Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Июль

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июль
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 июль
  • Дыццӕг, 2 июль
  • Ӕртыццӕг, 3 июль
  • Цыппӕрӕм, 4 июль
  • Майрӕмбон, 5 июль
  • Сабат, 6 июль
  • Хуыцаубон, 7 июль
  • Къуырисӕр, 8 июль
  • Дыццӕг, 9 июль
  • Ӕртыццӕг, 10 июль
  • Цыппӕрӕм, 11 июль
  • Майрӕмбон, 12 июль
  • Сабат, 13 июль
  • Хуыцаубон, 14 июль
  • Къуырисӕр, 15 июль
  • Дыццӕг, 16 июль
  • Ӕртыццӕг, 17 июль
  • Цыппӕрӕм, 18 июль
  • Майрӕмбон, 19 июль
  • Сабат, 20 июль
  • Хуыцаубон, 21 июль
  • Къуырисӕр, 22 июль
  • Дыццӕг, 23 июль
  • Ӕртыццӕг, 24 июль
  • Цыппӕрӕм, 25 июль
  • Майрӕмбон, 26 июль
  • Сабат, 27 июль
  • Хуыцаубон, 28 июль
  • Къуырисӕр, 29 июль
  • Дыццӕг, 30 июль
  • Ӕртыццӕг, 31 июль
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Июль

Къуырисӕр, 1 июль

Дзыхыныхасӕй... фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн (1 Тим. 4:12).

Нӕ бон дзурын кӕй у, уый у нӕ уарзӕгой Хуыцауы лӕвар. Фӕлӕ адӕм Хуыцауы лӕварӕй раст нал пайда кодтой. Хӕйрӕг Евӕйы асайдта, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм сарӕзтой тӕригъӕд ӕмӕ систы ӕнӕххӕст (Райд. 3:1–4). Адам, кӕй фӕрӕдыд, уый фӕкодта Евӕйы аххос ӕмӕ ма суанг Йегъовӕйы аххос дӕр (Райд. 3:12). Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕйы асайдта (Райд. 4:9). Абон киноты дӕр арӕх фехъусӕн вӕййы ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ. Адӕм, гыццылӕй-стырӕй, ӕвзӕр дзыхӕй дзурынц. Ӕдзух цы ӕвзӕр ныхӕстӕ хъусӕм, уыдоныл, гӕнӕн ис, нӕ хъус сахуыр уа. Ӕмӕ, къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр ахӕм ныхӕстӕ дзурын райдайдзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй ма дзурӕм, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма нӕ дзыхыныхасӕй Хуыцауы кадджын дӕр кӕнӕм. w22.04 4 ф., 1–3 абз.

Дыццӕг, 2 июль

Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр (Матф. 6:24).

Йесо ӕхцатӕм ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй каст. Уарзта-иу фынгыл абадын ӕмӕ исты ануазын дӕр (Лук. 19:2, 6, 7). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй фыццаг уыд, дон сӕн кӕй фестын кодта, уый. Ӕмӕ уый уыд ӕппӕты хуыздӕр сӕн (Иоан. 2:10, 11). Стӕй йыл йӕ мӕлӕты бон уыд зынаргъ уӕлӕдарӕс (Иоан. 19:23, 24). Фӕлӕ йын уӕддӕр ӕхцатӕ ӕмӕ дзаумӕттӕ царды сӕйраг нӕ уыдысты. Йесо бамбарын кодта, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурӕм, уӕд нын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уа, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:31–33). Йегъовӕ ӕхцайы фӕдыл цы уынаффӕтӕ радта, уыдон бирӕтӕн тынг баххуыс кодтой. Иу ӕнӕус ӕфсымӕр, Дэниел, загъта: «Ӕрыгонӕй аскъуыддзаг кодтон, царды мын ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын». Хуымӕтӕг цард кӕй кодта, уый фӕрцы йӕ бон баци Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ цыдӕртӕ саразын ӕмӕ ма Вефилы дӕр балӕггад кӕнын. Дэниел ма загъта: «Ӕхцатӕй ракӕл-ракӕл куы кӕнай, уӕддӕр цы сты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдты раз?» w22.05 21, 22 фф., 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 3 июль

[Йегъовӕ уӕ] талынгӕй... ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ... ӕрхуыдта (1 Пет. 2:9).

Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ ӕдзухдӕр куы иртасӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, рӕстдзинад кӕй уарзӕм. Кӕд рӕстдзинад рагӕй зонӕм, уӕддӕр-иу алкӕддӕр ногӕй цыдӕр базондзыстӕм. Библи ахуыр кӕныныл ӕмӕ иртасыныл хъӕуы фыдӕбон кӕнын, фӕлӕ уыцы фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Кӕсын ӕмӕ иртасын алчи нӕ уарзы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕмбарындзинад «агурӕм», ома архайӕм, цӕмӕй рӕстдзинад ноджы хуыздӕр бамбарӕм (Ӕмб. 2:4–6). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ӕфсымӕр Кори Библи куы фӕкӕсы, уӕд алы стих дӕр хицӕнӕй фӕиртасы. Уый загъта: «Стихтӕм цы фиппаинӕгтӕ вӕййы, уыдон иууылдӕр бакӕсын, ӕркӕсын, цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ йӕм вӕййы, уыдонмӕ дӕр, стӕй стихы фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг бацагурын. [...] Афтӕ кӕй фӕкӕнын, уый фӕрцы бирӕ ног цыдӕртӕ базонын». Чи зоны, ды дӕр Библи афтӕ фӕиртасыс, чи зоны, ӕндӕрхуызон. Фӕлӕ кӕд дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ уымӕн не ’вгъау кӕныс, уӕд афтӕмӕй ӕвдисыс, рӕстдзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый (Пс. 1:1–3). w22.08 17 ф., 13 абз.; 18, 19 фф., 15, 16 абз.

Цыппӕрӕм, 4 июль

Ӕз уыдтӕн йӕ фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг. Ӕз уыдтӕн йе стыр цин алы бон дӕр, ӕмӕ алкӕддӕр цин кодтон йӕ разы (Ӕмб. 8:30).

Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ Фыды тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу цӕвиттонӕн ӕрхаста, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ алкӕй дӕр уарзы. Йесо йӕ зындгонд раныхасы йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕргом раздӕхта Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕй дыууӕмӕ: хурмӕ ӕмӕ къӕвдамӕ. Куыд ахсджиаг сты, ууыл бирӕтӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц. Ӕнӕ хурӕй ӕмӕ ӕнӕ къӕвдайӕ зӕххыл цард нӕ уаид. Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ хуры рухс ӕмӕ къӕвда ма дӕтта, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмӕн. Фӕлӕ сӕ уый дӕтты алкӕмӕн дӕр (Матф. 5:43–45). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыды: Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй алкӕй дӕр уарзӕм. Рӕсугъд хурныгуылд-иу куы фенӕм кӕнӕ-иу фӕлмӕн къӕвда куы уара, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны ӕмӕ алкӕй дӕр кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ мах дӕр адӕмы Йегъовӕйы хуызӕн кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, хорз хабар алкӕмӕн дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. w23.03 17 ф., 9, 10 абз.

Майрӕмбон, 5 июль

Тынг бадис кодтон (Рарг. 17:6).

Апостол Иоанн тынг цӕуыл бадис кодта? Уый федта иу сылгоймаджы сырх-сырхид сырдыл бадгӕ. Уыцы сылгоймаг хуыйны «Стыр Вавилон» ӕмӕ хӕты «зӕххон паддзӕхтимӕ» (Рарг. 17:1–5). Чи у «Стыр Вавилон»? Уыцы сылгоймаг нӕу политикӕ кӕнӕ цавӕрдӕр политикон организаци. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Раргомады фыст ис, уый кӕй хӕты ацы дунейы хицӕуттимӕ (Рарг. 18:9). Сырдыл кӕй бады, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ архайы, цӕмӕй сыл йӕ бар цӕуа ӕмӕ йӕ къухы хъазӕнхъултӕй уӕлдай ма уой. Уӕдӕ нӕ амоны Хӕйрӕджы дунейы иннӕ хаймӕ дӕр – коммерцимӕ. Раргомады чиныджы коммерци ӕвдыст у ӕндӕр хуызы – «зӕххон сӕудӕджерты» хуызы (Рарг. 18:11, 15, 16). Мӕнг динты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ сӕвзӕрдысты рагон Вавилоны ӕмӕ апарахат сты иннӕ рӕтты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонмӕ (Рарг. 17:5, 18). w22.05 11 ф., 14–16 абз.

Сабат, 6 июль

Уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (1 Пет. 5:8).

Нӕ хотӕ фӕмӕт кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты ӕви нӕ. Ӕмӕ сӕ бамбарӕн дӕр ис. Ныййарджытӕ зонынц, Хӕйрӕджы дунейы сӕ сывӕллӕттӕ бирӕ фӕлварӕнтыл кӕй сӕмбӕлынц. Бирӕ хотӕн ма сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын зын уымӕн дӕр вӕййы, ӕмӕ сӕ иунӕгӕй фӕхъомыл кӕнынц кӕнӕ та сӕ сӕрыхицӕуттӕ Йегъовӕйӕн нӕ фӕлӕггад кӕнынц. Нӕ рӕстӕджы дӕр, йӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уыдон сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Фӕлӕ ныййарджытӕ дыууӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд дӕр сын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕгӕр ма тыхс. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Дӕ бон у базонын, нӕ организаци цы ӕрмӕг дӕтты, уый фӕрцы фӕлтӕрдджын ныййарджытӕ сӕ бинонты ахуыр куыд ауадзынц, уый (Ӕмб. 11:14). Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй-иу бамбарай, хуыздӕр куыд у дӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ-иу базонай, сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ зонды цы ис, уый (Ӕмб. 20:5). w22.04 17 ф., 4, 7 абз.; 18 ф., 9 абз.

Хуыцаубон, 7 июль

Ӕдзухдӕр уый тыххӕй фӕкувын, цӕмӕй уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна, уыимӕ бӕлвырдӕй зонат ӕмӕ хорз ӕмбарат, цы у Хуыцауы фӕндон (Фил. 1:9).

Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм, йӕ Фырты йын хуыздӕр куы базонӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта (Дзут. 1:3). Йесойы та хуыздӕр базондзыстӕм, цыппар Евангелийы лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд. Кӕд дын нӕма уайы Библи алы бон дӕр кӕсын, уӕд дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, ӕмӕ йӕ абонӕй фӕстӕмӕ алы бон дӕр кӕсай. Библийы Йесойы тыххӕй куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн йӕ миниуджытыл. Адӕмӕн Йесоимӕ уыди ӕнцон ӕмӕ уарзтой йемӕ ныхас кӕнын. Суанг-иу ӕм гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр цыдысты, ӕмӕ-иу сӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта (Мар. 10:13–16). Йесо уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн. Ӕмӕ-иу ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цы хъуыды кодтой, уый сӕрибарӕй дзырдтой (Матф. 16:22). Уымӕй Йесо фӕзмыдта йӕ уӕларвон Фыды. Йегъовӕимӕ дӕр ӕнцон у ныхас кӕнын. Уый нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг фӕхъусы. Мах нӕ фӕтӕрсӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын дзурын. Ӕмӕ йӕ фидарӕй фӕзонӕм, кӕй нӕ бамбардзӕн ӕмӕ ныл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ фӕхуддзӕн. Уый нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы (1 Пет. 5:7). w22.08 3 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 8 июль

О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ (Пс. 86:5).

Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ мах тыххӕй алцыдӕр зоны. Ахъуыды-ма кӕн, зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр зоны! (Пс. 139:15–17). Йегъовӕ зоны, цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ нӕ ныййарджытӕй нӕ туджы кӕй рахастам. Суанг ма зоны, нӕ царды цыдӕриддӕр ӕрцыд, куыд цардыстӕм, уый. Ӕмӕ ӕмбары, уыдӕттӕ дӕр нӕ удыхъӕдыл кӕй фӕзындысты ӕмӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ систӕм, ахӕмтӕ цӕмӕн систӕм, уый. Йегъовӕ адӕмы афтӕ хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нӕм у фӕлмӕнзӕрдӕ (Пс. 78:39; 103:13, 14). Йегъовӕ хъуыддагӕй равдыста, тынг ӕй кӕй фӕнды махӕн нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын. Уый зоны, фыццаг адӕймаг Адамы тыххӕй кӕй систӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ (Ром. 5:12). Махӕн нӕ бон нӕ уыдаид нӕдӕр нӕхи, нӕдӕр ӕндӕр искӕй уыцы цагъарадӕй фервӕзын кӕнын (Пс. 49:7–9). Фӕлӕ нын нӕ уарзӕгой Хуыцау фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ цыдӕр сарӕзта, цӕмӕй нӕ ссӕрибар кодтаид. Иоанны 3:16 стихы фыст ис, Йегъовӕ йӕ иунӕг Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид (Матф. 20:28; Ром. 5:19). w22.06 3 ф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 9 июль

Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ удӕн хорз кӕны (Ӕмб. 11:17).

Иннӕтӕн чи хатыр кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ дӕр кӕй хатыр кӕндзӕн, уый бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын цы загъта, уымӕй дӕр. Уыцы иузӕрдион адӕймагӕн йе ’ртӕ ӕмбалы – Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар – сӕ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой. Фӕлӕ Йегъовӕ Иовӕн загъта, цӕмӕй уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй скуывтаид. Ӕмӕ Иов афтӕ куы бакодта, уӕд ын Йегъовӕ раарфӕ кодта (Иов 42:8–10). Нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст куы хӕссӕм, уӕд нӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзыстӕм. Уый уӕззау уаргъ у. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу уыцы уаргъӕй фервӕзӕм (Еф. 4:31, 32). Йегъовӕ нын дзуры, «ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх», зӕгъгӕ (Пс. 37:8). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уый нӕ пайдайӕн уыдзӕн. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уымӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд не ’нӕниздзинад фӕцуддзӕн. Стӕй нӕ уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ ӕдзух уыдзыстӕм ныфссаст (Ӕмб. 14:30). Гъер марг куы бануазай, уӕд ӕвзӕрдӕр кӕмӕн уыдзӕн, искӕмӕн ӕви дӕхицӕн? Афтӕ у, искӕмӕ куы мӕсты кӕнай, уый дӕр. Фӕлӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд нӕхицӕн хуыздӕр уыдзӕн. Нӕ зӕрдӕтӕ-иу ӕрсабыр уыдзысты, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. w22.06 10 ф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 10 июль

Нӕ уӕлӕ дарӕм уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд (1 Фес. 5:8).

Нӕ ныфс нын нӕ зонд згъӕрхудау хъахъхъӕны, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕдыл нӕ цӕуӕм. Афтӕ куы кӕниккам, уӕд Йегъовӕйӕ адард уаиккам (1 Кор. 15:33, 34). Цы ныфс нын ис, уый ма нӕ хъахъхъӕны ахӕм хъуыдыйӕ дӕр, зӕгъгӕ мӕ Хуыцау райгонд никуы уыдзӕн. Елифаз дӕр Иовӕн ахӕм ныхӕстӕ кодта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йын ныфсытӕ ӕвӕры. Елифаз ын загъта: «Цы у зӕххон адӕймаг, куыд хъуамӕ уа сыгъдӕг?» Уый фӕстӕ та Хуыцауӕй загъта: «Уый йӕ зӕдтыл дӕр куы не ’ууӕнды ӕмӕ уӕлӕрвтӕ дӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг куы не сты» (Иов 15:14, 15). Ахӕм мӕнг ныхас ӕрхъуыды кӕнын дӕр нӕ хъуыд! Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, ахӕм хъуыдытыл нӕ Хӕйрӕг кӕй ӕфтауы. Уый зоны, ӕдзух афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс дӕр ницӕмӕйуал уыдзӕн. Фӕлӕ йын сайын ма баком. Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай, ӕмӕ дын ӕххуыс дӕр кӕндзӕн, цӕмӕй уый дӕ къухы бафта. Ууыл макуы фӕдызӕрдыг у (1 Тим. 2:3, 4). w22.10 25, 26 фф., 8–10 абз.

Цыппӕрӕм, 11 июль

Иовӕн йӕ дзыхӕй цы ныхӕстӕ рацыд, уыдонӕй тӕригъӕд нӕ ракодта (Иов 2:10).

Хӕйрӕджы фӕндыд Иовы баууӕндын кӕнын, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй нӕу ӕмӕ йыл бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй кӕй ӕрцыд. Хӕйрӕг тыхджын дымгӕ рауагъта, Иовы сывӕллӕттӕ иумӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзарыл (Иов 1:18, 19). Уымӕй уӕлдай, уӕларвӕй ныккалдта зынг, ӕмӕ Иовы фос ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ныццагъдысты (Иов 1:16). Ӕнахуыр дымгӕ кӕй радымдта ӕмӕ зынг уӕларвӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иов ахъуыды кодта, уыцы бӕллӕхтӕ Йегъовӕйӕ кӕй сты, ӕвӕццӕгӕн, дам, мӕм цӕйдӕр тыххӕй мӕсты у. Фӕлӕ йӕм кӕд ахӕм хъуыдытӕ уыд, уӕддӕр йӕ уӕларвон Фыды нӕ ралгъыста. Рох дзы нӕ уыд, Йегъовӕ йын бирӕ азты дӕргъы куыд арфӕ кодта ӕмӕ йын хорзӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕттӕ. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ кӕд, Хуыцау ын хорзӕй цы дӕтты, ууыл разы у, уӕд хъуамӕ разы уа, цы йын бавзарын кодта, ууыл дӕр. Иов загъта: «Табу уӕд Йегъовӕйы номӕн алкӕддӕр» (Иов 1:20, 21). w22.06 21 ф., 7 абз.

Майрӕмбон, 12 июль

Ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй иууылдӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Мар. 13:13).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Иоанны 17:14 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон. Ӕмӕ уынӕм, сылгоймаджы байзӕддаг ӕмӕ калмы байзӕддаг кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ кӕй систы, уӕлдайдӕр фӕстаг 100 азы дӕргъы. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? 1914 азы Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд. Хӕйрӕгӕн йӕ бон нал у уӕлӕрвтӕм аздӕхын. Стӕй зоны, тагъд йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Рарг. 12:9, 12). Фӕлӕ ӕнцад нӕ бады. Уый мӕстӕй фыцы ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл йӕ пырх калы (Рарг. 12:13, 17). Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне бонӕй-бонмӕ тынгдӕр йе сӕфт уыны. Фӕлӕ Хӕйрӕгӕй ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдонӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм. Апостол Павелау махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Кӕд Хуыцау немӕ ис, уӕд нӕ ныхмӕ чи уыдзӕн?» (Ром. 8:31). Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн. w22.07 18 ф., 14, 15 абз.

Сабат, 13 июль

Хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14).

Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, ацы цардӕвӕрды кӕрон хорз хабар хъусынгӕнджытӕ фаг кӕй уыдзӕн. Уый зыдта, кӕй сӕххӕст уыдзысты, псаломзарӕггӕнӕг цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Дӕ тохы бон дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ» (Пс. 110:3). Кӕд ды дӕр хорз хабар хъусын кӕныс, уӕд хъусыс Йесомӕ ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕныс ацы пехуымпарад. Хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ тӕмӕны бацыд! Фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлӕм. Уыцы зындзинӕдтӕй иу у, нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый. Дины разамонджытӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон нӕ бирӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ нӕ бинонтӕ, нӕ зонгӕтӕ ӕмӕ не ’мкусджытӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл куы баууӕндынц, уӕд сӕ чидӕртӕ нӕ ныхмӕ свӕййынц ӕмӕ нын фӕдзурынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм ӕмӕ мауал хъусын кӕнӕм. Иуӕй-иу бӕстӕты чырыстӕттӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, фертхъирӕн сӕм кӕнынц, ӕрцахсынц сӕ ӕмӕ ма сӕ суанг ахӕстоны дӕр сбадын кӕнынц. w22.07 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 14 июль

Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы (Хъуыд. 14:22).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу алы бон дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм Библи кӕсынӕн ӕмӕ, цы бакастыстӕм, ууыл арф хъуыды кӕнынӕн. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр фӕкӕны ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ баввахсдӕр вӕййӕм. Уый фӕрцы та нӕм фӕзыны хъарутӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Разамынд Библийы чи агуры, уыдонӕн ма Йегъовӕ ратты йӕ сыгъдӕг тых дӕр. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы та нӕм фӕзыны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару», ӕмӕ нӕ бон вӕййы цыфӕнды уӕззау фӕлварӕн дӕр сфӕразын (2 Кор. 4:7–10). Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг: статьятӕ, видеороликтӕ, кинонывтӕ, зарджытӕ (Матф. 24:45). Йегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой ӕмӕ зын рӕстӕг кӕрӕдзийӕн удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос уой (2 Кор. 1:3, 4; 1 Фес. 4:9). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдиагӕй фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй зындзинӕдты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм. w22.08 12 ф., 12–14 абз.

Къуырисӕр, 15 июль

Зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй (Еф. 4:3).

Не ’мчырыстӕттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ искӕцы хо кӕнӕ ’фсымӕры кой куы кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ ракӕнӕм йӕ хорзы кой. Афтӕмӕй кӕрӕдзи тынгдӕр уарздзысты ӕмӕ сӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты. Хатт суанг фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ дӕр цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу зондыл хӕст нӕ вӕййынц ӕмӕ фӕбыцӕу вӕййынц. Афтӕ рауад сӕ хабар апостол Павелӕн ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбал Варнавӕйӕн. Иннӕ уацамындон балцы Марчы семӕ акӕной ӕви нӕ, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты. «Гъемӕ афтӕ тынг фӕбыцӕу сты, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты» (Хъуыд. 15:37–39). Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Павел, Варнавӕ ӕмӕ Марк бафидыдтой. Фӕстӕдӕр Павел йӕ фыстӕджыты ракодта, Варнавӕ ӕмӕ Марк хорзӕй цы арӕзтой, уый кой (1 Кор. 9:6; Кол. 4:10, 11). Мах дӕр-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ истӕй тыххӕй куы фӕбыцӕу уӕм, уӕд-иу хъуамӕ бафидауӕм ӕмӕ-иу сын уый фӕстӕ дӕр сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Афтӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕндзыстӕм. w22.08 22, 23 фф., 10, 11 абз.

Дыццӕг, 16 июль

Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн (Матф. 7:1).

Мах ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм. Фӕлӕ-иу хъуамӕ иннӕтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ма суӕм. Ӕмӕ нӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, цыма мах никуы рӕдийӕм. Йегъовӕ у «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг», ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа (Райд. 18:25). Тӕрхоны бар махӕн нӕ радта. Ахъуыды кӕнӕм рӕстзӕрдӕ Иосифы хабарыл. Ӕвзӕрдзинад ын чи арӕзта, уыдонӕй йӕ маст нӕ иста. Йе ’фсымӕртӕ йӕ фыццаг марынвӕнд скодтой, уый фӕстӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой ӕмӕ сӕ фыды асайдтой, Иосиф, дам, мард у. Бирӕ азты фӕстӕ Иосиф йӕ бинонтимӕ куы баиу, уӕд уыди стыр хицау ӕмӕ йӕ бон уыд йе ’фсымӕртӕй йӕ маст райсын ӕмӕ сын карз тӕрхон рахӕссын. Кӕд Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ митыл ӕрфӕсмон кодтой, уӕддӕр тарстысты, Иосиф сӕ йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Исты ӕз Хуыцау дӕн?» (Райд. 37:18–20, 27, 28, 31–35; 50:15–21). Иосиф равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ тӕрхон бакодта Йегъовӕйы бар. w22.08 30 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 17 июль

Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн (Ӕмб. 3:27).

Зыдтай йӕ, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у дӕу уылты кӕйдӕр зӕрдиаг куывдтытӕн дзуапп раттын? Уӕлдай нӕу, хистӕр нӕлгоймаг дӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, пионер ӕви хъусынгӕнӕг, ӕрыгон ӕви ацӕргӕ, хо ӕви ӕфсымӕр. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй йӕм исчи куы фӕдзыназы ӕмӕ дзы ӕххуыс куы фӕкуры, уӕд ын арӕх дзуапп ратты хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Ӕмӕ йын фӕвӕййынц «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:11). Махӕн тынг ӕхсызгон у, Йегъовӕйӕн ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ахӕм хуызы балӕггад кӕнын нӕ бон кӕй вӕййы, уый! Не ’ххуыс сӕ бахъӕуы, цавӕрдӕр низ куы сысты, исты бӕллӕх куы ’рцӕуы кӕнӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд. Ӕмӕ нӕ фӕфӕнды нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Уый Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы (Ӕмб. 19:17). w22.12 22 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 18 июль

Уый уын фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ ӕз куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзат (Иоан. 15:12).

Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой, уӕд сӕ хъуамӕ уарзӕм. Йесо загъта, дыууӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхсты кӕй сты Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ иннӕты уарзын (Матф. 22:37–39). Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм ӕмӕ махыл дӕр ӕууӕндӕн уа. Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уыдоны тыххӕй иннӕтӕн нӕ дзурдзыстӕм, дзурӕн цы нӕй, уыдӕттӕ. Ахӕмӕй никуы ницы зӕгъдзыстӕм, зиан сын цы ’рхӕсса, цӕй тыххӕй фефсӕрмы уой кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ цы фӕриссын кӕна. Сӕрныллӕгдзинад дӕр нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕууӕнкджын уӕм. Сӕрныллӕг чырыстон нӕ фӕархайы, цӕмӕй иннӕтӕн цавӕрдӕр ног хабар радзурынмӕ фӕраздӕр уа (Фил. 2:3). Кӕнӕ кӕд, дзурӕн цы нӕй, ахӕм цыдӕр фӕзоны, уӕд йӕхицӕй цыдӕр нӕ фӕаразы ӕмӕ дӕлгоммӕ ныхӕстӕй нӕ фембарын кӕны, ӕз ахӕм ахсджиаг хабар зонын, зӕгъгӕ. Стӕй, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты кӕй кой нӕй, уыцы фарстаты фӕдыл йӕхи хъуыдытӕ нӕ фӕпарахат кӕны. w22.09 12 ф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 19 июль

Раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты (Дан. 12:4).

Зӕд Данелӕн загъта, Хуыцауы адӕм хуыздӕр ӕмбарын кӕй хъуамӕ райдыдтаиккой, Данелы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон, фӕлӕ сӕ фыдгӕнджытӕ не ’мбардзысты (Дан. 12:10). Ныр у уыцы рӕстӕг, цӕмӕй равдисӕм, фыдгӕнӕг адӕмы ’хсӕн кӕй не стӕм (Мал. 3:16–18). Йегъовӕ ӕмбырд кӕны, «уӕлдай зынаргъ» ын чи у, уыцы адӕмы. Мах дӕр бӕгуыдӕр фӕнды, цӕмӕй се ’хсӕн уӕм. Мах диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм! Фӕлӕ тагъд цӕудзӕн ноджы диссагдӕр хабӕрттӕ. Фендзыстӕм, фыдгӕнӕг адӕм иууылдӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты. Уый фӕстӕ та сӕххӕст уыдзӕн, Йегъовӕ Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай» (Дан. 12:13). Данел ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыдон куы рабадой, уыцы бонмӕ куыннӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс. Гъемӕ уӕдӕ ныр, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уай. Ӕмӕ уӕд дӕ ном ӕнӕмӕнгдӕр баззайдзӕн, Йегъовӕ кӕй фыссы, уыцы царды чиныджы! w22.09 24 ф., 17 абз.; 25 ф., 19, 20 абз.

Сабат, 20 июль

Ӕз дӕ ӕрвитын (Йез. 2:3).

Ацы ныхӕстӕ Йезекилы бафидар кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Исайӕн дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта, пехуымпартӕй сӕ куы равзӕрста, уӕд (Рац. 3:10; Ис. 6:8). Стӕй зыдта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта, сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдоны сӕрты ахизынӕн. Уӕдӕ Йегъовӕ Йезекилӕн дыууӕ хатты куы загъта, «ӕз дӕ ӕрвитын», зӕгъгӕ, уӕд Йезекил нӕ дызӕрдыг кодта, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн. Стӕй ма Йезекилы чиныджы бирӕ хӕттыты ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ [мын] загъта» (Йез. 3:16). Бӕрӕг у, Йезекилы фидарӕй кӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй арвыста, уый. Уымӕй уӕлдай, йӕ фыд уыд сауджын. Ӕмӕ йын-иу, ӕвӕццӕгӕн, радзырдта, Йегъовӕ йӕ пехуымпарты кӕй никуы ныууагъта ӕмӕ-иу сын йе ’ххуыс кӕй никуы бавгъау кодта. Зӕгъӕм, Исахъ, Иаков ӕмӕ Йеремийӕн Йегъовӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз демӕ дӕн» (Райд. 26:24; 28:15; Йер. 1:8). w22.11 2 ф., 3 абз.

Хуыцаубон, 21 июль

Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард (Ром. 6:23).

Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ уый аххосӕй сӕ сывӕллӕттӕ мӕлынц, уӕддӕр Йегъовӕ йӕ фӕнд нӕ аивта (Ис. 55:11). Уый ныр дӕр фӕнды, цӕмӕй, иузӕрдион ыл чи у, уыдон ӕнустӕм цӕрой. Уый бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уымӕй. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны фадат кӕй ратдзӕн (Хъуыд. 24:15; Тит. 1:1, 2). Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иовы уырныдта, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды мӕрдты райгас кӕнын (Иов 14:14, 15). Пехуымпар Данел дӕр зыдта, Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн фадат ӕнустӕм цӕрынӕн (Пс. 37:29; Дан. 12:2, 13). Йесойы рӕстӕг чи цард, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр зыдтой, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты «ӕнусон цардӕй» кӕй схайджын кӕндзӕн (Лук. 10:25; 18:18). Йесо уыцы зӕрдӕвӕрды тыххӕй арӕх дзырдта. Ӕмӕ йын стӕй Хуыцау йӕхи дӕр райгас кодта (Матф. 19:29; 22:31, 32; Лук. 18:30; Иоан. 11:25). w22.12 4, 5 фф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 22 июль

Ӕз мӕ зӕрдӕ дӕуыл дарын, о Йегъовӕ (Пс. 31:14).

Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм (Иак. 4:8). Уый фӕнды, цӕмӕй уа нӕ Хуыцау, нӕ Фыд ӕмӕ нӕ Хӕлар. Нӕ куывдтытӕн нын дзуапп ратты ӕмӕ нын зын рӕстӕджыты баххуыс кӕны. Стӕй нӕ йӕ организацийы уылты ахуыр кӕны ӕмӕ хъахъхъӕны. Адӕймаг Йегъовӕмӕ баввахс вӕййы, куы йӕм фӕкувы, йӕ Ныхас ын куы фӕкӕсы ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд. Афтӕмӕй йӕ бауарзы ӕмӕ йын аргъ кӕнын райдайы. Бафӕнды йӕ йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уый аккаг у (Рарг. 4:11). Йегъовӕйы хуыздӕр куы базоны, уӕд ын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ нын кӕй уылты ӕххуыс кӕны, уыцы организацийыл дӕр тынгдӕр баууӕнды. Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл мауал ӕууӕндӕм. Ӕмӕ уый фӕаразы гыццылгай. Фӕлӕ нӕ бон у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын! Нӕ уырнындзинад фидар куы уа ӕмӕ, Йегъовӕйыл ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл ӕппындӕр куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ организаци дӕр нӕ ныууадздзыстӕм (Пс. 31:13, 14). w22.11 14 ф., 1–3 абз.

Дыццӕг, 23 июль

Мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр никӕцы хуыцауӕн фӕндыд лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын (Дан. 3:28).

Ӕцӕг чырыстӕттӕй бирӕтӕн тӕссаг уыд, кӕй сӕ ’рцахсдзысты ӕмӕ сӕ суанг маргӕ дӕр кӕй акӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон уыцы фӕлварӕнтӕй нӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы тынг уарзтой. Уыдон сты, судзгӕ пецӕй чи нӕ фӕтарст, уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы хуызӕн. Уыцы лӕппутӕ Иунӕг Стыр Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта. Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Уый сиды уӕлӕрвтӕм ӕмӕ зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ адӕмӕн стӕрхон кӕна: „Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут мӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты“» (Пс. 50:4, 5). Ӕндӕр псаломы та Давид ныффыста: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн. Ӕнустӕм сӕ хъахъхъӕндзӕн» (Пс. 37:28). Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ куы нӕ сивӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын. Ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Иузӕрдион [дыл] чи у, уыдон фырцинӕй зарӕнт» (Пс. 132:9). w22.10 17 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 24 июль

Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты (Ром. 1:20).

Ӕвӕццӕгӕн, Иов никуы ферох кодта, Йегъовӕимӕ куыд ныхас кодта, уый. Йегъовӕйы фӕндыд Иовӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ фидарӕй уырныдтаид, стыр зонды хицау кӕй у ӕмӕ йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджытыл батыхсын. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йе ’ргом раздӕхта, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм. Зӕгъӕм, йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта, цӕрӕгойтыл куыд тыхсы, уый. Ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодта, уый дӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн (Иов 38:39–41; 39:1, 5, 13–16). Иов куы ахъуыды кодта, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл, уӕд Хуыцауы миниуджыты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдта. Мах дӕр Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Горӕты чи цӕры, уыдонӕн арӕх нӕ вӕййы фадат, цӕмӕй ӕрдзы рӕсугъддзинад алы бон уыной. Ӕмӕ хъӕуы цӕрӕг адӕмы дӕр арӕх нӕ февдӕлы, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнынмӕ. Фӕлӕ ахсджиаг у уымӕн рӕстӕг арын. w23.03 15 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 25 июль

Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы (Ӕмб. 22:3).

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цалынмӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ кӕй уыдзӕн «стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» ӕмӕ кӕй цӕудзӕн ӕндӕр бӕллӕхтӕ (Лук. 21:11). Стӕй ма загъта, «фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты» (Матф. 24:12). Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Алы рӕтты ӕрцӕуы фыдракӕндтӕ ӕмӕ теракттӕ. Йесо афтӕ никуы загъта, ӕмӕ-иу ахӕм бӕллӕхтӕ зиан ӕрхӕсдзысты, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Уыдӕттӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕн ӕрхастой зиан кӕнӕ дзы чидӕртӕ фӕмард сты (Ис. 57:1; 2 Кор. 11:25). Йегъовӕ нӕ, гӕнӕн ис, ӕппӕт бӕллӕхтӕй диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ нын ратдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй-иу ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕн, рагацау-иу куы ахъуыды кӕнӕм, нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл. Нӕхи рагацау куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нӕ нӕ уырны, Йегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн. Уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ уырны, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Хуыцауы Ныхас нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу рагацау ахъуыды кӕнӕм, кӕм цӕрӕм, уым тӕссаг цавӕр бӕллӕхтӕй у, ууыл. w22.12 18 ф., 9, 10 абз.

Майрӕмбон, 26 июль

Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна (Райд. 45:5).

Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд Йегъовӕ Египеты паддзахӕн дыууӕ фыны фенын кодта. Паддзах куы базыдта, Иосифӕн йӕ бон кӕй у фынтӕ халын, уӕд ӕй ӕрбакӕнын кодта. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Иосиф фынтӕ райхӕлдта, стӕй йын загъта, цы саразӕн ис, уый. Ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ фараоны зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. Фараон бамбӕрста, Йегъовӕ Иосифимӕ кӕй ис, ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта стыр хицауӕй – ӕгас Египеты хойраг ын йӕ бар бакодта (Райд. 41:38, 41–44). Фӕстӕдӕр тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта ӕрмӕст Египеты нӕ, фӕлӕ Ханааны дӕр, Иосифы бинонтӕ кӕм цардысты, уым. Иосиф стыр бынат кӕй ахста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд йӕ бинонты аирвӕзын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, Мессийӕ кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг бахъахъхъӕнын. Куыд зыны, афтӕмӕй уый уыд Йегъовӕ. Уый алы хъуыддаджы дӕр Иосифӕн арфӕ кодта. Ӕмӕ кӕд Иосифы йе ’фсымӕртӕ марынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр Йегъовӕ уавӕр афтӕ фӕивта, ӕмӕ йӕ бон уыд йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын. w23.01 17 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 27 июль

Сымах... уӕхимӕ кӕсут (Лук. 21:34).

Йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаг вӕййы къӕрцхъус ӕмӕ фӕуыны, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уымӕн тӕссаг цӕмӕй у, ӕмӕ уыдӕттӕй йӕхи фӕхизы. Уый фӕрцы Хуыцауы уарзтӕй йӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкӕны (Ӕмб. 22:3; Иуд. 20, 21). Апостол Павел дӕр чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхимӕ кастаиккой. Зӕгъӕм, Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта: «Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ» (Еф. 5:15, 16). Хӕйрӕг ӕдзух архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. Уымӕ гӕсгӕ нын Библи зӕгъы, зӕгъгӕ-иу бамбарут, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» (Еф. 5:17). Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн йӕ къӕппӕджытӕй нӕхи бахизын. Цӕмӕй-иу зондджын уынаффӕ рахӕссӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы бамбарын, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый». Куыд ӕй ис бамбарӕн? Уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух Хуыцауы Ныхас иртасӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕндон хорз куы ’мбарӕм ӕмӕ, «Чырысти куыд хъуыды кӕны», афтӕ хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, зондджынтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ архайын, куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уый комкоммӕ фыст куы никуы уа, уӕд дӕр (1 Кор. 2:14–16). w23.02 16, 17 фф., 7–9 абз.

Хуыцаубон, 28 июль

Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст (Ром. 12:2).

Дӕ хӕдзар арӕх фефснайыс? Цалынмӕ дзы ӕрцардтӕ, уӕдмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, хӕрзӕфснайд бакодтай. Фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ куы нал ӕфснайай, уӕд куыд уыдзӕн? Рыг уайтагъд абады, ӕмӕ рыгӕй нал зындзӕн ӕмӕ дзы уыдзӕн тынг чъизи. Цӕмӕй дӕ хӕдзар сыгъдӕг уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы арӕх ӕфснайын. Раст афтӕ нӕ ӕдзух хъӕуы нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ удыхъӕд ивын. Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстам, уӕдмӕ нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтам, цӕмӕй нӕхи ссыгъдӕг кодтаиккам, «нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй» (2 Кор. 7:1). Фӕлӕ нӕ ныр та хъӕуы апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ дарддӕр дӕр ивын (Еф. 4:23). Ацы дунейы «рыг» адӕймагыл уайтагъд абады. Ӕмӕ афтӕ куы рауайа, уӕд Йегъовӕйы цӕсты счъизи уыдзыстӕм. Цӕмӕй алкӕддӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, нӕ зондахаст, нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. w23.01 8 ф., 1, 2 абз.

Къуырисӕр, 29 июль

Ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ (Матф. 3:16).

Тӕхуды ӕмӕ, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕ байхъус! Арӕх-иу сын Сыгъдӕг Фыстадӕй ӕрхаста кӕцыдӕр ныхӕстӕ. Цыма сӕ ахуыр скодта, афтӕ сӕ хъуыды кодта. Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, уӕлӕрвты куыд цард, уый. Зӕгъӕм, йӕ донаргъуыды фӕстӕ йӕ ныхӕстӕй ӕппӕты фыццаг фыст чи ’рцыд, уыдон, стӕй йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фӕстаг ныхӕстӕ уыдысты Фыстадӕй (Дык. з. 8:3; Пс. 31:5; Лук. 4:4; 23:46). Йесо зӕххыл лӕггад кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ-иу арӕх адӕмы раз хъӕрӕй каст Фыстад, ӕрхаста-иу дзы кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ-иу Хуыцауы Ныхас ӕмбарын кодта (Матф. 5:17, 18, 21, 22, 27, 28; Лук. 4:16–20). Йесо цалынмӕ лӕггад кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ дӕр-иу Хуыцауы Ныхас касти ӕмӕ-иу иннӕтӕй арӕх фехъуыста, цы фыст дзы ис, уый. Марийӕ ӕмӕ-иу Иосиф, ӕвӕццӕгӕн, Фыстадӕй ӕрхастой кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ (Дык. з. 6:6, 7). Стӕй алы сабаты дӕр йӕ бинонтимӕ цыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ (Лук. 4:16). Ӕмӕ-иу уым, ӕвӕццӕгӕн, лӕмбынӕг хъуыста, Фыстад-иу куы кастысты, уӕд. w23.02 8 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 30 июль

Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз (Мар. 12:30).

Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис уарзӕн. Зӕгъӕм, ды базыдтай, уымӕ кӕй ис «царды суадон» ӕмӕ, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» уый кӕй дӕтты (Пс. 36:9; Иак. 1:17). Дӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый у нӕ уарзӕгой ӕмӕ рӕдау Хуыцауы лӕвар. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар адӕмӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, ууыл. Йесо загъта: «Мӕ Фыд мӕ... уарзы» (Иоан. 10:17). Стӕй ма загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Иумӕ уыдысты миллиардгай азтӕ ӕмӕ бонӕй-бонмӕ ӕнгомдӕр кодтой (Ӕмб. 8:22, 23, 30). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, йӕ Фырт куыд хъизӕмар кӕны ӕмӕ куыд амард, уый уынгӕйӕ. Фӕлӕ адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбулы нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын. Уый уарзы дӕу дӕр, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай (Иоан. 3:16; Гал. 2:20). Ӕмӕ Хуыцауы фыццаджыдӕр уый тыххӕй уарзӕм. w23.03 4, 5 фф., 11–13 абз.

Ӕртыццӕг, 31 июль

Фидар хӕцут, цы уӕм ис, ууыл (Рарг. 2:25).

Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕм хъуамӕ ма хъусӕм ӕмӕ сыл ма ӕууӕндӕм. Йесо Пергамы чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты бауайдзӕф кодта, къордтыл ӕмӕ сектӕтыл кӕй дихтӕ кодтой, уый тыххӕй (Рарг. 2:14–16). Фиатирӕйы чырыстӕттӕй та кӕмӕйдӕрты раппӕлыд, «Сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ» базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидар хӕцыдаиккой (Рарг. 2:24–26). Мӕнг ахуырӕдтыл чи баууӕндыд ӕмӕ чи ӕрлӕмӕгъ, уыцы чырыстӕтты хъуыди ӕрфӕсмон кӕнын. Махӕн дзы нӕ бон зондӕн райсын цы у? Кӕд цавӕрдӕр ахуырад кӕнӕ цавӕрдӕр хъуыды, Йегъовӕ цы дзуры, уый ныхмӕ у, уӕд уыдӕттыл хъуамӕ ма ӕууӕндӕм. Раст дин чи ныууагъта, уыдон сӕхи афтӕ февдисынц, «цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты», фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕ вӕййы (2 Тим. 3:5). Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн, кӕцыдӕр ахуырад мӕнг ахуырад кӕй у, уый бамбарын. Ӕмӕ-иу ыл уӕд нӕ баууӕнддзыстӕм (2 Тим. 3:14–17; Иуд. 3, 4). Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа. Кӕд нӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд та хъуамӕ уайтагъд афтӕ бакӕнӕм (Рарг. 2:5, 16; 3:3, 16). w22.05 4 ф., 9 абз.; 5 ф., 11 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын