Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Июнь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июнь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 июнь
  • Хуыцаубон, 2 июнь
  • Къуырисӕр, 3 июнь
  • Дыццӕг, 4 июнь
  • Ӕртыццӕг, 5 июнь
  • Цыппӕрӕм, 6 июнь
  • Майрӕмбон, 7 июнь
  • Сабат, 8 июнь
  • Хуыцаубон, 9 июнь
  • Къуырисӕр, 10 июнь
  • Дыццӕг, 11 июнь
  • Ӕртыццӕг, 12 июнь
  • Цыппӕрӕм, 13 июнь
  • Майрӕмбон, 14 июнь
  • Сабат, 15 июнь
  • Хуыцаубон, 16 июнь
  • Къуырисӕр, 17 июнь
  • Дыццӕг, 18 июнь
  • Ӕртыццӕг, 19 июнь
  • Цыппӕрӕм, 20 июнь
  • Майрӕмбон, 21 июнь
  • Сабат, 22 июнь
  • Хуыцаубон, 23 июнь
  • Къуырисӕр, 24 июнь
  • Дыццӕг, 25 июнь
  • Ӕртыццӕг, 26 июнь
  • Цыппӕрӕм, 27 июнь
  • Майрӕмбон, 28 июнь
  • Сабат, 29 июнь
  • Хуыцаубон, 30 июнь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Июнь

Сабат, 1 июнь

Мӕ буар нал зыны лыстӕг кӕлмытӕй ӕмӕ цъыфы къуыбӕрттӕй. Мӕ царм схӕлмӕгтӕ ӕмӕ ӕмбийы (Иов 7:5).

Иовӕн Йегъовӕ уыди йе ’ввахс Хӕлар, уыди йын стыр, ӕнгом бинонтӕ, стӕй уыд тынг хъӕздыг (Иов 1:1–5). Фӕлӕ иу бонмӕ ӕнӕ ницӕмӕй аззад. Фыццаг уал ӕнӕхай фӕци йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй (Иов 1:13–17). Стӕй та йӕ сывӕллӕттӕ фӕмард сты. Ахъуыды кӕн, Иовӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн сӕ зӕрдӕтӕ куыд скъуыдтӕ кодтаиккой, сӕ дӕс хъӕбулы кӕй бабын сты, уый куы фехъуыстой, уӕд! Иовӕн афтӕ зын уыд, ӕмӕ «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта» ӕмӕ «зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд» (Иов 1:18–20). Фӕстӕдӕр та Хӕйрӕг Иовыл бафтыдта хъизӕмайраг низ, ӕмӕ уыцы низы тыххӕй Иов ӕгады бынатмӕ ӕрхауд (Иов 2:6–8). Раздӕр Иов уыд нымад, кадджын лӕг, ӕмӕ-иу ӕм адӕм зондагур цыдысты (Иов 31:18). Фӕлӕ йыл ныр та ӕлгъ кодтой. Йе ’фсымӕртӕ, йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ ӕмӕ йӕм суанг йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр хӕстӕг нал цыдысты! (Иов 19:13, 14, 16). w22.06 21 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 2 июнь

Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм (Еф. 4:15).

Донаргъуыды фӕстӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы архайын, апостол Павел Ефесы чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ сӕ «лӕджы кары» бацыдаиккой (Еф. 4:13). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ фӕлтӕрдджындӕр кодтаиккой. Ныр дӕр Йегъовӕйы бирӕ уарзыс. Фӕлӕ дӕ бон у, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзай. Уый бӕрӕг у, апостол Павел Филиппӕгтӕм 1:9 стихы цы ныффыста, уымӕй. Павел Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй филиппӕгтӕн сӕ уарзондзинад «фылдӕрӕй-фылдӕр» кодтаид. Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы тынгӕй-тынгдӕр уарзӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ бӕлвырдӕй зонӕм ӕмӕ хорз ӕмбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон. Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ, цы аразы, уымӕн ноджы тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Стӕй нӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын ӕмӕ фӕархайӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнӕм. Мах зӕрдиагӕй фӕархайӕм йӕ фӕндон бамбарыныл ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕныныл. w22.08 2, 3 фф., 3, 4 абз.

Къуырисӕр, 3 июнь

Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ (Рарг. 1:1).

Раргомады цы ис фыст, уый фыст ӕрцыд адӕмӕн се ’ппӕтӕн нӕ, фӕлӕ махӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн. Ӕмӕ куы бамбарӕм, ацы диссаджы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон мах дӕр кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ дис ма кӕнӕм. Ацӕргӕ апостол Иоанн сбӕлвырд кодта, уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕд хъуамӕ сӕххӕст уой, уый. Иоанн ныффыста: «Ӕз Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ февзӕрдтӕн Хицау Йесойы боны» (Рарг. 1:10). Ацы ныхӕстӕ Иоанн ныффыста н. э. 96 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ уӕд «Хицау Йесойы бонмӕ» нырма бирӕ хъуыди (Матф. 25:14, 19; Лук. 19:12). Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ, уыцы бон райдыдта 1914 азы, Йесо Чырысти уӕлӕрвты Паддзахӕй ӕвӕрд куы ’рцыди, уӕд. Ӕмӕ уыцы аз Раргомады пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой. Уӕдӕ мах цӕрӕм «Хицау Йесойы боны»! (Рарг. 1:3). w22.05 2 ф., 2, 3 абз.

Дыццӕг, 4 июнь

Ӕрцахстой сырды ӕмӕ... мӕнг пехуымпары (Рарг. 19:20).

Сырд дӕр мӕнг пехуымпар дӕр удӕгасӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты сондонӕй судзгӕ цады. Уыцы хицауӕдтӕ сты Хуыцауы знӕгтӕ. Ӕмӕ нырма сӕ тыхы уыдзысты, афтӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ ӕнустӕм дӕр сӕ кой, сӕ хъӕр нал уыдзӕн! Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ иузӕрдион уӕм Хуыцауыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл (Иоан. 18:36). Хъуамӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты ма архайӕм ӕмӕ макӕй фарс хӕцӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уый тынг зын вӕййы. Ацы дунейы хицауӕдты фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сӕ фарс уӕм ӕмӕ уый бӕрӕг уа нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Ӕмӕ сын чи басӕтты, уыдоныл ахӕсгӕ хуызы ӕвӕрд ӕрцӕуы сырды нысан (Рарг. 13:16, 17). Фӕлӕ уыцы нысан кӕуыл ис, уыдоны баййафдзӕн Йегъовӕйы фыдӕх, ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты (Рарг. 14:9, 10; 20:4). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй дард лӕууӕм, хицауӕдтӕ цыфӕнды тынг куы архайой, цӕмӕй сӕ фарс уӕм, уӕддӕр! w22.05 10, 11 фф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 5 июнь

Искуы федтай, йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы? Уый хуымӕтӕг адӕмы раз нӕ лӕудзӕн – уый лӕудзӕн паддзӕхты раз (Ӕмб. 22:29).

Дӕ бон у дӕ разы нысан сӕвӕрын. Арӕхстджындӕр куы кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Зӕгъӕм, ног истӕуыл сахуыр у. Вефилтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн цас кусджытӕ бахъӕуы, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр ахӕм куыст нӕ кодтой, фӕлӕ сӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сахуыр кодтой. Конгрессты залтӕм ӕмӕ Паддзахады залтӕм зилын куыд хъӕуы, ууыл ӕрмӕст ӕфсымӕртӕ нӕ сахуыр вӕййынц, фӕлӕ хотӕ дӕр. Йегъовӕ, «ӕнусты Паддзах», ӕмӕ Йесо Чырысти, «паддзӕхты Паддзах», дӕсны кусджыты фӕрцы аразынц стыр хъуыддӕгтӕ (1 Тим. 1:17; 6:15). Мах фӕнды, цӕмӕй зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ нӕ курдиӕтты фӕрцы кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы, нӕхи нӕ, фӕлӕ (Иоан. 8:54). w22.04 24 ф., 7 абз.; 25 ф., 11 абз.

Цыппӕрӕм, 6 июнь

Ӕхца... хъахъхъӕны (Еккл. 7:12).

Соломон уыди ӕмбисонды хъӕздыг. Уый царди рӕсугъд ӕмӕ стыр галуаны (1 Пад. 10:7, 14, 15). Йесо та хъӕздыг нӕ уыд, йӕхицӕн хӕдзар дӕр нӕ уыд (Матф. 8:20). Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕхцатӕм ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кастысты, уымӕн ӕмӕ иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр зонд лӕвӕрдта Йегъовӕ. Соломон зыдта, ӕхцайӕ нӕ бон кӕй вӕййы балхӕнын, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ ӕмӕ ма, чи зоны, нӕ зӕрдӕ цы фӕзӕгъы ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуы, уыдӕттӕй дӕр цыдӕртӕ. Фӕлӕ кӕд Соломон тынг хъӕздыг уыд, уӕддӕр ӕмбӕрста, царды цыдӕртӕ ӕхцайӕ ахсджиагдӕр кӕй сты. Зӕгъӕм, ныффыста: «Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй» (Ӕмб. 22:1). Уымӕй уӕлдай ма загъта, ӕхцауарзаг адӕм арӕхдӕр, цы сӕм ис, уымӕй райгонд кӕй нӕ вӕййынц (Еккл. 5:10, 12). Стӕй ма бафӕдзӕхста, цӕмӕй нын ӕхцатӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр ма суой, уымӕн ӕмӕ ӕхца, гӕнӕн ис, абон уа, райсом та мауал уа (Ӕмб. 23:4, 5). w22.05 21 ф., 4, 5 абз.

Майрӕмбон, 7 июнь

Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау. Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр (Ис. 30:18).

Ныр дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕм фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд та нӕ рох никуы уыдзӕн, нӕ бон Йегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын кӕй у, уый. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм. Йегъовӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд «сыстдзӕн», цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна. Йегъовӕ у, «раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау». Ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Хӕйрӕджы дуне, цы ’мбӕлы, уымӕй иу бон дӕр фылдӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн (Ис. 25:9). Мах Йегъовӕимӕ иумӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы ирвӕзындзинады бонмӕ. Уӕдмӕ та нӕ фӕнды алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кувын, йӕ Ныхас ын ахуыр кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын, стӕй йын йӕ арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм. w22.11 13 ф., 18, 19 абз.

Сабат, 8 июнь

Дӕ мад [дын] цы закъон амоны, уый ма рох кӕн (Ӕмб. 1:8).

Тимофейы донаргъуыды тыххӕй Библийы нӕй фыст. Фӕлӕ донаргъуыд куы иста, уыцы бон, ӕвӕццӕгӕн, Евникӕйӕ амондджындӕр нӕ уыд (Ӕмб. 23:25). Евникӕ Тимофейӕн баххуыс кодта Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы бауарзынӕн, кӕд ын уый ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр. Тимофейӕн йӕ бинонтӕ иу диныл хӕст нӕ уыдысты. Йӕ фыд уыди грекъаг, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад та уыдысты дзуттӕгтӕ (Хъуыд. 16:1). Евникӕ ӕмӕ Лоидӕ чырыстӕттӕ куы систы, уӕд Тимофей, ӕвӕццӕгӕн, рӕзгӕ кары уыд. Ӕмӕ цымӕ куыд бакӕндзӕн? Абон дӕр нӕ хотӕ уарзынц сӕ бинонты ӕмӕ сӕ тынг фӕфӕнды сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны (Ӕмб. 1:8, 9). Йегъовӕ бирӕ хотӕн баххуыс кодта сӕ сывӕллӕтты рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрынӕн. w22.04 16 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 9 июнь

Хуыцау [сын] сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын (Рарг. 17:17).

Тагъд Йегъовӕ «дӕс паддзахы», ома зӕххон хицауӕдты, зӕрдӕты бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын». Ӕмӕ уыдон мӕнг динтыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты (Рарг. 17:1, 2, 12, 16). Кӕцӕй йӕ зонӕм, Стыр Вавилонӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм рагон Вавилон. Уыцы горӕт хъахъхъӕдта стыр цӕугӕдон Евфрат. Ӕмӕ Раргомады чиныг дӕр, мӕнг динтыл хӕст чи у, уыцы милуангай адӕмы бары, Стыр Вавилон чи хъахъхъӕны, ахӕм «дӕттимӕ» (Рарг. 17:15). Фӕлӕ ма дзы фыст ис, уыцы «дӕттӕ» кӕй бахус уыдзысты, ома мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй бирӕтӕ динтыл сӕ къух сисдзысты (Рарг. 16:12). Ӕмӕ абон ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны. Бирӕтӕ мӕнг динтӕй рацыдысты ӕмӕ ӕххуыс агурын райдыдтой ӕндӕр рӕтты. w22.07 5, 6 фф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 10 июнь

Фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уымӕ тӕрхоны дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзысты. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг та, тӕрхон ын куы кӕной, уӕд фӕуӕлахиз уыдзӕн (Иак. 2:13).

Иннӕтӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд равдисӕм, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Йесо иу фӕсномыг ныхасы Йегъовӕйы абарста, йӕ цагъарӕн стыр хӕс чи ныххатыр кодта, ахӕм паддзахимӕ. Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхи хуызӕн цагъармӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдыста, кӕд дзы уый къаддӕр ӕхца дардта, уӕддӕр (Матф. 18:23–35). Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй ӕвдисы, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзыстӕм (Пс. 103:9). Бирӕ азты размӕ иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Иннӕтӕн цасфӕнды ма ныххатыр кӕнӕм, уӕддӕр Хуыцау махӕй алкӕмӕн дӕр Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы бирӕ фылдӕр хатыр кӕны». Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ Йегъовӕ дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ (Матф. 5:7). Уый бӕрӕг у, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын цы загъта, уымӕй (Матф. 6:14, 15). w22.06 10 ф., 8, 9 абз.

Дыццӕг, 11 июнь

Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр (Райд. 22:18).

Йесо зӕххыл куы цард, уӕд алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта (Иоан. 14:9). Ӕмӕ Йесойы фӕрцы мах Йегъовӕйы базыдтам ӕмӕ йӕ бауарзтам. Стыр ӕххуыс ма нын сты Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ, абон чырыстон ӕмбырдӕн разамынд кӕй дӕтты, уый. Йесо нын бамбарын кодта, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Йесо кӕй амард, уый фӕрцы нын фӕзынд ныфс. Куы райгас, уӕд йӕ нывонды аргъ йӕ Фыдмӕ бахаста. Йесойы туг нӕ «сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:7). Йесо ныртӕккӕ у кадджын ӕнӕмӕлгӕ Паддзах. Тагъд калмӕн йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Райд. 3:15). Хӕйрӕг куы нал уа, уӕд иузӕрдион адӕм иууылдӕр сулӕфдзысты. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ та хъуамӕ не ’ппӕт дӕр фидар уӕм. Хуыцау йӕ ныхас сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн «зӕххыл ӕппӕт адӕмты дӕр»! w22.07 18 ф., 13 абз.; 19 ф., 19 абз.

Ӕртыццӕг, 12 июнь

Ахӕм хабӕрттӕ ныл ӕнӕмӕнг... хъуамӕ цӕуа (1 Фес. 3:3).

Нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй бахъӕудзӕн, уымӕ. Ахъуыды кӕнӕм апостол Павелыл. Йе ’ххуысы фӕрцы Фессалоникӕйы фӕзынд ног ӕмбырд. Фӕлӕ чидӕртӕ йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй йӕ бахъуыд уыцы горӕтӕй ацӕуын (Хъуыд. 17:1–5, 10). Уым куы баззадаид, уӕд йе ’фсымӕрты тӕссаг уавӕры баппӕрстаид. Фӕлӕ кӕд йӕ уавӕртӕ фӕивтой, уӕддӕр ӕй фӕндыд фессалоникӕгтӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ сӕм Тимофейы арвыста, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад бафидар кодтаид (1 Фес. 3:1, 2). Ног ахуыргӕнинӕгтӕ дзы тынг бузныг уыдаиккой. Ды дӕр-иу Павелы бафӕзм. Чи зоны, дӕ разы цавӕрдӕр нысан сӕвӕрдтай. Фӕлӕ дӕ уавӕртӕ кӕй фӕивтой, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дӕ къухы бафта (Еккл. 9:11). Уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ разы сӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ӕндӕр ахӕм нысан. w22.04 25, 26 фф., 14, 15 абз.

Цыппӕрӕм, 13 июнь

Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг (Иак. 1:12).

Йегъовӕ нын диссаджы фидӕнӕй ныфс бавӕрдта ӕмӕ нын афтӕмӕй удӕнцой дӕтты. Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ цалдӕр стихмӕ. Уыдон нын фӕлварӕнты ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг уыдзысты ныфсы хос. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ уарзондзинадӕй нӕ кӕй «ницы фӕхицӕн кӕндзӕн», уыимӕ уӕззау фӕлварӕнтӕ дӕр (Ром. 8:38, 39). Зӕгъы нын, хӕстӕг кӕй у, «чи йӕм кувы, уыдонмӕ» се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:18). Ноджыдӕр ма нын дзуры, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕн дӕр кӕй сфӕраздзыстӕм ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр амондджын кӕй уыдзыстӕм (1 Кор. 10:13; Иак. 1:2). Хуыцауы Ныхасӕй зонӕм, цы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонимӕ абаргӕйӕ нӕ фӕлварӕнтӕ кӕй сты цыбыр ӕмӕ рӕстӕгмӕ (2 Кор. 4:16–18). Йегъовӕ нын ныфс ӕвӕры, ӕнустӕм кӕй фесафдзӕн, зындзинӕдтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарӕм, уыдоны – Хӕйрӕджы ӕмӕ, уый хуызӕн чи у, уыцы фыдгӕнӕг адӕмы (Пс. 37:10). Хорз нӕ уаид, куы бахъуыды кӕнис, фидӕны дын фӕлварӕнты рӕстӕг чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ? w22.08 11 ф., 11 абз.

Майрӕмбон, 14 июнь

Уыдӕттыл хъуыды кӕнут ӕдзухдӕр (Фил. 4:8).

Мыййаг, искуы фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, цымӕ мӕ бон бауыдзӕн Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ бонӕй-бонмӕ, азӕй-азмӕ цӕрын? Йегъовӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, дӕ рӕстдзинад кӕй уыдзӕн «денджызы уылӕнты хуызӕн» (Ис. 48:18). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма лӕууыс денджызы был ӕмӕ кӕсыс, уылӕнтӕ кӕрӕдзи фӕдыл былмӕ куыд згъорынц, уымӕ. Уыцы минут мӕт кӕндзынӕ, зӕгъгӕ, уӕдта ма ацы уылӕнтӕ иу бон нал фӕзындысты? Афтӕ нӕ хъуыды кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, алкӕддӕр кӕй уыдзысты. Дӕ рӕстдзинад дӕр уыдзӕн ахӕм уылӕнты хуызӕн. Уынаффӕ куы хӕссай, уӕд-иу фыццаг ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл ӕмӕ-иу стӕй афтӕ бакӕн. Уынаффӕ рахӕссын дын цыфӕнды зын куы уа, уӕддӕр-иу ма фӕтыхс, дӕ уарзӕгой Фыд уыдзӕн дӕ фарсмӕ. Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алы бон дӕр дӕ бон уа рӕстӕй цӕрын (Ис. 40:29–31). w22.08 30 ф., 15–17 абз.

Сабат, 15 июнь

Мин азы куы фӕуой, уӕд Сайтан йӕ ахӕстонӕй уагъд ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:7).

1 000 азы куы фӕуой, уӕд Хӕйрӕг уагъд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уӕд архайдзӕн ӕххӕст адӕмы фӕсайыныл. Уыцы фӕлварӕны рӕстӕг ӕххӕст адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй бӕлвырдӕй равдисой, Хуыцауы номӕн кад кӕнынц ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс сты ӕви нӕ (Рарг. 20:8–10). Хӕйрӕгӕн сайын чи нӕ бакома, уыцы адӕмы нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты царды чиныджы. Адӕмӕй чидӕртӕ Адам ӕмӕ Евӕйы хуызӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзысты ӕмӕ йӕ хицаудзинады ныхмӕ рацӕудзысты. Сӕ нымӕц бӕлвырд нӕу. Уыцы адӕмӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн? Раргомады 20:15 стихы фыст ис: «Царды чиныджы фыст чи нӕ уыд, уыдон... ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады». Уыцы ныхмӕдзӕуджытӕ ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ ӕххӕст адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕстаг фӕлварӕны равдисдзысты, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй сты. w22.09 23, 24 фф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 16 июнь

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт куы не скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут (Хъуыд. 15:1).

Ӕмбырды иуӕй-иутӕ дзырдтой, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕтты кӕй хъуыди сунӕт скӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй, ӕмӕ, чырыстон чи нӕ уыд, уыцы дзуттӕгты уайдзӕфтӕй тарстысты (Гал. 6:12). Апостол Павел семӕ разы ӕппындӕр нӕ уыд, фӕлӕ йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууыд. Уый равдыста сӕрныллӕгдзинад, ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы фарста аскъуыддзаг кодтаиккой, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Хъуыд. 15:2). Афтӕ кӕй бакодта, уый фӕрцы чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой ӕмӕ се ’мбырды уыди фарн (Хъуыд. 15:30, 31). Ӕмбырды искӕимӕ ахсджиаг фарстайы фӕдыл куы фӕбыцӕу уӕм, уӕд хъуамӕ нӕ фарн бахъахъхъӕнӕм. Хуыздӕр уаид, Йегъовӕ ӕмбырд кӕй бар бакодта, уыдонӕй ӕххуыс ракурын. Арӕх разамынд ссарӕн вӕййы нӕ публикациты кӕнӕ нын нӕ организаци цы амындтӕ ратты, уым. Нӕхи ныхасыл-иу куы нӕ ныллӕууӕм, фӕлӕ-иу уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд не ’мбырды уыдзӕн фарн. w22.08 22 ф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 17 июнь

Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).

Хаттӕй-хатт нӕ фӕфӕнды, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый не ’ввахс ӕмбӕлттӕй искӕмӕн радзурын. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты уый ӕнцон нӕ вӕййы. Чи зоны, ахуыр не стӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый искӕмӕн дзурын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр не ’мбалӕн цыдӕр радзырдтам, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр базыдтам, кӕмӕндӕр ӕй кӕй радзырдта. Уӕд нын, ӕвӕццӕгӕн, зын уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчидӕр нӕ тынг аргъ кӕны, нӕ сусӕг ныхас нын иннӕтӕн чи нӕ рахъӕр кӕны, ахӕм ӕмбалӕн. Дзурӕн цы нӕй, уый иннӕтӕн чи нӕ радзуры, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай... ахӕм бынаты хуызӕн» (Ис. 32:2). Мах ӕй зонӕм, цыфӕнды сын ма радзурӕм, уӕддӕр ӕй ӕндӕр кӕй ничи базондзӕн. Хъуамӕ-иу сӕ ма рафӕрс-бафӕрс кӕнӕм, дзурӕн цы нӕй, уыдӕттӕй. Стӕй сын сӕ бинойнӕгтӕн дӕр тынг аргъ кӕнӕм. Уыдон сӕ лӕгты нӕ фӕкъахынц ӕмӕ сын иннӕты тыххӕй цыдӕртӕ нӕ фӕдзурын кӕнынц. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы радзурынц, уый сӕ бинойнӕгтӕ кӕй нӕ фӕзонынц, уый тынг хорз у. w22.09 11 ф., 10, 11 абз.

Дыццӕг, 18 июнь

Ӕз... дӕн Хуыцау. Ӕз скадджын уыдзынӕн адӕмты ’хсӕн (Пс. 46:10).

Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты «стыр бӕллӕхы» кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Матф. 24:21; Дан. 12:1). Ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, Магогы зӕххӕй Гог, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдоны ныхмӕ ӕгас зӕххыл дӕр рацӕудзӕн ӕмӕ сыл йӕхи ныццӕвдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ уымӕ ӕнцад нӕ кӕсдзӕн. Иугонд Нациты Организацийы цы 193 бӕстӕйы ис, уыдон иууылдӕр куы уой уыцы цӕдисы, уӕддӕр Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдты ныхмӕ сӕ бон ницы уыдзӕн! Йегъовӕ загъта: «Бирӕ адӕмты цӕстыты раз мӕхи сбӕрзонд кӕндзынӕн, мӕ ном срухс кӕндзынӕн ӕмӕ мӕхи раргом кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ» (Йез. 38:14–16, 23). Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд уый ӕркӕндзӕн фӕстаг тохмӕ – Армагеддонмӕ. Уӕд Йегъовӕ фесафдзӕн «ӕгас дунейы паддзӕхты» (Рарг. 16:14, 16; 19:19–21). Иузӕрдион ыл чи у, уыдоны та бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон цӕрдзысты зӕххыл (Пс. 97:10; Ӕмб. 2:21). w22.10 16, 17 фф., 16, 17 абз.

Ӕртыццӕг, 19 июнь

[Хуыцауы] фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой (1 Тим. 2:4).

Нӕ бон нӕу, зӕрдӕты цы ис, уый уынын. Ӕрмӕстдӕр «Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ» (Ӕмб. 16:2). Уый хъулон никӕй кӕны ӕмӕ нӕ кӕсы, адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у, куыд схъомыл, цавӕр ахуырад ӕм ис, уымӕ. Уый алкӕй дӕр уарзы, ӕмӕ махӕн дӕр дзуры, «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут», зӕгъгӕ (2 Кор. 6:13). Мах нӕ чырыстон бинонтӕй алкӕй дӕр уарзӕм ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сын тӕрхонгӕнджытӕ уӕм. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ тӕрхон ма кӕнӕм иннӕ адӕмӕн дӕр. Мыййаг, нӕ бинонтӕй кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй искуы искӕмӕй афтӕ загътам, зӕгъгӕ, ай Хуыцауы фӕндагыл никуы ’рлӕудзӕн? Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ нӕхимӕ ӕгӕр раст кӕсӕм ӕмӕ нын бар цӕмӕн нӕй, уый аразӕм. Йегъовӕ нырма «ӕппӕт адӕмӕн дӕр» дӕтты ӕрфӕсмон кӕныны фадат (Хъуыд. 17:30). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: йӕхимӕ се ’ппӕтӕй растдӕр чи кӕсы, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнӕг никуы уыдзӕн. Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын, ӕмӕ махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнддзӕн афтӕ цӕрын. Уый фӕрцы та кӕрӕдзимӕ дӕр ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. w22.08 31 ф., 20–22 абз.

Цыппӕрӕм, 20 июнь

Уыдон... зондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд (Йез. 2:5).

Махмӕ диссаг нӕ фӕкӕсы, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд чидӕртӕ нӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый. Фидӕны та, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр цӕудзысты (Дан. 11:44; 2 Тим. 3:12; Рарг. 16:21). Фӕлӕ йӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр ӕххуыс кодта, цы-иу сын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынӕн, цыфӕнды зын хӕслӕвӕрд ма уыдаид, уӕддӕр. Ахъуыды-ма кӕн, пехуымпар Йезекил куыд хъусын кодта, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн. Йезекил цавӕр адӕмӕн хъусын кодта? Йегъовӕ сӕ схуыдта «ӕдзӕсгом», «хивӕнд» ӕмӕ «змӕнтӕг» адӕм. Уыдон уыдысты сындзыты ӕмӕ скорпионты хуызӕн тӕссаг. Уӕдӕ Йегъовӕ Йезекилӕн цалдӕр хатты дзӕгъӕлы нӕ загъта, «ма тӕрс», зӕгъгӕ (Йез. 2:3–6). Йезекилӕн йӕ бон цӕй фӕрцы уыд ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын? 1) Уый зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй арвыста, 2) Хуыцауы сыгъдӕг тых ын хъарутӕ лӕвӕрдта ӕмӕ 3) Хуыцауы ныхӕстӕ йын йӕ уырнындзинад фидар кодтой. w22.11 2 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 21 июнь

Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ (Райд. 2:17).

Йегъовӕ зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕмы сфӕлдыста афтӕ, цӕмӕй макуы амӕлой. Йегъовӕ ма нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды цӕрын. Библийы адӕмы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ сын «сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард» (Еккл. 3:11). Ӕмӕ мӕлӕт знагыл уый тыххӕй дӕр нымайӕм (1 Кор. 15:26). Уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд нӕ къухтӕ нӕ ауадзӕм ӕмӕ мӕлӕтмӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм. Фӕлӕ дохтырмӕ ацӕуӕм ӕмӕ нӕхи фӕдзӕбӕх кӕнӕм. Нӕ бон цы вӕййы, уый фӕаразӕм, цӕмӕй ма амӕлӕм. Ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы амӕлы,– ӕрыгон уа ӕви ацӕргӕ,– уӕд нын куыд зын вӕййы. Ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы рыст иуцасдӕр не ’рсабыр вӕййы (Иоан. 11:32, 33). Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы куы нӕ фӕндыдаид, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уӕд нӕ афтӕ не сфӕлдыстаид, цӕмӕй нӕ ӕнустӕм цӕрын фӕнда. w22.12 3 ф., 5 абз.; 4 ф., 7 абз.

Сабат, 22 июнь

Уе ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ... ӕвзарынц (1 Пет. 5:9).

Ацы уӕззау рӕстӕг нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ сты рынчын, цӕмӕйдӕрты тӕрсынц кӕнӕ сӕхимӕ иунӕг кӕсынц. Семӕ-иу арӕх ныхас кӕн. Цавӕрдӕр низ куы сыста, уӕд нын, гӕнӕн ис, иннӕтӕм хӕстӕг цӕуӕн ма уа, суанг нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр. Ӕмӕ нын зын вӕййы, нӕ бон сӕ фенын кӕй нӕ вӕййы, уый. Апостол Иоанны дӕр фӕндыд йе ’мбал Гайы фенын (3 Иоан. 13, 14). Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, цасдӕр рӕстӕг уымӕн гӕнӕн кӕй нӕ уыд. Гъемӕ, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта – Гаймӕ фыстӕг ныффыста. Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фембӕлай, уӕддӕр-иу бацархай, цӕмӕй семӕ искуыд аныхас кӕнай. Семӕ арӕх куы ныхас кӕнай, уӕд дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр. Истӕуыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн ӕмӕ-иу сӕ бауадз, цӕмӕй дын баххуыс кӕной (Ис. 32:1, 2). w22.12 17, 18 фф., 6, 7 абз.

Хуыцаубон, 23 июнь

Иосифы акодта ӕмӕ йӕ ныппӕрста, паддзах ахст адӕмы цы ахӕстоны дардта, уым (Райд. 39:20).

Библийӕ базонӕн ис, Иосиф цасдӕр рӕстӕг кӕй уыд хъадаманты ӕмӕ ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй баст (Пс. 105:17, 18). Иосифӕн йӕ уавӕр, цы уыд, уымӕй ноджы фыддӕр фӕци. Раздӕр уыди, йӕ хицау кӕуыл ӕууӕндыд, ахӕм цагъар, ныр та бадт ахӕстоны. Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ Йегъовӕмӕ цӕйдӕр тыххӕй зӕрдиагӕй кувыс, фӕлӕ уавӕр фыддӕр цы фӕци, ӕндӕр ницы? Мах цӕрӕм Хӕйрӕджы дунейы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ фӕлварӕнтӕй нӕ бахизы (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ хорз зоны, цавӕр зындзинадыл ӕмбӕлыс, уый ӕмӕ дӕм йӕ хъус дары (Матф. 10:29–31; 1 Пет. 5:6, 7). Уый дын зӕрдӕ ӕвӕры: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзут. 13:5). Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, суанг дӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ дӕ уавӕры ницыуал ис саразӕн, уӕд дӕр. w23.01 16 ф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 24 июнь

Нӕ Хуыцау... зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ис. 55:7).

Библи нын дзуры, куы-иу фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр нӕ Хуыцау кӕй нӕ ныууадздзӕн. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ арӕзтой. Фӕлӕ-иу зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд-иу сын Хуыцау ныххатыр кодта. 1 ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр зыдтой, Хуыцау сӕ кӕй уарзы. Иухатт апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй, чи хӕтыд, фӕлӕ, чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууагъта, уыцы адӕймагӕн ныххатыр кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кодтаиккой (2 Кор. 2:6, 7; 1 Кор. 5:1–5). Кӕд-иу Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ рӕдыдысты, уӕддӕр-иу сӕ уый тыххӕй нӕ ныууагъта. Фӕлӕ-иу сын баххуыс кодта, зонд-иу сын бацамыдта ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта. Ӕмӕ абон дӕр уымӕй зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн (Иак. 4:8–10). Библи ӕргом кӕны Хуыцауы зонд, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Ацы чиныгӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. w23.02 7 ф., 16, 17 абз.

Дыццӕг, 25 июнь

Сымах хорз кӕнут, уыцы ныхасмӕ... уе ’ргом кӕй здахут (2 Пет. 1:19).

Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ нӕ хъус дзӕгъӕлы нӕ фӕдарӕм. Уыдонӕй ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ. Зӕгъӕм, Йесо ранымадта цавӕрдӕр хабӕрттӕ, цӕмӕй нӕ бон базонын уыдаид, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у (Матф. 24:3–14). Апостол Петр дӕр дзырдта, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (2 Пет. 1:20, 21). Апостол Петры ныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй раст ӕмбарӕм, пехуымпарӕдтӕ иртасын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, уый. Петр куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ «Йегъовӕйы бон» алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм (2 Пет. 3:11–13). Нӕ зӕрдыл ӕй уый тыххӕй нӕ дарӕм, цӕмӕй нӕ бон уа базонын, Армагеддон кӕд райдайдзӕн, «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» (Матф. 24:36; Лук. 12:40). Фӕлӕ нӕ фӕнды, цы рӕстӕг ма нын баззад, уымӕй раст пайда кӕнын, ома хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм. Мах фӕнды рӕстӕй цӕрын ӕмӕ Йегъовӕйӕн афтӕ лӕггад кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, тынг ӕй кӕй уарзӕм. Уый та нӕ къухы бафтдзӕн, нӕхимӕ куы кӕсӕм, уӕд. w23.02 16 ф., 4, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 26 июнь

Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр... Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы (Иоан. 10:16).

«Ӕндӕр фысты» абон хъӕуы цыдӕр аразын, цӕмӕй дзӕнӕты цӕрой. Хъуамӕ равдисӕм, Йесойы кӕй уарзӕм. Зӕгъӕм, уый равдисӕм, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ын кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй. Йесо загъта, тӕрхон куы кӕна, уӕд уымӕ гӕсгӕ кӕй скъуыддзаг кӕндзӕн, «фыстӕ» чи сты ӕмӕ «сӕгътӕ» чи сты, уый (Матф. 25:31–40). Нӕ бон у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн (Матф. 28:18–20). Мах нӕ хъӕуы, дзӕнӕты куы цӕрӕм, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй суӕм, Йегъовӕ йӕ цавӕр адӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, ахӕм адӕймӕгтӕ. Ныртӕккӕ дӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, ма сайӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зонӕм. Стӕй ма хъуамӕ Йегъовӕйыл, нӕ цардӕмбалыл ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл иузӕрдион уӕм. Ацы фыддунейы цӕргӕйӕ цас тынгдӕр архайӕм Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн дзӕнӕты дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Нӕ удыхъӕды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ куы фидар кӕнӕм ӕмӕ нӕ ног дунейы чи бахъӕудзӕн, ахӕм куыстытыл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, нӕхи дзӕнӕты цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм. w22.12 11, 12 фф., 14–16 абз.

Цыппӕрӕм, 27 июнь

Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн (Иоан. 14:21).

Йесо у нӕ Паддзах. Уый у ӕппӕты хуыздӕр Хицау, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй дӕр уарзӕм. Йегъовӕ йӕ Фырты йӕхӕдӕг ахуыр кодта ӕмӕ йӕ Паддзахӕй дӕр уый сӕвӕрдта (Ис. 50:4, 5). Уымӕй уӕлдай, Йесо равдыста удуӕлдай уарзондзинад (Иоан. 13:1). Дӕ Паддзах Йесо Чырысти уый аккаг у, цӕмӕй йӕ уарзай. Ӕцӕгдӕр ӕй чи уарзы, уыдоны схуыдта йӕ хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ загъта, сӕ уарзондзинад кӕй равдисдзысты, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын кӕй ӕххӕст кӕндзысты, уымӕй (Иоан. 14:15; 15:14, 15). Йегъовӕйы Фырты хӕлар уай, уый стыр кад куыннӕ у! Ды зоныс, Йесо кӕй у сӕрныллӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды кӕй фӕзмы. Базыдтай ма, ӕххормаг адӕмы-иу кӕй бафсӕста, ныфссаст чи уыд, уыдоны-иу ныфс кӕй бауагъта ӕмӕ рынчынты дӕр кӕй дзӕбӕх кодта (Матф. 14:14–21). Уыныс ӕй, абон йе ’мбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уый (Матф. 23:10). Ӕмӕ йӕ зоныс, фидӕны, Хуыцауы Паддзахады Паддзах уӕвгӕйӕ, ноджы диссагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй сараздзӕн. Дӕ бон куыд у равдисын, кӕй йӕ уарзыс, уый? Уый куыд цард, афтӕ цӕр. Ӕмӕ цӕмӕй Йесойы бафӕзмай, уый тыххӕй уал дӕ фыццаг хъӕуы дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. w23.03 4 ф., 8, 10 абз.

Майрӕмбон, 28 июнь

Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? (Ис. 40:26).

Ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста – уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл ӕмӕ денджызы цы ис, уыдӕттӕ дӕр. Ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын (Пс. 104:24, 25). Стӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, адӕймаг куыд диссаджы конд у, ууыл дӕр. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у, ӕрдз куыд рӕсугъд у, уый ӕмбарын. Стӕй нӕ бон у уынын, хъусын, уырзӕй сгарын, ад ӕмӕ тӕф ӕмбарын. Ӕмӕ нын уый фӕрцы йе сконд хъуыддӕгтӕ хӕссынц циндзинад. Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ма ноджыдӕр хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Афтӕмӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис (Ром. 1:20). Ӕрдзы мидӕг алцыдӕр куыд диссаджы конд у, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у. Цас алыхуызон хӕринӕгтӕ, дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ ис, уый та! Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, адӕмы кӕй уарзы, уый. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты мидӕг ын йӕ миниуджытӕ куы фенӕм, уӕд ӕй хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. w23.03 16 ф., 4, 5 абз.

Сабат, 29 июнь

Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад (Пс. 119:160).

Ацы дунейы уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц. Ӕмӕ Библийыл дарддӕр дӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕви нӕ, уый фӕлвӕрд цӕудзӕн. Чидӕртӕ фӕархайынц, цӕмӕй Библийыл ӕмӕ, Йегъовӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты разамынд кӕй дӕтты, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайӕм. Фӕлӕ нӕ фидарӕй куы уырна, Йегъовӕйы ныхӕстӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уӕд сын сӕ мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзыстӕм ӕмӕ нӕ алкӕддӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы «уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын» (Пс. 119:112). Мах не ’фсӕрмы кӕндзыстӕм иннӕтӕн дӕр рӕстдзинады тыххӕй дзурын. Стӕй сын дзурдзыстӕм, цӕмӕй сӕ цард аразой Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ (Пс. 119:46). Ӕмӕ суанг тынг зын уавӕрты дӕр, уыимӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй» фидар фӕлӕудзыстӕм (Кол. 1:11; Пс. 119:143, 157). Рӕстдзинады фӕрцы базыдтам, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Стӕй нын рӕстдзинад у фӕндагамонӕг. Уый фӕрцы ма нын фӕзынд ныфс, фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар амондджынӕй кӕй цӕрдзыстӕм, уымӕй. w23.01 7 ф., 16, 17 абз.

Хуыцаубон, 30 июнь

Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).

Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй бирӕ фӕкуывта. Йӕ Фыдӕн загъта, цӕмӕй сӕ Хӕйрӕгӕй хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:15). Ахъуыды-ма кӕн, Йесомӕ разӕй ӕнхъӕлмӕ каст уӕззау фӕлварӕн, фӕлӕ уӕддӕр йӕ апостолтыл хъуыды кодта. Куыд тынг сӕ уарзта! Мах фӕзмӕм Йесойы ӕмӕ ӕрмӕст нӕхиуыл нӕ хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ ӕдзухдӕр нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувӕм. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр фӕуыны, не ’мчырыстӕтты кӕй уарзӕм, уый. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уый сын стыр ӕххуыс у. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иак. 5:16). Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кувын уымӕн хъӕуы, ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. w22.07 23, 24 фф., 13–15 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын