ уын никуы ферох кӕндзӕн «уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн» (Дзут. 6:10). w22.03 31 ф., 19, 21 абз.