Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Апрель

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апрель
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 апрель
  • Дыццӕг, 2 апрель
  • Ӕртыццӕг, 3 апрель
  • Цыппӕрӕм, 4 апрель
  • Майрӕмбон, 5 апрель
  • Сабат, 6 апрель
  • Хуыцаубон, 7 апрель
  • Къуырисӕр, 8 апрель
  • Дыццӕг, 9 апрель
  • Ӕртыццӕг, 10 апрель
  • Цыппӕрӕм, 11 апрель
  • Майрӕмбон, 12 апрель
  • Сабат, 13 апрель
  • Хуыцаубон, 14 апрель
  • Къуырисӕр, 15 апрель
  • Дыццӕг, 16 апрель
  • Ӕртыццӕг, 17 апрель
  • Цыппӕрӕм, 18 апрель
  • Майрӕмбон, 19 апрель
  • Сабат, 20 апрель
  • Хуыцаубон, 21 апрель
  • Къуырисӕр, 22 апрель
  • Дыццӕг, 23 апрель
  • Ӕртыццӕг, 24 апрель
  • Цыппӕрӕм, 25 апрель
  • Майрӕмбон, 26 апрель
  • Сабат, 27 апрель
  • Хуыцаубон, 28 апрель
  • Къуырисӕр, 29 апрель
  • Дыццӕг, 30 апрель
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Апрель

Къуырисӕр, 1 апрель

Уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы... равзӕры фидардзинад (Иак. 1:3).

Ахъуыды кӕн: «Уынаффӕмӕ ӕмӕ уайдзӕфмӕ цы цӕстӕй ракӕсын? Мӕ рӕдыдтытыл уайтагъд басӕттын ӕви мӕхи фӕрӕстытӕ кӕнын? Мыййаг, иннӕты фӕаххосджын кӕнын? Библийы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, уыдон-иу ахӕм уавӕры куыд бакодтой. Ӕмӕ-иу алкӕй тыххӕй кӕсгӕйӕ дӕр ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнӕгмӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд ӕмӕ йӕ мӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын?» Нӕ бон ма у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Ӕмбырды чи ис, уыдонӕй нын алчидӕр цӕмӕйдӕр у фӕзминаг – хистӕртӕ дӕр, кӕстӕртӕ дӕр. Алчидӕр цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлы. Кӕмӕндӕр йе ’мбӕлттӕ фӕаразын кӕнынц ӕвзӕр цыдӕртӕ, кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕ цӕуынц йӕ ныхмӕ, чидӕр та цавӕрдӕр низӕй хъӕрзы. Ӕмӕ дӕ бон у ахъуыды кӕнын, цавӕр хорз миниуджытӕ сӕм ис ӕмӕ сӕ дӕ бон бафӕзмын цӕмӕй у, ууыл. Афтӕмӕй-иу бамбардзынӕ, дӕхи бон дӕр куыд у фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕхӕдӕг кӕй зонӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ ууыл дӕр куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм (Дзут. 13:7). w22.04 13 ф., 13, 14 абз.

Дыццӕг, 2 апрель

Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у (Хъуыд. 20:35).

Зын уавӕры куы вӕййӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг рӕстӕг куы ссары, цӕмӕй нӕм байхъуса ӕмӕ нӕ ныфс бауадза, уӕд дзы тынг фӕбузныг вӕййӕм. Йе та искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын пионертӕй исчи куы баххуыс кӕны, цӕмӕй Библийы ахуыр ноджы хуыздӕр уадзӕм, уӕд уымӕй дӕр бузныг вӕййӕм. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕхсызгон вӕййы, сӕ бон цӕмӕйдӕр баххуыс кӕнын кӕй у, уый. Ӕмӕ мах дӕр нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд цин кӕндзыстӕм. Кӕд дӕу дӕр фӕнды иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон цы у саразын? Ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ разы бӕлвырд нысан сӕвӕрай. Зӕгъӕм, хъуыды кӕныс: «Фӕнды мӕ ме ’мбырды фылдӕр аразын». Фӕлӕ уый бӕлвырд нысан нӕу, ӕмӕ дӕ къухы куыд ӕмӕ кӕд бафтдзӕн, уый бамбарын дӕр дын зын уыдзӕн. Дӕ разы нысан куы ӕвӕрай, уӕд ӕй хъуамӕ бӕлвырдӕй зонай, цӕмӕ тырныс, уый. Дӕ бон ӕй у искуы афыссын дӕр. Стӕй, цы араздзынӕ, цӕмӕй дӕ къухы бафта, уый дӕр-иу афысс. w22.04 25 ф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 3 апрель

Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Иак. 2:8).

Абон Йегъовӕ ӕмбырд кӕны «тынг бирӕ адӕмы» ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрын (Рарг. 7:9, 10). Ацы дунейы цӕуы хӕстытӕ ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц, ӕмӕ уый тыххӕй сты дихтӕ. Фӕлӕ, «тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн чи ис, уыдон архайынц, цӕмӕй се сӕфт макӕмӕй уыной, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр. Ныр дӕр ахӕсгӕ хуызы сӕ хъаматӕй сарӕзтой гутӕттӕ (Мих. 4:3). Уыдон, дуне адӕм кӕм фӕцагъды вӕййы, уыцы хӕстыты нӕ хӕцынц. Фӕлӕ адӕмӕн дзурынц ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц «ӕцӕг цард» ссарынӕн (1 Тим. 6:19). Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй сты, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ цӕуой кӕнӕ та сӕ бахъӕуа сӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын, ӕмӕ ӕхцайӕ фӕтыхсой. Фӕлӕ сын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй сын уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:25, 30–33; Лук. 18:29, 30). Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгдӕр архайы ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы фӕнд ӕххӕст кӕндзӕн. w22.12 5 ф., 13 абз.

Цыппӕрӕм, 4 апрель

Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо (Рарг. 22:20).

1 000 азы кӕронмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Адӕм сӕ туджы Адамӕй цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй фервӕздзысты (Ром. 5:12). Фӕд дӕр дзы нал баззайдзӕн! Ӕмӕ 1 000 азы кӕронмӕ ӕххӕст куы суой, уӕд уый афтӕ уыдзӕн, цыма «райгас сты» (Рарг. 20:5). Мах ӕй зонӕм, Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд Йесо Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад. Фӕлӕ цымӕ ӕххӕст адӕм иууылдӕр иузӕрдионӕй баззайдзысты, Хӕйрӕг сӕ куы фӕлвара, уӕд? 1 000 азы куы фӕуой, уӕд Хӕйрӕг уагъд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхӕй, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн уыцы фарстайӕн дзуапп раттын (Рарг. 20:7). Уыцы фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонӕн Хуыцау балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард ӕмӕ суыдзысты ӕцӕг сӕрибар (Ром. 8:21). Йӕ ныхмӕ чи рацӕуа, уыдон ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:8–10). w22.05 19 ф., 18, 19 абз.

Майрӕмбон, 5 апрель

Ды... йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ (Райд. 3:15).

Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, Хӕйрӕг дзуттӕгты ӕмӕ ромӕгты куы сардыдта, цӕмӕй Хуыцауы Фырты амардтаиккой, уӕд (Лук. 23:13, 20–24). Адӕймаг йӕ зӕвӕт тынг куы ныццӕва ӕмӕ йын куы бахъыгдард уа, уӕд иуцасдӕр йӕ бон цӕуын нӕ уыдзӕн кӕнӕ та къуылых цӕудзӕн. Ӕмӕ Йесо куы амард ӕмӕ ӕртӕ боны бӕрц ингӕны куы уыд, уӕд уымӕн дӕр йӕ бон ницы уыд аразын (Матф. 16:21). Фӕлӕ Йесо хъуамӕ ингӕны ма баззадаид. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид калмы сӕр. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ йӕ зӕвӕт байгас уыдаид. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Хуыцау ӕртыккаг бон Йесойы райгас кодта, ӕмӕ уый сси ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон удгоймаг. Хуыцау цы бон снысан кодта, уыцы бон Йесо Хӕйрӕджы фесафдзӕн (Дзут. 2:14). Чырысти ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон зӕхх ссыгъдӕг кӕндзысты Хуыцауы знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр, ома калмы байзӕддагӕй (Рарг. 17:14; 20:4, 10). w22.07 16 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 6 апрель

Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын (Ӕмб. 13:20).

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына. Библийы бӕлвырд ис фыст, хорз ӕмбӕлттӕ нын куы вӕййы, уӕд хорзырдӕм кӕй фӕивӕм, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ нын куы вӕййы, уӕд та – ӕвзӕрырдӕм. Уӕ сывӕллӕттӕн се ’мбӕлтты зонут? Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына? (1 Кор. 15:33). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм чырыстӕтты-иу уӕхимӕ фӕхонут ӕмӕ-иу уӕ рӕстӕг иумӕ арвитут (Пс. 119:63). Иу фыд, Тони радзырдта: «Нӕхимӕ-иу фӕхуыдтам алы кары хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Фӕхуыдтам-иу сӕ бинонты ахуырмӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи абадынмӕ дӕр. Афтӕмӕй, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ис хуыздӕр базонӕн... Уыдон-иу радзырдтой алыхуызон цымыдисаг хабӕрттӕ. Ӕмӕ куыд зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕ сывӕллӕтты дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын». w22.05 30 ф., 14, 15 абз.

Хуыцаубон, 7 апрель

Зӕххыл цы бабӕттат, уый уал раздӕр баст ӕрцӕудзӕн уӕлӕрвты (Матф. 18:18).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыимӕ куы фембӕлынц, уӕд сӕ нысан вӕййы, цӕмӕй уыдон дӕр, Йегъовӕ уӕлӕрвты цы уынаффӕ рахаста, ахӕм уынаффӕ рахӕссой. Уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр пайда ӕрхӕссы. Зӕгъӕм, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, уый ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд Йегъовӕйы зынаргъ фыстӕн тӕссаг нӕ вӕййы, йӕ зондыл кӕй ацӕудзысты, уымӕй (1 Кор. 5:6, 7, 11–13; Тит. 3:10, 11). Уымӕй уӕлдай ма уый фӕрцы, гӕнӕн ис, тӕригъӕдджын ӕрфӕсмон кӕна, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн (Лук. 5:32). Йӕ тӕригъӕдыл чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕмӕ фӕкувынц, цӕмӕй йын баххуыс кӕна ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууа (Иак. 5:15). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймагимӕ куы фембӕлой, фӕлӕ уый куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты. Фӕлӕ уый фӕстӕ адӕймаг йӕ рӕдыд куы бамбара, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ цард куы аива, уӕд ын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн (Лук. 15:17–24). Кӕд тынг стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр ын ныххатыр кӕндзӕн (2 Аз. 33:9, 12, 13; 1 Тим. 1:15). w22.06 9 ф., 5, 6 абз.

Къуырисӕр, 8 апрель

Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (1 Пет. 5:8).

Йегъовӕйы фӕрцы чырыстӕттӕ ӕгас зӕххыл дӕр фидар фӕлӕууынц алыхуызон зын уавӕрты, стӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ дӕр (1 Пет. 5:9). Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у алы уавӕры дӕр фидар фӕлӕууын. Тагъд Йегъовӕ Йесойӕн ӕмӕ, йемӕ йӕ Паддзахады чи уыдзӕн, уыдонӕн бардзырд ратдзӕн, цӕмӕй «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалой» (1 Иоан. 3:8). Ӕмӕ уый фӕстӕ, Хуыцауӕн зӕххыл чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы адӕм никӕмӕйуал тӕрсдзысты ӕмӕ уыдзысты «дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй» (Ис. 54:14; Мих. 4:4). Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та нӕ хъӕуы тынг архайын, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕй тас фӕсурӕм. Хъуамӕ нӕ алкӕддӕр фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Нӕ бон у хъуыды кӕнын, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бахъахъхъӕдта, ууыл ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Стӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм, нӕхицӕн дӕр нын куыд баххуыс кӕны, уый. Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсӕм! (Пс. 34:4). w22.06 19 ф., 19, 20 абз.

Дыццӕг, 9 апрель

Ӕмӕ сӕмбӕлд... гуымирыйӕн йӕ къӕхтыл... ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй цы хай уыд, ууыл (Дан. 2:34).

Дунеон паддзахад гуымирыйӕн у йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ. Ӕмӕ сты «кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм ӕлыгӕй». Уыцы дунеон паддзахад фӕзынд Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ бадзырд куы скодтой ӕмӕ иумӕ архайын куы райдыдтой, уӕд. Навуходоносор цы фын федта, уымӕй ма базонӕн ис, уыцы дунеон паддзахад, йӕ размӕ цы дунеон паддзахӕдтӕ уыд, уыдонӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый. Йӕ размӕ цы дунеон паддзахӕдтӕ уыд, уыдон ӕвдыст сты сыгъдӕг згъӕртӕй, зӕгъӕм, сызгъӕринӕй кӕнӕ ӕвзистӕй. Ацы дунеон паддзахад та ӕвдыст у ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй, сты иумӕ хӕццӕ. Ӕлыг амоны «адӕймаджы байзӕддӕгтӕм», ома хуымӕтӕг адӕммӕ (Дан. 2:43). Адӕм архайынц ӕвзӕрстыты, сӕ бартыл тох кӕнынц, скӕнынц профсоюзтӕ ӕмӕ рацӕуынц демонстрацитӕм. Уыдӕтты тыххӕй ацы дунеон паддзахад лӕмӕгъдӕр кӕны ӕмӕ йӕ бон нӕ вӕййы, цы сфӕнд кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр саразын. w22.07 4, 5 фф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 10 апрель

Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (Иоан. 4:34).

Мыййаг, донаргъуыд райсынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс? Фӕстӕ кӕныс? (Хъуыд. 8:36). Йесо йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын абарста хӕринагимӕ. Цымӕ цӕмӕн? Хӕринаг адӕймагӕн пайда у. Ӕмӕ Йесо зыдта, Йегъовӕ нын цы аразын кӕны, уый нын алкӕддӕр пайда кӕй вӕййы. Зиан нын цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй нын никуы ницы фӕаразын кӕны. Цымӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй донаргъуыд райсай? Фӕнды! (Хъуыд. 2:38). Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕн, донаргъуыд куы райсай, уӕд дын уый пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Дӕ разы хӕрзад хӕринаг куы уа, уӕд рахъуыды-бахъуыды нӕ кӕндзынӕ, бахӕрон дзы ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Уӕдӕ донаргъуыдыл дӕр нӕ хъӕуы рахъуыды-бахъуыды кӕнын. Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц: «Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕма дӕн». Адӕймаг уымӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ хъуамӕ уа. Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай, уый у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ. Уыцы хъуыддаг талф-тулфӕй нӕй аразӕн. Адӕймаг донаргъуыдмӕ иу бонмӕ нӕ ацӕттӕ вӕййы. Фӕхъӕуы йӕ цавӕрдӕр къахдзӕфтӕ скӕнын. w23.03 7 ф., 18–20 абз.

Цыппӕрӕм, 11 апрель

Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы: «Ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн», цыма бирӕ сты, фӕлӕ иуы кой кӕны, «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый у Чырысти (Гал. 3:16).

Йесо сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ӕрцыд, уӕд сси «сылгоймаджы байзӕддаг». Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ йын Хуыцау «кад ӕмӕ намысы худ... ӕркодта йӕ сӕрыл». Ӕмӕ йын радта «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр», уыимӕ «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалыны» бар дӕр (Дзут. 2:7; Матф. 28:18; 1 Иоан. 3:8). Фӕлӕ сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» ӕрмӕст Йесо нӕ хауы. Дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй сӕрст чырыстон чи сси, уыдонӕн апостол Павел загъта: «Кӕд Чырыстийы стут, уӕд... ӕцӕгдӕр стут Авраамы байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ стут бындартӕ» (Гал. 3:28, 29). Йегъовӕ чырыстӕттӕй искӕй йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрды, уӕд уыцы адӕймаг дӕр свӕййы сылгоймаджы «байзӕддаг». Уӕдӕ сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» хауынц Йесо Чырысти ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 (Райд. 3:15, фип.; Рарг. 14:1). Уыдон иууылдӕр хъуыды кӕнынц ӕмӕ архайынц сӕ Фыды, Йегъовӕйы, хуызӕн. w22.07 16 ф., 8, 9 абз.

Майрӕмбон, 12 апрель

Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды (Иов 7:16).

Мах зонӕм, ацы фӕстаг бонты зындзинӕдтӕй хызт кӕй нӕ уыдзыстӕм (2 Тим. 3:1). Ахӕм рӕстӕг адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты, уӕлдайдӕр ыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл кӕнӕ иууылдӕр уыцы иу рӕстӕг куы ’рцӕуынц, уӕд. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕм йӕ цӕст кӕй дары. Йе ’ххуысы фӕрцы цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕраздзыстӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовӕн куыд баххуыс кодта, уый. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ сӕр цынӕтӕ бавзӕрста! Иу бонмӕ йын йӕ фосӕй иуты адавтой, иннӕты та арт аныхъуырдта. Йӕ лӕггадгӕнджыты йын амардтой. Уымӕй фыддӕр та уый уыд, ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты (Иов 1:13–19). Уыдӕттӕй йӕхимӕ нӕма ’рцыд, афтӕ удхайраг низӕй фӕрынчын (Иов 2:7). Фӕлӕ Йегъовӕ Иовмӕ йӕ цӕст дардта. Ӕмӕ, цӕмӕй хъуыд, уымӕй йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта. w22.08 11 ф., 8–10 абз.

Сабат, 13 апрель

Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны (Дзут. 12:6).

Йегъовӕ нын зонд куы фӕамоны кӕнӕ нын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд нын уый хатт тынг зын вӕййы. Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ахӕмӕй ницы сарӕзтам, цӕй тыххӕй нын бауайдзӕф кӕна, кӕнӕ нын ӕгӕр карз уайдзӕф бакодта. Ӕмӕ уӕд иу ахсджиаг хъуыддаг нӕ бамбардзыстӕм: Йегъовӕ нын зонд амоны ӕмӕ нын уайдзӕф бакӕны, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы (Дзут. 12:5, 6, 11). Уӕдӕ-иу зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ айс ӕмӕ, цы хъӕуы, уый-иу фӕив. Йесо Петрӕн цалдӕр хатты бауайдзӕф кодта иннӕ апостолты раз (Мар. 8:33; Лук. 22:31–34). Ӕмӕ Петр, ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Йесойыл уыд иузӕрдион. Уый зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр. Уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йын ӕмбырды йӕ бар бакодта стыр хӕстӕ (Иоан. 21:15–17; Хъуыд. 10:24–33; 1 Пет. 1:1). Зонд нын куы бацамоной, уӕд махмӕ дӕр, гӕнӕн ис, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй худинаг кӕса. Фӕлӕ-иу хъуамӕ ууыл ма хъуыды кӕнӕм. Хъуамӕ-иу зондамынд нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ-иу, фӕивын цы хъӕуы, уый фӕивӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр фылдӕр лӕггад кӕнын. w22.11 21, 22 фф., 6, 7 абз.

Хуыцаубон, 14 апрель

[Исахъы] нывондӕн ӕрхӕсс (Райд. 22:2).

Авраам зыдта, Йегъовӕ, раст цы нӕу, уый кӕй нӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕгъатыр кӕй нӕу. Апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй Авраам хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕ бон у Исахъы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын (Дзут. 11:17–19). Рох дзы нӕ уыд Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, Исахъӕй рацӕудзӕн ӕнӕхъӕн адӕмыхатт. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг та Исахъӕн сывӕллӕттӕ нӕма уыди. Авраам Йегъовӕйы тынг уарзта, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл. Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд ӕмӕ йӕм байхъуыста, кӕд ын йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын зын уыд, уӕддӕр (Райд. 22:1–12). Махӕн та нӕ бон куыд у Авраамы фӕзмын? Хъуамӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр бауарздзыстӕм (Пс. 73:28). Стӕй не ’фсарм ахуыр кӕндзыстӕм, цӕмӕй нӕ бон уа, Хуыцауы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзут. 5:14). Ӕмӕ уый кӕй ӕмбарӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Исчи-иу нын исты ’взӕр хъуыддаг куы аразын кӕна, уӕд-иу не сразы уыдзыстӕм. Нӕ уӕларвон Фыдӕй нӕ цы адард кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, ахӕм исты саразын нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн. w22.08 28, 29 фф., 11, 12 абз.

Къуырисӕр, 15 апрель

Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы (Ӕмб. 12:25).

Апостол Павел Варнавӕимӕ Листрӕйы, Иконийы ӕмӕ Антиохийы чырыстӕтты ногӕй куы бӕрӕг кодтой, уӕд «алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Хъуыд. 14:21–23). Уыдон ӕмбырдтӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой. Ӕмӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ кӕнынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн-иу уӕ «хорз ныхас» ма бавгъау кӕнут! Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, бирӕ рагон лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууыдысты Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы (Дзут. 12:1). Уый ӕмбӕрста, ахӕм лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ сӕ ныфс кӕй бауадздзысты ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой «удӕгас Хуыцауы горӕтыл» (Дзут. 12:22). Ӕмӕ мах дӕр сӕ хабӕрттӕ афтӕ бафидар кӕнынц. Йегъовӕ Гедеонӕн, Варакӕн, Давидӕн, Самуилӕн ӕмӕ бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты (Дзут. 11:32–35). w22.08 21 ф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 16 апрель

Ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ тӕрхонгонд ӕрцыд (Рарг. 20:13).

Чи райгас уыдзӕн, уыдон цавӕр «хъуыддӕгтӕм» гӕсгӕ цӕудзысты тӕрхонгонд? Раздӕр, зӕронд дунейы цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонмӕ гӕсгӕ? Нӕ. Куыд загътам, афтӕмӕй сӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, куы амардысты, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ацы ран сӕ «хъуыддӕгтӕ» сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм нӕ амонынц, фӕлӕ амонынц, ног дунейы цӕуыл сахуыр уой, уымӕ гӕсгӕ архайдзысты ӕви нӕ, уымӕ. Суанг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр, зӕгъӕм, Нойы, Самуилы, Давиды ӕмӕ Данелы, хъӕудзӕн Йесо Чырыстийы тыххӕй базонын ӕмӕ, йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл баууӕндын. Уӕдӕ фыдгӕнджыты та ноджы фылдӕр цыдӕртӕ хъӕудзӕн базонын! Фӕлӕ кӕй нӕ бафӕнда, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой, уыдонӕн та сӕ хабар куыд уыдзӕн? Раргомады 20:15 стихы фыст ис: «Царды чиныджы фыст чи нӕ уыд, уыдон... ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады». Уыдон ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты. Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой ӕмӕ уым баззайой! w22.09 18, 19 фф., 17–19 абз.

Ӕртыццӕг, 17 апрель

Ӕдзухдӕр архайын, цӕмӕй Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ адӕмы раз дӕр мӕ цӕсгом сыгъдӕг уа (Хъуыд. 24:16).

Не ’нӕниздзинадимӕ ӕмӕ хос кӕныны мадзӕлттимӕ баст чи у, уыцы фарстаты фӕдыл арӕх уынаффӕ рахӕссӕм, Библийӕ цы базыдтам ӕмӕ нын не ’фсарм цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (1 Тим. 3:9). Ӕмӕ, цы уынаффӕ рахастам, ууыл-иу иннӕтимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Филиппӕгтӕм 4:5 стихы фыст уагӕвӕрд: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр». Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕндзыстӕм. Мах уарзӕм нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм, кӕд цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл ӕмхуызон уынаффӕ нӕ рахӕссӕм, уӕддӕр (Ром. 14:10–12). Йегъовӕйӕ, царддӕттӕг Хуыцауӕй, йӕ лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, нӕ цард куы хъахъхъӕнӕм ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд (Рарг. 4:11). Нырма уал низтӕй ӕмӕ бӕллӕхтӕй хызт не стӕм. Фӕлӕ нын не Сфӕлдисӕг ахӕм цард нӕ цӕттӕ кодта. Ӕмӕ нын тагъд балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард, ӕмӕ рынчын ӕмӕ мӕлгӕ ничиуал кӕндзӕн (Рарг. 21:4). Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та, удӕгас кӕй стӕм, ууыл цин кӕнӕм ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнӕм! w23.02 25 ф., 17, 18 абз.

Цыппӕрӕм, 18 апрель

Дӕ паддзахад дихгонд ӕрцыд ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд мидиӕгтӕн ӕмӕ персайнӕгтӕн (Дан. 5:28).

Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, зӕххон хицӕуттӕй уӕлдӕр кӕй у (Ром. 13:1). Ӕркӕсӕм ӕртӕ хабармӕ. Фараон, Египеты паддзах, Йегъовӕйы адӕмӕй цагъартӕ скодта. Ӕмӕ цалдӕр хатты не сразы, цӕмӕй сӕ рауагътаид. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы ссӕрибар кодта, фараоны та Сырх денджызы дӕтты бын фӕкодта (Рац. 14:26–28; Пс. 136:15). Вавилоны паддзах Валтасар стыр куывд скодта. Уый «уӕлӕрвты Хицауы ныхмӕ» рацыд ӕмӕ кадджын кодта «ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй... конд хуыцӕутты», Йегъовӕйы нӕ, фӕлӕ (Дан. 5:22, 23). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы сӕрбӕрзонд паддзахӕн йӕ бон базонын кодта. «Раст уыцы ӕхсӕв» Валтасары амардтой, йӕ паддзахад та лӕвӕрд ӕрцыд мидиӕгтӕн ӕмӕ персайнӕгтӕн (Дан. 5:30, 31). Палестинӕйы паддзах Ирод Агриппӕ Фыццаг апостол Иаковы амарын кодта. Уый фӕстӕ та апостол Петры ахӕстоны бакодта ӕмӕ уый дӕр марынвӕнд кодта. Фӕлӕ йӕ Хуыцау нӕ бауагъта йӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕнын. «Йегъовӕйы зӕд [ӕй] ӕрцавта», ӕмӕ Ирод амард (Хъуыд. 12:1–5, 21–23). w22.10 15 ф., 12 абз.

Майрӕмбон, 19 апрель

Ӕз [уӕ] фехъусдзынӕн (Йер. 29:12).

Раджы заманты Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ сыл куыд тыхсти, уый тыххӕй кӕсгӕйӕ нӕ ныфс ноджы тынгдӕр сфидар вӕййы. Хуыцауы Ныхасы цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, «уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Хъуыды кӕн, Йегъовӕ раздӕр йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кодта, ууыл. Ахъуыды-ма кӕнӕм Авраам ӕмӕ Саррӕйы хабарыл. Кӕд уыцы кары нал уыдысты, цӕмӕй сын сывӕллон рацӕуа, уӕддӕр сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн (Райд. 18:10). Цымӕ йын Авраам йӕ ныхӕстыл баууӕндыд? Библийы фыст ис: «Авраамы... уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн» (Ром. 4:18). Кӕд адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зынд, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр Авраамы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уыцы иузӕрдион адӕймаг нӕ фӕфыдӕнхъӕл (Ром. 4:19–21). Ахӕм хабӕрттӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл алкӕддӕр нӕ ныфс дарын. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. w22.10 27 ф., 13, 14 абз.

Сабат, 20 апрель

Дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы (Ис. 30:20).

Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, дзуттӕгтӕ уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыд сӕ Кадджын Зондамонӕг – лӕвӕрдта сын разамынд, ӕмӕ сын бантыст раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Абон махӕн дӕр Йегъовӕ у нӕ Кадджын Зондамонӕг, ӕмӕ уый у стыр арфӕдзинад. Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мах стӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны. Исай загъта: «Дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы». Ам уынӕм ахӕм ныв: Зондамонӕг, ома Йегъовӕ, лӕууы йӕ ахуыргӕнинӕгты акомкоммӕ. Йегъовӕ нӕ Зондамонӕг, кӕнӕ нӕ Ахуыргӕнӕг, кӕй у, уый нын стыр кад куыннӕ у! Уый нӕ ахуыр кӕны йӕ организацийы уылты. Мах дзы тынг бузныг стӕм, йӕ организаци нын цы бӕлвырд разамынд дӕтты, уый тыххӕй! Разамынд нын дӕтты, зӕгъӕм, ӕмбырдты, нӕ публикациты ӕмӕ JW Broadcasting®-ы передачӕты уылты. Ӕмӕ нын уыцы разамынд ӕххуыс кӕны зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн. w22.11 10 ф., 8, 9 абз.

Хуыцаубон, 21 апрель

Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (Матф. 24:3).

Иерусалим ӕмӕ кувӕндон пырхгонд кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ нӕ «цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый тыххӕй Йесо загъта: «Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд». Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут» (Мар. 13:32–37). 1 ӕнусы Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ уыдаиккой къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг». Уый куыддӕр федтаиккой, афтӕ сӕ хъуыд Йесойы фӕдзӕхстмӕ байхъусын ӕмӕ хӕхтӕм алидзын (Лук. 21:20, 21). Чи йӕм байхъуыста, уыдон удӕгасӕй баззадысты, ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Ацы фыддунейӕн дӕр йӕ кӕрон тагъд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. w23.02 14 ф., 1, 2 абз.; 16 ф., 3 абз.

Къуырисӕр, 22 апрель

Йегъовӕ, рӕстдзинады Хуыцау (Пс. 31:5).

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны, цӕмӕй уой ӕнӕзӕрдӕхудт, сайгӕ ма кӕной ӕмӕ, раст цы у, уый аразой. Уый фӕрцы сӕ цӕсгом вӕййы сыгъдӕг ӕмӕ сӕхицӕн дӕр тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц (Ӕмб. 13:5, 6). Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый фӕрцы, ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр Йегъовӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты ссӕрибар кодта. Ды базыдтай, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр пайда кӕй сты (Пс. 77:13). Ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын (Матф. 6:33). Дӕу фӕнды адӕмӕн рӕстдзинад дзурын ӕмӕ, Хӕйрӕг нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта, уый ӕргом кӕнын. Уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы саразын? Дӕ цардӕй равдис, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл кӕй не ’ууӕндыс ӕмӕ «ӕцӕгдзинады» фарс кӕй дӕ. Равдис, кӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ дӕ Хицау уа, стӕй дӕ кӕй фӕнды, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразын. Уый тыххӕй та дӕ хъӕуы Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын дӕхи снывонд кӕнын, стӕй донаргъуыд райсын. Адӕймаг «ӕцӕгдзинад» куы бауарзы ӕмӕ йӕ тынг куы бафӕнды, раст цы у, уый аразын, уӕд ӕй бафӕнды донаргъуыд райсын дӕр. w23.03 3 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 23 апрель

Ма тыхсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕты тас ма уӕд (Иоан. 14:27).

Ацы дунейы адӕм «Хуыцауы фарны» тыххӕй ницы зонынц. Хуыцауы фарнӕй схайджын вӕййӕм, Хуыцаумӕ куы баввахс вӕййӕм, уӕд. Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ вӕййынц сабыр ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсӕм (Фил. 4:6, 7). Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы чи уарзы, уыдон сты не ’ввахс хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ «фарны Хуыцау» дӕр у не ’ввахс Хӕлар (1 Фес. 5:23). Цавӕрдӕр уӕззау уавӕры куы бахауӕм, уӕд фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн ӕнцой нал фӕарӕм. Фӕлӕ Хуыцауы хорз куы зонӕм, нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд-иу нын Хуыцауы фарн нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр нӕ зӕрдӕты Хуыцауы фарн уа? Зӕгъӕм, цавӕрдӕр низ куы сыста, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, нӕ бӕстӕйы змӕстытӕ куы уа кӕнӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд? Уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕты тас бацӕуа. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Йесойы уынаффӕмӕ хъусынц. Уыцы уынаффӕ фыст ис абоны стихы. Йегъовӕйы фӕрцы уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр сӕ зӕрдӕты вӕййы фарн. w22.12 16 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 24 апрель

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕ удӕй арт уадзут. Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут (Ром. 12:11).

Нӕ царды цыдӕртӕ фӕивы, ӕмӕ цӕуылдӕрты нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ аргъ кӕндзӕн, кадджын хӕстӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Стӕй хъуамӕ нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм (Гал. 6:4). Хъуамӕ-иу агурӕм ӕндӕр фадӕттӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Хуымӕтӕг цард куы кӕнай ӕмӕ хъӕуа-нӕ хъӕуа хӕстӕ куы нӕ исай, уӕд дӕ бон уыдзӕн Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, уый тыххӕй дӕ разы ӕвӕр къаддӕр нысӕнттӕ дӕр. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Уӕд уал ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдай. Кӕд дӕ фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнай. Афтӕмӕй дӕм фӕзындзӕн фӕлтӕрддзинад ӕмӕ цӕттӕ уыдзынӕ, цӕмӕй дын дӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакӕной. Дӕ бар дын цыфӕнды хъуыддаг ма бакӕной – араз ӕй зӕрдиагӕй. w22.04 26 ф., 16, 17 абз.

Цыппӕрӕм, 25 апрель

Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы мӕ хъӕлӕс ӕмӕ мӕ лӕгъстӕтӕ (Пс. 116:1).

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, уайтагъд ратта тыхтӕ, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Гӕнӕн ис, нӕ фӕлварӕнӕн кӕрон, мах кӕд ӕнхъӕл стӕм, уӕд ма ’рцӕуа. Ӕмӕ нӕ уӕд бахъӕудзӕн Йегъовӕмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй кувын, цӕмӕй нын тыхтӕ дӕтта. Йӕхӕдӕг дӕр нын дзуры, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм. Уый бӕрӕг у Исайы ныхӕстӕй: «Ма йӕ ныууадзут, ма ’рсабыр ут» (Ис. 62:7). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ-иу Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ кувӕм, цӕмӕй-иу афтӕ рауайа, ӕмӕ йӕ иу ран нал уадзӕм. Исайы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йесо кувыны тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдон. Фыст сты Лукайы 11:8–10, 13 стихты. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ Йегъовӕмӕ афтӕ кувӕм, ӕмӕ зӕгъӕн уа, нал ӕмӕ йӕ нал уадзӕм, зӕгъгӕ. Стӕй дзы хъуамӕ дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Йегъовӕйӕ разамынд дӕр курын, цӕмӕй-иу раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм. w22.11 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 6, 7 абз.

Майрӕмбон, 26 апрель

Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы (Хъуыд. 14:22).

Хъуамӕ цӕттӕ уӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ. Ӕмӕ уӕ бинонтимӕ уӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнут. Нӕ хъӕуы хи тӕрсын кӕнын, зӕгъгӕ, уӕдта ма мын фыдмитӕ кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕн уыцы хъуыддаджы. Истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд-иу дӕ сагъӕстӕ Хуыцауӕн радзур (Пс. 62:7, 8). Ӕнӕхъӕн бинонтӕй аныхас кӕнут, уӕ бон ыл уӕ ныфс дарын цӕмӕн у, уыдӕттыл. Куыд дзырдтам, афтӕмӕй сывӕллӕттӕн фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй цӕттӕ уой, цавӕрдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Раст афтӕ сӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ дӕр. Дӕхӕдӕг дӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарай ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл куы ахуыр кӕнай, уӕд сын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй хъӕбатыр уой ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсой. Нӕ зӕрдӕйы Хуыцауы фарн куы уа, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм (Фил. 4:6, 7). Уый фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны, кӕд цавӕрдӕр низтӕ сысты, бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы ӕмӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд феййафӕм, уӕддӕр. Баххуыс нын кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Стӕй махӕй алкӕмӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм. Хуыцау нӕ ныртӕккӕ цы фарнӕй хайджын кӕны, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн стырдӕр фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын, суанг «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕр (Матф. 24:21). w22.12 27 ф., 17, 18 абз.

Сабат, 27 апрель

Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты (Матф. 9:13).

Хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй нӕхи ма хӕрӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды «зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразын», зӕгъгӕ нын сӕ уӕддӕр Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы ныххатыр кӕндзӕн (Дзут. 10:26–31). Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: кӕд нӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтам, Йегъовӕйӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдтам ӕмӕ уыцы ’взӕр хъуыддаг ныууагътам, уӕд нын бынтондӕр ныххатыр кодта (Ис. 55:7; Хъуыд. 3:19). Йесойы нывондӕн ахӕм тых ис, цӕмӕй нын не ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр бамбӕрза ӕмӕ нын уый фӕрцы ис дзӕнӕты цӕрыны ныфс. Уым ӕнкъард никуы кӕндзыстӕм! Ӕмбӕлдзыстӕм алыхуызон адӕмыл, стӕй нын алкӕддӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст. Ӕппӕты хуыздӕр та уый уыдзӕн, ӕмӕ бонӕй-бонмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ-иу ӕй хуыздӕр базондзыстӕм. Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй, ногӕй цы базонӕм, уый ма уа. Ӕмӕ нӕ бон цас цыдӕртӕ уыдзӕн базонын, цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй. Мах алы бон дӕр цин кӕндзыстӕм йӕ лӕвӕрттыл. w22.12 12 ф., 17 абз., 13 ф., 19 абз.

Хуыцаубон, 28 апрель

Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы... кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ (Райд. 3:15).

«Сылгоймаг» Евӕ нӕ уыд. Пехуымпарады фыст ис, сылгоймаджы байзӕддаг кӕй хъуамӕ «ныцъцъӕл кӕна» калмӕн йӕ сӕр. Ӕмӕ иугӕр калм у фыдгӕнӕг зӕд Хӕйрӕг, уӕд Евӕйы байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыдаид Хӕйрӕджы сӕр ныцъцъӕл кӕнын. Уӕдӕ «сылгоймаг» амоны ӕндӕр кӕмӕдӕр. Уыцы «сылгоймаг» чи у, уый базонӕн ис Библийы фӕстаг чиныгӕй (Рарг. 12:1, 2, 5, 10). Уый ӕнӕуи сылгоймаг нӕу. Йӕ къӕхты бын ис мӕй, «йӕ сӕрыл та – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ». Гуыргӕ та йын ракодта тынг ӕнахуыр сывӕллон – Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ сылгоймаг дӕр хъуамӕ уа уӕлӕрвты. Уӕдӕ уый амоны Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хаймӕ – ис дзы йӕ иузӕрдион зӕдтӕ (Гал. 4:26). Библийӕ ма базонӕн ис, сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» фыццаджыдӕр чи хауы, уый. Йӕ байзӕддаг туг ӕмӕ стӕгӕй хъуамӕ уыдаид Авраамы байзӕддаг (Райд. 22:15–18). w22.07 15, 16 фф., 6–8 абз.

Къуырисӕр, 29 апрель

Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл (1 Фес. 2:13).

Библийы зондджын уынаффӕтӕ тынг бирӕ ис. Уыдон адӕмӕн стыр пайда хӕссынц – Библи сын сӕ цард фӕивы. Моисей Библийы фыццаг чингуытӕ фыст куы фӕци, уӕд Хуыцауы адӕмӕн, израилӕгтӕн, загъта: «Уыдон сымахӕн афтид ныхӕстӕ не сты – уыдонӕй кӕнгӕ у уӕ цард» (Дык. з. 32:47). Ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ чи хъуыста, уыдон уыдысты ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын (Пс. 1:2, 3). Хуыцауы Ныхасыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы ӕмӕ йын ис ахӕм тых, цӕмӕй адӕмы цард фӕива. Библийы уагӕвӕрдтӕ сты ӕнусон. Уыдон адӕмӕн пайда хастой раджы заман дӕр ӕмӕ сын абон дӕр хӕссынц пайда. Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ нӕ бон архайын куыд у, уый (Пс. 119:27; Мал. 3:16; Дзут. 4:12). Библийы Автор у удӕгас Хуыцау, ӕмӕ йӕ тынг фӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды Библи алы бон дӕр кӕсын! w23.02 3 ф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 30 апрель

Бӕстӕ пырх кӕндзӕн (Дан. 8:24).

Раргомады 13-ӕм сӕры ӕвдӕм сӕр ӕвдыст у ӕндӕр сырды хуызы. Ис ын «уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы», фӕлӕ дзургӕ та кӕны «залиаг калмау». Уыцы сырд «ӕвдисы ахӕм стыр диссӕгтӕ, ӕмӕ адӕмы цӕстыты раз арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны» (Рарг. 13:11–15). Раргомады 16-ӕм ӕмӕ 19-ӕм сӕрты та хуыйны «мӕнг пехуымпар» (Рарг. 16:13; 19:20). Данелы чиныджы дӕр ис ахӕм цӕйдӕр кой, зӕгъӕм, фыст дзы ис, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ бӕстӕ кӕй пырх кӕндзысты (Дан. 8:19, 23, 24). Ацы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Японийыл дыууӕ атомон бомбӕйы ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уый хӕстӕн кӕрон скодта. Уыцы бомбӕтӕ саразыныл куыстой Великобританийы ӕмӕ Иугонд Штатты ахуыргӕндтӕ. Зӕгъӕн ис, афтӕмӕй Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ «арвӕй зӕхмӕ арт... ӕрцӕуын кодтой». w22.05 10 ф., 9 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын