Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Август

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Август
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 август
  • Майрӕмбон, 2 август
  • Сабат, 3 август
  • Хуыцаубон, 4 август
  • Къуырисӕр, 5 август
  • Дыццӕг, 6 август
  • Ӕртыццӕг, 7 август
  • Цыппӕрӕм, 8 август
  • Майрӕмбон, 9 август
  • Сабат, 10 август
  • Хуыцаубон, 11 август
  • Къуырисӕр, 12 август
  • Дыццӕг, 13 август
  • Ӕртыццӕг, 14 август
  • Цыппӕрӕм, 15 август
  • Майрӕмбон, 16 август
  • Сабат, 17 август
  • Хуыцаубон, 18 август
  • Къуырисӕр, 19 август
  • Дыццӕг, 20 август
  • Ӕртыццӕг, 21 август
  • Цыппӕрӕм, 22 август
  • Майрӕмбон, 23 август
  • Сабат, 24 август
  • Хуыцаубон, 25 август
  • Къуырисӕр, 26 август
  • Дыццӕг, 27 август
  • Ӕртыццӕг, 28 август
  • Цыппӕрӕм, 29 август
  • Майрӕмбон, 30 август
  • Сабат, 31 август
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Август

Цыппӕрӕм, 1 август

Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг (Мал. 3:16).

Йегъовӕ лӕмбынӕг фӕхъусы, чи дзы тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны ныхӕстӕм. Ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ ныффыссы «зӕрдылдарӕн чиныджы». Цымӕ цӕмӕн? Нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн ныфс ӕвӕры, ног дунейы ӕнустӕм амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Цы фӕдзурӕм ӕмӕ иннӕтимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уымӕй кӕнгӕ у, Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕй райгонд уыдзӕн ӕви нӕ (Иак. 1:26). Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕкӕнынц тызмӕг ӕмӕ схъӕл ныхас, стӕй иннӕтыл сӕ маст акалынц (2 Тим. 3:1–5). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Мах тынг фӕнды нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уацамынды кӕнӕ ӕмбырды иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, нӕ бинонтимӕ та тызмӕг ӕмӕ схуыст ныхас куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд нӕ уыдзӕн (1 Пет. 3:7). w22.04 5 ф., 4, 5 абз.

Майрӕмбон, 2 август

Уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты (Рарг. 17:16).

Хуыцау дӕс сыкъайы ӕмӕ сырды зӕрдӕты бавӕрдзӕн йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын, ома Стыр Вавилоны фесафын. Йегъовӕ хицауӕдты ахӕм зондыл сараздзӕн, цӕмӕй сырх-сырхид сырды, ома Иугонд Нациты Организаци, мӕнг динты ныхмӕ скӕной ӕмӕ сӕ бынтондӕр фесафа (Рарг. 18:21–24). Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр хӕст уӕм, «нӕ Хуыцауы... цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин» чи у, ууыл (Иак. 1:27). Хъуамӕ нын Стыр Вавилонимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа. Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи фӕчъизи кӕнӕм йӕ мӕнг ахуырӕдтӕй, йӕ бӕрӕгбӕттӕй, йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Стӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр адӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй дзы рацӕуой, кӕннод йӕ тӕригъӕдтӕ уыдоныл дӕр уыдзысты, ӕмӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн (Рарг. 18:4). w22.05 11 ф., 17 абз.; 14 ф., 18 абз.

Сабат, 3 август

Ӕз дзурдзынӕн Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй (Ис. 63:7).

Ныййарджытӕ, фадӕттӕ агурут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ уын хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй дзурат (Дык. з. 6:6, 7). Уый уӕлдай ахсджиаг у, кӕд дӕ цардӕмбал ӕндӕр диныл хӕст у ӕмӕ дын дӕ сывӕллӕттимӕ Библи хӕдзары ахуыр кӕнын алы хатт нӕ уайы, уӕд. Иу хо, Кристинӕ, загъта: «Бирӕ фадӕттӕ мын нӕ уыди, цӕмӕй-иу хӕдзары мӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтаин. Ӕмӕ-иу ӕндӕр уавӕртӕй пайда кодтон». Дӕ бон ма цы у аразын? Дӕ сывӕллӕттӕн дзур, Йегъовӕйы организаци, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хорзӕй цы аразынц, уыдӕтты тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтыл-иу фаутӕ ма ӕвӕр, науӕд сыл уӕ сывӕллӕттӕ не ’ууӕнддзысты ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд сӕ ӕххуыс нӕ бацагурдзысты. Архай, цӕмӕй уӕ хӕдзары фарн уа. Дӕ сӕрыхицауӕн ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн арӕх дзур, кӕй сӕ уарзыс, уый. Дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уӕд, дӕ сӕрыхицауы кӕй нымайыс. Стӕй сывӕллӕтты дӕр ахуыр кӕн, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр нымайой. Афтӕ куы кӕнай, уӕд уӕ хӕдзары уыдзӕн фарн. Ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй цы дзурай, уый сӕ зӕрдӕтӕм тынгдӕр хъардзӕн (Иак. 3:18). w22.04 18 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 4 август

Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ (Рарг. 3:1).

Кӕд Ефесы ӕмбырды чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр уыдысты фидар ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтой. Фӕлӕ сын Йесо загъта, Йегъовӕйы раздӕрау кӕй нал уарзтой. Ӕмӕ сӕ хъуыди уыцы уарзондзинады зынг ногӕй сӕ зӕрдӕты ссудзын, науӕд сын Йегъовӕ сӕ лӕггадӕй райгонд нӕ уыдаид. Абон мах дӕр зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууӕм, уый хорз у. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Йегъовӕ, цы аразӕм, ӕрмӕст уымӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ цӕмӕн аразӕм, уымӕ дӕр. Уый фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, тынг ӕй кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй (Ӕмб. 16:2; Мар. 12:29, 30). Хъуамӕ дарддӕр дӕр уӕм цырддзаст ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. Сардисы ӕмбырды чи уыди, уыдон раздӕр Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ арӕзтой, фӕлӕ уый фӕстӕ ӕрлӕмӕгъ сты. Йесо сын загъта, цӕмӕй «райхъал» уыдаиккой (Рарг. 3:1–3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). w22.05 3 ф., 6, 7 абз.

Къуырисӕр, 5 август

Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда (Ӕмб. 14:23).

Адӕймагӕн йӕ фыдӕбон циндзинад кӕй хӕссы, уый Соломон схуыдта «Хуыцауы лӕвар» (Еккл. 5:18, 19). Ӕмӕ уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Соломон йӕхӕдӕг дӕр уыд куыстуарзаг. Ӕмӕ цынӕтӕ сарӕзта! Сарӕзта хӕдзӕрттӕ, скодта сӕнӕфсирдӕттӕ, дыргъдӕттӕ ӕмӕ доны цадтӕ. Стӕй ма сарӕзта горӕттӕ дӕр (1 Пад. 9:19; Еккл. 2:4–6). Соломон бирӕ фыдӕбон кодта, ӕмӕ йын уый циндзинад дӕр куыннӕ хаста. Фӕлӕ зыдта, уый фаг кӕй нӕу, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уа. Соломон ма бирӕ арӕзта Хуыцауы хъуыддаджы дӕр. Зӕгъӕм, 7 азы Йегъовӕйӕн арӕзта диссаджы кувӕндон! (1 Пад. 6:38; 9:1). Соломонӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст. Фӕлӕ уый бамбӕрста, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕнӕуи хъуыддӕгтӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй сты. Ӕмӕ ныффыста: «Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн» (Еккл. 12:13). w22.05 22 ф., 8 абз.

Дыццӕг, 6 август

Чырыстийы фӕрцы [нын] Хуыцау зӕрдӕйӕ... ныххатыр кодта (Еф. 4:32).

Библийы ис, Йегъовӕ-иу кӕмӕн ныххатыр кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ. Дӕ зӕрдыл дзы ничи ӕрбалӕууыд? Чи зоны, ахъуыды кодтай паддзах Манассийыл. Уый ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, Йегъовӕйы ныхмӕ ахӕм стыр тӕригъӕдтӕ ракодта, ӕмӕ хъуын арц слӕууы. Куывта мӕнг хуыцӕуттӕн ӕмӕ адӕмы дӕр ууыл ӕфтыдта. Йӕ сывӕллӕтты мӕнг хуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхаста. Суанг ма Хуыцауы сыгъдӕг кувӕндоны сӕвӕрдта мӕнг хуыцауы гуымиры. Манассийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта» (2 Аз. 33:2–7). Фӕлӕ стӕй Манасси зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта (2 Аз. 33:12, 13). Кӕмӕндӕр та, чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд паддзах Давид. Уый дӕр Йегъовӕйы ныхмӕ стыр тӕригъӕдтӕ ракодта. Зӕгъӕм, кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы амарын кодта. Фӕлӕ Давид Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтыл куы басаст ӕмӕ зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодта, уӕд ын Йегъовӕ ныххатыр кодта (2 Сам. 12:9, 10, 13, 14). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. w22.06 3 ф., 7 абз.

Ӕртыццӕг, 7 август

Фӕразон ут, фидар кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ (Иак. 5:8).

Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын иуӕй-иу хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ ӕнусон Хуыцау кӕй у ӕмӕ уый рӕстӕгмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсы (2 Пет. 3:8, 9). Цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст кӕндзӕн, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ. Фӕлӕ йӕ, гӕнӕн ис, мах кӕд ӕнхъӕл стӕм, уӕд ма сӕххӕст кӕна. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ ныфс фидар уа? (Иак. 5:7). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм. Уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, ныфс нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ. Библимӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ныфс уырнындзинадимӕ кӕй у баст. Ома нӕ хъуамӕ уырна, Йегъовӕ кӕй ис «ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзут. 11:1, 6). Фидарӕй нӕ куы уырна, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уӕд никуы дызӕрдыг кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас кӕсӕм. Кӕд нӕ бон Йегъовӕйы уынын нӕу, уӕддӕр ӕм нӕ бон у ӕввахсдӕр кӕнын. Нӕ бон ӕм у кувын ӕмӕ йемӕ афтӕмӕй ныхас кӕнын. Ӕмӕ йӕ зонӕм, кӕй нӕ фӕхъусы (Йер. 29:11, 12). w22.10 26, 27 фф., 11–13 абз.

Цыппӕрӕм, 8 август

Иов райдыдта дзурын, райдыдта йӕ райгуырӕн бон ӕлгъитын (Иов 3:1).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Иов фӕнычы бады, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр риссы (Иов 2:8). Цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд, уыдоны уӕзӕй бынтон ныггуыбыр. Йӕ сывӕллӕттыл йӕ зӕрдӕ дудгӕ рыст кӕны. Фыццаг уал Иов хъусӕй лӕууы (Иов 2:13). Кӕй ницы дзуры, уый тыххӕй кӕд йе ’ртӕ ӕмбалмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ Хуыцауыл йӕ къух систа, уӕд тынг рӕдийынц! Уыдон Иовыл цъыф калынц ӕмӕ дзы алы ӕвзӕртӕ дзурынц. Фӕлӕ иуафон Иов, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сӕрыл хӕрдмӕ схӕцыд, комкоммӕ сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5). Иовӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ахӕм уавӕры хъӕбатыр ӕмӕ фидар уыдаид? Кӕд афтӕ зӕрдӕсаст уыд, уӕддӕр ӕй ныфс уыди, йӕ уарзӕгой Хуыцау ӕй йӕ хъизӕмӕрттӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Зыдта йӕ: мӕлгӕ дӕр куы акӕна, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ райгас кӕндзӕн (Иов 14:13–15). w22.06 22 ф., 9 абз.

Майрӕмбон, 9 август

Кувгӕ та кӕнут афтӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10).

Нӕ бон арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгмӕ кувын кӕй у, уый у стыр кад! Ахъуыды-ма кӕн, нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕцыфӕнды ӕвзагыл дӕр дзурын. Рынчындоны уӕм кӕнӕ ахӕстоны,– уырдыгӕй дӕр нӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд фехъусдзӕн. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Паддзах Давид дӕр тынг аргъ кодта, йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй уыд, уымӕн. Уый Йегъовӕйӕн зарыд: «Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау [комк. «будау цӕттӕ уӕд дӕ разы», фип.]» (Пс. 141:1, 2). Давиды заман-иу сауджынтӕ Хуыцауы раз цы буд сыгътой, уый-иу хъуыди бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрцӕттӕ кӕнын (Рац. 30:34, 35). Ӕвӕццӕгӕн-иу Давид дӕр йӕ уӕларвон Фыдмӕ скувыны размӕ бӕстон ахъуыды кодта, цы зӕгъдзӕн, ууыл. Ӕмӕ буды кой дӕр уый тыххӕй скодта. Мах дӕр фӕнды Давиды фӕзмын, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой. w22.07 20 ф., 1, 2 абз.; 21 ф., 4 абз.

Сабат, 10 август

«Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн»,– зӕгъы Йегъовӕ (Ром. 12:19).

Мастисӕг у Йегъовӕ. Йегъовӕ нын уый бар нӕ радта, цӕмӕй искӕмӕй нӕ маст исӕм (Ром. 12:20, 21). Мах ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ нӕ бон нӕу Хуыцауы хуызӕн алцыдӕр зонын ӕмӕ алкӕддӕр хъуыддаг раст аскъуыддзаг кӕнын (Дзут. 4:13). Хатт та нӕ маст бакуырм кӕны, ӕмӕ, гӕнӕн ис, раст куыд у, афтӕ ма бакӕнӕм. Йегъовӕ Иаковӕн ахӕм ныхӕстӕ ныффыссын кодта: «Адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иак. 1:20). Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн. Иннӕтӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд равдисӕм, фидарӕй нӕ кӕй уырны, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй архайы, уый. Хъуамӕ-иу алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнӕм. Уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ уырны, цы маст бавзӕрстам, уымӕй Йегъовӕ фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. Ног дунейы нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уыдзысты, «ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17). w22.06 10, 11 фф., 11, 12 абз.

Хуыцаубон, 11 август

Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты (Матф. 24:9).

Адӕм нӕ се сӕфт кӕй уынынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕгдӕр стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дӕр райгонд у (Матф. 5:11, 12). Не знӕгты нӕ ныхмӕ Хӕйрӕг ардауы. Фӕлӕ Йесо Хӕйрӕгӕй бирӕ хъомысджындӕр у! Йесойы ӕххуысы фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай, хорз хабар хъӕуы алыхуызон ӕвзӕгтыл хъусын кӕнын. Фӕлӕ, Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны цы равдыста, уымӕй бӕрӕг у, уый хорз хабар хъусын кӕнынӕн къуылымпыйы хос кӕй нӕ уыдзӕн (Рарг. 14:6, 7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Мах хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ныртӕккӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн сӕ бон у нӕ сайты jw.org Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ кӕсын. Уыцы сайт ис 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» – нӕ сӕйраг кусӕнгарз Библийы ахуыртӕ уадзынӕн – тӕлмацгонд ӕрцӕуа 700 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ! w22.07 9 ф., 6, 7 абз.

Къуырисӕр, 12 август

Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый... ирвӕзындзинад у (Ӕмб. 11:14).

Йесо уыди тӕригъӕдгӕнаг. Апостол Матфей ныффыста: «Уыйбӕрц адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Йегъовӕйӕ та цы ис зӕгъӕн? Йесо загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды... нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:14). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы, ӕмӕ нын уый ӕхсызгон у. Уӕдӕ Йесойы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Цы ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕнай? Дӕ рӕстӕг ӕрвит де ’мбырды фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Куыд амондджын сты, уый куыннӕ уыныс. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой, ууыл нӕ фӕсмон кӕнынц. Зӕгъ-иу сын, цӕмӕй дын радзурой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сыл цы хорз хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Цавӕрдӕр ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу семӕ аныхас кӕн. Дӕ зӕрдыл дар: «Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым... алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмб. 15:22). w22.08 3 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 13 август

Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм (1 Пет. 3:12).

Не ’ппӕт дӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг иунӕг нӕ уыдзыстӕм. Йегъовӕ у нӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ нӕм алкӕддӕр йӕ цӕст фӕдары. Уый вӕййы нӕ фарсмӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс куы ракурӕм, уӕд нӕ фехъусы ӕмӕ нын зӕрдиагӕй баххуыс кӕны (Ис. 43:2). Йегъовӕ нын дӕтты, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, нӕ бон ӕм у кувын, ис нын Библи ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй, стӕй ӕнувыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыдӕтты фӕрцы цыфӕнды фӕлварӕн дӕр кӕй сфӕраздзыстӕм. Мах тынг амондджын стӕм, уымӕн ӕмӕ нын ис, йӕ цӕст нӕм чи дары, ахӕм уӕларвон Фыд! «Уый у нӕ зӕрдӕтӕн сӕ цин» (Пс. 33:21). Нӕ бон куыд у равдисын, кӕй нын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм? Хъуамӕ пайда кӕнӕм, фидар фӕлӕууынӕн нын цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕттӕй. Ӕмӕ ма ноджыдӕр хъуамӕ цыдӕр аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр йӕ дӕлбазыр уӕм – хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразӕм. Ӕмӕ нӕм уӕд йӕ цӕст дардзӕн ӕнустӕм дӕр! w22.08 13 ф., 15, 16 абз.

Ӕртыццӕг, 14 август

Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад (Пс. 119:160).

Абон бирӕтӕ нал зонынц, ӕууӕндӕн ма искӕуыл ис ӕви нӕ. Фӕдызӕрдыг кӕнынц, сӕ ныфс кӕуыл дарынц, уыдон, зӕгъӕм, политиктӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ бизнесментӕ, адӕмы хорзыл кӕй хъуыды кӕнынц, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма чырыстон динты разамонджытӕ дӕр сӕ цӕсты тынг кадджын не сты. Ӕмӕ уыдон афтӕ кӕй дзурынц, Библийы цы фыст ис, уый амонӕм, зӕгъгӕ, уый тыххӕй бирӕтӕ Библийыл дӕр не ’ууӕндынц. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидарӕй уырны, Йегъовӕ «рӕстдзинады [кӕнӕ «ӕцӕгдзинады»] Хуыцау» кӕй у ӕмӕ йӕ алкӕддӕр сӕ хорз кӕй фӕнды, уый (Пс. 31:5, фип.; Ис. 48:17). Мах ӕй зонӕм, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Мах разы стӕм иу библииртасӕджы ныхӕстимӕ: «Хуыцауы ныхӕстӕй иу дӕр мӕнг нӕу ӕмӕ дзы иу дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн. Ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ ныхӕстыл ӕууӕндынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, чи сӕ загъта, уыцы Хуыцауыл ӕууӕндӕн кӕй ис». w23.01 2 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 15 август

Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм (Дзут. 10:24).

Нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндой, уӕд сӕ афтӕмӕй дӕр фидар кӕндзыстӕм. Уыдон бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Иуӕй-иутыл сӕ дины тыххӕй фӕхудынц ӕнӕуырнджытӕ. Чидӕр тох кӕны уӕззау низимӕ, кӕмӕндӕр та зын у, чи йӕ фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕнын. Чидӕртӕ та рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ацы дунейы кӕронмӕ. Ахӕм уавӕрты чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Апостол Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты уырнындзинад фидар кодта Сыгъдӕг Фыстады фӕрцы. Дзуттӕгтӕ сӕ дин чырыстон динӕй хуыздӕрыл нымадтой. Ӕмӕ-иу сӕ бинонтӕй чырыстон чи сси, уыдоныл-иу фаутӕ ӕвӕрдтой. Чи зоны, уыцы чырыстӕттӕ нӕ зыдтой, сӕ хиуӕттӕн цавӕр дзуапп раттой, уый. Ӕмӕ сын Павелы фыстӕг Дзуттӕгтӕм стыр ӕххуыс фӕуыдаид (Дзут. 1:5, 6; 2:2, 3; 9:24, 25). Сӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сӕ бон уыд, цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ дзы ис, уыдон ӕрхӕссын. w22.08 23 ф., 12–14 абз.

Майрӕмбон, 16 август

Арфӕгонд у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары (Йер. 17:7).

Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕ нӕ зонынц, искӕуыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ. Бизнесментӕ, политиктӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ адӕмы фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц. Бирӕтӕ не ’ууӕндынц се ’мбӕлттыл, сӕ сыхӕгтыл ӕмӕ ма суанг сӕ бинонтыл дӕр. Фӕлӕ ууыл дис кӕнын нӕ хъӕуы. Библийы раджы ӕрцыд фыст, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты адӕм «уыдзысты мӕнгард... иннӕты фыдкой кӕндзысты... кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты». Иу ныхасӕй, уыдзысты ацы цардӕвӕрды хуыцауы хуызӕн. Ӕмӕ ууыл та ӕууӕнк ӕппындӕр нӕй (2 Тим. 3:1–4; 2 Кор. 4:4). Фӕлӕ мах, чырыстӕттӕ, зонӕм, нӕ бон кӕй у алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйыл ӕууӕндын ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарын. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ йӕ хӕлӕртты кӕй никуы ныууадздзӕн (Пс. 9:10). Нӕ бон ма у Йесо Чырыстийыл дӕр ӕууӕндын ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарын, уымӕн ӕмӕ уый мах тыххӕй йӕ цард радта (1 Пет. 3:18). Уымӕй уӕлдай, нӕхицӕй йӕ зонӕм, Библийы кӕй ис ссарӕн, ӕууӕнк кӕуыл ис, ахӕм разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ (2 Тим. 3:16, 17). w22.09 2 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 17 август

Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыцы адӕймаг (Пс. 128:1).

Ӕцӕг амонд ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг цӕуылдӕр цин кӕна ӕмӕ хъӕлдзӕг уа. Гӕнӕн ис, иу бон хъӕлдзӕг уа, иннӕ бон – нӕ. Фӕлӕ амондджын адӕймаг амондджын вӕййы цӕрӕнбонты. Йесо йӕ зындгонд раныхасы загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матф. 5:3). Уый зыдта, адӕм афтӕ конд кӕй сты, ӕмӕ сӕ тынг фӕнды се Сфӕлдисӕджы, Йегъовӕйы, зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр сты амондджын (1 Тим. 1:11). Цымӕ амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ царды алцыдӕр хорз куы уа ӕмӕ куы ницӕуыл маст кӕнӕм? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йесо йӕ зындгонд раныхасы загъта, «хъыг чи кӕны», уыдонӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уой. Стӕй ма загъта, амондджын кӕй сты, «рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы», уыдон (Матф. 5:4, 10, 11). Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕцӕг амонд уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, ӕмӕ нӕ царды алцыдӕр хорз уа. Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы зонӕм, лӕггад ын кӕнӕм ӕмӕ уа не ’ввахс Хӕлар (Иак. 4:8). w22.10 6 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 18 август

Арфуынӕг адӕймаг... никӕмӕн ницы радзуры (Ӕмб. 11:12).

Ӕмбаргӕдзинад цы чырыстонмӕ ис, уый фӕзоны, кӕй «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:7). Иуӕй-иу адӕмтӕм фӕзӕгъынц: «Дзурын у ӕвзист, хъусӕй лӕууын та – сызгъӕрин». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хатт дзурынӕй нӕдзурын хуыздӕр вӕййы. Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймагӕн ӕндӕр ӕмбырдтӕй ӕфсымӕртӕ арӕх фӕзӕгъынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна зын фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн. Уыцы ’фсымӕры тыххӕй иу хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Иннӕ ӕмбырдты хабӕртты тыххӕй, дзурӕн цы нӕй, уый никуы радзуры». Дзурӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй, уый кӕй ӕмбары, уый тыххӕй йын йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тынг аргъ кӕнынц. Уыдон ыл ӕууӕндынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, хибарӕй цӕуыл фӕныхас кӕнынц, уыдӕттӕ кӕй нӕ рахъӕр кӕндзӕн. Алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый куы дзурӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой (Еф. 4:25; Дзут. 13:18). w22.09 12 ф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 19 август

Зонд, арфуынындзинад ӕмӕ уынаффӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы уой, уӕд ницы сты (Ӕмб. 21:30).

Ӕцӕг зонд «уынджы» куы фӕхъӕр кӕны, уӕд бирӕтӕ сӕхи ницыхъусӕг скӕнынц (Ӕмб. 1:20). Библимӕ гӕсгӕ, уыцы адӕмы ис ӕртӕ къордыл адих кӕнӕн: «ӕнӕмбаргӕтӕ», кӕнӕ ӕвӕлтӕрдтӕ, «иннӕтыл худын чи уарзы, уыдон» ӕмӕ «ӕнӕзӕндтӕ» (Ӕмб. 1:22–25). «Ӕнӕмбаргӕтӕ», кӕнӕ «ӕвӕлтӕрд» чи у, уыдон, алы ныхасыл дӕр феууӕндынц ӕмӕ сты ӕнцонсайӕн (Ӕмб. 14:15). Милуангай адӕмы сайынц дины разамонджытӕ кӕнӕ политиктӕ. Ӕмӕ уыцы адӕмӕй чидӕртӕ куы базонынц, сайгӕ сӕ кӕй кодтой, уый, уӕд арвы цӕфау фӕвӕййынц. Фӕлӕ, Ӕмбисӕндты 1:22 стихы кӕй кой ис, уыдоны сӕхи фӕнды ӕвӕлтӕрдтӕй баззайын, уымӕн ӕмӕ уый сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы (Йер. 5:31). Уыдоны нӕ фӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ архайын. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕм адӕмау нӕхи ницымбарӕг ӕмӕ ницыуынӕг скӕнӕм (Ӕмб. 1:32; 27:12). w22.10 19 ф., 5–7 абз.

Дыццӕг, 20 август

Коммӕгӕс ут, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр (1 Пет. 2:13).

Хуыцауы организаци нын разамынд фӕдӕтты. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нын ӕмбырды фӕзӕгъынц, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн раттӕм, ныр нӕм цы телефоны номыр ис, уый ӕмӕ нӕ адрис. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нын зӕгъой, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, ӕндӕр ранмӕ нӕ ацӕуын кӕй хъӕуы, гуманитарон ӕххуыс райсӕн кӕм ис, стӕй баххуыс кӕнын кӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕн куыд ис. Уыцы разамындмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕд нӕхи цард дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты цард дӕр тӕссаг уавӕры баппардзыстӕм. Уыдон ӕдзухдӕр махыл тыхсынц (Дзут. 13:17). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕты бахъуыд ӕндӕр ранмӕ алидзын, цавӕрдӕр бӕллӕх сыл кӕй ӕрцыд кӕнӕ сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ кӕй уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон, сӕ бон цы у, уый аразынц, цӕмӕй сӕ ног уавӕртыл сахуыр уой ӕмӕ уайтагъд Хуыцауы хъуыддӕгты архайын райдайой. Зӕгъӕм, дарддӕр дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар. Афтӕмӕй бафӕзмынц 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты. Сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй алырдӕмты ныххӕлиу сты, фӕлӕ уӕддӕр «хъусын кодтой хорз хабар, Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 8:4). Ӕндӕр ранмӕ алидзын кӕй бахъуыд, уыцы чырыстӕттӕ хорз хабар кӕй фӕхъусын кӕнынц, уый сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой Хуыцауы Паддзахадыл, сӕ зындзинӕдтыл нӕ, фӕлӕ. Уый фӕрцы сӕ зӕрдӕты вӕййы циндзинад ӕмӕ фарн. w22.12 19 ф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 21 август

Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Пс. 118:6).

Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр аргъ кӕны. Йесо йӕ апостолты хъусын кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын баххуыс кодта, цӕмӕй ма тарстаиккой, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй (Матф. 10:29–31). Цӕвиттонӕн сын ӕрхаста, Израилы ӕппӕты арӕхдӕр кӕй уыд фенӕн, уыцы цъиутӕй иуы – сырддонцъиуы. Йесойы рӕстӕджы сырддонцъиутӕ тынг аслам уыдысты. Фӕлӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн». Уый фӕстӕ та йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут». Афтӕмӕй сын бамбарын кодта, Йегъовӕ сӕ алкӕмӕн дӕр кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тарстаиккой, сӕ ныхмӕ чи цӕудзӕн, уыдонӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу горӕтты ӕмӕ хъӕуты хъусын кӕнгӕйӕ сырддонцъиуты куы федтой, уӕд-иу ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныхӕстӕ ӕрхъуыды кодтой. Ды дӕр-иу гыццыл цъиуты куы фенай, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕ дын кӕй аргъ кӕны, уый, уымӕн ӕмӕ ды дӕр «бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр» дӕ. Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд Йегъовӕ уыдзӕн дӕ фарсмӕ, ӕмӕ-иу мацӕмӕй тӕрс (Пс. 118:6). w23.03 18 ф., 12 абз.

Цыппӕрӕм, 22 август

Фараон ӕмӕ [нӕм] йӕ лӕггадгӕнджытӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Сымах сын уӕхӕдӕг радтат сӕ къухмӕ кард, цӕмӕй нӕ фӕцӕгъдой (Рац. 5:21).

Хатт бахауӕм уӕззау уавӕрты. Зӕгъӕм, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц кӕнӕ ӕнӕ куыстӕй баззайӕм. Нӕ зындзинӕдтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕссынц, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, ныфс мацӕмӕйуал уа ӕмӕ нӕхимӕ ныхъхъусӕм. Хӕйрӕг ахӕм уавӕртӕй спайда кӕны ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Уый фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организаци нӕ зындзинӕдты аххосджын кӕнын райдайӕм. Ахӕм хабар ӕрцыд израилӕгтӕй кӕуылдӕрты, Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд. Фыццаг сӕ бауырныдта, Йегъовӕ Моисейы ӕмӕ Аароны кӕй равзӕрста, цӕмӕй сӕ уырдыгӕй ракодтаиккой (Рац. 4:29–31). Фӕлӕ сын фӕстӕдӕр фараон сӕ цард куы фӕуӕззаудӕр кодта, уӕд сӕ зындзинӕдты Моисейы ӕмӕ Аароны аххосджын кӕнын райдыдтой (Рац. 5:19, 20). Уыдон аххосджын кодтой Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Уӕвгӕ, афтӕ куыд хъуамӕ ахъуыды кодтаиккой?! Кӕд ды дӕр бирӕ рӕстӕг цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд Йегъовӕйӕн дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. w22.11 15 ф., 5, 6 абз.

Майрӕмбон, 23 август

Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ, чи байхъуса, уыдон цӕрдзысты (Иоан. 5:25).

Йегъовӕ у царддӕттӕг Хуыцау, ӕмӕ йӕм ис ахӕм тых, цӕмӕй, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Уый пехуымпар Илийайӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй сарептӕйаг идӕдз сылгоймаджы лӕппуйы райгас кодтаид (1 Пад. 17:21–23). Фӕстӕдӕр та пехуымпар Елисей Хуыцауы хъаруйы фӕрцы райгас кодта сунемаг сылгоймаджы лӕппуйы (2 Пад. 4:18–20, 34–37). Библийы фыст ис, ноджыдӕр ма чидӕртӕ кӕй райгас сты. Уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста, йӕ Фыд ын мӕрдты ӕгас кӕныны тых кӕй радта (Иоан. 11:23–25, 43, 44). Ныр Йесо ис уӕлӕрвты, ӕмӕ йын «лӕвӕрд... сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у сӕххӕст кӕнын ацы зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон» райгас уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн ныфс, кӕй никуыуал амӕлдзысты (Матф. 28:18; Иоан. 5:26–29). w22.12 5 ф., 10 абз.

Сабат, 24 август

Израилы адӕм та дӕм нӕ байхъусдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды мӕнмӕ хъусын (Йез. 3:7).

Адӕм Йезекилмӕ кӕй нӕ хъуыстой, уымӕй ӕвдыстой, Йегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дарынц. Абоны стихы ныхӕстӕ Йезекилы ныфс бауагътой. Уый бамбӕрста, ӕмӕ йӕм кӕд израилӕгтӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ ницӕйаг пехуымпар у. Йегъовӕ ма йын загъта, зӕгъгӕ, дам, цы тӕрхӕттӕ хъусын кӕныс, уыдон куы сӕххӕст уой, уӕд ӕй адӕм базондзысты, «се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд» (Йез. 2:5; 33:33). Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы ныхӕстӕ Йезекилы тыхтӕ бауагътой, цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй дзырдтаид. Мах дӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй арвыста хъусын кӕнынмӕ. Уый нӕ хоны йе ’вдисӕнтӕ (Ис. 43:10). Ӕмӕ уый махӕн стыр кад у! Йегъовӕ Йезекилӕн загъта, «ма тӕрс», зӕгъгӕ. Ӕмӕ махӕн дӕр дзуры: «Ма тӕрсут» (Йез. 2:6). Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? Уымӕн ӕмӕ Йезекилау мах дӕр хъусын кӕнынмӕ арвыста Йегъовӕ, ӕмӕ вӕййы нӕ фарсмӕ (Ис. 44:8). w22.11 3 ф., 4, 5 абз.

Хуыцаубон, 25 август

Фыдкой кӕнын чи уарзы, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры, иузӕрдион чи у, уый та йӕ нӕ рахъӕр кӕны (Ӕмб. 11:13).

Мах тынг аргъ кӕнӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн, уымӕн ӕмӕ сты ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕ. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм иузӕрдион ӕфсымӕртӕ нын кӕй ис, уый тыххӕй. Уыдон ныл тынг тыхсынц! Махӕн та нӕ бон куыд у равдисын, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис, уый? Мах нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм. Ӕмӕ нӕ фӕфӕнды зонын, куыд сты, уый. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ сӕ, махмӕ цы нӕ хауы, уыдӕттӕй ма фӕрсӕм. 1 ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ иннӕты кой кодтой, сӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъыстой ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ дзырдтой (1 Тим. 5:13). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмтӕ уӕм. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, чидӕр йӕхи тыххӕй цыдӕр радзырдта ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ искӕмӕн радзурай. Гӕнӕн ис, хо дын загъта, цавӕрдӕр низ ӕм кӕй ис кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр зындзинадыл кӕй ӕмбӕлы. Ӕмӕ дӕ бафӕдзӕхста, ӕрмӕст ӕй макӕмӕн радзур, зӕгъгӕ. Уӕд-иу хъуамӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ бакӕнай. w22.09 10 ф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 26 август

Уӕ зонд ног кӕнут (Ром. 12:2).

«Уӕ зонд ног кӕнут»-ӕй цы грекъаг дзырдбаст ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «уӕ зонд-иу сцалцӕг кӕнут». Зӕгъӕм, нӕ хӕдзар нӕ сцалцӕг кӕнын куы фӕнда, уӕд фаг нӕ уыдзӕн ӕнӕуи йӕ чъырӕй рацӕгъдын. Раст афтӕ, цӕмӕй-иу нӕ зонд «сцалцӕг кӕнӕм», ома йӕ сног кӕнӕм, уый тыххӕй фаг нӕ уыдзӕн цалдӕр хорз хъуыддаджы саразын. Хъуамӕ-иу арф нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый-иу фӕивӕм, цӕмӕй, куыд цӕрӕм, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа. Ӕмӕ уый ӕдзухдӕр хъӕуы аразын, ӕрмӕст иу хатт фаг нӕ уыдзӕн. Ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд алкӕддӕр араздзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Ныр та уал нӕ хъӕуы тынг архайын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ромӕгтӕм 12:2 стихы Павел куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ нӕ зонд ног кӕнӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон. Хъуамӕ ацы дуне ма фӕзмӕм ӕмӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ йӕхи хуызӕн скӕна. Фӕхъӕуы нӕ нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын, цӕмӕй-иу бамбарӕм, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ӕмӕ нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕргӕйӕ кӕй зондӕй фӕархайӕм: Хуыцауы зондӕй ӕви ацы дунейы зондӕй. w23.01 8, 9 фф., 3, 4 абз.

Дыццӕг, 27 август

Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн. Никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын (Пс. 55:22).

Цымӕ афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цы уавӕрты бахауӕм, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр Йегъовӕ цыдӕр саразы? Раст у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ныл кӕд ӕвзӕр хабар ӕрцыд, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕу? Нӕ, Библийы ахӕм хъуыды нӕй (Еккл. 8:9; 9:11). Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: зын уавӕры куы вӕййӕм, уӕд Йегъовӕ уый тыххӕй фӕзоны ӕмӕ йӕм куы фӕдзыназӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, уӕд нӕ фехъусы (Пс. 34:15; Ис. 59:1). Уымӕй уӕлдай ма нын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу зындзинӕдтӕ сфӕразӕм ӕмӕ ӕнтыстджын уӕм. Куыд нын баххуыс кӕны? Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын ратты удӕнцой ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Ӕмӕ арӕх уый вӕййы йӕ тӕккӕ афоныл (2 Кор. 1:3, 4). Дӕуӕн та Йегъовӕ куыд баххуыс кодта ӕмӕ дын дӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыдта, уый дӕ ӕппӕты тынгдӕр куы хъуыд, уӕд? Йегъовӕ нын зын уавӕры куыд баххуыс кодта, уый арӕх уый фӕстӕ бамбарӕм. w23.01 17, 18 фф., 13–15 абз.

Ӕртыццӕг, 28 август

Чи уыд ӕмӕ чи нал ис, уыцы сырд... цӕуы сӕфтмӕ (Рарг. 17:11).

Уыцы сырд у, авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырды хуызӕн, ӕрмӕст у сырх-сырхид. Уый хуыйны «сырды ныв» ӕмӕ ма «ӕстӕм паддзах» дӕр (Рарг. 13:14, 15; 17:3, 8). Уыцы «паддзах» фӕзынд, стӕй нал уыд, ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй фӕзынд. Раст афтӕ уыд Иугонд Нациты Организацийы хабар. Уый архайы ӕппӕт зӕххон хицауӕдты номӕй. Фыццаг хуынди Нациты Лигӕ. Уый фӕстӕ, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг, нал уыд. Ӕмӕ та фӕстӕдӕр ногӕй фӕзынд. Уыцы сырдтӕ, ома хицауӕдтӕ, адӕмы ардаудзысты Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ. Ахӕсгӕ хуызы «ӕгас дунейы паддзӕхты» ӕрӕмбырд кӕндзысты Армагеддонмӕ – «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ» (Рарг. 16:13, 14, 16). w22.05 10 ф., 10, 11 абз.

Цыппӕрӕм, 29 август

Цы дзы бакастӕ? (Лук. 10:26).

Йесо кӕсын куы сахуыр, уӕд йӕхӕдӕг каст Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ тынг хорз базыдта. Стӕй Хуыцауы Ныхас уарзта ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый ӕххӕст кодта. Хъуыды йӕ кӕнӕм, 12-аздзыдӕй йыл кувӕндоны цы хабар ӕрцыд. Моисейы закъон хорз чи зыдта, уыцы ахуыргӕнджыты «дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ» (Лук. 2:46, 47, 52). Мах дӕр Хуыцауы Ныхас ӕдзух куы кӕсӕм, уӕд ӕй хорз базондзыстӕм ӕмӕ йӕ бауарздзыстӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Закъон хорз чи зыдта, уыдонӕн – уыимӕ чиныджыдӕснытӕн, фарисейтӕн ӕмӕ саддукейтӕн – Йесо цы загъта, ууыл. Уыцы дины разамонджытӕ Фыстад арӕх кастысты, фӕлӕ дзы цы кастысты, уый сын ницы пайда хаста. Йесо сын бацамыдта, цы ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ арӕзтаиккой, уыдонмӕ. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй: 1) Хуыцауы Ныхас афтӕ кӕсӕм, цӕмӕй йӕ ӕмбарӕм; 2) Хуыцауы Ныхасы цы хӕзнатӕ ис, уыдон-иу ссарӕм ӕмӕ 3) Хуыцауы Ныхасӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ ива. w23.02 8, 9 фф., 2, 3 абз.

Майрӕмбон, 30 август

Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы (Ӕмб. 22:3).

Нӕхи кӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты: флирт, фыднозт, фырхӕрд, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, тыхми ӕвдыст кӕм цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ, порнографи ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ (Пс. 101:3). Хӕйрӕг ӕдзух цӕлхдуртӕ ӕвӕры, цӕмӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм (1 Пет. 5:8). Цырддзаст куы нӕ уӕм, уӕд нын нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы байтаудзӕн ӕвзӕр миниуджыты мыггӕгтӕ. Уый фӕнды, цӕмӕй уӕм хӕлӕггӕнаг, мӕнгард, сӕрбӕрзонд, зыд ӕмӕ кӕрӕф, иннӕтӕй не сӕфт уынӕм ӕмӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм (Гал. 5:19–21). Фӕлӕ уыцы миниуджытӕ уайтагъд ӕдуидаг куы не стонӕм, уӕд маргджын зайӕгойау сырӕздзысты ӕмӕ нӕ бӕллӕхы баппардзысты (Иак. 1:14, 15). Уайтагъд фенӕн кӕй нӕй, уыцы къӕппӕджытӕй иу у ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, нӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитӕм, уыдоны хуызӕн кӕй свӕййӕм (1 Кор. 15:33). Нӕхимӕ куы кӕсӕм, уӕд, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕндзыстӕм (Лук. 21:34; 2 Кор. 6:15). Фыдбылыз-иу фендзыстӕм ӕмӕ-иу дзы нӕхи бахиздзыстӕм. w23.02 16 ф., 7 абз.; 17 ф., 10, 11 абз.

Сабат, 31 август

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 5:3).

Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтай, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзтай. Ӕмӕ дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕнустӕм дӕр ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнай. Уый дын ӕнӕмӕнг рауайдзӕн. Йегъовӕ дын фӕлмӕнӕй дзуры, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай (Ӕмб. 23:15, 16). Ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕныс, уый ӕрмӕст дӕ ныхӕстӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг, фӕлӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Куыд цӕрыс, уымӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзыс. Куы аскъуыддзаг кӕнай, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ кӕй цӕрдзынӕ, уӕд уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр. Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дӕ бон куыд у равдисын? Фыццаг уал хъуамӕ хибарӕй Йегъовӕмӕ скувай ӕмӕ йын дӕхи снывонд кӕнай (Пс. 40:8). Дӕхи иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай, уый ӕргом равдисдзынӕ, донаргъуыд куы райсай, уӕд. Уый уыдзӕн дӕ царды тынг ахсджиаг хабар ӕмӕ дын ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад! Зӕгъӕн ис, дӕ цард ногӕй райдайдзӕн. Ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ дӕхи тыххӕй нал цӕрдзынӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй (Ром. 14:8; 1 Пет. 4:1, 2). Чи зоны, хъуыды кӕныс, ахӕм ахсджиаг уынаффӕ афтӕ тагъд нӕй рахӕссӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд ӕрлӕудзынӕ ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндагыл. w23.03 5, 6 фф., 14, 15 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын