Разамонӕг советы писмо
Зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ!
Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд» (Матф. 28:19, 20; Мар. 12:28–31). Уарзондзинадӕн стыр тых ис. Уый бацагайы, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдоны зӕрдӕтӕ (Хъуыд. 13:48).
Раздӕр-иу архайдтам, цӕмӕй-иу бахъуыды кодтаиккам, ныхас райдайӕн куыд ис, уый ӕмӕ-иу адӕймагӕн литературӕ радтаиккам. Ныр та нӕ нысан у, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй уыной, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ-иу семӕ ныхас кӕндзыстӕм, уыдоны цӕуыл фӕнды, ууыл. Уый тыххӕй та-иу хъуамӕ нӕ ныхас фӕивӕм, адӕймаг цӕуыл мӕт кӕны кӕнӕ йӕ цы цымыдис кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Ацы брошюрӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн?
Брошюрӕйы ис 12 урочы. Уыцы урокты дзырд цӕуы, нӕ удыхъӕды кӕй хъуамӕ фидар кӕнӕм, уыцы миниуджытыл. Уыдон нын ӕххуыс кӕндзысты, адӕмы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Алы урок дӕр арӕзт у Библийӕ ист хабарыл ӕмӕ дзы базонӕн ис, Йесо кӕнӕ фыццаг чырыстӕттӕй чидӕр цавӕрдӕр миниуӕг уацамынды куыд ӕвдыста, уый. Нӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй бахъуыды кӕнӕм, ныхас райдайӕн куыд ис, уый. Нӕ нысан у, цӕмӕй сахуыр уӕм, адӕмы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисын. Ацы брошюрӕйы дзырд цы миниуджытыл цӕуы, уыдон уацамынды иууылдӕр хъӕуынц. Фӕлӕ мах аныхас кӕндзыстӕм, уӕлдай тынгдӕр цавӕр миниуджытӕ фӕхъӕуы, адӕймагимӕ ныхас кӕнын куы райдайӕм, дыккаг хатт ӕм куы бацӕуӕм кӕнӕ йемӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд.
Алы урок кӕсгӕйӕ дӕр-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, урочы дзырд цы миниуӕгыл цӕуы, уый дӕ бон куыд у ӕвдисын адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Архай, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы ноджы тынгдӕр уарзай. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн дын уарзондзинад куыд баххуыс кӕна, афтӕ дын хъусын кӕныны мадзӕлттӕй иу дӕр нӕ баххуыс кӕндзӕн.
Мах стыр кадыл нымайӕм уемӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын (Соф. 3:9). Уӕдӕ адӕмы уарз ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ арфӕ кӕнӕд!
Де ’фсымӕртӕ,
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет