Май
Ӕртыццӕг, 1 май
Уый фӕстӕ акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй (Рарг. 7:9).
144 минӕй уӕлдай ма Иоанн федта «тынг бирӕ адӕмы» ӕмӕ уыдонӕн сӕ нымӕц бӕлвырд нӕу. Чи сты уыцы адӕм? Иоанн ныффыста: «Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм. Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй» (Рарг. 7:14). Стыр бӕллӕхы фӕстӕ «тынг бирӕ адӕм» цӕрдзысты зӕххыл ӕмӕ сын уыдзӕни диссаджы цард (Пс. 37:9–11, 27–29; Ӕмб. 2:21, 22; Рарг. 7:16, 17). Дӕхи Раргомады 7-ӕм сӕры уыныс? Бацархай, цӕмӕй уыцы «къамы» дӕхи фенай. Цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр! Мах тынг цин кӕндзыстӕм, нӕхицӕн Хицауӕй Йегъовӕйы кӕй равзӕрстам, ууыл! w22.05 16 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 2 май
Зонд дӕтты Йегъовӕ (Ӕмб. 2:6).
Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕ зонд фӕкурыс. Ӕмӕ уый раст у (Иак. 1:5). Паддзах Соломон загъта: «Зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр» (Ӕмб. 4:7). Адӕймаг бирӕ чингуытӕ бакӕса ӕмӕ бирӕ зона, уый кой нӕ кодта. Уый кодта, Хуыцау Йегъовӕйӕ чи цӕуы, уыцы зонды кой. Фӕлӕ нын цымӕ Хуыцауы уынаффӕтӕ абон баххуыс кӕндзысты, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд? Бӕгуыдӕр. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, йе стыр зондӕй хъуыстгонд чи у, дыууӕ ахӕм адӕймаджы уынаффӕтӕм. Сӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ сын куы архайӕм, уӕд суыдзыстӕм ӕцӕг зондджын. Фыццаг уал ахъуыды кӕн Соломоныл. Библийы фыст ис: «Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта стыр зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад» (1 Пад. 4:29). Уый фӕстӕ та ахъуыды кӕн Йесо Чырыстийыл. Адӕмӕй уый хуызӕн зондджын никуы ничи уыд (Матф. 12:42). Пехуымпар Исай Йесойы тыххӕй загъта: «Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй» (Ис. 11:2). w22.05 20 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 3 май
Цӕмӕй дӕ цонджы хъаруйы тыххӕй радзурон иннӕ фӕлтӕрӕн (Пс. 71:18).
Цасфӕнды ныл ма цӕуа, уӕддӕр нӕ бон у нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын. Хо Беверлийыл цӕуы 75 азы. Цавӕрдӕр низ ӕм кӕй ис, уый тыххӕй бирӕ цӕуын йӕ бон нӕу. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд, Ӕрымысӕн изӕры размӕ цы зиу вӕййы, уым фылдӕр балӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ сӕвӕрдта. Беверлийӕн йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы куы бафтыдысты, уӕд йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Уымӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕндыд фылдӕр лӕггад кӕнын. Йегъовӕ нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны, кӕд, цас сӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын сӕ бон нӕу, уӕддӕр (Пс. 71:17). Дӕ разы ӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ дӕ удыхъӕды фидар кӕн. Ног цӕуылдӕрты-иу сахуыр у, цӕмӕй дӕ бон уа Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ организацийы дӕр фылдӕр аразын. Фадӕттӕ агур, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнай. Йегъовӕ Тимофейӕн куыд арфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн дӕр «де ’нтыстдзинад алчидӕр уындзӕн»! (1 Тим. 4:15). w22.04 27 ф., 18, 19 абз.
Сабат, 4 май
Ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ (2 Тим. 3:15).
Хатт афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ кӕд ныййарджытӕ тынг фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллоны рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрой, уӕддӕр сывӕллоны нӕ бафӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд-иу уӕхи ма аххосджын кӕнут. Йегъовӕ алы адӕймагӕн дӕр радта уынаффӕ хӕссыны бар, ома алкӕмӕн дӕр йӕ бон у равзарын, лӕггад ын кӕндзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ ахӕм бар ис уӕ сывӕллонӕн дӕр. Уӕ ныфс ма асӕттӕд. Чи зоны, иу бон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха. Ӕрхъуыды-ма кӕнут, хӕдзарӕй чи ацыд, уыцы фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас (Лук. 15:11–19, 22–24). Цы лӕппуйы кой дзы ис, уый ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыд. Фӕлӕ фӕстагмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Ныййарджытӕ, сымахмӕ ӕрхауд стыр кад – хъуамӕ схъомыл кӕнат, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы ног фӕлтӕр! (Пс. 78:4–6). Уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Стыр бузныг уын, уӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдут ӕмӕ уӕ хъӕбултӕн кӕй ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой! Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ сӕ куы хъомыл кӕнат ӕмӕ сӕ йӕ зондыл куы аразат, уӕд уӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд райгонд уыдзӕн (Еф. 6:4). w22.05 30, 31 фф., 16–18 абз.
Хуыцаубон, 5 май
Буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл хӕцынц (Еф. 4:16).
Алчидӕр нӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы араза, уӕд ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Ахъуыды кӕнӕм 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттыл. Уыдон хайджын уыдысты алыхуызон курдиӕттӕй, стӕй сыл уыди алыхуызон хӕстӕ (1 Кор. 12:4, 7–11). Фӕлӕ уый тыххӕй кӕрӕдзиимӕ ерыс нӕ кодтой ӕмӕ нӕ ныддихтӕ сты. Павел сын загъта, цӕмӕй алчидӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзтаид ӕмӕ афтӕмӕй «Чырыстийы буар фидар кодтаиккой». Ефесӕгтӕм афтӕ ныффыста: «Буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы куса, уӕд буар ӕгасӕй дӕр рӕздзӕн ӕмӕ фидар кӕндзӕн уарзондзинады» (Еф. 4:1–3, 11, 12). Чырыстӕттӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы се ’хсӕн уыди фарн ӕмӕ иудзинад. Ӕмӕ абон дӕр афтӕ у. Дӕхи иннӕтимӕ ма бар. Хъуыды кӕн Йесойы миниуджытыл ӕмӕ йӕ фӕзм. Йегъовӕ мӕнгард нӕу, ӕмӕ дын нӕ ферох кӕндзӕн дӕ фыдӕбон (Дзут. 6:10). Уый тынг аргъ кӕны, йӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй архайыс, уымӕн. w22.04 14 ф., 15, 16 абз.
Къуырисӕр, 6 май
Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ (1 Тим. 1:15).
Хорз ӕмӕ мах нӕ хъӕуы скъуыддзаг кӕнын, адӕймаг уый аккаг у ӕви нӕ, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна! Фӕлӕ иу цыдӕр нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын. Иуӕй-иу хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймаг нӕ ныхмӕ тӕригъӕд сарӕзта, суанг уӕззау тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ нын стӕй загъта, ныххатыр мын кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕ адӕймаг хатыр нӕ ракуры. Афтӕ куы уа, уӕддӕр нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, кӕй йын ныххатыр кӕндзыстӕм, ома йӕм нӕ зӕрдӕйы маст кӕй нал хӕсдзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн бахъӕудзӕн рӕстӕг. Стӕй нӕхи дӕр хъӕудзӕн цыдӕр саразын, уӕлдайдӕр нын кӕд нӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта, уӕд. 1994 азы 15 сентябры «Сторожевая башня»-йы фыст ис: «Чырыстон искӕмӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ, цы тӕригъӕд сарӕзта, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодта. Йегъовӕ у Дун-дунейы Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ алкӕддӕр фӕтӕрхон кӕны рӕстӕй. Ӕмӕ алцыдӕр йӕ афоныл сраст кӕндзӕн». w22.06 9 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 7 май
Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл (Пс. 27:14).
Йегъовӕ загъта, нӕ рӕстӕджы кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн адӕмы ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, цӕмӕй йын лӕггад кӕной. Библи сӕ хоны «тынг бирӕ адӕм» (Рарг. 7:9, 10). Се ’хсӕн ис нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Фӕлӕ уӕддӕр сты иу бинонты хуызӕн ӕмӕ се ’хсӕн ис фарн (Пс. 133:1; Иоан. 10:16). Уыдон алкӕддӕр цӕттӕ вӕййынц, хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн, уыцы ныфсы тыххӕй, чи сӕм байхъусы, уыцы адӕмӕн радзурынмӕ (Матф. 28:19, 20; Рарг. 14:6, 7; 22:17). Кӕд ды дӕр «тынг бирӕ адӕмӕй» дӕ, уӕд уыцы ныфсӕн куыннӕ аргъ кӕндзынӕ. Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй нын фидӕнӕй ныфс уа. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй нӕ сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Уый йӕ къухы куы бафта, уӕд хъӕбатыр нал уыдзыстӕм ӕмӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн дӕр мауал лӕггад кӕнӕм. w22.06 20, 21 фф., 2, 3 абз.
Ӕртыццӕг, 8 май
Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ (Дзут. 6:19).
Мах ӕй зонӕм, тагъд зӕххыл сабыр цард кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ нын нӕ ныфс ӕххуыс кӕны зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Йесо нӕ бафӕдзӕхста, нӕ фӕдыл кӕй зилдзысты ӕмӕ ’фхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм (Иоан. 15:20). Ӕмӕ нӕм цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл фидар лӕууӕм. Йесо зыдта, хъизӕмайраг мардӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ йын цы ныфс уыд, уый йын ӕххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны апостол Петр Псаломты чиныгӕй ӕрхаста рӕсугъд ныхӕстӕ. Уыдон сты пехуымпарад ӕмӕ ӕвдисынц, Йесойы фидарӕй цы уырныдта, уый: «Ӕз цӕрдзынӕн ныфсимӕ, уымӕн ӕмӕ мын ды мӕ уд ингӕны нӕ ныууадздзынӕ, иузӕрдион дыл чи у, уый ӕмбийын нӕ бауадздзынӕ. [...] Ды мын дӕ хорзӕхӕй бахай кӕндзынӕ ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ цинӕй бафсаддзынӕ» (Хъуыд. 2:25–28; Пс. 16:8–11). Йесойы уыди фидар ныфс, Хуыцау ӕй кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ та йӕ Фыдимӕ уӕлӕрвты кӕй баиу уыдзысты. Ӕмӕ уымӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ каст (Дзут. 12:2, 3). w22.10 24, 25 фф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 9 май
Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм (Иак. 3:2).
Иухатт апостолтӕй дыууӕйӕ, Иаков ӕмӕ Иоанн, сӕ мадӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, Йесойӕн зӕгъ, ӕмӕ нын йӕ Паддзахады кадджын бынӕттӕ радта (Матф. 20:20, 21). Уымӕй равдыстой сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ, кадмӕ кӕй бӕллыдысты, уый (Ӕмб. 16:18). Фӕлӕ уӕд ӕрмӕст Иаков ӕмӕ Иоанн нӕ равдыстой се ’взӕр миниуджытӕ. Библийы кӕсӕм: «Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд дыууӕ ӕфсымӕрмӕ смӕсты сты» (Матф. 20:24). Хӕрзаг, Иаков, Иоанн ӕмӕ иннӕ апостолтӕ кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн ныхӕстӕ фӕкодтой. Уыцы уавӕры Йесо куыд бакодта? Йӕ апостолтӕм не смӕсты. Афтӕ сын нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕхицӕн хуыздӕр апостолты ссардзынӕн, сымахӕй сӕрныллӕгдӕр чи уа ӕмӕ алкӕддӕр кӕрӕдзийы чи уарза, ахӕмты. Йесо семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, кӕй сӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын (Матф. 20:25–28). Йесо сӕ дарддӕр дӕр уарзта ӕмӕ сӕм уыд хӕларзӕрдӕ. w23.03 28, 29 фф., 10–13 абз.
Майрӕмбон, 10 май
Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11).
Нырмӕ дӕр дын бирӕ бантыст. Библи зӕрдиагӕй ахуыр кодтай, гӕнӕн ис, цалдӕр азы дӕргъы дӕр. Уый фӕрцы дӕ бауырныдта, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ базыдтай Библийы Авторы, Хуыцау Йегъовӕйы, ӕмӕ йӕ бауарзтай. Афтӕ тынг ӕй бауарзтай, ӕмӕ йын дӕхи снывонд кодтай ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд райстай. Ӕмӕ уый уыд раст уынаффӕ! Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстай, уӕдмӕ дӕр ӕмбӕлдтӕ зындзинӕдтыл ӕмӕ дӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цыд. Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕмбӕлдзынӕ ног фӕлварӕнтыл. Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай. Ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй йыл дӕ зӕрдӕ сивай (Еф. 4:14). Фӕлӕ дыл ахӕм хабар макуы ’рцӕуӕд! Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уай ӕмӕ йын цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрай? Хъуамӕ дарддӕр дӕр «ӕппӕт хъарутӕй тырнай фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзут. 6:1). w22.08 2 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 11 май
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай ӕмӕ дын уа хорз (Дык. з. 5:16).
Бинонтӕй алкӕуыл дӕр ис хӕс, цӕмӕй, ӕрмӕст сӕ бинонтӕм чи хауы, уыцы хабӕрттӕ макӕмӕн дзура. Гӕнӕн ис, лӕгмӕ йӕ усы митӕй кӕцыдӕр худӕг кӕса. Фӕлӕ уый тыххӕй иннӕтӕн нӕ дзурдзӕн, цӕмӕй йӕ бинойнаг ма ныфсӕрмытӕ уа. Уый йӕ бинойнаджы уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ йын истӕмӕй фӕриссын кӕнын (Еф. 5:33). Рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕтты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ нымайой ӕмӕ сын аргъ кӕной. Ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ уый ӕмбарой. Хъуамӕ сын сӕ рӕдыдтыты кой иннӕтӕн ма кӕной, цӕмӕй сӕхимӕ ӕгад ма ’ркӕсой (Кол. 3:21). Сывӕллӕтты дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕмбарой, бинонты тыххӕй алцы ӕддагӕттӕн дзурӕн кӕй нӕй, кӕннод сӕ бинонты адӕмы цӕсты ’фтаудзысты. Бинонтӕй алчидӕр, дзурӕн цы нӕй, уый иннӕтӕн куы нӕ дзура, уӕд ӕнгомдӕр кӕндзысты. w22.09 10 ф., 9 абз.
Хуыцаубон, 12 май
Иов, адӕттӕм дӕ хъус ӕрдар, иу гыццыл ӕрлӕуу ӕмӕ... лӕмбынӕг ахъуыды кӕн (Иов 37:14).
Йегъовӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕй сфӕлдыста, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр кӕй тыхсы ӕмӕ ӕгӕрон зонды хицау кӕй у. Ракодта йын бирӕ диссаджы цӕрӕгойты кой (Иов 38:1, 2; 39:9, 13, 19, 27; 40:15; 41:1, 2). Стӕй йӕ ӕрыгон нӕлгоймаг Елиуйы уылты бафидар кодта ӕмӕ дзы ныфс бауагъта. Елиуй йын загъта, Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй раарфӕ кӕны, фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууынц, уӕд. Фӕлӕ ма йын Йегъовӕ Елиуйы уылты радта уынаффӕ дӕр. Елиуй Иовӕн фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, Дунерафӕлдисӕг Хуыцауимӕ абаргӕйӕ куыд гыццыл у ӕмӕ йӕхиуыл ӕмӕ йӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр кӕй хъуамӕ ма хъуыды кӕна. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Иовӕн радта хӕслӕвӕрд. Хъуамӕ йе ’ртӕ ӕмбалы тыххӕй скуывтаид, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой (Иов 42:8–10). Махӕн та Йегъовӕ зындзинӕдты рӕстӕг куыд баххуыс кӕны? Йегъовӕ махимӕ, Иовимӕ куыд дзырдта, афтӕ нӕ фӕдзуры. Фӕлӕ немӕ фӕдзуры йӕ Ныхас Библийы уылты (Ром. 15:4). w22.08 11 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 13 май
Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз (Ром. 14:21).
Ромы ӕмбырды уыди чырыстӕттӕ дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр. Моисейы закъон йӕ тыхы куы нал уыд, уӕд нал хъуыд ӕххӕст кӕнын, хӕрӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый фӕдыл закъӕттӕ дӕр (Мар. 7:19). Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ алцыдӕр хордтой. Иннӕтӕм та афтӕ каст, ӕмӕ уый раст нӕу. Ӕмӕ уый быцӕутӕм расайдта. Уӕд сын апостол Павел бамбарын кодта, куыд ахсджиаг у ӕмбырды фарн хъахъхъӕнын, ӕмӕ ахӕм быцӕутӕ тӕссаг кӕй сты ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ, чи быцӕу кӕны, уыдонӕн сӕхицӕн дӕр (Ром. 14:19–21). Павел йӕхӕдӕг дӕр цӕттӕ уыд иннӕты тыххӕй цыдӕр фӕивынмӕ, цӕмӕй сын къуылымпыйы хос мацӕмӕй суыдаид (1 Кор. 9:19–22). Ныр дӕр кӕцыдӕр фарстаты фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ чырыстон йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕны, куыд бакӕна, уый. Ӕмӕ ахӕм фарстаты тыххӕй куы нӕ быцӕу кӕнӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ фарн бахъахъхъӕндзыстӕм. w22.08 22 ф., 7 абз.
Дыццӕг, 14 май
Рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыцы адӕймаджы... [Йегъовӕ] уарзы (Ӕмб. 15:9).
Нӕ лӕггады цавӕрдӕр нысанмӕ куы фӕтырнӕм, уӕд фӕархайӕм ӕппӕт тыхтӕй, цӕмӕй нӕ къухы бафта. Ӕмӕ, рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыцы адӕймаджы дӕр афтӕ хъӕуы архайын. Йегъовӕ дӕр ын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын бонӕй-бонмӕ хуыздӕр уайа рӕстӕй цӕрын (Пс. 84:5, 7). Йегъовӕ нын фӕлмӕнӕй дзуры, йӕ фӕдзӕхстытӕ зынӕххӕстгӕнӕн кӕй не сты (1 Иоан. 5:3). Уыдон нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕнынц. Ӕмӕ нӕ алы бон дӕр хъӕуы цӕмӕйдӕр хъахъхъӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, апостол Павел цы хӕстон дзауматы кой ракодта, уыдон (Еф. 6:14–18). Ӕфсӕддоны зӕрдӕ дзы кӕцы хъахъхъӕдта? «Рӕстдзинады згъӕрхӕдон». Уый та амоны, Йегъовӕ растыл цы нымайы ӕмӕ цы нӕ нымайы, уымӕ, йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм. Згъӕрхӕдон-иу ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ куыд хъахъхъӕдта, афтӕ нын Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр ахӕсгӕ хуызы нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынц. Уӕдӕ-иу дӕ уӕлӕ дӕ хӕстон дзауматӕ куы кӕнай, уӕд-иу дӕ «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» ма ферох уӕд (Ӕмб. 4:23). w22.08 29 ф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 15 май
Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм (Ис. 40:8).
Хуыцауы Ныхас цалдӕр мин азы дӕргъы разамынд дӕтты иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн. Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Фыстадӕн къопитӕ кодтаиккой. Ӕмӕ-иу текст чи рафыста, уыдон кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕ куыст бӕстон кодтой. Дзуттаг Фыстыты тыххӕй иу ахуыргонд загъта: «Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ афтӕ ӕнӕивдӕй иннӕ рагон чингуытӕй иу дӕр нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ». Уӕдӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм: абон Библийы цы кӕсӕм, уыдон сты йӕ Авторы, Йегъовӕйы, хъуыдытӕ. «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» дӕтты Йегъовӕ (Иак. 1:17). Йӕ хуыздӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу у Библи. Исчи нын исты куы балӕвар кӕны, уӕд йӕ лӕварӕй бӕрӕг вӕййы, цас хорз нӕ зоны, уый, стӕй, цы нӕ хъӕуы, уый зоны ӕви нӕ. Ӕмӕ уый ис зӕгъӕн, Библи нын чи радта, уымӕй дӕр. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕиртасӕм, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕм. Базонӕм, тынг хорз нӕ кӕй зоны, стӕй кӕй зоны, цы нӕ хъӕуы, уый дӕр. w23.02 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 16 май
Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй (Ис. 11:9).
Цӕй диссаг уыдзӕн, Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг мӕрдтӕ ӕгас кӕнын куы райдайой, уӕд! Мах тынг фӕнды, чи нын амард, уыдоны ногӕй фенын. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр сӕ фендмӕ тынг бӕллы (Иов 14:15). Ӕгас зӕххыл дӕр фырцинӕй адӕм куыдтӕтӕ кӕндзысты, мӕлӕт сӕ кӕмӕй фӕхицӕн кодта, уыдонимӕ фӕстӕмӕ куы баиу уой, уӕд! «Рӕстгӕнджытӕ» – йӕ ном царды чиныджы фыст кӕмӕн ис, уыдон – «райгас уыдзысты цӕрынӕн» (Хъуыд. 24:15; Иоан. 5:29). Чи зоны, нӕ хиуӕттӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй бирӕтӕ уыдзысты, зӕххыл фыццаг чи райгас уа, уыдоны ’хсӕн. Уымӕй уӕлдай ма райгас уыдзысты «фыдгӕнджытӕ», зӕгъӕм, йӕ удӕгасӕй Йегъовӕйы базонынӕн кӕнӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн фаг фадӕттӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдон. Райгас уыдзысты «тӕрхон баййафынӕн». Чи райгас уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр хъӕудзӕн ахуыр кӕнын (Ис. 26:9; 61:11). Уӕд цас адӕмы хъӕудзӕн ахуыр кӕнын, уыйбӕрц никуыма! (Ис. 11:10). w22.09 20 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 17 май
Уый у удӕгас... Хуыцау (Дан. 6:26).
Йегъовӕйы ныхмӕ бирӕ паддзӕхтӕ куы рацӕуынц, уӕддӕр сыл йӕ бар фӕцӕуы. Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕххы стыр хӕйттӕ бацахстаиккой (Йес. Н. 11:4–6, 20; 12:1, 7, 24). Йегъовӕ бирӕ хӕттыты равдыста, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у. Иухатт Вавилоны паддзах Навуходоносор йӕ хъомысӕй ӕмӕ, йӕ кад кӕй айхъуыст, уымӕй ӕппӕлыд. Афтӕмӕй та хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдыстаид ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодтаид. Уый тыххӕй Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ сӕрызонд фӕцыд. Фӕстӕдӕр йӕ зонд йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд Иунӕг Стыр Хуыцауы скадджын кодта ӕмӕ загъта, Йегъовӕ «хицау [кӕй] уыдзӕн ӕнустӕм». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, «ахӕм ничи ис, йӕ къух ын чи аиуварс кӕна», ома йӕ чи бахъыгдара (Дан. 4:30, 33–35). Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм, йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм» (Пс. 33:12). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм Йегъовӕйыл иузӕрдион! w22.10 15, 16 фф., 13–15 абз.
Сабат, 18 май
Дӕ ныхас... у ӕцӕгдзинад (Пс. 119:160).
Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр уырны, Хуыцау фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Махӕн дӕр нӕ бон у, псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ куыд загъта, афтӕ зӕгъын: «Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ», ома, кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ (Пс. 119:81). Библийӕ базыдтам, Йегъовӕ нын кӕй дӕтты «фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йер. 29:11). Ӕмӕ хуыздӕр фидӕнмӕ уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕм цыдӕр кӕй сараздзысты, уый ныфс нӕ нӕй. Уӕдӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд Хуыцауы Ныхасыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Библийы уынаффӕты фӕрцы адӕмӕн сӕ цард аивы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕр нӕ бон у Библийыл ӕууӕндын (Пс. 19:7; 119:66). Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу лӕг ӕмӕ ус хицӕн кӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ-иу Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы сӕ цард нӕ фехӕлд ӕмӕ ныр сты амондджын. Ахӕм ӕнгом чырыстон бинонты ’хсӕн чи хъомыл кӕны, уыцы сывӕллӕттӕ дӕр вӕййынц амондджын ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсынц, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонынц, сӕ ныййарджытӕ сӕ кӕй уарзынц (Еф. 5:22–29). w23.01 5 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 19 май
Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос (Ром. 12:12).
Ахъуыды-иу кӕн, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый дӕхиуыл куыд бавзӕрстай. Зӕгъӕм, Йесо загъта, дӕ уӕларвон Фыд дын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:32, 33). Стӕй ма загъта, Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тых кӕй ратдзӕн, куы дзы курай, уӕд (Лук. 11:13). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхасӕн у хицау. Дӕ бон ма у, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кӕнын, ӕндӕр зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Зӕгъӕм, загъта, кӕй дын хатыр кӕндзӕн, удӕнцой дын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ дын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй дӕтдзӕн (Матф. 6:14; 24:45; 2 Кор. 1:3). Йегъовӕ дын ныр дӕр хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Зонӕм ӕй, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Мах дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Амондджын у уыцы адӕймаг... йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи дары. [...] Уый иузӕрдион у ӕнустӕм» (Пс. 146:5, 6). w22.10 28 ф., 15, 17 абз.
Къуырисӕр, 20 май
Дӕуыл та хурау скӕсдзӕн Йегъовӕйы рухс (Ис. 60:2).
Раст дин йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый фӕдыл пехуымпарад абон махмӕ дӕр хауы? Бӕгуыдӕр. 1919 азӕй фӕстӕмӕ милуантӕ ссӕрибар сты Стыр Вавилоны, ома мӕнг динты, уацарӕй. Йегъовӕ адӕмы ӕрбакӕны, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уыцы Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй бирӕ хуыздӕр чи у, ахӕм ранмӕ. Зӕгъӕн ис, абон мах цӕрӕм дзӕнӕты (Ис. 51:3; 66:8). 1919 азӕй фӕстӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ цӕрынц уыцы «дзӕнӕты». Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу сты, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм дӕр, ома «ӕндӕр фыстӕ». Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хайджын сты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй (Ис. 25:6; 65:13). Уыцы «дзӕнӕт» ис ӕгас зӕххыл. Уӕдӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм – кӕд нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, раст диныл хӕст кӕй стӕм, уӕд цӕрӕм уыцы «дзӕнӕты». w22.11 11, 12 фф., 12–15 абз.
Дыццӕг, 21 май
О Йегъовӕ, ды рагӕй фӕстӕмӕ нӕ дӕ? О мӕ Хуыцау, мӕ Сыгъдӕг Хуыцау, ды мӕлгӕ нӕ кӕныс (Ав. 1:12).
Мыййаг дын зын у бамбарын, Йегъовӕ «ӕнусон Хуыцау» кӕй у, уый? (Ис. 40:28). Уым диссагӕй ницы ис. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, Елиуй дӕр загъта: «Хуыцау куыд бӕрзонд у, ууыл зонд не ’ххӕссы. Йӕ азтӕн нымӕц нӕй» (Иов 36:26). Фӕлӕ мах цыдӕр кӕй не ’мбарӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Зӕгъӕм, чи зоны, кӕронмӕ не ’мбарӕм, рухс цы у, уый. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ рухс нӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Раст афтӕ, чи зоны, кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр уыд. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Хуыцау алкӕддӕр уыди ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн. Ӕмбарӕм ӕй ӕви нӕ, уӕддӕр уый афтӕ у (Ром. 11:33–36). Йегъовӕ уыди, цалынмӕ Дун-дуне, уыимӕ, рухс кӕмӕй цӕуы, уыцы Хур ӕмӕ стъалытӕ, нӕ фӕзындысты, уӕдмӕ. Хуыцау уыд, цалынмӕ «арв айтыгъта», уӕдмӕ дӕр (Йер. 51:15). w22.12 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Ӕртыццӕг, 22 май
Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау (Пс. 141:2).
Хатт нӕ фӕхъӕуы иннӕты номӕй хъӕрӕй скувын. Иуӕй-иу хатт, Библийы ахуыр чи фӕуадзы, уыцы хо иннӕ хойӕн фӕзӕгъы, цӕмӕй скува. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, уыцы хо, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уый хорз ма зона ӕмӕ йӕ бафӕнда ахуыры кӕрон скувын. Афтӕмӕй йын уыдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй бамбара, уыцы адӕймаджы тыххӕй кувгӕйӕ цы зӕгъа, уый. Ӕфсымӕртӕй искӕй та фӕхъӕуы уацамындон фембӕлды кӕрон йе та ӕмбырды райдианы кӕнӕ ӕмбырды кӕрон скувын. Ахӕм кад кӕмӕ ӕрхауы, уыцы ӕфсымӕр-иу хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, цы фембӕлды рӕстӕг кувы, уымӕн йӕ нысан цы у, уый. Кувгӕйӕ-иу хъуамӕ ӕмбырдӕн уынаффӕтӕ ма дӕтта, стӕй, ӕмбырд кӕй тыххӕй нӕма зоны, уыцы хъусинӕгты кой дӕр ма кӕна. Фембӕлдты арӕхдӕр зарӕгӕн ӕмӕ куывдӕн фондз минуты йеддӕмӕ нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, кувгӕ чи кӕны, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ йӕ куывд ма ныддаргъ кӕна, уӕлдайдӕр та фембӕлды райдианы (Матф. 6:7). w22.07 24 ф., 17, 18 абз.
Цыппӕрӕм, 23 май
Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй. Ма-иу тӕрсут – уыцы хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕн (Матф. 24:6).
Йесо загъта, фӕстаг бонты-иу «куы иу ран, куы иннӕ ран» кӕй сыстдзӕн фыднизтӕ (Лук. 21:11). Уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн уа? Искуы цавӕрдӕр низ куы апарахат вӕййы, уӕд нӕм уый диссаг нӕ фӕкӕсы. Мах ӕй зонӕм, хабӕрттӕ кӕй цӕуынц, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусӕм, кӕроны рӕстӕг чи цӕры, уыдонӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ, «ма-иу тӕрсут», зӕгъгӕ. Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд, гӕнӕн ис, раздӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзтам, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ аразын нӕ бон мауал уа. Фӕлӕ ма бауадз, цӕмӕй дӕ уый Библи иртасын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын хъыгдара. Нӕ публикациты ӕмӕ видеороликты вӕййы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕ, ӕмӕ дын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты. Уыдон дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. w22.12 17 ф., 4, 6 абз.
Майрӕмбон, 24 май
Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны (Еккл. 9:11).
Иаков йӕ фырт Иосифы хъулон уарзт кодта (Райд. 37:3, 4). Уый тыххӕй йӕм йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ сын фадат куы фӕзынд, цӕмӕй дзы фервӕзтаиккой, уӕд ӕй мадиамаг сӕудӕджертӕн ауӕй кодтой. Уыцы сӕудӕджертӕ йӕ акодтой Египетмӕ, йӕ хӕдзарӕй цалдӕр сӕдӕ километры дарддӕр. Уым ӕй уыдон та ауӕй кодтой Потифарӕн, фараоны хъахъхъӕнджыты хистӕрӕн. Иосифы цард цӕстыфӕныкъуылдмӕ цӕхгӕр фӕивта: уыди йӕ фыды уарзон фырт, ныр та сси египетаджы цагъар! (Райд. 39:1). Хатт бахауӕм, «иннӕ адӕм дӕр» цы фӕлварӕнты бахауынц, ахӕм фӕлварӕнты (1 Кор. 10:13). Хатт та зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Нӕ дины тыххӕй ныл фӕхудынц, нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц кӕнӕ та суанг ӕфхӕрд дӕр баййафӕм (2 Тим. 3:12). Фӕлӕ цыфӕнды фӕлварӕныл ма сӕмбӕлай,– Йегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уыдзынӕ ӕнтыстджын. w23.01 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 25 май
Суг кӕм нӕй, уым арт ахуыссы (Ӕмб. 26:20).
Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ хъӕуы аныхас кӕнын, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ. Фӕлӕ уал фыццаг хорз уыдзӕн ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ацы уавӕры тыххӕй алцыдӕр зонын? (Ӕмб. 18:13). Барӕй уыди, ӕви йын ӕнӕбары рауад афтӕ? (Еккл. 7:20). Мӕхӕдӕг афтӕ никуы фӕрӕдыдтӕн? (Еккл. 7:21, 22). Йемӕ куы аныхас кӕнон, уӕд уавӕр ноджы фыддӕр нӕ фӕуыдзӕн?» Ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, нӕхицӕн зӕгъӕм, мӕ хойы (кӕнӕ ме ’фсымӕры) кӕй уарзын, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ рӕдыд ныббардзынӕн ӕмӕ йӕ ферох кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ махӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы равдисын, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй у. Ӕмӕ уый та бӕрӕг уыдзӕн, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты удуӕлдай уарзтӕй куы уарзӕм, уымӕй, кӕд фӕрӕдийынц ӕмӕ сӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. Уӕд-иу, гӕнӕн ис, иннӕтӕ дӕр бамбарой, раст дин кӕцы у, уый, ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕвдисӕм, ӕцӕг чырыстӕтты кӕмӕй ис базонӕн, ахӕм уарзондзинад! w23.03 31 ф., 18, 19 абз.
Хуыцаубон, 26 май
Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоан. 4:8).
Библи кӕсгӕйӕ фенӕм йӕ Авторы сӕйраг миниуӕг – уарзондзинад. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ дзы бирӕ ӕнӕхъӕугӕ лыстӕг хабӕрттӕ фыст не ’рцыд (Иоан. 21:25). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ма бӕрӕг у, Библийы уылты немӕ куыд дзуры, уымӕй дӕр. Куы йӕ фӕкӕсӕм, уӕд ӕй бамбарӕм, кӕй нын кад кӕны. Библийы дӕргъӕй-дӕргъмӕ закъӕтты номхыгъд не скодта. Нӕ алы къахдзӕфыл нын нӕ дзуры, «афтӕ бакӕн» кӕнӕ «афтӕ ма бакӕн», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг хъуыды кӕнын сахуыр уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та Библийы ныффыссын кодта кӕйдӕр царды хабӕрттӕ, диссаджы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ ахадгӕ уынаффӕтӕ. Афтӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕны Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын. Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы. Йӕ Ныхасы фыст ис, адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ ӕвдыст кӕм цӕуынц, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Ӕмӕ нӕ бон вӕййы уыцы хабӕртты архайджыты бамбарын, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр «мах хуызӕн» адӕм уыдысты (Иак. 5:17). Ӕмӕ куы фенӕм, Йегъовӕ-иу сын куыд баххуыс кодта, уӕд ноджы хуыздӕр бамбарӕм, «фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иак. 5:11). w23.02 6 ф., 13–15 абз.
Къуырисӕр, 27 май
Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут (1 Пет. 5:8).
Библийы фӕстаг чиныг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ нӕ хъус дарын ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый зонын. Стӕй нӕ фӕфӕнды уыдӕттыл хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр аныхас кӕнын. Библийы пехуымпарӕдтыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ афтӕ ма дзурӕм, зӕгъгӕ, хъуамӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ сӕххӕст уой. Цӕуылнӕ? Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕсты тыххӕй ӕмбырд ныддихтӕ уа. Зӕгъӕм, алы бӕстӕты хицӕуттӕ, гӕнӕн ис, дзурой, кӕмдӕр хӕстӕн кӕрон куыд ис скӕнӕн, цӕмӕй адӕмӕн сабыр цард уа. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ афтӕ ма дзурӕм, зӕгъгӕ, 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 стихы цы пехуымпарад ис, уый ӕххӕст кӕны. Фӕлӕ хъуамӕ зонӕм, фӕстагмӕ нӕ публикациты ацы пехуымпарады тыххӕй цы фыст уыд, уый. Пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ, Йегъовӕйы организацийы уагъд публикациты цы фыст ис, уый куы дзурӕм, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй «ӕмхуызон хъуыды кӕной». Ӕмӕ уӕд ӕмбырды уыдзӕн иудзинад (1 Кор. 1:10; 4:6). w23.02 16 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 28 май
Ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл дӕ бӕхыл бадгӕйӕ размӕ бырс, ӕмӕ дын дӕ рахиз къух равдисдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Пс. 45:4).
Йесо Чырыстийы цӕмӕн уарзыс? Йесо уарзы ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Ӕмӕ кӕд ды дӕр ӕцӕгдзинад уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы дӕр уарзыс. Йесо ныфсджынӕй дзырдта ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл (Иоан. 18:37). Сӕрныллӕгдзинад куыд ахсджиаг у, уый та куыд равдыста? Йесо йӕхӕдӕг дӕр у сӕрныллӕг. Зӕгъӕм, уый йӕхи нӕ кадджын кӕны, фӕлӕ йӕ Фыды (Мар. 10:17, 18; Иоан. 5:19). Хуыцауы Фырт ахӕм сӕрныллӕг кӕй у, уый тыххӕй дӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды йӕ фӕдыл цӕуын. Цымӕ афтӕ сӕрныллӕг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ йӕ Фыд дӕр сӕрныллӕг у, ӕмӕ Йесо та йӕ Фыды тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уа (Пс. 18:35; Дзут. 1:3). Йесо алцӕмӕй дӕр фӕзмы Йегъовӕйы. w23.03 3, 4 фф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 29 май
Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).
Библийы фыст ис, кӕй райгас уыдзысты «рӕстгӕнджытӕ» ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ». Уыцы дыууӕ къордӕн уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. «Рӕстгӕнджытӕ» сты, йӕ удӕгасӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдон. «Фыдгӕнджытӕ» та йын нӕ лӕггад кодтой. «Рӕстгӕнджытӕ» дӕр ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ» дӕр кӕй райгас уыдзысты, уый, мыййаг, афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст сты? «Рӕстгӕнджытӕ» нырма ӕгас куы уыдысты, уӕд сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты царды чиныджы. Фӕлӕ куы амардысты, уӕд сын цымӕ Йегъовӕ сӕ нӕмттӕ уыцы чиныгӕй сыхӕлдта? Нӕ сыхӕлдта. Йегъовӕ сӕ хъуыды кӕны. Уый «мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты» (Лук. 20:38). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, рӕстгӕнджытӕ зӕххыл куы райгас уой, уӕд сӕ нӕмттӕ уыдзысты царды чиныджы, кӕд нырма «кърандасӕй» фыст уыдзысты, уӕддӕр (Лук. 14:14). w22.09 16 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 30 май
Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны, цӕмӕй йӕ куыстаид ӕмӕ йӕм зылдаид (Райд. 2:15).
Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ фыццаг адӕймагӕн, Адамӕн, циндзинад хастаиккой. Куы йӕ сфӕлдыста, уӕд ӕй ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты цӕхӕрадоны ӕмӕ йын бахӕс кодта дзӕнӕтмӕ зилын. Хъуамӕ ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр дзӕнӕт суыдаид (Райд. 2:8, 9). Хӕрзаг-иу Адамы дисӕн ӕмӕ цинӕн кӕрон нал уыд, мыггӕгтӕ ӕвзар куыд суадзынц ӕмӕ дидинджытӕ дидинӕг куыд ракалынц, уымӕ кӕсгӕйӕ. Едемы цӕхӕрадонмӕ кӕй зылд, уый йын стыр кад уыди! Йегъовӕ ма йын загъта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ раттаид (Райд. 2:19, 20). Йегъовӕйӕн уый йӕхи бон дӕр уыди саразын. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы хъуыддаг Адамӕн бахӕс кодта. Ӕвӕццӕгӕн-иу Адам лӕмбынӕг каст алы цӕрӕгоймӕ дӕр – цыхуызӕн у ӕмӕ йӕхи куыд дары, уымӕ. Ӕмӕ-иу ын стӕй ном радта. Уый йӕ зӕрдӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг цыди. Ӕмӕ йын уый фӕрцы уыд фадат, цӕмӕй бамбӕрстаид, йӕ Фыд куыд зондджын у ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ куыд диссаджы конд ӕмӕ куыд рӕсугъд сты, уый. w23.03 15 ф., 3 абз.
Майрӕмбон, 31 май
Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм (Дан. 2:44).
Гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ Великобританимӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕм кӕй амонынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ уый у фӕстаг дунеон паддзахад (Дан. 2:31–33). Йӕ бӕсты ӕндӕр паддзахад дунеон паддзахад нал суыдзӕн. Хуыцауы Паддзахад ӕй фесафдзӕн Армагеддоны ӕмӕ ма уыимӕ иннӕ зӕххон хицауӕдтӕ дӕр иууылдӕр (Рарг. 16:13, 14, 16; 19:19, 20). Ацы пехуымпарад кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? Данелы пехуымпарадӕй бӕрӕг у, кӕроны рӕстӕг кӕй цӕрӕм. Уыцы пехуымпарад куы ныффыста, уымӕй рацыд 2 500 азӕй фылдӕр. Данел ныффыста, Вавилоны фӕстӕ ма кӕй уыдзӕн цыппар дунеон паддзахады. Уыдон сты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы паддзахӕдтӕ. Уымӕй уӕлдай ма Данелы пехуымпарадӕй базонӕн ис, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ кӕй сты уыцы паддзахӕдтӕй фӕстаг. Уый нӕ стыр ныфс уадзы. Тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр фесафдзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххӕн дӕр йӕхӕдӕг разамынд дӕтдзӕн! w22.07 4 ф., 9 абз.; 5 ф., 11, 12 абз.