Февраль
Цыппӕрӕм, 1 февраль
Ӕз [уӕ] куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзут (Иоан. 15:12).
Абоны стих куыд ӕмбаргӕ у? Йесо бамбарын кодта, кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм. Йӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ахӕм уарзтӕй чи фӕуарзы, ахӕм чырыстон цӕттӕ вӕййы уыдоны тыххӕй, куы бахъӕуа, уӕд йӕ цард раттынмӕ дӕр. Хуыцауы Ныхасӕй бӕрӕг у, уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у. Бирӕтӕ уарзынц Библийӕ мӕнӕ ацы стихтӕ: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8); «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 22:39); «уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны» (1 Пет. 4:8); «уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Кор. 13:8). Ацы стихтӕй ӕмӕ ма ӕндӕртӕй дӕр бӕрӕг у, ӕнӕмӕнг кӕй у, цӕмӕй нӕм ацы рӕсугъд миниуӕг уа. Ӕцӕг уарзондзинад Йегъовӕйӕ цӕуы. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй хайджын кӕны ӕмӕ кӕмӕн арфӕ кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдоны ’хсӕн ис ахӕм уарзондзинад (1 Иоан. 4:7). Ӕмӕ Йесо дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты удуӕлдай уарзондзинадӕй кӕй уыдзӕн базонӕн. Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ йын бирӕтӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты базонынц, се ’хсӕн ӕцӕг уарзондзинад кӕй ис, уымӕй. w23.03 27, 28 фф., 5–8 абз.
Майрӕмбон, 2 февраль
Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ (Лук. 7:48).
Мыййаг дӕ архайын хъӕуы, цӕмӕй иннӕтӕн фылдӕр хатыр кӕнын сахуыр уай. Дӕ бон цӕмӕй у райдайын? Библийы бакӕс, зӕрдӕйӕ чи хатыр кодта ӕмӕ чи нӕ хатыр кодта, уыцы адӕймӕгты тыххӕй ӕмӕ-иу сыл стӕй ахъуыды кӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойыл. Уый иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кодта (Лук. 7:47). Стӕй-иу адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ, фӕлӕ хъуыды кодта, хорзӕй сӕм цы ис ӕмӕ сӕ бон цас у саразын, ууыл. Зӕгъӕм, фарисейтӕ та иннӕты ницӕуыл нымадтой (Лук. 18:9). Уый фӕстӕ та ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Иннӕтӕн фылдӕр сӕ хорз миниуджытӕ фӕуынын ӕви сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм ныккомкоммӕ вӕййын?» Кӕд дын зын у искӕмӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кӕнын, уӕд-иу ныффысс, цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уыдон, ӕмӕ цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр. Уый фӕстӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Йесо Чырысти та ацы адӕймагмӕ цы цӕстӕй кӕсы? Цымӕ йын уый ныххатыр кӕнид?» Афтӕ куы кӕнай, уӕд уый фӕрцы дӕ зондахаст ивдзӕн. Фыццаг дӕ, чи зоны, хъӕуа уӕлдай тынгдӕр бацархайын, цӕмӕй, чи дӕ фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕнай. Фӕлӕ гыццылгай сахуыр уыдзынӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнын. w22.04 23 ф., 6 абз.
Сабат, 3 февраль
Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ уыцы зӕды уылты уыдӕттӕ [раргом кодта] алыхуызон нысӕнттӕй (Рарг. 1:1).
Раргомады чиныджы Хуыцауы знӕгтӕ ӕвдыст сты сырдты хуызы. Зӕгъӕм, фыццаг дзы уынӕм «денджызӕй иу сырды схизгӕ, дӕс сыкъаимӕ ӕмӕ авд сӕримӕ» (Рарг. 13:1). Уый фӕстӕ та уынӕм «ӕндӕр сырды зӕххы хуылфӕй сцӕйцӕугӕ». Уый дзуры «залиаг калмау» ӕмӕ «арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны» (Рарг. 13:11–13). Стӕй та уынӕм ӕндӕр сырды – «сырх-сырхид сырды» – ӕмӕ йыл хӕтаг сылгоймаг бады. Ацы ӕртӕ сырды амонынц Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Паддзахады рагон знӕгтӕм. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй базонӕм, чи сты, уый (Рарг. 17:1, 3). Раргомады цы нысӕнттӕ ис, уыдон ӕмбарын кӕнынц Библийы иннӕ чингуытӕ. w22.05 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Хуыцаубон, 4 февраль
Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ (Матф. 22:37).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц кӕнӕ се ’нӕниздзинад куы фӕцуды, уӕд сӕ бон нал вӕййы, цас сӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын. Ӕмӕ уый тыххӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс асӕтты. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ ныфс асӕтты, дӕ бон цыдӕр аразын кӕй нӕу, уый тыххӕй, уӕд-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕ та мӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Дзуапп та ахӕм у: Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын дӕттай, ныртӕккӕ дӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый, ома аразай, ныртӕккӕ дӕ бон цы у, уый. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. 80-аздзыд хо ӕрӕнкъард вӕййы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы 40-аздзыдӕй цас арӕзта, ныртӕккӕ йӕ бон уыйбӕрц нал у аразын. Ӕмӕ кӕд, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразы, уӕддӕр ӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нӕу. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Кӕд 40-аздзыдӕй Йегъовӕйӕн лӕвӕрдта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый ӕмӕ 80-аздзыдӕй дӕр афтӕ кӕны, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ йын алкӕддӕр лӕвӕрдта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд-иу нӕ раппӕлдзӕн ӕмӕ нын зӕгъдзӕн, «тынг хорз!», зӕгъгӕ. (Абар Матфейы 25:20–23.) Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕ бон цы нӕу аразын, ууыл нӕ, фӕлӕ, нӕ бон цы у аразын, ууыл, ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм. w22.04 10 ф., 2 абз.; 11 ф., 4–6 абз.
Къуырисӕр, 5 февраль
Федтон... сыгъдӕг горӕт – Ног Иерусалим (Рарг. 21:2).
Раргомады 21-ӕм сӕры 144 мины барст цӕуынц ӕмбисонды рӕсугъд горӕтимӕ, хуыйны «Ног Иерусалим». Уыцы горӕтӕн йӕ бындуры ис 12 дуры, фыст сыл ис «Уӕрыччы дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы» (Рарг. 21:10–14; Еф. 2:20). Ацы горӕт иу горӕты хуызӕн дӕр нӕу! Горӕты сӕйраг уынг у сыгъдӕг сызгъӕринӕй. Йӕ 12 кулдуары сты 12 налхъуыты. Йӕ бындур ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр сты тынг рӕсугъд арӕзт – аивгонд сты зынаргъ дуртӕй. Горӕт у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон (Рарг. 21:15–21). Фӕлӕ дзы иу цыдӕр нӕй. Иоанн ныффыста: «Кувӕндон та дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ кувӕндон. Горӕты нӕдӕр хуры рухс хъӕуы, нӕдӕр мӕйы рухс, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы кад рухс кодта, Уӕрыкк та уыд йӕ цырагъ» (Рарг. 21:22, 23). «Ног Иерусалимы» чи уыдзӕн, уыдон уындзысты Йегъовӕйы цӕсгом. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй йӕм баввахс уой, уый тыххӕй сӕ кувӕндон нал хъӕудзӕн (Рарг. 22:3, 4). Уӕдӕ сын уӕлӕрвты уыдзӕн Хистӕр сауджын дӕр – Йесо Чырысти (Дзут. 7:27). w22.05 17 ф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 6 февраль
Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат (Кол. 3:13).
Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, нӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ нӕ Тӕрхонгӕнӕг. Фӕлӕ ма уый у нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дӕр (Пс. 100:3; Ис. 33:22). Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна, зӕрдиагӕй сыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ уый йӕхи дӕр тынг фӕнды (Пс. 86:5). Пехуымпар Исайы уылты нын Йегъовӕ фӕлмӕнӕй зӕрдӕ ӕвӕры: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Ис. 1:18). Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ иннӕты цӕмӕйдӕрты фӕхъыг кӕнӕм (Иак. 3:2). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, семӕ ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм, уый гӕнӕн нӕй. Уымӕн гӕнӕн ис, хатыр кӕнын куы зонӕм, уӕд (Ӕмб. 17:9; 19:11; Матф. 18:21, 22). Хатт кӕрӕдзи гыццыл цӕмӕйдӕрты фӕхъыг кӕнӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Цӕмӕн? Куы фӕрӕдийӕм, уӕд Йегъовӕ махӕн дӕр «зӕрдиагӕй» ныххатыр кӕны (Ис. 55:7). w22.06 8 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 7 февраль
Хуыцау cӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдоны фӕзмут (Дзут. 6:12).
Нӕхи иннӕтимӕ хъуамӕ ма барӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ бон нӕу иннӕтӕй цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййӕм. Фыццаджыдӕр нӕ бон у Йесо Чырыстийы бафӕзмын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах уый хуызӕн ӕххӕст адӕймӕгтӕ не стӕм. Фӕлӕ йын йӕ миниуджытыл ӕмӕ, цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд дзы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм (1 Пет. 2:21). Куы архайӕм, цӕмӕй йӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмӕм, уӕд Йегъовӕйӕн суыдзыстӕм хуыздӕр лӕггадгӕнджытӕ. Библийы ис бирӕ иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты цӕвиттонтӕ. Уыдон уыдысты ӕнӕххӕст, фӕлӕ нын сты фӕзминаг. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм паддзах Давиды. Йегъовӕ Давидӕй загъта, «мӕ зӕрдӕйӕн адджын... у», зӕгъгӕ (Хъуыд. 13:22). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр сарӕзта. Фӕлӕ нын уӕддӕр у фӕзминаг. Цӕмӕй? Йӕхи-иу нӕ рӕстытӕ кодта, фӕлӕ-иу зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ-иу ын Йегъовӕ дӕр ныххатыр кодта (Пс. 51:3, 4; 10–12). w22.04 13 ф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 8 февраль
Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн (Иов 2:4).
Библийы фыст ис, мӕлӕт кӕй у знаг (1 Кор. 15:25, 26). Ӕмӕ уӕззау рынчын куы вӕййӕм, уӕд мӕлӕтӕй фӕтӕрсӕм. Кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй исчи куы вӕййы рынчын, уӕд дӕр фӕтӕрсӕм, куы амӕла, уымӕй. Цымӕ цӕмӕн? Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын (Еккл. 3:11). Мӕлӕтӕй кӕй тӕрсӕм, уый иуӕй-иу хатт хорз вӕййы. Фӕхӕрӕм пайда хӕринӕгтӕ, фӕархайӕм, цӕмӕй фылдӕр змӕлӕм, упражненитӕ кӕнӕм. Куы бахъӕуы, уӕд дохтыртӕм дӕр ацӕуӕм ӕмӕ хостӕ дӕр фӕнуазӕм, стӕй, нӕ цардӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй нӕхи фӕхизӕм. Хӕйрӕг зоны, адӕймагӕн йӕ уд – йӕ цард – зынаргъ кӕй у. Ӕмӕ дзуры, нӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй алцыдӕр кӕй ратдзыстӕм, суанг ма, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл дӕр нӕ къух кӕй сисдзыстӕм (Иов 2:5). Куыд тынг рӕдийы! Фӕлӕ Хӕйрӕгмӕ ис «мӕлӕт хӕссыны хъомыс». Ӕмӕ, мӕлӕтӕй кӕй фӕтӕрсӕм, уымӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй нын Йегъовӕйы ныууадзын кӕна (Дзут. 2:14, 15). w22.06 18 ф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 9 февраль
Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд (Еф. 4:26).
Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты арӕх бахъӕуы гыццыл къордтӕй ӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ уӕд уӕлдай ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрой. Тох кӕнут Хӕйрӕгимӕ, уӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕ хотӕ ӕмӕ-иу уе ’фсымӕрты рӕдыдтытӕ мацӕмӕ ӕрдарут, уе ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд-иу тагъддӕр бафидаут (Ӕмб. 19:11). Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнут (Тит. 3:14). Иу хойӕн йӕ уацамындон къорд кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы иу бинонтау ӕнгом систы (Пс. 133:1). Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй мингӕйттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, кӕд сын хицауад сӕрибарӕй архайыны бар нӕ дӕтты, уӕд дӕр. Чидӕртӕ дзы сӕ уырнындзинады тыххӕй сты ахст. Ӕмӕ нӕ бон у уыдонӕн сӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ сӕ бинонты тыххӕй дӕр кувын. Кувын ма хъӕуы, сӕ фарсмӕ чи балӕууы, уыцы хъӕбатыр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй дӕр. Кӕд сын тӕссаг вӕййы, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты, уымӕй, уӕддӕр сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынц, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй сӕ цух нӕ уадзынц ӕмӕ тӕрхондӕтты сӕ сӕрыл фӕдзурынц (Кол. 4:3, 18). Рох дӕ ма уӕд: дӕ куывдтытӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр ӕххуыс сты! (2 Фес. 3:1, 2; 1 Тим. 2:1, 2). w22.12 26 ф., 15, 16 абз.
Сабат, 10 февраль
Искӕй ахуыргӕнгӕйӕ, дӕхи куыд нӕ ахуыр кӕныс? (Ром. 2:21).
Сывӕллӕттӕ арӕх сӕ ныййарджыты фӕфӕзмынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу ныййарӕг дӕр ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕрӕдигӕ нӕу (Ром. 3:23). Фӕлӕ уӕддӕр фыд ӕмӕ мад хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уой. Иу ӕфсымӕр загъта: «Сывӕллӕттӕ губкӕтӕй уӕлдай не сты. Стӕй, цы сын фӕамонӕм, нӕхӕдӕг афтӕ куы нӕ фӕкӕнӕм, уӕд нын уый нӕ цӕстмӕ бадарынц». Уӕдӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уӕ хъӕбултӕ Йегъовӕйы бауарзой, уӕд ӕй хъуамӕ уӕхӕдӕг дӕр тынг уарзат. Ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа уӕ цардӕй. Ныййарджытӕн алыхуызӕтты у сӕ бон сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой. Иу 17-аздзыд ӕфсымӕр, Эндрю, загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мын мӕ мад алкӕддӕр дзырдтой, Йегъовӕмӕ кувын куыд ахсджиаг у. Алы изӕр дӕр-иу папӕ мемӕ куывта, кӕд-иу уый размӕ мӕхӕдӕг скуывтон, уӕддӕр... Ныр мын Йегъовӕмӕ кувын тынг ӕнцон вӕййы. Ӕз зонын, Йегъовӕ кӕй у мӕ Фыд ӕмӕ мӕ бирӕ кӕй уарзы». Ныййарджытӕ, рох уӕ ма уӕд: Йегъовӕйы кӕй уарзут, уый уӕ сывӕллӕттӕ дӕр уындзысты, ӕмӕ сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ бауарзой. w22.05 28 ф., 7, 8 абз.
Хуыцаубон, 11 февраль
Донаргъуыд... ирвӕзын кӕны (1 Пет. 3:21).
Цӕмӕй донаргъуыд райсай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнай (Хъуыд. 2:37, 38). Адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый фӕстӕ ӕцӕгдӕр аивы. Ды та, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууагътай, зӕгъӕм, тамако дымын, ӕнӕгъдау цард кӕнын кӕнӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзурын? (1 Кор. 6:9, 10; 2 Кор. 7:1; Еф. 4:29). Дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй, цы хъӕуы, уый фӕивай. Дӕ бон у, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ аныхас кӕнын кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ӕмӕ уынаффӕ ракурын. Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕд сын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, донаргъуыд райсын дӕ чи хъыгдары, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн. Ахсджиаг ма у ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты архайын. Уымӕ хауы ӕмбырдтӕм цӕуын, дзуапп дзы дӕттын, хӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнын (Дзут. 10:24, 25). Кӕд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд уацамынды арӕх цу. w23.03 10, 11 фф., 14–16 абз.
Къуырисӕр, 12 февраль
Йегъовӕ Хуыцау калмӕн загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕлгъыст уыдзынӕ» (Райд. 3:14).
Райдиан 3:14, 15 стихты архайджытӕ сты: «калм» ӕмӕ калмы «байзӕддаг». Уый ӕнӕуи калм нӕу, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы загъта, уый ӕнӕуи калм нӕ бамбӕрстаид. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ тӕрхон рахаста цӕрӕгойӕн нӕ, фӕлӕ удгоймагӕн. Цымӕ чи у? Раргомады 12:9 стихы комкоммӕ фыст ис, «рагон калм» кӕй у Хӕйрӕг, кӕнӕ Сайтан. Библийы иуӕй-иу хатт дзырд «байзӕддаг» фӕамоны, чидӕр кӕйдӕр хуызӕн кӕй архайы ӕмӕ кӕй хъуыды кӕны, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ калмы «байзӕддаг» сты ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ ӕмӕ Хӕйрӕгау Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕм. Уыцы байзӕддагмӕ хауынц, Нойы рӕстӕджы уӕлӕрвты йӕ лӕггад чи ныууагъта, уыцы зӕдтӕ, стӕй сӕ фыд Хӕйрӕджы хуызӕн чи архайы, уыцы фыдгӕнӕг адӕм (Райд. 6:1, 2; Иоан. 8:44; 1 Иоан. 5:19; Иуд. 6). w22.07 14, 15 фф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 13 февраль
Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Апостол Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты бирӕ уарзта. Уый йӕхӕдӕг дӕр хорз зыдта, зындзинад цы у, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтыл чи ’мбӕлд, уыдонӕн сӕ зын ӕмбӕрста ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. Иухатт Павелӕн йе ’хца фесты ӕмӕ йӕ хъуыди куыст ссарын, цӕмӕй йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр уыдаид, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ (Хъуыд. 20:34). Павел уыди цатыртӕ хуыйӕг. Ӕмӕ, Коринфмӕ куы ’рцыд, уӕд фыццаг куыста Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ. Уыдон дӕр уыцы куыст кодтой. Фӕлӕ-иу «алы сабаты» дӕр хъусын кодта дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр. Стӕй Силӕ ӕмӕ Тимофей куы ’рцыдысты, уӕд «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ» (Хъуыд. 18:2–5). Павелӕн алкӕддӕр царды сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Алы хъуыддаджы дӕр зӕрдиагӕй кӕй архайдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, чи-иу сӕ бафидар кодта, ахӕм уынаффӕтӕ дӕттын. Павел ӕмбӕрста, ӕнцон сын кӕй нӕ уыд, стӕй сӕ сӕ бинонты дарын дӕр кӕй хъуыд. Фӕлӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «ахсджиагдӕр цы у», ома, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕ сын рохуаты кӕй хъуамӕ ма баззадаиккой. w22.08 20 ф., 3 абз.
Ӕртыццӕг, 14 февраль
Хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10).
Хуыцауы фӕндон абон у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (1 Тим. 2:3, 4). Хъусын кӕныны хъуыддаг Йегъовӕйы хъуыддаг у. Ӕмӕ йӕ ахсджиагыл кӕй нымайы, уымӕ гӕсгӕ йӕ уарзон Фырты ацы куыстӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдта. Цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ Йесойы разамындӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕйы куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ (Матф. 24:14). Ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм? Уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уымӕй гыццыл раздӕр Галилейӕйы йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытимӕ фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Дӕ хъус-ма ӕрдар, дарддӕр цы загъта, уымӕ: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:18, 19). Уӕдӕ Йесойӕн уыцы бар дӕр ис, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтта. Йесо нӕ рӕстӕджы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты. w22.07 8 ф., 1, 3 абз.; 9 ф., 4 абз.
Цыппӕрӕм, 15 февраль
Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн (Иоан. 5:28, 29).
Хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон, ома рӕстгӕнджытӕ, куы райгас уой, уӕд сӕ нӕмттӕ уыдзысты царды чиныджы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон «райгас уыдзысты цӕрынӕн». Уӕдӕ афтӕ уайы, ӕмӕ, «хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдоны» райгасдзинад ӕмӕ, Хъуыддӕгты 24:15 стихы кӕй кой ис, уыцы «рӕстгӕнджыты» райгасдзинад иу цӕмӕдӕр амонынц. Ромӕгтӕм 6:7 стихы фыст ис: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар». Чи амард, уыцы рӕстгӕнджытӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, куы амардысты, уӕд, фӕлӕ сын сӕ иузӕрдиондзинад Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ уӕддӕр уыдзысты царды чиныджы (Дзут. 6:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куы райгас уой, уӕд сӕ дарддӕр дӕр хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уой. Ӕмӕ уӕд сӕ нӕмттӕ царды чиныджы баззайдзысты. w22.09 17 ф., 13 абз.; 18 ф., 15 абз.
Майрӕмбон, 16 февраль
Йегъовӕйы... алы хъуыддагыл дӕр ис ӕууӕндӕн (Пс. 33:4).
Пехуымпар Данел алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕууӕнкджын. Вавилойнӕгтӕ йӕ уацары куы акодтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис. Ноджы тынгдӕр ыл ӕууӕндын райдыдтой, Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Вавилоны паддзах Навуходоносоры фынтӕ куы райхӕлдта, уӕд (Дан. 4:20–22, 25). Бирӕ азты фӕстӕ та Данел ногӕй равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис. Вавилоны паддзахы галуаны къулыл ӕнахуыр фыстытӕ куы фӕзынд, уӕд Данел раст бамбарын кодта, цы нысан кӕнынц, уый (Дан. 5:5, 25–29). Уый фӕстӕ та мидиаг Дари ӕмӕ, йӕ паддзахады хицӕуттӕй ӕвӕрд чи уыд, уыдон дӕр бафиппайдтой, Данелмӕ кӕй уыд «диссаджы ӕмбарындзинад». Уыдон уыдтой, кӕй уыд «ӕууӕнкджын, иу хъуыддагмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй [кӕй] нӕ каст ӕмӕ ӕвзӕрӕй [кӕй] ницы арӕзта» (Дан. 6:3, 4). Ис ахъуыды кӕнӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕмӕй мӕ зонынц?» Ӕууӕнкджын куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы номӕн кад хӕсдзыстӕм. w22.09 8, 9 фф., 2–4 абз.
Сабат, 17 февраль
Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут (Еф. 5:1).
Йегъовӕ нын куыд амоны, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый нын царды тынг ӕххуыс кӕны. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттонтӕ. Гъер алы банк дӕр йӕхӕдӕг куы скъуыддзаг кӕнид, валютӕйы аргъ цас уыдзӕн, уый кӕнӕ, хӕдзӕрттӕ чи аразы, уыцы компанитӕй алкӕцы дӕр агъуыстытӕ, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ куы аразид, уӕд цы рауаид? Бӕстӕ сӕмтъеры уаид. Науӕд дохтыртӕ куы ницӕмӕ дариккой, рынчынты дзӕбӕх кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл цы амындтӕ ис, уыдон, уӕд бирӕ рынчынтӕ амӕликкой. Уӕдӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй нын уа цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уыдон хъахъхъӕнгӕ кӕнынц. Ӕмӕ нын Хуыцау куыд амоны, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый дӕр нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕны. Йегъовӕ арфӕ кӕны, куыд амоны, афтӕ чи цӕры, уыдонӕн. Уый зӕрдӕ бавӕрдта: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:29). Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр Йегъовӕмӕ куы хъусой, уӕд! Зӕххыл адӕм иууылдӕр цӕрдзысты фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй ӕмӕ уыдзысты амондджын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй афтӕ цӕрай. Уӕдӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ фӕнда рӕстӕй цӕрын! w22.08 27, 28 фф., 6–8 абз.
Хуыцаубон, 18 февраль
Алы хъуыддаджы дӕр у къӕрцхъус (2 Тим. 4:5).
Хатт кӕцыдӕр уавӕрты фӕлвӕрд фӕцӕуы, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕви нӕ. Ахӕм уавӕрты-иу нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ, цырддзаст ӕмӕ уырнындзинады фидар. Ахӕм уавӕрты ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд-иу нӕ рамӕсты уыдзыстӕм, хъуыды кӕндзыстӕм ӕрвонг зондӕй ӕмӕ хабӕрттӕм кӕсдзыстӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Ӕмӕ-иу уӕд нӕ зӕрдӕ нӕ зондыл нӕ фӕтых уыдзӕн. Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дӕ чырыстӕттӕй чидӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдта? Чи зоны, хистӕр нӕлгоймаг дӕр уыд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ фӕндыд дӕу фӕхъыг кӕнын (Ром. 3:23; Иак. 3:2). Фӕлӕ уӕддӕр, цы сарӕзта, уымӕй дын дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта. Гӕнӕн ис, суанг афтӕ дӕр ахъуыды кодтай: «Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕнынц афтӕ, уӕд уый Хуыцауы организаци у?» Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕтӕ хъуыды кӕнӕм (2 Кор. 2:11). Фӕлӕ ахӕм хъуыдыты тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ фӕхицӕн уыдзыстӕм. Уӕдӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм. w22.11 20 ф., 1, 3 абз.; 21 ф., 4 абз.
Къуырисӕр, 19 февраль
Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл (Пс. 27:14).
Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта ӕнусон цардӕй. Кӕмӕндӕрты ис ныфс, ӕнустӕм уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ кӕй уыдзысты ӕнӕмӕлгӕ (1 Кор. 15:50, 53). Нӕ фылдӕрӕн та ис ныфс, ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ иууылдӕр кӕй уыдзыстӕм ӕнӕниз ӕмӕ амондджын (Рарг. 21:3, 4). Уыцы ныфс у диссаг, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс. Библийы фидӕны царды тыххӕй цы фыст ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй Йегъовӕ бавӕрдта зӕрдӕ (Ром. 15:13). Ӕмӕ уый та йӕ ныхас никуы фӕсайы (Ным. 23:19). Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕйы фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цыдӕриддӕр загъта, уыдон сӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр кӕй ис. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ ныфс дарӕм. Алы хъуыддаджы дӕр ыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн ныртӕккӕ дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр зындзинӕдтӕ сфӕразын, ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсдзыстӕм. Ӕмӕ йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм. w22.10 24 ф., 1–3 абз.
Дыццӕг, 20 февраль
Адон сты ӕнӕсӕттон адӕм... нӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйы закъонмӕ хъусын (Ис. 30:9).
Адӕмы нӕ фӕндыд Йегъовӕмӕ хъусын. Ӕмӕ Исай загъта, уый тыххӕй Йегъовӕ кӕй бауадздзӕн, цӕмӕй бӕллӕхы хай бауой (Ис. 30:5, 17; Йер. 25:8–11). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад – вавилойнӕгтӕ сӕ уацары акодтой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн Исай загъта, иу бон сын Йегъовӕ кӕй фӕтӕригъӕд кӕндзӕн (Ис. 30:18, 19). Ӕмӕ уыцы хабар дӕр ӕрцыд – Йегъовӕ сӕ Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кодта. Фӕлӕ уый уайтагъд не ’рцыд. Ацы ныхӕстӕ, «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна», зӕгъгӕ, уымӕ амыдтой, ӕмӕ хъуамӕ рацыдаид цасдӕр рӕстӕг, цалынмӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кодтаид, уӕдмӕ. Израилӕгтӕ Вавилоны уацары фесты 70 азы, ӕмӕ дзы уый фӕстӕ чидӕртӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты (Ис. 10:21; Йер. 29:10). Куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ рустыл згъордтой цины цӕссыгтӕ. w22.11 9 ф., 4 абз.
Ӕртыццӕг, 21 февраль
Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон (Матф. 5:10).
Абон нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты бирӕ бӕстӕты куыд ӕфхӕрынц, афтӕ ӕфхӕрдтой 1 ӕнусы апостолты дӕр, Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй. Цалдӕр хатты сын дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ «карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой» (Хъуыд. 4:18–20; 5:27, 28, 40). Фӕлӕ уыдон зыдтой, уыцы тӕрхонгӕнджытӕй уӕлдӕр чи у, уый сын кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕной Чырыстийы тыххӕй (Хъуыд. 10:42). Гъемӕ Петр ӕмӕ Иоанн апостолты номӕй ныфсджынӕй загътой, тӕрхонгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъусдзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр адӕмӕн Чырыстийы тыххӕй кӕй дзурдзысты (Хъуыд. 5:29). Апостолты фӕнадтой, сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй нӕ сивтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй куы рацыдысты, уӕд, «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл цин кодтой». Ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кодтой (Хъуыд. 5:41, 42). w22.10 12, 13 фф., 2–4 абз.
Цыппӕрӕм, 22 февраль
Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын (Пс. 73:28).
Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕ райдайынц Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй. Апостол Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм уыцы ахуырӕдтӕ схуыдта «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“». Уымӕй йӕ афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ «сӕйраг ахуырӕдтӕ» афтӕ ахсджиаг не сты. Уый сӕ абарста, ноггуырд сывӕллоны чи фӕхъӕуы, ахӕм ӕхсыримӕ (Дзут. 5:12; 6:1). Фӕлӕ ма чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы сӕйраг ахуырӕдтыл ма ӕрлӕууыдаиккой, фӕлӕ архайдтаиккой, Хуыцауы Ныхасы цы арфдӕр хъуыдытӕ ис, уыдон базоныныл. Дӕу дӕр фӕфӕнды, Библийы арфдӕр ӕмбӕхст чи у, уыцы хъуыдытӕ ссарын? Дӕ зӕрдӕ сӕ фӕагуры? Фӕфӕнды дӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй фылдӕр базонын? Махӕй бирӕтӕн кӕсын ӕмӕ иртасын зын у. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Скъолайы куы ахуыр кодтай, уӕд хорз кӕсын ӕмӕ иртасын сахуыр дӕ? Ахуыр кӕнын уарзтай? Фӕндыди-иу дӕ ног цыдӕртӕ базонын? Ӕви ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдтӕ, зӕгъгӕ мын зын у чингуытӕ кӕсын. Кӕд афтӕ у, уӕд ма тыхс, ӕрмӕст ды нӕ хъуыды кӕныс афтӕ. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Уый у алцӕмӕй ӕххӕст, стӕй уымӕй хуыздӕр Ахуыргӕнӕг нӕй. w23.03 9, 10 фф., 8–10 абз.
Майрӕмбон, 23 февраль
Сымах фервӕзын кӕнынхъом чи у, уыцы дзырд сӕрныллӕгӕй уӕ зӕрдӕты тауын бауадзут (Иак. 1:21).
Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕты арф уидӕгтӕ ауадздзӕн. Цӕмӕй нӕ Библи ива ӕмӕ суӕм фӕлмӕнзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иннӕты уарзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм сӕрбӕрзонддзинадӕй ӕмӕ иннӕтӕм фаутӕ ма хӕссӕм. Хуыцауы Ныхасӕн бар дӕттӕм ӕви нӕ, цӕмӕй нӕ ива, уый бӕрӕг вӕййы, иннӕтӕн куыд стӕм ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй. Фарисейтӕ Хуыцауы Ныхасӕн бар нӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕм хъардтаид. Ӕмӕ-иу уый тыххӕй «ӕнаххос адӕмӕн» стӕрхон кодтой (Матф. 12:7). Уӕдӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ сын куыд стӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Ныхасӕн бар дӕттӕм ӕви нӕ, цӕмӕй нӕ ива. Зӕгъӕм, иннӕты кой кӕнгӕйӕ арӕхдӕр сӕ хорз миниуджыты кой фӕкӕнӕм ӕви сӕ хъӕндзинӕдты кой? Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг стӕм, ӕви иннӕтыл фаутӕ февӕрӕм ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уыдонмӕ нӕ зӕрдӕйы маст фӕхӕссӕм? Ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ раттӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, цы бакӕсӕм, уый нӕ хъуыдытыл, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл фӕзыны ӕви нӕ (1 Тим. 4:12, 15; Дзут. 4:12). w23.02 12 ф., 13, 14 абз.
Сабат, 24 февраль
Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:13).
Ӕркӕсӕм аримафейаг Иосифы хабармӕ. Дзуттӕгты ’хсӕн уыди кадджын, нымад лӕг. Иосиф уыд дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны уӕнг. Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Иосифы хъӕбатыр схонӕн нӕ уыд. Иоанн ныффыста, зӕгъгӕ, «Иосиф дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст» (Иоан. 19:38). Кӕд ӕй бауырныдта, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, уый, ӕмӕ Йесойыл дӕр баууӕндыд, уӕддӕр ӕй иннӕтӕй сусӕг кодта. Ӕвӕццӕгӕн, тарсти, кадджын бынат кӕй нал ахсдзӕн ӕмӕ йын адӕмы цӕсты дӕр кад кӕй нал уыдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ Йесо куы амард, уӕд Иосиф «уӕндонӕй бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта» (Мар. 15:42, 43). Иосиф нал сусӕг кодта, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй уыд, уый. Ды дӕр Иосифау адӕмӕй фӕтӕрсыс? w23.01 30 ф., 13, 14 абз.
Хуыцаубон, 25 февраль
Куыд амондджын сты дӕ адӕм! Куыд амондджын сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы ӕмӕ дын дӕ зондмӕ чи хъусы! (1 Пад. 10:8).
Паддзах Соломоны тыххӕй ӕмӕ, Израилы адӕм куыд цӕрынц, уый тыххӕй фехъуыста Савӕйы ус-паддзах. Уый дард бӕстӕйӕ Иерусалиммӕ ӕрцыд, цӕмӕй, цы фехъуыста, уый йӕхи цӕстӕй федтаид (1 Пад. 10:1). Уый фӕстӕ Соломонӕн загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Фӕлӕ, Соломоны рӕстӕг Израилы адӕм куыд цардысты, уымӕй Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр иу гыццыл равдыста, йӕ Фырты хицаудзинады рӕстӕг адӕмӕн хорзӕй цы сараздзӕн, уый. Йесо алцӕмӕй дӕр у Соломонӕй уӕлдӕр. Соломон уыд ӕнӕххӕст ӕмӕ стыр рӕдыдтытӕ сарӕзта. Уый тыххӕй Хуыцауы адӕм бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Йесо та у ӕххӕст Хицау ӕмӕ никуы фӕрӕдийы (Лук. 1:32; Дзут. 4:14, 15). Чырысти равдыста, тӕригъӕд кӕй никуы сараздзӕн кӕнӕ, йӕ дӕлбар чи уа, уыцы иузӕрдион адӕмӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй кӕй ницы сараздзӕн. Тӕхудиаг не стӕм, ахӕм Паддзах кӕмӕн ис! w22.12 11 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 26 февраль
Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн (Дзут. 13:17).
Кӕм цӕрӕм, уым хӕцгӕ низ куы апарахат уа, уӕд хъӕудзӕн, хицауад цы дзуры, уымӕ хъусын. Зӕгъӕм, скӕнынц карантин, раттынц амындтӕ, кӕй хъӕуы къухтӕ ӕхсын, маскӕ дарын ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕг цӕуӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Хуыцауы лӕварӕн – цардӕн – тынг кӕй аргъ кӕнӕм. Цавӕрдӕр ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуы, уӕд не ’мбӕлттӕй, нӕ сыхӕгтӕй кӕнӕ ног хабӕртты фехъусӕн вӕййы, ӕцӕг чи нӕу, ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Ӕмӕ-иу хъуамӕ «алы ныхасыл» ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ хъусӕм, хицауад ӕмӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы дохтыртӕ цы дзурынц, уымӕ (Ӕмб. 14:15). Разамонӕг совет ӕмӕ филиалтӕ фӕархайынц, цӕмӕй, хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куыд сты, уый базоной. Ӕмӕ уый фӕстӕ раттынц разамынд, ӕмбырдтӕ куыд уадздзыстӕм ӕмӕ куыд хъусын кӕндзыстӕм, уый фӕдыл. Ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕхи дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ницы зиан ӕрхӕсдзыстӕм. Стӕй уый фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн адӕмы ’хсӕн хорз ном скӕндзыстӕм (1 Пет. 2:12). w23.02 23 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 27 февраль
Хъуамӕ хъусой... ӕмӕ ахуыр кӕной уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын (Дык. з. 31:13).
Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд ӕрцардысты алы рӕтты. Алы рӕтты кӕй цардысты, уый тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ кӕрӕдзийыл сыстырзӕрдӕ уыдаиккой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу иумӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой ӕмӕ-иу байхъуыстаиккой, Хуыцауы Ныхас сын куыд кӕсынц ӕмӕ сын ӕй куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ (Дык. з. 31:10–12; Неем. 8:2, 8, 18). Иерусалиммӕ-иу сӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыд милуантӕ. Ӕмӕ-иу алчидӕр, хӕрзаг, куыд цин кодта, уыйбӕрц адӕмы-иу куы федта, уӕд! Афтӕмӕй сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид. Фӕстӕдӕр фӕзынд чырыстон ӕмбырд. Уыди дзы алыхуызон адӕм, дзырдтой бирӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл, чи дзы хъӕздыг уыд, чи – мӕгуыр. Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кодтой. Цӕмӕй-иу ног ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Ныхас бамбӕрстаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди иннӕты ӕххуыс, стӕй сӕ хъуыди семӕ иумӕ ӕмбӕлын (Хъуыд. 2:42; 8:30, 31). w23.02 3 ф., 7 абз.
Ӕртыццӕг, 28 февраль
Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард (Ром. 6:23).
Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон кӕй схайджын уыдзысты ӕнусон цардӕй. Ӕмӕ йын йӕ лӕварыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Ахъуыды-ма кӕн: нӕ уӕларвон Фыд нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын лӕвар кӕны ӕнусон цард, цӕмӕй дзы макуы фӕхицӕн уӕм! Хуыцау нын ӕнусон цардӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уый нын ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн. Не знӕгтӕ нӕм куы ’ртхъирӕн кӕной, зӕгъгӕ уӕ амардзыстӕм, суанг уӕд дӕр Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ нӕ сивдзыстӕм. Цымӕ цӕуылнӕ? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ йӕ зонӕм: Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ нын ныфс уыдзӕн, кӕй никуыуал амӕлдзыстӕм (Иоан. 5:28, 29; 1 Кор. 15:55–58; Дзут. 2:15). Мах зонӕм, Йегъовӕйы бон кӕй у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уымӕн ӕмӕ цард уый дӕтты. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цӕры ӕнустӕм (Пс. 36:9). Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй уыд ӕмӕ алкӕддӕр кӕй уыдзӕн (Пс. 90:2; 102:12, 24, 27). w22.12 2 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 29 февраль
Чи нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Чырыстийы уарзтӕй? Мӕстытӕ, ӕви зындзинӕдтӕ, ӕви ӕфхӕрд? (Ром. 8:35).
Мах нӕ дис кӕнӕм, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, ууыл. Библийы фыст ис: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы» (Хъуыд. 14:22). Стӕй зонӕм, кӕцыдӕр зындзинӕдтӕй кӕй фервӕздзыстӕм, Хуыцауы ног дунейы куы цӕрӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уым нал уыдзӕн «нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4). Йегъовӕ нӕ зындзинӕдтӕй ӕмӕ фӕлварӕнтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын баххуыс кӕны, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы загъта, уымӕ. Фыццаг ранымадта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Стӕй та ныффыста: «Мах ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм, чи нӕ бауарзта, уый фӕрцы» (Ром. 8:36, 37). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у дӕуӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕнтыстджын уай, цалынмӕ зын уавӕрӕн кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ дӕр. w23.01 14 ф., 1, 2 абз.