Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Январь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Январь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 январь
  • Дыццӕг, 2 январь
  • Ӕртыццӕг, 3 январь
  • Цыппӕрӕм, 4 январь
  • Майрӕмбон, 5 январь
  • Сабат, 6 январь
  • Хуыцаубон, 7 январь
  • Къуырисӕр, 8 январь
  • Дыццӕг, 9 январь
  • Ӕртыццӕг, 10 январь
  • Цыппӕрӕм, 11 январь
  • Майрӕмбон, 12 январь
  • Сабат, 13 январь
  • Хуыцаубон, 14 январь
  • Къуырисӕр, 15 январь
  • Дыццӕг, 16 январь
  • Ӕртыццӕг, 17 январь
  • Цыппӕрӕм, 18 январь
  • Майрӕмбон, 19 январь
  • Сабат, 20 январь
  • Хуыцаубон, 21 январь
  • Къуырисӕр, 22 январь
  • Дыццӕг, 23 январь
  • Ӕртыццӕг, 24 январь
  • Цыппӕрӕм, 25 январь
  • Майрӕмбон, 26 январь
  • Сабат, 27 январь
  • Хуыцаубон, 28 январь
  • Къуырисӕр, 29 январь
  • Дыццӕг, 30 январь
  • Ӕртыццӕг, 31 январь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Январь

Къуырисӕр, 1 январь

Тимофейы дӕр уӕм уый тыххӕй ӕрвитын, ӕмӕ уый у мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы (1 Кор. 4:17).

Тимофей Йегъовӕйӕн хорз лӕггадгӕнӕг цӕй фӕрцы уыд? Йӕ хорз миниуджыты фӕрцы (Фил. 2:19–22). Апостол Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Тимофей кӕй уыд сӕрныллӕг, иузӕрдион, ӕууӕнкджын, стӕй йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхсти. Ӕмӕ йӕ Павел дӕр уый тыххӕй уарзта, ӕмӕ-иу ын зын хъуыддӕгтӕ дӕр бахӕс кодта. Зыдта йӕ, кӕй сӕ сараздзӕн. Мах дӕр нӕ удыхъӕды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ куы фидар кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ уарздзӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр стыр ӕххуыс уыдзыстӕм (Пс. 25:9; 138:6). Скув ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы дӕ удыхъӕды фӕхуыздӕр кӕнын. Равзар иу миниуӕг ӕмӕ уал ууыл бакус. Чи зоны дӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй иннӕты зын тынгдӕр ӕмбарай. Йе та дӕ, гӕнӕн ис, хъӕуы бацархайын, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр фидауай ӕмӕ хатыргӕнаг уай. Дӕ бон ма у де ’мбӕлттӕй искӕй бафӕрсын, цы дӕ хъӕуы фӕивын, уымӕй (Ӕмб. 27:6). w22.04 23 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 2 январь

Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый (Гал. 6:4).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уӕм амондджын. Уый кӕцӕй зонӕм? Циндзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу (Гал. 5:22). Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, стӕй нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн истӕмӕй куы баххуыс кӕнӕм, уӕд тынг фӕцин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Абоны стихы апостол Павел цы дыууӕ хъуыдыйы загъта, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Фыццаг хъуыды: нӕ нысан хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн, махмӕ хуыздӕрӕй цы ис, уый дӕттын. Ӕмӕ нын уый хъуамӕ циндзинад хӕсса (Матф. 22:36–38). Дыккаг хъуыды: хъуамӕ нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм. Иннӕтӕй ӕнӕниздӕр кӕй стӕм, цавӕрдӕр курдиӕттӕ нӕм кӕй ис кӕнӕ цӕуылдӕрты кӕй сахуыр стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын кӕд Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ ӕнтысы, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ уӕм бузныг. Кӕд Йегъовӕйы хъуыддаджы чидӕр цӕмӕдӕр махӕй хуыздӕр арӕхсы, уӕд ууыл дӕр хъуамӕ цин кӕнӕм. Ӕгайтма йӕ фӕнды йӕ курдиӕттӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын. w22.04 10 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 3 январь

Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг (Лук. 21:28).

Мӕнг динтӕн сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы (Рарг. 18:8–10). Уыцы хабар ӕгас зӕхх дӕр банкъуысын кӕндзӕн. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, цард тынг фӕуӕззаудӕр уа. Фӕлӕ Хуыцауы адӕмӕн уый уыдзӕн цины хабар. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Стыр Вавилон – Йегъовӕйы рагон знаг – ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн. Дыккаджы та уымӕн, ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у ӕмӕ дзы кӕй фервӕздзыстӕм. Данел загъта, зӕгъгӕ, «раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты». Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй уынӕм! Нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ӕмбарӕм (Дан. 12:4, 9, 10). Мах уынӕм, алцыдӕр, фыст куыддӕриддӕр ӕрцыд, афтӕ кӕй ӕххӕст кӕны. Йегъовӕ ӕмӕ нӕ йӕ Ныхас дисы куыннӕ ӕфтауынц! (Ис. 46:10; 55:11). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Йегъовӕ бахъахъхъӕндзӕн, йӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр чи дары, уыдоны ӕмӕ сӕ «ӕгӕрон фарнӕй» схайджын кӕндзӕн! (Ис. 26:3). w22.07 6, 7 фф., 16, 17 абз.

Цыппӕрӕм, 4 январь

Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ (Рарг. 16:16).

Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцауы уӕларвон Паддзахад йӕ къухмӕ бартӕ кӕй райста ӕмӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уый (Рарг. 12:1–9). Уӕлӕрвты чи ис, уыдонӕн уый уыд стыр цины хабар. Фӕлӕ махӕн та нӕ цард фӕзындӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг сӕйраджыдӕр йӕ маст калы, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоныл (Рарг. 12:12, 15, 17). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ма фӕцудӕм? (Рарг. 13:10). Фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый куы базонӕм, уӕд нӕ ныфс бацӕудзӕн. Зӕгъӕм, Раргомады чиныджы апостол Иоанн ныффыста, тагъд цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, Хуыцауы знӕгтӕ сӕфты хай кӕй бауыдзысты, уый. Раргомады фыццаг стихӕй базонӕн ис, ацы чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдон «нысӕнттӕй» ӕвдыст кӕй сты, ома сӕ комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы (Рарг. 1:1). w22.05 8 ф., 1–3 абз.

Майрӕмбон, 5 январь

Уый уыдзӕн фӕстаг бонты, ӕмӕ дӕ ӕз ӕрбакӕндзынӕн мӕ зӕххы ныхмӕ, цӕмӕй мӕ базоной адӕмтӕ, сӕ цӕстыты раз дӕуыл, Гог, мӕ кад куы равдисон ӕмӕ мӕ ном куы срухс кӕнон, уӕд (Йез. 38:16).

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн басӕттын кӕй нӕ бакомдзысты, уый тыххӕй сӕм мӕстӕй рафыцдзысты. Ӕмӕ уӕд ӕгас зӕххыл дӕр ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. Библийы уыцы хабары тыххӕй фыст ис, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, зӕгъгӕ (Йез. 38:14, 15). Уӕд Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн? Уый зӕгъы: «Фырмӕстӕй мӕ фындзыхуынчъытӕй кӕлдзӕн арт» (Йез. 38:18, 21–23). Раргомады 19-ӕм сӕрӕй базонӕн ис, уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн, уый. Йегъовӕ йӕ Фырты рарвитдзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фервӕзын кӕна ӕмӕ сын се знӕгты ныццӕгъда. Йесоимӕ иумӕ хӕцдзысты «уӕларвон ӕфсӕдтӕ» дӕр – иузӕрдион зӕдтӕ ӕмӕ 144 мины (Рарг. 17:14; 19:11–15). Уыцы хӕст цӕмӕй фӕуыдзӕн? Йегъовӕйы ныхмӕ цыдӕриддӕр адӕм ӕмӕ организацитӕ цӕуы, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн! (Рарг. 19:19–21). w22.05 16, 17 фф., 9, 10 абз.

Сабат, 6 январь

Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы... кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ (Райд. 3:15).

Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ загъта тынг ахсджиаг ныхӕстӕ. Уый уыди фыццаг пехуымпарад. Уый фӕрцы ныфс фӕзынд Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн. Уыцы пехуымпарад фыст ис Райдианы 3:15 стихы: «Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ». Ацы пехуымпарад ахсджиаг цӕмӕн у? Кӕд Библийы фыццаг чиныджы фыст ис, уӕддӕр иннӕ чингуытӕ иууылдӕр йемӕ баст сты, уымӕн ӕмӕ уый у Библийы сӕйраг хъуыды. Бӕлвырдӕй та уыцы хъуыды у ахӕм: Хуыцау рарвитдзӕн Ирвӕзынгӕнӕджы, цӕмӕй Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ фарс чидӕриддӕр уа, уыдоны фесафа. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн уый стыр цины хабар уыдзӕн! Библи куы иртасӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны. w22.07 14 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 7 январь

Зонд дӕтты Йегъовӕ (Ӕмб. 2:6).

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнат, уый тыххӕй уӕ хъӕуы йе ’ххуыс. Уымӕ гӕсгӕ дзы зонд курут (Иак. 1:5). Йегъовӕйӕ хуыздӕр уын уынаффӕ ничи ратдзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йегъовӕйӕн цас сывӕллӕттӕ ис, уыйбӕрц сывӕллӕттӕ никӕмӕн ис, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ничи зоны, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый (Пс. 36:9). Стӕй йӕ уынаффӕтӕ алкӕддӕр вӕййынц раст ӕмӕ нӕ пайдайӕн (Ис. 48:17). Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныййарджытӕн амоны, сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕной, уый. Стӕй сын йӕ организацийы уылты бирӕ ӕрмӕг дӕтты (Матф. 24:45). Зӕгъӕм, бирӕ хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис рубрикӕйы «Ӕххуыс бинонтӕн». Цалдӕр азы дӕргъы мыхуыргонд цыди журнал «Райхъал ут!»-ы, ныр та ис нӕ сайты. Нӕ сайты ма ис бирӕ алыхуызон видеороликтӕ ӕмӕ интервьютӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы дӕр хуыздӕр бамбардзыстут, сывӕллӕтты Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый (Ӕмб. 2:4, 5). w22.05 27 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 8 январь

О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид? (Пс. 130:3).

Дун-дунейы Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг ничи у. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы ныххатыр кӕнынмӕ. Дыккаг: мах тыххӕй цы нӕ зоны, ахӕм нӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уымӕй хуыздӕр ничи фӕзоны, ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кодтам ӕви нӕ. Ӕртыккаг: Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ бон вӕййы нӕ цард ногӕй райдайын, раст цыма тӕригъӕд уӕвгӕ дӕр никуы сарӕзтам. Уый фӕрцы та нын йӕ разы вӕййы сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, райгонд нӕ кӕй у. Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ рӕдидзыстӕм. Фӕлӕ нын ныфсы хос фӕуыдзысты, чиныджы «Понимание Писания» цы ныхӕстӕ ис, уыдон: «Йегъовӕ зоны йӕ лӕггадгӕнджыты лӕмӕгъдзинӕдтӕ, ӕмӕ сӕм у фӕлмӕнзӕрдӕ. Ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй-иу куы фӕрӕдийой, уӕд сӕ нӕ хъӕуы ӕдзух сӕхи хӕрын (Пс. 103:8–14; 130:3). Кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой, уӕд сын уый хъуамӕ циндзинад хӕсса (Фил. 4:4–6; 1 Иоан. 3:19–22)» (статья «Раскаяние», 7 абзац). w22.06 7 ф., 18, 19 абз.

Дыццӕг, 9 январь

Мӕ номы тыххӕй уӕ ӕрлӕууын кӕндзысты паддзӕхты раз ӕмӕ хицӕутты раз (Лук. 21:12).

Хицауад нӕ кӕй ӕфхӕры, Хӕйрӕг ӕрмӕст уымӕй нӕ пайда кӕны. Иуӕй-иутӕ тӕрсынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы суой, уӕд сӕ бинонтӕ цы зӕгъдзысты, уымӕй. Хицауад сӕ кӕй бафхӕрдзӕн кӕнӕ сӕ нӕмгӕ дӕр кӕй фӕкӕндзысты, уымӕй дӕр афтӕ нӕ тӕрсынц. Сӕ бинонты тынг уарзынц, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой. Ӕмӕ сын зын вӕййы, ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕвзӕр исты куы фӕдзурынц, уӕд. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ бинонтӕ рӕстдзинадмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Уыди-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу кӕд нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ бинонтӕ фыццаг сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр-иу уый фӕстӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Фӕлӕ нӕм нӕ бинонтӕ ӕмгӕрон дӕр куы нал цӕуой, уӕд та куыд бакӕнӕм? Псаломы 27:10 стихы цы рӕсугъд ныхӕстӕ ис, уыдон нӕ ныфс уадзынц. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый. Ӕмӕ уӕд ӕгӕр нӕ мӕт кӕндзыстӕм, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ кӕй систы, уый тыххӕй. Йегъовӕ нын нӕ фидардзинады тыххӕй ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. Дӕтдзӕн нын, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой ӕмӕ уӕм амондджын, стӕй йӕм цӕмӕй алкӕддӕр ӕввахс уӕм. Уый хуызӕн ныл ничи батыхсдзӕн! w22.06 16, 17 фф., 11–13 абз.

Ӕртыццӕг, 10 январь

Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).

Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд-иу дзы дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, у нозтуарзаг, гуыбындзӕл, Хӕйрӕгимӕ баст, сабатбоны закъон халы, ӕмӕ ма йӕ Хуыцауы фауӕг дӕр схуыдтой (Матф. 11:19; 26:65; Лук. 11:15; Иоан. 9:16). Фӕлӕ-иу сын Йесо алывыдтӕ нӕ акалдта. Махӕн дӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд-иу хъуамӕ Йесойы бафӕзмӕм (1 Пет. 2:22, 23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хиуыл фӕхӕцын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы (Иак. 3:2). Фӕлӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Уацамынды дын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд-иу ма рамӕсты у. Ӕфсымӕр Сэм загъта: «Ӕз фылдӕр фӕхъуыды кӕнын, адӕймаджы кӕй хъӕуы рӕстдзинад базонын, стӕй йӕ бон аивын кӕй у, ууыл». Иуӕй-иу хатт нӕм адӕм смӕсты вӕййынц, кӕй сӕ батыхсын кодтам, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Уацамынды мӕсты адӕймагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд-иу Йегъовӕмӕ цыбыртӕй скувӕм ӕмӕ-иу дзы ӕххуыс ракурӕм, цӕмӕй нӕхиуыл фӕхӕцӕм ӕмӕ адӕймагӕн мацы ӕфхӕрӕн ныхас зӕгъӕм. w22.04 6 ф., 8, 9 абз.

Цыппӕрӕм, 11 январь

Баввахс ут Хуыцаумӕ (Иак. 4:8).

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой, уый тыххӕй хъӕуы семӕ Библи ахуыр кӕнын (2 Тим. 3:14–17). Фӕлӕ ма ноджыдӕр иу мадзалы фӕрцы сӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр фыст ис Библийы. Ӕмбисӕндты чиныджы фыд йӕ фыртӕн Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй дзуры: «Дӕ цӕстыты раз уӕнт ӕдзухдӕр». Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ та фенӕн ис, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ (Ӕмб. 3:19–21). Ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы уӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг ӕрдзы хъӕбысы ӕрвитын. Уыцы рӕстӕгӕй-иу спайда кӕнут, цӕмӕй сын баххуыс кӕнат, Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгты йӕ диссаджы миниуджытӕ куыд зынынц, уый фенынӕн (Ром. 1:20). Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы Йесо ахсджиаг хъуыдытӕ куыд ӕмбарын кодта? Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй акастаиккой халӕттӕм ӕмӕ дидинджытӕм (Лук. 12:24, 27–30). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыды: сӕ рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Фыд кӕд халӕтты ’фсады ӕмӕ быдырон дидинджытӕ рӕсугъд сфӕлынды, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр дӕтдзӕн хӕринаг ӕмӕ сӕ ӕнӕ дарӕсӕй нӕ ныууадздзӕн. w23.03 20, 21 фф., 1–4 абз.

Майрӕмбон, 12 январь

Мӕ номӕй цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй, цӕмӕй Фырт скадджын кӕна Фыды (Иоан. 14:13).

Йегъовӕйӕн ма бузныг фӕдзурӕм, нӕ бон ӕм йӕ Фырты номӕй кувын кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Йесойы номӕй йӕм куы скувӕм, уӕд нын нӕ куывд фехъусы ӕмӕ нын дзуапп дӕр уый уылты ратты. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны Йесойы нывонды фӕрцы (Ром. 5:1). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «махӕн ис, уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс чи ӕрбадт, ахӕм хистӕр сауджын» (Дзут. 8:1). Йесо у не ’ххуысгӕнӕг Фыды раз (1 Иоан. 2:1). Уый нын нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмбары ӕмӕ мах тыххӕй Йегъовӕйӕн «фӕлӕгъстӕ кӕны» (Ром. 8:34; Дзут. 4:15). Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын нын кӕй радта, уый тыххӕй. Йесо йӕ цард нывондӕн куы не ’рхастаид, уӕд нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын дӕр нӕ уыдаид. Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ зынаргъ Фырты кӕй нӕ бавгъау кодта, уый тыххӕй дзы куыд бузныг стӕм, уый зӕгъынӕн фаг ныхӕстӕ никуы ссардзыстӕм! w22.07 23 ф., 10–12 абз.

Сабат, 13 январь

Фыдкой кӕнын чи уарзы, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры, иузӕрдион чи у, уый та йӕ нӕ рахъӕр кӕны (Ӕмб. 11:13).

Ӕууӕнкджын адӕймаг йӕ ныхасӕн вӕййы хицау ӕмӕ сайгӕ нӕ фӕкӕны (Пс. 15:4). Иннӕтӕ фӕзонынц, сӕ бон ыл кӕй у сӕ зӕрдӕ дарын. Мах фӕнды, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕсты, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм. Нӕ бон нӕу иннӕтӕй домын, цӕмӕй ныл ӕууӕндой. Хъуамӕ хъуыддагӕй равдисӕм, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис. Ӕууӕнк, дам, у ӕхцайы хуызӕн: йӕ бакусын зын у, йӕ фесафын та – ӕнцон. Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый. Уымӕн «йӕ алы хъуыддагыл дӕр ис ӕууӕндӕн» (Пс. 33:4). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (Еф. 5:1). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ адӕмы ’хсӕнмӕ нӕ кӕй ӕрбакодта, уый тыххӕй! Йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийы уарзынц ӕмӕ сты ӕууӕнкджын. Алчидӕр нӕ иннӕты куы уарза, сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уа, ӕцӕг цы у, уый куы дзура ӕмӕ хиуыл хӕцын куы зона, уӕд ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты. Цӕй уӕдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕ кӕй стӕм! w22.09 8 ф., 1, 2 абз.; 13 ф., 17 абз.

Хуыцаубон, 14 январь

Йегъовӕйы цӕст кӕсы (Пс. 33:18).

Кӕд нын бирӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уӕддӕр хатт нӕхимӕ иунӕг фӕкӕсӕм, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, чи нын баххуыс кӕна, уый нӕй, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхимӕ иунӕг кӕсӕм. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта. Дыууӕ хатты йӕ бафарста, «ам цы кусыс», зӕгъгӕ, цӕмӕй йын Илийа радзырдтаид, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый (1 Пад. 19:9, 13). Ӕмӕ йӕм дыууӕ хатты дӕр лӕмбынӕг байхъуыста. Уый фӕстӕ йын бамбарын кодта, йӕ фарсмӕ кӕй ис, ӕмӕ йын йе стыр тых равдыста. Загъта ма йын, израилӕгтӕй йын бирӕтӕ иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодтой (1 Пад. 19:11, 12, 18). Илийайӕн, хӕрзаг, фенцондӕр, йӕ тыппыртӕ куы суагъта ӕмӕ йын Йегъовӕ дзуапп куы радта, уӕд. Стӕй ма йын Йегъовӕ цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы бахӕс кодта. Загъта йын, цӕмӕй Азаилы сӕвӕрдтаид Сирийы паддзахӕй, Ииуйы – Израилы паддзахӕй, Елисейы та – пехуымпарӕй (1 Пад. 19:15, 16). Уый фӕрцы йын баххуыс кодта, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кодтаид хорз цӕуылдӕрты. Ӕмӕ ма йын радта ӕнувыд ӕмбалы – Елисейы. w22.08 8 ф., 3 абз.; 9 ф., 5 абз.

Къуырисӕр, 15 январь

Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 5:11).

Уе ’мбырд искуы Паддзахады зал арӕзта? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕндзынӕ, фыццаг хатт ног залы куыд ӕрӕмбырд стут, уый. Йегъовӕйӕ бузныг куыннӕ уыдтӕ! Ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй дӕ зӕрдӕ дӕр суынгӕг, ӕмӕ ӕмбырды райдианы дӕ бон зарӕг азарын дӕр не сси. Нӕ рӕсугъд Паддзахады залтӕ Йегъовӕйӕн хӕссынц кад. Фӕлӕ йӕ иу хъуыддагӕй ноджы тынгдӕр кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг агъуыстытӕ аразынӕй ахсджиагдӕр у. Нӕ бон у фидар кӕнын, уыцы кувӕн бынӕттӕм чи ’рбацӕуы, уыцы адӕмы. Уый дӕр схонӕн ис арӕзтад. Апостол Павел дӕр абоны стихы уый кой кодта. Ам «фидар кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма амоны «аразын» дӕр. Павел хорз арӕхсти йе ’мчырыстӕтты фидар кӕнынмӕ. Уый зыдта, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбӕрста. Махӕн дӕр нӕ бон у Павелау нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕнын (1 Кор. 11:1). w22.08 20 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 16 январь

Цӕрут, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ (Кол. 1:10).

Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм, уӕд хъуамӕ куыстимӕ баст хъуыддӕгты макуы сайӕм. Рӕстзӕрдӕ адӕймагӕн ма зын вӕййы, куы фӕуыны, исчи ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафы, уый. Рӕстгӕнӕг «алцӕмӕй дӕр» рухс кӕны Йегъовӕйы зӕрдӕ. Ӕмӕ уынаффӕ хӕсгӕйӕ фӕхъуыды кӕны, йӕ уынаффӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ. Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийы хуыйны «рӕстдзинады цӕрӕнбынат» (Йер. 50:7). Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый махӕй хуыздӕр зоны. Мах, гӕнӕн ис, алы хатт ма ’мбарӕм, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, уый (Ӕмб. 14:12; Ис. 55:8, 9). Фӕлӕ нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у афтӕ цӕрын, цӕмӕй йӕ цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм (Райд. 1:27). Ӕмӕ нын уый ӕхсызгон дӕр у. Нӕ Фыды тынг уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм (Еф. 5:1). w22.08 27 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 17 январь

Бамбарут-иу, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Еф. 5:17).

Истӕуыл куы маст кӕнӕм кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, фӕнда нӕхи истӕмӕйты аирхӕфсын, цӕмӕй нӕ нӕ мӕстытӕ айрох уой. Ӕмӕ уый дӕр хатт фӕхъӕуы. Фӕлӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цы ирхӕфсӕн равзардзыстӕм, ууыл, цӕмӕй, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ахӕмӕй мацы саразӕм (Еф. 5:10–12, 15, 16). Апостол Павел йӕ фыстӕджы Филиппӕгтӕм ныффыста, зӕгъгӕ, ӕдзухдӕр хъуыды кӕнут, «цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, цыдӕриддӕр у уарзинаг... цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг», уыдӕттыл (Фил. 4:8). Павел ам бӕлвырдӕй ирхӕфсӕнты кой нӕ кодта. Фӕлӕ нын йӕ ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр. Афӕлвар-ма ацы стих афтӕ зӕгъын: «Ӕдзухдӕр хъуыды кӕнут: цы зарджытӕм хъусут, уыдон сыгъдӕг сты? Цы кинотӕм кӕсут ӕмӕ цы чингуытӕ кӕсут, уыдон хӕрзӕгъдау сты? Цы видеохъӕзтытӕй хъазут, уыдон раппӕлинаг сты?» Афтӕ-иу куы бакӕнай, уӕд-иу дӕ бон уыдзӕн бамбарын, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн ӕмӕ цы нӕ фӕцӕудзӕн, уый. Мах фӕнды, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын (Пс. 119:1–3). w22.10 9 ф., 11, 12 абз.

Цыппӕрӕм, 18 январь

Зыдта, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый (Иоан. 2:25).

Зӕронд дунейы цӕргӕйӕ «фыдгӕнджытӕй» чидӕртӕ кодтой амӕй-ай ӕвзӕрдӕр хъуыддӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын хъӕудзӕн амонын, Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый. Хуыцауы Паддзахады разамындӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ахуыр кӕндзыстӕм. Уӕд цы стыр ӕмӕ цы диссаджы куыст кӕндзыстӕм, ахӕм куыст уый размӕ никуыма кодтам! «Фыдгӕнджыты» чи ахуыр кӕндзӕн? Тынг бирӕ адӕм ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыцы рӕстгӕнджытӕ. Цӕмӕй, «фыдгӕнджытӕм» чи хауы, уыдоны нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой, уый тыххӕй сӕ хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ йын сӕхи снывонд кӕной. Йесо Чырысти ӕмӕ иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ уӕлӕрвтӕй лӕмбынӕг кӕсдзысты, уыцы «фыдгӕнджытӕ», цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц ӕви нӕ (Рарг. 20:4). Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ бафӕнда, уый сӕфт ӕрцӕудзӕн, суанг ыл 100 азы куы цӕуа, уӕд дӕр (Ис. 65:20). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уынынц зӕрдӕтӕ, ӕмӕ никӕй бауадздзысты, цӕмӕй ног дунейы зиан хӕссой (Ис. 11:9; 60:18; 65:25). w22.09 16, 17 фф., 11, 12 абз.

Майрӕмбон, 19 январь

Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд (Ром. 13:1).

Ацы стихмӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ хицӕутты коммӕ кӕсой. Хицӕуттӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы уаг уа, адӕм сабырӕй цӕрой, стӕй цӕмӕй закъӕттӕ ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ ма хатт Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл дӕр рахӕцынц (Рарг. 12:16). Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй, цы сын ӕмбӕлы, уый сын дӕттӕм, зӕгъӕм, хъалонтӕ, фиддонтӕ, стӕй сын кад кӕнӕм (Ром. 13:7). Фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕн бартӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ис, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сӕ къухы бартӕ уа. Афтӕ кӕй у, уый Йесо бамбарын кодта, ромаг хицау Понтий Пилаты раз куы лӕууыд, уӕд. Пилат ын куы загъта, мӕ бар дыл цӕуы, ӕмӕ мӕ бон у, цӕмӕй дӕ ауадзын кӕнон кӕнӕ дӕ амарын кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Дӕ бар мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд» (Иоан. 19:11). Пилатӕн йӕ бартӕ ӕгӕрон нӕ уыдысты. Ӕмӕ абон дӕр зӕххон хицӕуттӕн ӕмӕ политиктӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у. w22.10 13 ф., 6 абз.

Сабат, 20 январь

Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн (Пс. 37:10).

Паддзах Давид ныффыста, фидӕны зондджын ӕмӕ иузӕрдион паддзахы дӕлбар цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй. (Пс. 37:10, 11, 29). Адӕмимӕ, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд сын арӕх бакӕсӕм Псалом 37:11 стих. Ӕмӕ йӕ дзӕгъӕлы нӕ бакӕсӕм. Йесо ацы ныхӕстӕ ӕрхаста йӕ зындгонд раныхасы ӕмӕ бамбарын кодта, фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзысты (Матф. 5:5). Фӕлӕ ма Давиды ныхӕстӕй базонӕн уыд, паддзах Соломоны рӕстӕг цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый дӕр. Йӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕм, «ӕхсыр ӕмӕ мыд» кӕм калд, уыцы зӕххыл цӕргӕйӕ хайджын уыдысты бирӕ фарнӕй ӕмӕ сын алцыдӕр уыд парахатӕй. Уый размӕ сын Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, кӕд дарддӕр дӕр мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрат, уӕд уын «уыцы зӕххыл ратдзынӕн сабырдзинад, ӕмӕ-иу куы схуыссат, уӕд никӕмӕй тӕрсдзыстут» (Лев. 20:24; 26:3, 6). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты Соломоны хицаудзинады рӕстӕг (1 Аз. 22:9; 29:26–28). Псалом 37:10, 11, 29 стихты ныхӕстӕ сӕххӕст сты раджы заман дӕр ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уой фидӕны дӕр. w22.12 10 ф., 8 абз.

Хуыцаубон, 21 январь

[Зондыл] фидар чи хӕцы, уыдоны схондзысты амондджын (Ӕмб. 3:18).

Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ разамындмӕ хъусӕм. Библийы ис ахӕм уынаффӕ: «Искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд. Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый у ирвӕзындзинад» (Ӕмб. 24:6). Ацы уынаффӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм? Иннӕтӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цы амындтӕ нын раттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Хорз амындтӕ нын дӕттынц ӕмбырдты. Уым нын вӕййы бирӕ фӕлтӕрдджын «уынаффӕгӕнджытӕ». Кӕмӕндӕрты сӕ вӕййы раныхӕстӕ, кӕмӕндӕрты – равдыстытӕ. Ӕмӕ се ’ппӕтӕй дӕр нӕ бон у ахуыр кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы организаци уадзы алыхуызон публикацитӕ ӕмӕ видеороликтӕ. Уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Библи ӕмбарой. Ды та архайыс, цӕмӕй уыцы кусӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнай? Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ Ныхасы нын бирӕ хорз уынаффӕтӕ кӕй радта, уый тыххӕй! Ӕнӕ уыдонӕй куыд кӕниккам. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр архайӕм, Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зондмӕ гӕсгӕ! (Ӕмб. 3:13–17). w22.10 23 ф., 18, 19 абз.

Къуырисӕр, 22 январь

Дӕ ныхӕстӕ мӕ дзыхы куыд адджын сты, мыдӕй дӕр адджындӕр! (Пс. 119:103).

Хӕринаг куы бахӕрӕм ӕмӕ нын куы батайы, уӕд не уӕнгты хъарутӕ бацӕуы. Раст афтӕ, Хуыцауы Ныхас куы фӕиртасӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд сфидар вӕййы нӕ уырнындзинад. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Ныхас хорз ӕмбарӕм. Хъуамӕ нӕ мидӕг ахъара. Уый тыххӕй та хъӕуы Хуыцаумӕ кувын, Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Фыццаг уал скувӕм, цӕмӕй Библи кӕсынмӕ нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Стӕй, цы бакӕсинаг стӕм, уый бакӕсӕм. Уый фӕстӕ ӕрлӕууӕм, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цы бакастыстӕм, ууыл. Хуыцауы Ныхасыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас ӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уый фӕрцы-иу нӕ тыхтӕ бацӕудзӕн, ӕмӕ хорз хабар дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕндзыстӕм. Стӕй ма нӕ бахъӕудзӕн хъарутӕ, тагъд карз тӕрхоны хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. w22.11 6, 7 фф., 16, 17 абз.

Дыццӕг, 23 январь

Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).

Йесо бамбарын кодта, иннӕ адӕм дӕр-иу ын йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты кӕй базондзысты, се ’хсӕн цы удуӕлдай уарзондзинад ис, уымӕй. Чырыстон ӕмбырды цы уарзондзинад ис, уый диссаг цыдӕр у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст адӕм не сты (1 Иоан. 1:8). Ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр куы базонӕм, уӕд сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр фенӕм (Ром. 3:23). Хъыгагӕн, уый кӕмӕндӕрты цӕлхдур сси, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕнынц. Йесо куыд равдыста, йӕ апостолты кӕй уарзта, уый? Ӕмӕ йӕ куыд ис абон бафӕзмӕн? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр хъӕуы ацы фарстатыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ноджы тынгдӕр уарзӕм, уӕлдайдӕр та кӕрӕдзийы рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ уынгӕйӕ (Еф. 5:2). w23.03 26, 27 фф., 2–4 абз.

Ӕртыццӕг, 24 январь

Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион (Пс. 18:25).

Ацы дунейы кӕрон хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды мидӕг дӕр ӕмбӕлдзыстӕм фӕлварӕнтыл. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты фӕлвӕрд фӕцӕуы, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ чырыстӕттӕй чидӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдта, уӕд-иу дӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдай. Кӕд дын зонд бацамыдтой кӕнӕ дын цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕфсӕрмы кӕныс, уӕддӕр ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Уынаффӕ дӕ зӕрдӕмӕ айс ӕмӕ, цы хъӕуы, уый фӕив. Йегъовӕйы организацийы исты ивындзинӕдтӕ куы ’рцӕуа ӕмӕ уый тыххӕй дӕ лӕггады дӕр исты куы фӕива, уӕд-иу уыцы ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ разамындмӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архай. Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд дӕр дӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ӕууӕндын. Ма-иу рамӕсты у кӕнӕ-иу ма ратыхс, хъуыды-иу кӕн ӕрвонг зондӕй ӕмӕ-иу хабӕрттӕм кӕс Йегъовӕйы цӕстӕй. Йегъовӕмӕ-иу ӕххуысы тыххӕй кув. Ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕхи дард ма лас. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды уавӕры ма уай, уӕддӕр Хӕйрӕджы бон нӕ бауыдзӕн дӕу Йегъовӕйӕ кӕнӕ йӕ организацийӕ фӕхицӕн кӕнын! (Иак. 4:7). w22.11 24, 25 фф., 14–16 абз.

Цыппӕрӕм, 25 январь

Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут (1 Пет. 2:17).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй рагацау сӕхи бацӕттӕ кӕной, бӕллӕх куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕгмӕ. Бацархайынц, цӕмӕй ӕмбырды иууылдӕр зоной, цы сӕ хъӕудзӕн саразын, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной, ӕмӕ сӕ бон куыд уыдзӕн хистӕр нӕлгоймӕгты ссарын. Дӕ бон цы у саразын? Кӕд цавӕрдӕр бӕллӕх сымахмӕ хӕстӕг кӕмдӕр ӕрцыд, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрс, дӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын. Чи зоны, дӕ бон у рӕстӕгмӕ суазӕг кӕнын, бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕнӕ та барвӕндон аразджыты. Йе та, чи зоны, дӕ бон у ӕххуысхъуаг хъусынгӕнджытӕм хӕринагӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕсын кӕнӕ сӕм сӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Цавӕрдӕр бӕллӕх дард ран куы ’рцӕуа, уӕддӕр дӕ бон у баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, дӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй кувын (2 Кор. 1:8–11). Дӕ бон ма сын у ӕхцайӕ дӕр баххуыс кӕнын ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕтгӕйӕ (2 Кор. 8:2–5). Кӕд дын фадат ис, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уырдӕм ӕххуыс кӕнынмӕ ацӕуын, уӕд уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ. Куы дӕ фӕхоной, уӕд дын, уыцы куыст чи кӕны, уыдон цыдӕртӕ бацамондзысты. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн, де ’ххуыс фылдӕр кӕм хъӕуа, уым ӕххуыс кӕнын. w22.12 24 ф., 8 абз.; 25 ф., 11, 12 абз.

Майрӕмбон, 26 январь

Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц (1 Кор. 10:13).

Ацы ныхӕстӕ загъд уыдысты Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕн – нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Чидӕртӕ дзы раздӕр уыдысты хӕтаг адӕм, гомосексуалисттӕ ӕмӕ расыггӕнджытӕ (1 Кор. 6:9–11). Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, донаргъуыды фӕстӕ сӕ нӕ хъуыдаид буары монцтимӕ тох кӕнын? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ хъуыдаид. Кӕд иууылдӕр сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты, уӕддӕр ӕнӕххӕст адӕм уыдысты, ӕмӕ сӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хъуыдаид буары монцтимӕ тох кӕнын. Уый махӕн у ныфсы хос. Цӕмӕн? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, мах цӕимӕ тох кӕнӕм, уыимӕ ма ноджыдӕр чидӕр тох кодта, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз. Уӕдӕ нӕ бон у, ӕмӕ дарддӕр дӕр уырнындзинады фидар уӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, не ’фсымӕртӕ «ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц» (1 Пет. 5:9). w23.01 12 ф., 15 абз.

Сабат, 27 январь

Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл (Иоан. 16:33).

Йесо йӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:11). Уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм? Йегъовӕ не знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр тыхджындӕр у (1 Иоан. 4:4). Уый алцыдӕр уыны. Ӕмӕ йӕ зонӕм: нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мацӕмӕйуал тӕрсӕм ӕмӕ хъӕбатыр уӕм. Мыййаг, фефсӕрмы кӕныс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый зӕгъын? Мыййаг, иннӕтӕ цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл мӕт кӕныс, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс нӕ хӕссыс, цӕмӕй хъусынгӕнӕг суай кӕнӕ донаргъуыд райсай? Ахӕм хъуыдытӕ дӕ ма хъыгдарӕнт, раст цы у, уый аразын. Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув. Кур дзы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнай. Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн, ӕмӕ уый фенгӕйӕ суыдзынӕ фидардӕр ӕмӕ хъӕбатырдӕр (Ис. 41:10, 13). w23.01 29 ф., 12 абз.; 30 ф., 14 абз.

Хуыцаубон, 28 январь

Нӕ кастыстут? (Матф. 12:3).

Йесо фарисейтӕм радта ахӕм фарста, «нӕ кастыстут», зӕгъгӕ, цӕмӕй раргом кодтаид, Фыстад раст кӕй не ’мбӕрстой, уый (Матф. 12:1–7). Фарисейтӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй хъаст кодтой, сабатбоны закъон, дам, халынц. Уӕд сын Йесо сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Фыстадӕй дыууӕ цӕвиттоны ӕмӕ сын ӕрхаста стих Осийы чиныгӕй. Афтӕмӕй сын равдыста, сабатбоны закъонӕн йӕ мидис ӕмӕ йӕ нысан кӕй не ’мбӕрстой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй нӕ уыдысты. Кӕд Хуыцауы Ныхас кастысты, уӕд сӕ цымӕ цӕуылнӕ ивта? Уымӕн ӕмӕ уыдысты сӕрбӕрзонд ӕмӕ йӕ кастысты, цӕмӕй-иу иннӕтӕм фаутӕ хастаиккой. Ӕмӕ уый тыххӕй, цы кастысты, уый раст не ’мбӕрстой (Матф. 23:23; Иоан. 5:39, 40). Матфейы 19:4–6 стихты кӕсӕм, Йесо ма фарисейтӕм ӕндӕр хатт дӕр кӕй радта фарста, «нӕ кастыстут», зӕгъгӕ. Кӕд Фыстады кастысты, Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куыд сфӕлдыста, уый тыххӕй, уӕддӕр дзы нӕ федтой, Хуыцау бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Библи кӕсгӕйӕ хъуамӕ фарисейты хуызӕн ма уӕм, фӕлӕ хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ. w23.02 12 ф., 12, 13 абз.

Къуырисӕр, 29 январь

Сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ уый хъахъхъӕндзӕн (Ӕмб. 2:11).

Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым уыди амындтӕ, сӕ бон цы уыд аразын, цӕмӕй хӕдзары кӕнӕ куысты сӕхиуыл дӕр ӕмӕ иннӕтыл дӕр мацы фыдбылыз ӕрцыдаид (Рац. 21:28, 29; Дык. з. 22:8). Исчи-иу искӕй, нӕ йӕ фӕндыд, афтӕмӕй куы амардта, уӕд ын тӕссаг уыд, йӕхи дӕр ын кӕй амардзысты, уымӕй (Дык. з. 19:4, 5). Закъон домдта, цӕмӕй-иу, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны мӕлӕты аххосджын чи уыд, уыцы адӕймаджы дӕр бафхӕрдтаиккой (Рац. 21:22, 23). Уӕдӕ Фыстадӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕдасдзинадыл хъуыды кӕнӕм. Кӕм цӕрӕм ӕмӕ кӕм кусӕм, уым хъуамӕ ӕдас уа. Уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый. Цыргъ предметтӕ, химикаттӕ кӕнӕ хостӕ хъуамӕ ахӕм ран ӕвӕрд уой, цӕмӕй сывӕллӕтты къухтӕм ма бахауой. Стӕй-иу ахӕм цыдӕртӕ бырӕттӕм ӕппаргӕйӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цы ис саразӕн, цӕмӕй зиан макӕмӕн ӕрхӕссой. Хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, исты куы ссудзӕм кӕнӕ уӕларт исты куы фыца, уӕд. Ӕмӕ кусӕнгӕрзтимӕ хъуамӕ хъавгӕйӕ архайӕм. Искуыдӕм куы цӕуӕм, уӕд-иу хъуамӕ алцыдӕр ахуыссын кӕнӕм ӕмӕ-иу нӕ кусӕнгӕрзтӕ бафснайӕм. Кӕцыдӕр хостӕ нуазгӕйӕ, нозтджынӕй кӕнӕ хуыссӕгхъуагӕй хъуамӕ машинӕ ма скъӕрӕм. Стӕй машинӕ скъӕргӕйӕ хъуамӕ нӕ телефон нӕ къухмӕ ма исӕм. w23.02 21, 22 фф., 7–9 абз.

Дыццӕг, 30 январь

Дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы (Ис. 30:20).

Йегъовӕ у фӕразон, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ Ахуыргӕнӕг. Уый кӕсы, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорзӕй цы ис, уымӕ (Пс. 130:3). Стӕй, нӕ бон цы нӕу, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы. Рох дӕ ма уӕд: адӕймаджы сӕрымагъз уый скодта, ӕмӕ диссаджы конд у (Пс. 139:14). Не Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм дӕр ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ нын уый циндзинад хӕсса. Уымӕ гӕсгӕ ныр хъӕуы бацархайын, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ агура», Хуыцауы Ныхасы чи ис, уыцы рӕстдзинад (1 Пет. 2:2). Дӕ разы сӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ йӕ иртас (Йес. Н. 1:8). Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ бауарздзынӕ кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ-иу дӕ фӕнддзӕн Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр базонын. Фӕлӕ дӕм зонындзинӕдтӕ уа, уый фаг нӕу. Зонындзинӕдтӕ фыццаджыдӕр уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонай, бауарзай йӕ ӕмӕ йыл баууӕндай (1 Кор. 8:1–3). Йегъовӕмӕ-иу кув ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй-иу дын дӕ уырнындзинадыл бафтауа (Лук. 17:5). Уый ахӕм куывдтытӕн зӕрдиагӕй дзуапп ратты. w23.03 10 ф., 11, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 31 январь

Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Кол. 4:5).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хъуамӕ ӕнцад ма бадтаиккой. Йесо сын сӕ бар бакодта ахсджиаг хъуыддаг. Загъта сын, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой «Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:6–8). Цас куыст сын уыд! Уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайдтой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр уыд, афтӕ пайда кодтой. Цӕмӕй нӕхимӕ кӕсӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕнӕм, ууыл. «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Гӕнӕн ис, нӕ цард дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы аскъуыйа. Йегъовӕйы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый куы фидар кӕнӕм, уӕд нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕндзыстӕм (Иоан. 14:21). Хъуамӕ уӕм «фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Ӕмӕ кӕрон куы ’рхӕццӕ уа,– нӕ царды кӕрон уа ӕви ацы фыддунейы кӕрон,– уӕд нӕ фӕсмон кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр цӕуылнӕ арӕзтон (Матф. 24:13; Ром. 14:8). w23.02 18 ф., 12–14 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын