Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 мартъи
  • Сабат, 2 мартъи
  • Хуыцаубон, 3 мартъи
  • Къуырисӕр, 4 мартъи
  • Дыццӕг, 5 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 6 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 7 мартъи
  • Майрӕмбон, 8 мартъи
  • Сабат, 9 мартъи
  • Хуыцаубон, 10 мартъи
  • Къуырисӕр, 11 мартъи
  • Дыццӕг, 12 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 13 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 14 мартъи
  • Майрӕмбон, 15 мартъи
  • Сабат, 16 мартъи
  • Хуыцаубон, 17 мартъи
  • Къуырисӕр, 18 мартъи
  • Дыццӕг, 19 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 20 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 21 мартъи
  • Майрӕмбон, 22 мартъи
  • Сабат, 23 мартъи
  • ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
    Хурныгуылды фӕстӕ
    Хуыцаубон, 24 мартъи
  • Къуырисӕр, 25 мартъи
  • Дыццӕг, 26 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 27 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 28 мартъи
  • Майрӕмбон, 29 мартъи
  • Сабат, 30 мартъи
  • Хуыцаубон, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Мартъи

Майрӕмбон, 1 мартъи

Дӕхицӕй цы ӕппӕлыс? (1 Кор. 4:7).

Апостол Петр йе ’фсымӕртӕм ныффыста: «Сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (1 Пет. 4:10). Хъуамӕ сӕ курдиӕттӕй афтӕ пайда кодтаиккой, цӕмӕй-иу иннӕты бафидар кодтаиккой. Мах дӕр хъуамӕ нӕ курдиӕттӕй пайда кӕнӕм, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ. Нӕ сӕ хъӕуы сусӕг кӕнын ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын, мӕ курдиӕтты тыххӕй мӕм исчи куы хӕлӕг кӕна кӕнӕ йӕхимӕ ӕгуыдзӕг куы ’ркӕса, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ курдиӕттӕй ӕппӕлын дӕр ма райдайӕм (1 Кор. 4:6, 7). Цы курдиӕттӕ нӕм ис, уыдон нын Хуыцау радта, ӕмӕ сӕ хъуамӕ афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй-иу ӕмбырд бафидар кӕнӕм. Иннӕтӕ нын кад кӕной, уымӕ хъуамӕ ма бӕллӕм (Фил. 2:3). Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд алкӕддӕр цин кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм, ӕмӕ уый у сӕйраг. Иннӕтӕй фылдӕр кӕй аразӕм кӕнӕ цӕмӕдӕр хуыздӕр кӕй арӕхсӕм, уый та афтӕ ахсджиаг нӕу. w22.04 11, 12 фф., 7–9 абз.

Сабат, 2 мартъи

Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй уынон, дӕ закъоны цы диссӕгтӕ ис, уыдон (Пс. 119:18).

Йесо Сыгъдӕг Фыстад тынг уарзта. Уый тыххӕй бирӕ азтӕ раздӕр фыст ӕрцыд Псаломы 40:8 стихы: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы». Уый фӕрцы Йесо уыди амондджын ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кодта. Махӕн дӕр Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕты куы уа, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын (Пс. 1:1–3). Йесойы ныхӕстӕм куы хъусӕм ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм, уӕд нын уайдзӕн Библи афтӕ кӕсын, цӕмӕй нын пайда хӕсса. Йегъовӕмӕ-иу куы скувӕм, кӕсгӕ-кӕсын-иу тагъд куы нӕ кӕнӕм, нӕхимӕ-иу фарстатӕ куы дӕттӕм ӕмӕ-иу хъуыдытӕ цыбыртӕй куы афыссӕм, уӕд-иу, цы кӕсӕм, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм. Бахъӕудзӕн ма нӕ арфуынындзинад дӕр, ома-иу хъӕудзӕн, цы бакастыстӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикациты фылдӕр ӕрмӕг бацагурын. Хорз ма уыдзӕн, куы сахуыр уӕм Библийӕ хуыздӕр пайда кӕнын. Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ ма фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад дӕр, ӕмӕ йын уӕд бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нӕ ива. Библи кӕсгӕйӕ ацы уынаффӕтӕ иууылдӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын фылдӕр пайда хӕсдзӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Пс. 119:17; Иак. 4:8). w23.02 13 ф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 3 мартъи

Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда (Ӕмб. 21:5).

Дӕ разы бӕлвырд нысан сӕвӕр ӕмӕ архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Зӕгъӕм дӕ фӕнды иннӕты ахуыр кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсын. Уӕд дӕ бон у лӕмбынӕг бакӕсын брошюрӕ «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн». Уымӕй уӕлдай, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды дын хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд-иу фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй дӕм рагацау байхъуса ӕмӕ дын зӕгъа, фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, уый. Дӕ хӕслӕвӕрдтӕ хорз куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ӕрмӕст арӕхстджын не суыдзынӕ, фӕлӕ ма иннӕтӕ дӕр уындзысты, зӕрдиагӕй кӕй архайыс ӕмӕ ӕууӕнкджын кӕй дӕ (2 Кор. 8:22). Кӕд дӕ нысан у, цӕмӕй, зынтӕй дын цы уайы, ууыл сахуыр уай, уӕд та? Дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Цымӕ Тимофей тынг дзырдарӕхст ӕфсымӕр ӕмӕ ӕмбисондӕн хӕссинаг ахуыргӕнӕг сси? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ Павелы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы сси ноджы арӕхстджындӕр ӕмӕ йӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кодта (2 Тим. 3:10). w22.04 24, 25 фф., 8–11 абз.

Къуырисӕр, 4 мартъи

Федтон денджызӕй иу сырды схизгӕ, дӕс сыкъаимӕ ӕмӕ авд сӕримӕ (Рарг. 13:1).

Авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд чи у? Ацы сырд у фыранчы хуызӕн, фӕлӕ йӕ дзӕмбытӕ сты арсы дзӕмбыты хуызӕн, йӕ дзых та – домбайы дзыхы хуызӕн, стӕй йын ис дӕс сыкъайы. Ацы сырд цӕмӕйдӕр у, Данелы 7-ӕм сӕры цы цыппар сырды кой ис, уыдоны хуызӕн. Фӕлӕ Раргомады чиныджы цыппар хицӕн сырды кой нӕй. Ис дзы иу сырды кой, ӕмӕ йӕм уыцы цыппар сырдӕй алкӕцыйӕ дӕр цыдӕр ис. Ацы сырд иу цавӕрдӕр хицауадмӕ кӕнӕ дунеон паддзахадмӕ нӕ амоны. Уымӕн йӕ бар цӕуы «алы мыггагыл, алы адӕмыхаттыл, алы ӕвзагыл ӕмӕ алы адӕмыл дӕр». Уӕдӕ, иу кӕцыдӕр бӕстӕйы хицауадӕн цы бартӕ ис, уымӕй йын фылдӕр бартӕ ис (Рарг. 13:7). Уымӕ гӕсгӕ ацы сырд амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ уыд ӕмӕ ис, уыдонмӕ (Еккл. 8:9). Уымӕй уӕлдай ма Библийы нымӕц «дӕс» арӕх фӕамоны ӕнӕхъӕн цӕмӕдӕр. w22.05 9 ф., 6 абз.

Дыццӕг, 5 мартъи

Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст (Рарг. 21:4).

Уыцы арфӕдзинӕдтӕй фыццаджыдӕр схайджын уыдзысты, Армагеддоны чи фервӕздзӕн, уыцы тынг бирӕ адӕм, стӕй, ног дунейы чи райгуырдзӕн, уыцы сывӕллӕттӕ. Фӕлӕ ма Раргомады 20-ӕм сӕры фыст ис, чи амард, уыдон дӕр кӕй райгас уыдзысты (Рарг. 20:11–13). Райгас уыдзысты «рӕстгӕнджытӕ», ома Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон, ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ», ома Йегъовӕйы базонынӕн фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕм (Хъуыд. 24:15; Иоан. 5:28, 29). Фӕлӕ мӕрдтӕ иууылдӕр нӕ райгас уыдзысты. Фадат кӕмӕн уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суыдаид, фӕлӕ ӕгоммӕгӕс чи разынд ӕмӕ зонгӕ-зонын кӕй нӕ бафӕндыд уыцы фадатӕй спайда кӕнын, уыдоны Йегъовӕ нӕ райгас кӕндзӕн. Уыдон равдыстой, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны аккаг кӕй не сты (Матф. 25:46; 2 Фес. 1:9; Рарг. 17:8; 20:15). w22.05 18 ф., 16, 17 абз.

Ӕртыццӕг, 6 мартъи

Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ (Иоан. 6:68).

«Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» фӕрцы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕрӕмбырд кодта диссаджы организацимӕ (Матф. 24:45). Уыцы организаци адӕмӕн ӕххуыс кӕны Хуыцауы базонынӕн. Цы хъуыды кӕныс уыцы организацийы тыххӕй? Чи зоны, ды дӕр зӕгъдзынӕ, апостол Петр Йесойӕн куыд загъта, афтӕ. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты абоны стихы. Цымӕ ныр кӕм уаиккам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы нӕ базонгӕ уыдаиккам, уӕд? Хуыцауы организацийы уылты нын Чырысти дӕтты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уӕм. Ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны нӕ «удыхъӕд ногмӕ» раивынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Еф. 4:24). Зын рӕстӕджыты дӕр нын Йесо фӕдӕтты хорз разамынд. Уый ирдӕй федтам, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд. Ацы дунейы бирӕтӕ нӕ зыдтой, куыд кӕной, уый. Махӕн та Йесо лӕвӕрдта бӕлвырд разамынд, цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕдтаиккам. w22.07 12 ф., 13, 14 абз.

Цыппӕрӕм, 7 мартъи

Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).

Йегъовӕ рагон израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттимӕ арӕх ныхас кодтаиккой ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй дзырдтаиккой. Афтӕмӕй сын Йегъовӕйы бауарзын кодтаиккой (Дык. з. 6:6, 7). Боны дӕргъы-иу ныййарджытӕн бирӕ фадӕттӕ уыд сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнынӕн. Зӕгъӕм, лӕппу-иу йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фыдӕн ӕххуыс кодта хуымы куыстытӕ кӕнынӕн. Чызг та-иу мадӕн ӕххуыс кодта хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн, хуыйынӕн, хъуымӕцтӕ уафынӕн. Афтӕмӕй-иу ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ иумӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвыстой. Ӕмӕ-иу сӕ бон уыди бирӕ цӕуылдӕрты ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, сӕ бон уыд, Йегъовӕ куыд хорз ӕмӕ куыд хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ сын сӕ бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл дзурын. Бирӕ бӕстӕты ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн арӕх нӕ вӕййы ахӕм фадат, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бон иумӕ уой. Фыд ӕмӕ мад куысты вӕййынц, сывӕллӕттӕ та – скъолайы. Ӕмӕ ныййарджыты фӕхъӕуы рӕстӕг ссарын, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕной (Еф. 5:15, 16). w22.05 28 ф., 10, 11 абз.

Майрӕмбон, 8 мартъи

Нӕ [йӕ] зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты? (1 Кор. 6:9).

Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд Хуыцауы закъӕттӕ фехалы. Чырыстон ахӕм тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ скува ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕна, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Стӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр радзура (Пс. 32:5; Иак. 5:14). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс цы вӕййы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй адӕймагӕн Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы йӕ тӕригъӕд кӕронмӕ ныххатыр кӕна. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй-иу Фыстадмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕной, тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн йӕ бон ӕмбырды баззайын у ӕви нӕ (1 Кор. 5:12). Фӕхъӕуы сӕ, зӕгъӕм, ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: адӕймаг ахӕм хъуыддаг саразын рагацау сфӕнд кодта? Тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый иннӕтӕй ӕмбӕхста? Уыцы тӕригъӕд иу хатт сарӕзта, ӕви афтӕ цасдӕр рӕстӕг кодта? Уӕлдайдӕр та хъуамӕ ахъуыды кӕной, бӕрӕг у ӕви нӕ, йӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кодта, уый (Хъуыд. 3:19). w22.06 9 ф., 4 абз.

Сабат, 9 мартъи

Уарзут рӕстдзинад (Зах. 8:19).

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «рӕстдзинад... агурой», ома сӕ хъуамӕ тынг фӕнда, Хуыцауы цӕсты раст ӕмӕ хорз цы у, уый аразын (Матф. 5:6). Ды, бӕгуыдӕр, «ӕцӕгдзинад» уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын. Мӕнг ныхӕстӕй ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй де сӕфт уыныс (Пс. 119:128, 163). Мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уый вӕййы ацы дунейы хицауы хуызӕн – Хӕйрӕджы хуызӕн (Иоан. 8:44; 12:31). Хӕйрӕджы нысӕнттӕй иу у Йегъовӕйы сыгъдӕг номыл цъыф калын. Ӕмӕ афтӕ кӕны, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Едемы цӕхӕрадоны дзы цы загъта, уымӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ у мӕнгард, хиуарзон хицау ӕмӕ адӕмӕй хорз цыдӕр ӕмбӕхсы (Райд. 3:1, 4, 5). Йӕ мӕнг ныхӕстӕй абоны онг дӕр адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕны. Ӕмӕ адӕм «ӕцӕгдзинад» куы нӕ фӕуарзынц, уӕд Хӕйрӕгӕн йӕ бон вӕййы, ӕмӕ сӕ алы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтауа (Ром. 1:25–31). w23.03 2 ф., 3 абз.

Хуыцаубон, 10 мартъи

[Йегъовӕйӕн] йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм (Пс. 100:5).

Цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзыныл куы архайай, уӕд-иу, гӕнӕн ис, уӕддӕр хатт фӕрӕдийай. Кӕнӕ та дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы никуы бафтдзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс асӕтты. Ахӕм уавӕрты дын цы баххуыс кӕндзӕн? Иу ахсджиаг миниуӕг – Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый. Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дӕ миниуджытӕй у ӕппӕты рӕсугъддӕр (Ӕмб. 3:3–6). Уыцы уарзондзинад дын ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ома сӕ алкӕддӕр уарздзӕн, никуы сӕ ныууадздзӕн ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Хуыцауы бафӕзмын, уымӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ конд дӕ (Райд. 1:26). Дӕ бон куыд у ахӕм уарзондзинад ӕвдисын? Йегъовӕйӕ алцӕй тыххӕй дӕр бузныг у – уымӕй уал райдай (1 Фес. 5:18). Алы бон дӕр-иу ахъуыды кӕн: «Йегъовӕ абон куыд равдыста, кӕй мӕ уарзы, уый?» Ӕмӕ йӕм куы кувай, уӕд-иу ын бузныг зӕгъ, хорзӕй дын цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Хъуамӕ ӕмбарай, Йегъовӕ дӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы. w23.03 12 ф., 17–19 абз.

Къуырисӕр, 11 мартъи

[Йесо] зыдта, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый (Иоан. 2:25).

Йесо апостолтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ дардта ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Исчи куы фӕрӕдийы, уӕд-иу фыццаджыдӕр хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, йӕ рӕдыдмӕ йын цы цӕстӕй ракӕсӕм, уымӕ. Хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ истӕй тыххӕй куы рамӕсты уӕм кӕнӕ нӕм исты хъыг куы фӕкӕса, уӕд хорз уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Цы сарӕзта, уый мӕм хъыг цӕмӕн фӕкаст? Мыййаг, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕм цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕг ис ӕмӕ мӕхи хъӕуы цыдӕр фӕивын? Уӕдта ма уыцы адӕймаг цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы. Кӕд афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ӕнӕхъуаджы не смӕсты дӕн, уӕддӕр мӕ бон нӕ уаид удуӕлдай уарзондзинад равдисын ӕмӕ йын ӕнӕуи ныббарын?» Куы архайӕм, цӕмӕй алы уавӕры дӕр уарзондзинад ӕвдисӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм. Йесойы цӕвиттонӕй ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй, хо кӕнӕ ’фсымӕр цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый бамбарӕм (Ӕмб. 20:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн Йесойы хуызӕн нӕ бон нӕу зӕрдӕтӕ уынын. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ фӕразон уӕм, не ’мчырыстӕттӕ-иу нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд, ӕмӕ сын барӕм (Еф. 4:1, 2; 1 Пет. 3:8). Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕн, хуыздӕр-иу сӕ куы базонӕм, уӕд. w23.03 30 ф., 14–16 абз.

Дыццӕг, 12 мартъи

Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты (Лук. 20:38).

Гӕнӕн ис, уӕззау низӕй фӕрынчын уӕм йе та цавӕрдӕр бӕллӕхы бахауӕм, ӕмӕ нӕ цардӕн тӕссаг уа. Ӕмӕ Хӕйрӕг уымӕй дӕр спайда кӕны. Не ’нӕуырнӕг бинонтӕ кӕнӕ нын дохтыртӕ, гӕнӕн ис, дзурой, цӕмӕй туг бауадзыныл сразы уӕм. Фӕлӕ афтӕмӕй фехалдзыстӕм Хуыцауы закъон. Чидӕртӕ та нын фӕамонынц, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм хосгӕнӕн мадзӕлттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕлын никӕй фӕнды. Фӕлӕ йӕ зонӕм, куы амӕлӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ кӕй уарздзӕн (Ром. 8:37–39). Йегъовӕйӕн йӕ хӕлӕрттӕй исчи куы амӕлы, уӕд ӕй нӕ ферох кӕны, уымӕн уыдон иууылдӕр удӕгас сты (Лук. 20:37). Ӕмӕ бӕллы, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха (Иов 14:15). Йегъовӕ стыр аргъ бафыста, цӕмӕй «ӕнусон цардӕй хайджын уӕм» (Иоан. 3:16). Мах ӕй зонӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ, рынчын куы вӕййӕм кӕнӕ нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд ӕй нӕ ныууадзӕм, фӕлӕ дзы удӕнцой, зонд ӕмӕ хъарутӕ фӕкурӕм (Пс. 41:3). w22.06 18 ф., 16, 17 абз.

Ӕртыццӕг, 13 мартъи

Ӕцӕг зонд хъӕр кӕны уынджы (Ӕмб. 1:20).

Библийы фыст ис: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцауы зонын – ӕцӕг ӕмбарындзинад» (Ӕмб. 9:10). Уӕдӕ-иу нӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд-иу нын баххуыс кӕндзӕн, «Сыгъдӕг Хуыцауы [кӕй] зонӕм», уый, ома-иу хъуамӕ бамбарӕм, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны. Уый тыххӕй та нӕ хъӕудзӕн Библимӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕм ӕркӕсын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕцӕг зондӕй хайджын кӕй стӕм (Ӕмб. 2:5–7). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ дӕтты ӕцӕг зонд (Ром. 16:27). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Фыццаг: Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг, ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр зоны (Пс. 104:24). Дыккаг: Йегъовӕйӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр зыны йӕ зонд (Ром. 11:33). Ӕртыккаг: Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕ алкӕддӕр баххуыс кӕнынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн (Ӕмб. 2:10–12). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕцӕг зондӕй хайджын уӕм, уӕд хъуамӕ ацы ӕртӕ хъуыддаджы зонӕм ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдыл дарӕм уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты дӕр. w22.10 19 ф., 3, 4 абз.

Цыппӕрӕм, 14 мартъи

Уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ, ӕмӕ залиаг калм дӕр йӕ зӕдтимӕ семӕ хӕцыд, фӕлӕ сыл нӕ фӕтых, ӕмӕ сын уӕлӕрвты бынат нал разынд (Рарг. 12:7, 8).

Раргомады 12-ӕм сӕры фыст ис, Хӕйрӕг састы бынаты кӕй баззад, ӕмӕ йын Йесо йӕхи дӕр ӕмӕ дӕлимонты дӕр зӕхмӕ кӕй ӕрӕппӕрста. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг мӕстӕй фыцы ӕмӕ адӕмыл йӕ пырх калы. Ӕмӕ зӕххыл уый тыххӕй цӕуы уыйбӕрц бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ (Рарг. 12:9–12). Ацы пехуымпарӕдтӕ кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? Дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм тынг кӕй фӕивтой, уымӕй нӕ бон у базонын, Йесо ныр Паддзах кӕй у. Уӕдӕ, бирӕтӕ хиуарзон кӕй сты ӕмӕ иннӕтӕй се сӕфт кӕй уынынц, уый уынгӕйӕ хъуамӕ ма мӕсты кӕнӕм. Фӕлӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, ууыл. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста! (Пс. 37:1). Ӕмӕ Армагеддон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзӕн (Мар. 13:8; 2 Тим. 3:13). Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уый нын нӕ уӕларвон Фыд кӕй ӕмбарын кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ? w22.07 3, 4 фф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 15 мартъи

Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис (Иак. 5:16).

Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, рынчын чи у, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, хӕст кӕм цӕуы, уым чи цӕры, сӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Нӕ бон ма у кувын, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн удуӕлдайӕ чи феххуыс кӕны, уыцы чырыстӕтты тыххӕй дӕр. Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, кӕйдӕрты зоныс, ахӕм зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы. Дӕ бон у уыдоны тыххӕй номгай кувын. Ахӕм куывдтытӕй равдисӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм. Не ’мбырдтӕн ӕмӕ нӕ организацийӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ тынг бузныг сты, уыдоны тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уый тыххӕй. Нӕ куывдтытӕ сын тынг ӕххуыс кӕнынц. Апостол Павел дӕр аргъ кодта иннӕты куывдтытӕн. Уый йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста, зӕгъгӕ, кувут «мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мын Хуыцау баххуыс кӕна ӕмӕ мӕ бон уа сӕрибарӕй хъусын кӕнын, хорз хабары сусӕгдзинад адӕмӕн куыд ӕргом кӕнон» (Еф. 6:19). Абон дӕр бӕрнон ӕфсымӕртӕ куыд фыдӕбон кӕнынц, уымӕн аргъ нӕй! Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, цӕмӕй сын сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕна, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм. w22.07 23, 24 фф., 14–16 абз.

Сабат, 16 мартъи

Нӕ уӕлӕ дарӕм... ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд (1 Фес. 5:8).

Ӕфсӕддон-иу згъӕрхуд скодта, цӕмӕй-иу йӕ сӕр ма фӕцӕф уыдаид. Мах дӕр хӕцӕм Хӕйрӕгимӕ. Ӕмӕ нын нӕ зондмӕ кӕй хъавы, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы нӕ зонд хъахъхъӕнын. Уый алыхуызон мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ сӕрызонд сзыгъуыммӕ кӕна ӕмӕ нӕ фӕрӕдийын кӕна. Ӕмӕ, згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ нын нӕ ныфс дӕр хъахъхъӕндзӕн нӕ зонд, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст нӕхи зӕрдӕйы фӕндтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, бынтондӕр ферох уа, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Афтӕ рауад сӕ хабар рагон Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты. Уыдон нал ӕууӕндыдысты Хуыцауы ахсджиагдӕр зӕрдӕвӕрдтӕй сӕ иуыл – мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл (1 Кор. 15:12). Фӕлӕ Павел ныффыста, ахӕм адӕм, ныртӕккӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн куыд ацӕрой, ууыл кӕй вӕййынц (1 Кор. 15:32). Абон дӕр бирӕтӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл не ’ууӕндынц ӕмӕ цардмӕ кӕсынц иу боны цӕстӕй. Сӕйраг сын вӕййы, сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй кӕм арвитой, кӕм ахӕрой, кӕм ануазой. Фӕлӕ мах та ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы фидӕнмӕ. w22.10 25, 26 фф., 8, 9 абз.

Хуыцаубон, 17 мартъи

Ӕппынӕдзух кувут (1 Фес. 5:17).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу ӕм скувай. Уый уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, ӕмӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕддӕриддӕр дӕм кӕй байхъусдзӕн. Йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм ӕхсызгонӕй фӕхъусы (Ӕмб. 15:8). Дӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цӕй тыххӕй вӕййы Йегъовӕмӕ кувын? Йегъовӕйӕн радзур, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый (Пс. 62:8). Радзур ын, цӕуыл тыхсыс, цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ дӕхимӕ иунӕг ма кӕсай. Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад ракур, цӕмӕй дӕ бон уа ныфсджынӕй дзурын. Дӕ бон дзы у ӕмбаргӕдзинад дӕр ракурын, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сын дӕ бон уа фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй бамбарын кӕнын (Лук. 21:14, 15). Кӕд ныфссаст дӕ, уӕд Йегъовӕйӕн зӕгъ, ӕмӕ дын равдиса, фӕлтӕрд чырыстӕттӕй кӕимӕ уаид аныхас кӕнӕн, ӕмӕ дӕ цӕмӕй уыцы адӕймаг бамбара. Дӕ куывдтытӕн дын дзуапп куыд радта, уый-иу куы фенай ӕмӕ-иу иннӕты дӕр куы бауадзай, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, уӕд дӕхимӕ афтӕ иунӕг нал кӕсдзынӕ. w22.08 10 ф., 6 абз.

Къуырисӕр, 18 мартъи

Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц Ромы паддзахы закъӕтты ныхмӕ (Хъуыд. 17:7).

Фессалоникӕйы ног ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Знӕт адӕм «цалдӕр ӕфсымӕры горӕты хицӕутты раз балӕууын кодтой» (Хъуыд. 17:6). Ӕрӕджы чырыстон чи сси, уыдон, хӕрзаг, тынг фӕтарстысты. Уый тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй мауал лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ апостол Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй афтӕ рауадаид. Ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй ног ӕмбырд ӕвӕгӕсӕгӕй ма баззадаид. Павел фессалоникӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Не ’фсымӕр Тимофейы... арвыстам сымахмӕ, цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ уын удӕнцой ӕрхастаид, ӕмӕ уын афтӕмӕй уӕ уырнындзинад бафидар кодтаид, уыцы зындзинӕдты уӕ куыд ничи фӕцудыдтаид» (1 Фес. 3:2, 3). Тимофей уыдта, Павел Листрӕйы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты куыд фидар кодта. Стӕй ма федта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта, уый дӕр. Ӕмӕ сын йӕ бон уыд ныфс бавӕрын, алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн (Хъуыд. 14:8, 19–22; Дзут. 12:2). w22.08 21 ф., 4 абз.

Дыццӕг, 19 мартъи

Уый фӕрцы цардӕй хайджын [стӕм] (1 Иоан. 4:9).

1870 азы Чарлз Тейз Расселл ӕрӕмбырд кодта гыццыл къорд, ӕмӕ райдыдтой Библи бӕстон иртасын. Фӕндыди сӕ базонын, Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын куыд хъӕуы, уый. Уыцы чырыстӕттӕ цы раиртӕстой, уый абон махӕн дӕр пайда хӕссы. Бамбӕрстам, Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ йӕ нывонд ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый (1 Иоан. 2:1, 2). Стӕй ма Библийӕ базыдтам, кӕмӕндӕрты кӕй ис ныфс, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ кӕй уыдзысты, иннӕтӕ та кӕй цӕрдзысты зӕххыл ӕнустӕм. Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, стӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ цард куыд аивта ӕмӕ нын цы ныфс фӕзынд, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййӕм (1 Пет. 3:18). Ӕмӕ 19 ӕнусы не ’фсымӕртӕ куыд кодтой, афтӕ мах дӕр иннӕты фӕхонӕм Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ йӕ сбӕрӕг кӕнӕм, уый куыд бацамыдта, афтӕ. w23.01 21 ф., 6, 7 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Марчы 14:3–9

Ӕртыццӕг, 20 мартъи

Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн (2 Кор. 5:15).

Йесо адӕмӕн дзырдта, Хуыцауы Паддзахад сын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоны тыххӕй. Мах Чырыстийӕ бузныг стӕм йӕ нывонды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесо не ’ввахс хӕлӕрттӕ уой. Йесойыл чи баууӕнды, уыдонӕн ма фӕзыны ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ сын чи амард, уыдоны та ногӕй кӕй фендзысты (Иоан. 5:28, 29; Ром. 6:23). Мах ахӕмӕй ницы сарӕзтам, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдты аккаг уӕм. Стӕй Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн сӕ хорздзинӕдтӕ никуы бафиддзыстӕм (Ром. 5:8, 20, 21). Фӕлӕ нӕ бон куыд у равдисын, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый? Уый равдисдзыстӕм, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн, цы нӕм ис, уый куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн ӕххуыс кӕнын. w23.01 26 ф., 3 абз.; 27 ф., 5 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 11:1–11

Цыппӕрӕм, 21 мартъи

Федтон... Уӕрыччы, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины (Рарг. 14:1).

Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕн сӕ дӕлбар уыдзӕн миллиардгай адӕм ӕгас зӕххыл дӕр. Йесойау 144 мины дӕр уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:10). Моисейы закъон йӕ тыхы куы уыд, уӕд сауджынтӕ адӕмӕн сӕйраджыдӕр ӕххуыс кодтой, цӕмӕй уыдаиккой ӕнӕниз ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс. Фӕлӕ закъон «фидӕны хорздзинӕдтӕн... сӕ аууон» уыд (Дзут. 10:1). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уой ӕнӕниз ӕмӕ алкӕддӕр уой Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Ныр ӕй нӕма зонӕм, уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтдзысты. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕмӕн лӕвӕрд кӕй цӕудзӕн хъӕугӕ разамынд (Рарг. 21:3, 4). w22.12 11 ф., 11–13 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 11:12–19

Майрӕмбон, 22 мартъи

Хъусын кӕнут нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ (1 Кор. 11:26).

Уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ цӕмӕн хардз кӕнӕм, цӕмӕй иннӕты Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонӕм? Иу уымӕн, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, фыццаг хатт чи ’рбацӕуа, уыдон базоной, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо не ’ппӕты тыххӕй дӕр цы сарӕзтой, уый (Иоан. 3:16). Ныфс нӕ вӕййы, уым цы феной ӕмӕ цы фехъусой, уый сын сӕ зӕрдӕтӕ кӕй бацагайдзӕн ӕмӕ сӕ кӕй бафӕнддзӕн фылдӕр базонын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма фӕхонӕм, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ рагӕй чи нӕ цӕуы, уыдоны дӕр. Афтӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Хуыцау сӕ ныр дӕр кӕй уарзы. Уыдонӕй бирӕтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сыл тынг фӕцин кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Ӕрымысӕн изӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, раздӕр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кодтой, уӕд куыд амондджын уыдысты, уый (Пс. 103:1–4). Кӕй фӕхонӕм, уыдон Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц ӕви нӕ, уӕддӕр адӕмы зӕрдиагӕй фӕхонӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: Йегъовӕ фӕцин кӕны, чи ’рбацӕуы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр (Лук. 15:7; 1 Тим. 2:3, 4). w23.01 20 ф., 1 абз.; 22, 23 фф., 9–11 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 11:20–12:27, 41–44

Сабат, 23 мартъи

Йегъовӕйы цӕст кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ (Пс. 33:18).

Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ уӕларвон Фыдмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:15, 20). Йегъовӕ йӕ адӕмы алкӕддӕр хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕм йӕ цӕст дардта. Фӕлӕ Йесо зыдта, йӕ фӕдыл чи цӕуа, уыдоны Хӕйрӕг тынг карзӕй кӕй ӕфхӕрдзӕн. Ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕйы ӕххуыс сӕ кӕй хъӕудзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууой. Хӕйрӕджы дуне ӕцӕг чырыстӕттӕн бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ ӕвзарын кӕны. Уый тыххӕй хатт нӕ ныфс асӕтты ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад дӕр фӕлвӕрд фӕцӕуы. Фӕлӕ нӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Йегъовӕ нӕм йӕ цӕст дары. Уый уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ вӕййы. Йегъовӕ йӕ цӕст дары, «чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18–20). w22.08 8 ф., 1, 2 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 14:1, 2, 10, 11; Матфейы 26:1–5, 14–16

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
Хурныгуылды фӕстӕ
Хуыцаубон, 24 мартъи

Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй (Лук. 22:19).

Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры афон арф фӕхъуыды кӕнӕм, Йесо кӕй амард, уый нын цы пайда хӕссы, ууыл. Афтӕмӕй равдисӕм, цы сарӕзта, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. Стӕй адӕмы уыцы ахсджиаг хабар сбӕрӕг кӕнынмӕ зӕрдиагӕй фӕхонӕм. Ӕмӕ нӕ кӕд исты фӕкъуылымпы кӕны, уӕддӕр бацархайӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм. Ӕрымысӕн изӕры базонӕм, Йесойы цӕмӕн хъуыд адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссын ӕмӕ иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы бирӕ адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй бафидӕн куыд уыди. Раныхас ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, дзул ӕмӕ сӕн цы нысан кӕнынц ӕмӕ дзы чи хъуамӕ сахода, уый (Лук. 22:19, 20). Нӕ бон вӕййы ахъуыды кӕнын, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл (Ис. 35:5, 6; 65:17, 21–23). Уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. w23.01 20 ф., 2, 4 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 14:12–16; Матфейы 26:17–19 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Марчы 14:17–72

Къуырисӕр, 25 мартъи

Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый... ӕнусон цардӕй хайджын уа (Иоан. 3:16).

Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ нын уый фӕрцы фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Матф. 20:28). Апостол Павел ныффыста: «Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Кор. 15:21, 22). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уа зӕххыл дӕр (Матф. 6:9, 10). Адӕм зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый дӕр йӕ фӕнд у. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы фӕнд сӕххӕст уа, уый тыххӕй йӕ Фырты сӕвӕрдта йӕ Паддзахады Паддзахӕй. Хуыцау зӕххӕй ӕмбырд кӕны 144 000 адӕймаджы, цӕмӕй йын йӕ фӕндон Чырыстиимӕ иумӕ сӕххӕст кӕной (Рарг. 5:9, 10). w22.12 5 ф., 11, 12 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 15:1–47

Дыццӕг, 26 мартъи

Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт... [...] ...Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой (2 Кор. 5:14, 15).

Зынаргъ нын чи у, ахӕм адӕймаг куы фӕзиан вӕййы, уӕд ӕй тынг фӕмысӕм. Ӕмӕ нын фыццаг тынг зын вӕййы, уӕлдайдӕр кӕд тухӕнгӕнгӕ амард, уӕд. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд нын гыццыл фенцондӕр вӕййы. Ӕмӕ куы ’рхъуыды кӕнӕм, цы нын дзырдта, цӕуыл нӕ ахуыр кодта, ныфс-иу нӕ куыд бауагъта кӕнӕ-иу цы худӕг ныхӕстӕ кодта, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы, ӕмӕ худгӕ дӕр бакӕнӕм. Библийы Йесойы хъизӕмӕртты ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд дӕр нын тынг зын вӕййы. Ӕмӕ уӕлдайдӕр Ӕрымысӕн изӕры афон рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, йӕ нывондӕн цы стыр аргъ ис, ууыл (1 Кор. 11:24, 25). Зӕххыл цӕргӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд та нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц. Ныфс ма нӕ бацӕуы, ныртӕккӕ цы аразы ӕмӕ нӕ фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд дӕр. w23.01 26 ф., 1, 2 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Марчы 16:1

Ӕртыццӕг, 27 мартъи

Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад (Матф. 6:33).

Йесо куы амард, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕрӕнкъард сты. Сӕ зынаргъ ӕмбал нал уыди, стӕй сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ ныфс ницӕмӕйуал ис (Лук. 24:17–21). Фӕлӕ сӕм Йесо куы фӕзынд, уӕд сын бамбарын кодта, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст кодта, уый. Стӕй сын бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг (Лук. 24:26, 27, 45–48). Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхт, фӕлӕ уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ маст стыр цинмӕ раивта. Ныр ӕй зыдтой, сӕ Ахуыргӕнӕг ӕгас кӕй у ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн сӕ ног хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕмӕ сын уыцы циндзинад ӕххуыс кодта, цӕмӕй ӕппынӕдзух Йегъовӕйы кадджын кодтаиккой (Лук. 24:52, 53; Хъуыд. 5:42). Мах дӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фидардзинад. Фӕлӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, стыр арфӕдзинӕдтӕй нӕ кӕй схайджын кӕндзӕн (Ӕмб. 10:22). w23.01 30, 31 фф., 15, 16 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 16:2–8

Цыппӕрӕм, 28 мартъи

Фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ (Райд. 3:19).

Цӕмӕй ныл Адам ӕмӕ Евӕйы рӕдыд ма ’рцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, йӕ миниуджытӕн ын аргъ кӕнӕм ӕмӕ-иу бамбарӕм, куыд хъуыды кӕны, уый. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм Авраамыл. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта. Йегъовӕ цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахаста, уый-иу куы не ’мбӕрста, уӕддӕр-иу йӕ ныхмӕ нӕ цыд. Ахӕм уавӕрты-иу архайдта, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базыдтаид. Зӕгъӕм, Йегъовӕ куы сфӕнд кодта Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафын, уӕд Авраам стыхст, ау, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» рӕстгӕнджыты фыдгӕнджытимӕ фесафдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйы уымӕй цалдӕр хатты сӕрныллӕгӕй бафарста. Йегъовӕ йын сабырӕй дзуапп лӕвӕрдта. Ӕппынфӕстаг Авраам бамбӕрста, Йегъовӕ алы адӕймаджы зӕрдӕмӕ дӕр кӕй кӕсы ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы фыдгӕнджытимӕ кӕй никуы фесафдзӕн (Райд. 18:20–32). w22.08 28 ф., 9, 10 абз.

Майрӕмбон, 29 мартъи

Фыдкой кӕнын чи уарзы, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры, иузӕрдион чи у, уый та йӕ нӕ рахъӕр кӕны (Ӕмб. 11:13).

Н. э. размӕ 455 азы хицау Нееми Иерусалимы къул арӕзт куы фӕци, уӕд агурын райдыдта, горӕтмӕ йӕ хъус чи дардтаид, ахӕм ӕууӕнкджын адӕймӕгты. Кӕй равзӕрста, уыдоны ’хсӕн уыди галуаны хицау Ананийӕ дӕр. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Ананийӕ тынг ӕууӕнкджын адӕймаг уыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕй бирӕтӕй тынгдӕр тарст» (Неем. 7:2). Уый Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ тарсти йӕ зӕрдӕ йын фӕриссын кӕнын. Ӕмӕ йын цыфӕнды ма бахӕс кодтаиккой,– уӕлӕнгай цӕстӕй йӕм нӕ каст. Мах дӕр Йегъовӕйы куы уарзӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын куы тӕрсӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕ. Апостол Павелы ӕмбал Тихик дӕр уыд ӕууӕнкджын адӕймаг. Павел йӕ зӕрдӕ Тихикыл дардта. Схуыдта йӕ «Хицауы хъуыддаджы ӕнувыд кусӕг» (Еф. 6:21, 22). Павел ын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ фыстӕджытӕ Ефесы ӕмӕ Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм фӕхӕццӕ кодтаид, стӕй ма сӕ цӕмӕй бафидар кодтаид. Абон нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы ӕнувыд ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕфсымӕртӕ дӕр сты Тихикы хуызӕн (Кол. 4:7–9). w22.09 9, 10 фф., 5, 6 абз.

Сабат, 30 мартъи

Уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны (1 Пет. 4:8).

Иосиф зын уавӕры уыд 13 азы бӕрц. Чи зоны, Иосифмӕ уӕд афтӕ фӕкаст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ йӕ ныууагъта. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Уыцы зын уавӕры-иу мӕстӕй нӕ рафыхт, фӕлӕ уыд хиуылхӕст ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фадат ын куы уыд, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕй йӕ маст райстаид, уӕд дӕр афтӕ нӕ бакодта. Фӕлӕ сын ныххатыр кодта ӕмӕ равдыста, кӕй сӕ уарзта, уый (Райд. 45:4, 5). Уый йын цӕй фӕрцы бантыст? Йӕ бон уыд ӕрвонг зондӕй хъуыды кӕнын. Уый йӕ зындзинӕдтыл не сси, фӕлӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг уыд, уый (Райд. 50:19–21). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Исчи дын маст куы бавзарын кӕна, уӕд-иу Йегъовӕмӕ ма смӕсты у ӕмӕ-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ мӕ ныууагъта. Фӕлтау-иу ахъуыды кӕн, куыд дын ӕххуыс кӕны уыцы фӕлварӕн сфӕразынӕн. Уымӕй уӕлдай, чи дын смаст кодта, уымӕн-иу ныххатыр кӕн. Ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ кӕй «ӕмбӕрзы». w22.11 21 ф., 4 абз.

Хуыцаубон, 31 мартъи

Ӕппӕт хицауӕдтӕ дӕр уыдонӕн лӕггад кӕндзысты ӕмӕ сӕм хъусдзысты (Дан. 7:27).

Пехуымпар Данел цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хицӕуттӕй се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр кӕй у. Фыццаг уал Данел федта цыппар стыр сырды. Уыдон амонынц, раздӕр чи уыд, уыцы дунеон паддзахӕдтӕм – Вавилон, Мидо-Перси, Греци ӕмӕ Роммӕ, стӕй, Ромӕй чи равзӕрд ӕмӕ абон чи ис, уыцы дунеон паддзахадмӕ. Уый у Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ иумӕ (Дан. 7:1–3, 17). Уый фӕстӕ Данел федта, Йегъовӕ уӕлӕрвты тӕрхоны бадӕныл кӕй ӕрбадт (Дан. 7:9, 10). Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕн сӕ бартӕ байста ӕмӕ сӕ радта, аккагдӕр ӕмӕ хъомысджындӕр чи у, уыдонӕн. Радта сӕ «адӕймаджы фырты хуызӕн» кӕмӕндӕр, ома Йесо Чырыстийӕн, ӕмӕ «Стыр Хуыцауы сыгъдӕг адӕмӕн», ома 144 минӕн. Уыдон паддзӕхтӕ уыдзысты «ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Дан. 7:13, 14, 18). Йегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау. Ӕппӕт бартӕ дӕр Йегъовӕйы къухы кӕй сты, уый кой ма Данел уый размӕ дӕр кодта. Уый загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕларвон Хуыцау «паддзӕхты раппары ӕмӕ ӕндӕр паддзӕхты сӕвӕры» (Дан. 2:19–21). w22.10 14 ф., 9–11 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын