Сентябрь
Хуыцаубон, 1 сентябрь
Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы, уӕд йӕхи сайы, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у (Иак. 1:26).
Нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм кӕй стӕм. Уый фӕрцы адӕм фенынц, «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Ӕркӕсӕм хо Кимберлийы хабармӕ. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд ын йӕ къласаг чызгимӕ хӕслӕвӕрд радтой. Куы йӕ цӕттӕ кодтой, уӕд уыцы чызг бафиппайдта, Кимберли иннӕтӕй тынг кӕй хицӕн кодта. Иннӕты фыдкой нӕ кодта, ӕвзӕр дзыхӕй нӕ дзырдта, стӕй алкӕддӕр дзырдта хорз цӕуылдӕрты. Гъемӕ уыцы чызджы Библи ахуыр кӕнын бафӕндыд. Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, нӕ дзыхыныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ куы вӕййы ӕмӕ уый фӕрцы адӕмы рӕстдзинад базонын куы бафӕнды, уӕд! Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. w22.04 5, 6 фф., 5–7 абз.
Къуырисӕр, 2 сентябрь
Сылгоймӕгтӕ... цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой (Лук. 8:3).
Йесо Марийӕ Магдалинӕйы авд дӕлимонӕй куы фервӕзын кодта, уӕд дзы куыд бузныг уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй суыдаид йӕ фӕдылдзӕуӕг, стӕй йын йӕ лӕггады ӕххуыс кодтаид (Лук. 8:1–3). Кӕд тынг аргъ кодта, Йесо йын цы хорздзинад сарӕзта, уымӕн, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, нӕма ӕмбӕрста, фӕстӕдӕр ын стырдӕр лӕвар кӕй скӕндзӕн. Йесо ратдзӕн йӕ цард, «цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды», уый ӕнусон цардӕй схайджын уа (Иоан. 3:16). Марийӕ Йесойӕ бузныг кӕй уыд, уый равдыста йӕ иузӕрдиондзинадӕй. Йесойы хъӕдыл куы ’рцауыгътой ӕмӕ куы хъизӕмар кодта, уӕд Марийӕ дӕр уым уыди. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй уыцы зын сахат йӕ фарсмӕ дӕр ӕмӕ иннӕты фарсмӕ дӕр уыдаид (Иоан. 19:25). Йесо куы амард, уый фӕстӕ та Марийӕ ӕмӕ ма дыууӕ сылгоймаджы йӕ зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ семӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕрбахастой, цӕмӕй Йесойы мардмӕ базылдаиккой (Мар. 16:1, 2). Йесо куы райгас, уый фӕстӕ йӕ Марийӕ федта ӕмӕ йемӕ аныхас кодта. Ахӕм кад та Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ фылдӕрмӕ не ’рхауд (Иоан. 20:11–18). w23.01 27 ф., 4 абз.
Дыццӕг, 3 сентябрь
Бӕргӕ, уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис (Рарг. 3:15).
Ӕнцад куы сбадӕм ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕз Хуыцауы хъуыддаджы фаг сарӕзтон, зӕгъгӕ, уӕд уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Кӕд нӕ бон нал у, раздӕр цас арӕзтам, уыйбӕрц аразын, уӕддӕр хъуамӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм «Хицауы хъуыддаджы» ӕмӕ суанг кӕронмӕ дӕр уӕм цырддзаст ӕмӕ ма бафынӕй уӕм (1 Кор. 15:58; Матф. 24:13; Мар. 13:33). Хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм зынгзӕрдӕйӕ. Лаодикийы ӕмбырды чи уыд, уыдонӕн Йесо ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кодта. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ уыдысты «хъӕрмуст». Сӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Йесо загъта, кӕй уыдысты «тӕригъӕддаг» ӕмӕ «мӕгуыр». Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ хъуамӕ сӕ удтӕй арт цагътаиккой (Рарг. 3:16, 17, 19). Йесойы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Кӕд зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын йӕ организаци хорзӕй цы аразынц, ууыл ӕмӕ сӕ уыдӕтты тыххӕй бузныг уӕм (Рарг. 3:18). Ныртӕккӕ нын хъӕздыг, ӕнӕмӕт цард уа, уымӕ куы бӕллӕм, уӕд нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты нал уыдзысты. Ӕмӕ мах та нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ рауайа. w22.05 3 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 4 сентябрь
Йегъовӕйӕ чи тӕрсы... уыдоны тыххӕй йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг (Мал. 3:16).
Мингай азты дӕргъы Йегъовӕ фыссы иу диссаджы чиныг. Уыцы чиныджы фыст цӕуынц адӕмы нӕмттӕ. Ӕппӕты фыццаг дзы фыст ӕрцыд фыццаг иузӕрдион ӕвдисӕны ном, Авелы ном (Лук. 11:50, 51). Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы Йегъовӕ ныффыста бирӕ кӕйдӕрты нӕмттӕ, ӕмӕ дзы абон ис милуангай нӕмттӕ. Библи ацы чиныг хоны «зӕрдылдарӕн чиныг», «царды чиныг» ӕмӕ «царды тыхтон» (Мал. 3:16; Рарг. 3:5; 17:8). Уыцы диссаджы чиныджы фыст сты, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, ома йӕ чи нымайы, стӕй йын йӕ номӕн чи аргъ кӕны, уыцы адӕмы нӕмттӕ. Уыдонӕн ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Цӕмӕй махӕн дӕр нӕ ном уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуа, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? Хъуамӕ Йегъовӕмӕ баввахс уӕм йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы ӕмӕ нӕ Хӕлар суа (Иоан. 3:16, 36). Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс. w22.09 14 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 5 сентябрь
Чи сӕ сайдта, уыцы Хӕйрӕг та ӕппӕрст ӕрцыд судзгӕ сондоны цады (Рарг. 20:10).
Раргомады чиныджы уынӕм «сырх-сырхид залиаг калмы» (Рарг. 12:3). Уый схӕцыд Йесоимӕ ӕмӕ йӕ зӕдтимӕ (Рарг. 12:7–9). Тох кӕны Хуыцауы адӕмимӕ ӕмӕ бартӕ дӕтты сырдтӕн, ома зӕххон хицауӕдтӕн (Рарг. 12:17; 13:4). Чи у уыцы залиаг калм? Уый у, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны... уыцы рагон калм» (Рарг. 12:9; 20:2). Гӕнӕг уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ знӕгтӕ дӕр уый ардыдӕй архайынц. Залиаг калммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Раргомады 20:1–3 стихты фыст ис, иу зӕд Хӕйрӕджы дӕлдзӕхмӕ кӕй ныппардзӕн. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый афтӕ уыдзӕн, цыма ахӕстоны ис. Уыцы рӕстӕг йӕ бон нӕ уыдзӕн адӕмты сайын, «цалынмӕ мин азы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ». Ӕппынфӕстаг Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты «судзгӕ сондоны цады», ома ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: нал дӕр Хӕйрӕг ис, нал дӕр йӕ дӕлимонтӕ. Уый диссаджы цард куыннӕ уыдзӕн! w22.05 14 ф., 19, 20 абз.
Майрӕмбон, 6 сентябрь
[Адӕймаг] фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын (Еф. 4:28).
Йесо дӕр уыди куыстуарзаг. Ӕрыгонӕй райдыдта хъӕддӕсныйы куыст кӕнын (Мар. 6:3). Ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныййарджытӕ аргъ кодтой, се стыр бинонты фӕдарынӕн сын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕн. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, ӕххӕст адӕймаг цы сарӕзтаид, уый куыд диссаджы конд уыдаид! Ӕвӕццӕгӕн, бирӕты фӕндыд, цӕмӕй сын Йесо исты дзауматӕ сарӕзтаид. Йӕ куыст йӕхи зӕрдӕмӕ дӕр куыннӕ цыдаид. Фӕлӕ йын кӕд куыст бирӕ уыд, уӕддӕр-иу Хуыцауы хъуыддӕгтӕн алкӕддӕр рӕстӕг рахицӕн кодта (Иоан. 7:15). Фӕстӕдӕр йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл» (Иоан. 6:27). Йӕ зындгонд раныхасы та загъта: «Уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты» (Матф. 6:20). Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Библи чырыстӕттӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй фыдӕбон кӕной. w22.05 22 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 7 сентябрь
Цин кӕндзӕн... дӕ мад (Ӕмб. 23:25).
Евникӕ Тимофейӕн уыд фӕзминаг. Тимофей уыдта, йӕ мад Йегъовӕйы тынг кӕй уарзта, стӕй йын кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы амондджын кӕй уыд. Абон дӕр бирӕ хотӕ «ӕнӕ ныхӕстӕй» сӕ бинонтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суыдаиккой (1 Пет. 3:1, 2). Дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у дӕ бинонтӕн афтӕ баххуыс кӕнын? Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уый дын уӕд ӕппӕты сӕйраг (Дык. з. 6:5, 6). Мад йӕ сывӕллӕтты тыххӕй йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕны. Хъӕуы сӕм кӕсын, арӕх ӕй бахъӕуы кусын, цӕмӕй сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа, ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ дӕр арвиты. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр уый дӕхицӕй зоныс. Фӕлӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон хъуамӕ макуы уай, ӕмӕ дын Йегъовӕйӕн рӕстӕг мауал уа. Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скувай, Библи иртасай ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр фӕзминаг уыдзынӕ. w22.04 16 ф., 1 абз.; 19 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 8 сентябрь
Дӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ хъуыддаг равзар: фыдгӕнӕджы банымай фыдгӕнӕгыл ӕмӕ, цы фыддзинад ракодта, уый йын йӕхи сӕрӕн бавзарын кӕн, рӕстгӕнӕджы та банымай рӕстгӕнӕгыл ӕмӕ йын... раарфӕ кӕн (1 Пад. 8:32).
Цы хорз у, адӕмӕн тӕрхон кӕнын мах кӕй нӕ хъӕуы! Йегъовӕ у Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ уыцы ахсджиаг хъуыддаг йӕхӕдӕг араздзӕн (Ром. 14:10–12). Йегъовӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзӕн (Райд. 18:25). Раст цы нӕу, ахӕмӕй никуы ницы сараздзӕн! Ӕнӕххӕстдзинады ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй цытӕ ’взарӕм, уыдонӕй Йегъовӕ фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Мах уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм! Нӕ буӕрттыл дӕр ностӕ нал баззайдзӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ дӕр байгас уыдзысты (Пс. 72:12–14; Рарг. 21:3, 4). Хъуыды дӕр сӕ никуыуал ӕркӕндзыстӕм. Уый диссаджы рӕстӕг уыдзӕн! Фӕлӕ ныр дӕр Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, афтӕ нӕ кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй уый хуызӕн хатыргӕнаг уӕм. w22.06 13 ф., 18, 19 абз.
Къуырисӕр, 9 сентябрь
Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн? (Райд. 18:25).
Хорз тӕрхонгӕнӕг закъон хорз фӕзоны. Хъуамӕ зона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Хорз тӕрхонгӕнӕг ма, цалынмӕ тӕрхон рахӕссы, уӕдмӕ, цы хъуыддаг ӕвзары, уый тыххӕй алцыдӕр базоны ӕмӕ алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсы. Ӕмӕ, Йегъовӕ алцыдӕр хорз кӕй фӕзоны, уымӕ гӕсгӕ уый хуызӕн тӕрхонгӕнӕг нӕй. Зӕххон тӕрхонгӕнджытӕй уӕлдай, Йегъовӕ цыфӕнды хъуыддаг ма ӕвзара,– уый тыххӕй алкӕддӕр алцыдӕр фӕзоны (Райд. 18:20, 21; Пс. 90:8). Ӕнӕуи тӕрхонгӕнӕг тӕрхон фӕхӕссы, цы фехъусы ӕмӕ цы фӕуыны, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ та бирӕ фылдӕр зоны. Йегъовӕ фӕзоны, нӕ туджы нӕ ныййарджытӕй цавӕр миниуджытӕ рахастам, куыд хъомыл кодтам, цавӕр адӕмы ’хсӕн цӕрӕм. Фӕуыны ма, ныфссаст кӕй стӕм кӕнӕ нӕхимӕ кӕй ныхъхъуыстам, уый дӕр. Ӕмӕ хорз ӕмбары, ӕппӕт уыдӕттӕ ныл кӕй ӕндавынц, уый. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ уыны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Цыдӕр цӕмӕн сарӕзтам, уый Йегъовӕ хорз фембары, ӕмбӕхст дзы ницы у (Дзут. 4:13). Уӕдӕ иугӕр Йегъовӕ искӕмӕн ныххатыр кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алцыдӕр зоны ӕмӕ алцӕуыл дӕр ахъуыды кодта. w22.06 4 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 10 сентябрь
Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн (Иов 2:4).
Хӕйрӕг Иовӕн цытӕ бавзарын кодта, уый хъуамӕ зонӕм, уымӕн ӕмӕ абон дӕр афтӕ архайы. Хӕйрӕджы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ уарзӕм, ӕмӕ нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд ӕй ныууадздзыстӕм. Уый ма дзуры, Хуыцау нӕ кӕй нӕ уарзы ӕмӕ, цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр ын нӕ бон кӕй нӕу йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын. Фӕлӕ мах Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕ хорз зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ мӕнг ныхӕстыл не ’ууӕндӕм. Фӕлварӕнты фӕрцы адӕймаг йӕхи хуыздӕр базоны. Иов цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уыдон ын баххуыс кодтой, цӕмӕй федтаид, цы миниуджытыл ӕй хъӕуы бакусын, уый. Зӕгъӕм, бамбӕрста, кӕй йӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй ноджы сӕрныллӕгдӕр уа (Иов 42:3). Фӕлварӕнты махӕн дӕр нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ рабӕрӕг вӕййынц ӕмӕ фенӕм, цы нӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, уый. Адӕймаг куы фены, цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй ис, уӕд йӕ бон вӕййы семӕ тох кӕнын. w22.06 23 ф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 11 сентябрь
«Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– кӕй равзӕрстон, мӕ уыцы лӕггадгӕнӕг» (Ис. 43:10).
Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, афтӕ куы загъта, «сымах стут ме ’вдисӕнтӕ», зӕгъгӕ, уый размӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕттыл куы цӕуай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ. Цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизай, уӕд дӕ дон нӕ аласдзӕн. Арты астӕуты куы цӕуай, уӕд нӕ басудздзынӕ, арты ӕвзӕгтӕ дыл ӕндзӕвгӕ дӕр нӕ акӕндзысты» (Ис. 43:2). Хъусын кӕнгӕйӕ хатт сӕмбӕлӕм цӕугӕдӕтты хуызӕн къуылымпыдзинӕдтыл ӕмӕ арты хуызӕн фӕлварӕнтыл. Фӕлӕ нын Йегъовӕ ахӕм уавӕрты дӕр баххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр хъусын кӕнӕм (Ис. 41:13). Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц. Ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ мах ӕвзӕр хъусынгӕнджытӕ стӕм. Мах зонӕм, хорз хабар дарддӕр дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ уыцы хъуыды тыхтӕ бауадзы. Апостол Павел загъта: «Алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8; 4:1, 2). w22.11 3, 4 фф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 12 сентябрь
Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут (1 Пет. 2:12).
Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый абон уынӕм. «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕ» ахуыр кӕнынц рӕстдзинады «сыгъдӕг ӕвзагыл» дзурын (Зах. 8:23; Соф. 3:9). Йегъовӕйы организаци ис 240 бӕстӕйы ӕмӕ дзы ис 8 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Ӕмӕ алы аз дӕр мингай адӕм райсынц донаргъуыд! Фӕлӕ нымӕцтӕй ахсджиагдӕр у, уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ «удыхъӕд ногмӕ» кӕй раивынц, ома сӕм чырыстон миниуджытӕ кӕй фӕзыны, уый (Кол. 3:8–10). Уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр кодтой ӕнӕгъдау цард, уыдысты ӕгъатыр, кӕмӕдӕрты ӕвзӕр цӕстӕй кастысты ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕрыл нымадтой. Фӕлӕ ныр сты бынтон ӕндӕрхуызон адӕймӕгтӕ. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕны Исайы 2:4 стихы фыст пехуымпарад, зӕгъгӕ, адӕм «хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты». Нӕ удыхъӕд ногмӕ раивыныл кӕй архайӕм, уый фӕрцы иннӕты дӕр бафӕнды Хуыцауы организацимӕ ӕрбацӕуын, стӕй уымӕй бӕрӕг у, нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм (Иоан. 13:35). Адӕттӕ нын иууылдӕр ӕнтысынц Йесо Чырыстийы ӕххуысы фӕрцы. w22.07 9 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 13 сентябрь
Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау (Пс. 141:2).
Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йын кад кӕнӕм. Ахъуыды кӕнӕм, Исай, Йезекил, Данел ӕмӕ Иоанн цы диссаджы цӕстылуайӕнтӕ федтой, уыдоныл. Цыппар цӕстылуайӕнӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй у цытджын Паддзах. Исай федта, Йегъовӕ кӕй «бадти бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл» (Ис. 6:1–3). Йезекил федта, Йегъовӕ кӕй бадти йӕ уӕларвон уӕрдоныл, «йӕ алыварс уыд ирд рухс», арвӕрдыны хуызӕн (Йез. 1:26–28). Данел та федта, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис», уымӕн йӕ дарӕс кӕй уыди урс, йӕ паддзахбадӕн та кӕй уыди пиллон арты хуызӕн (Дан. 7:9, 10). Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым та Йегъовӕйы «паддзахбадӕны алыварс... уыди арвӕрдын, изумруды хуызӕн» (Рарг. 4:2–4). Йегъовӕ цы бӕрзонд ӕмӕ кадджын бынат ахсы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд дзы ноджы тынгдӕр бузныг вӕййӕм, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый тыххӕй. Стӕй ноджы хуыздӕр бамбарӕм, нӕ куывдтытӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, Йегъовӕйӕн кӕй кад кӕнӕм, уый. w22.07 20 ф., 3 абз.
Сабат, 14 сентябрь
[Уӕхи хизут] хинӕй чи архайы [уыдонӕй] (Еф. 4:14).
Ӕрыгӕттӕ, Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнат. Ӕмӕ уӕ хъыгдардзӕн. Зӕгъӕм, архайдзӕн, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртыл дызӕрдыг кӕнын райдайат. Хӕйрӕг дызӕрдыг хъуыдытыл бафтауы, зӕгъӕм, эволюцийы ахуырады фӕрцы. Къаддӕр куы уыдыстут, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы ахуырады тыххӕй хъуыды дӕр никуы кодтат. Фӕлӕ йӕ ныр, чи зоны, скъолайы цӕут. Ахуыргӕнджытӕ эволюцийы тыххӕй цы фӕдзурынц, уый уӕм, гӕнӕн ис, раст фӕкӕса. Фӕлӕ уыдон, ӕвӕццӕгӕн, бӕстон никуы раиртӕстой, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон. Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Ӕмбисӕндты 18:17 стихы цы хъуыды ис, уый: «Тӕрхоны фыццаг чи райдайы дзурын, уый раст вӕййы, цалынмӕ иннӕ не ’рбацӕуы ӕмӕ не сбӕлвырд кӕны, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ». Уӕдӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ, скъолайы цыдӕриддӕр дзурынц, уыдӕттӕ иууылдӕр раст сты. Уый бӕсты-иу, Библийы цы фыст ис, уый лӕмбынӕг раиртасут. Нӕ публикациты-иу ӕрмӕг бацагурут. w22.08 2 ф., 2 абз.; 4 ф., 8 абз.
Хуыцаубон, 15 сентябрь
Кӕс [ӕй], цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ (Йес. Н. 1:8).
Хуыцауы Ныхасы цы фӕкӕсӕм, уый-иу хъуамӕ бамбарӕм, кӕннод нын ницы пайда хӕсдзӕн. Иухатт Йесо ныхас кодта, «Закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм лӕгимӕ» (Лук. 10:25–29). Уыцы адӕймаг ӕй бафарста, цы, дам, мӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уон. Уӕд ын Йесо йе ’ргом аздӕхта Хуыцауы Ныхасмӕ. Бафарста йӕ: «Закъоны цы фыст ис? Цы дзы бакастӕ?» Уый йын Фыстадӕй дзуапп радта, зӕгъгӕ, хъӕуы Хуыцауы уарзын ӕмӕ иннӕты уарзын (Лев. 19:18; Дык. з. 6:5). Фӕлӕ-ма кӕс, уый фӕстӕ цы загъта: «Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дзӕбӕх не ’мбӕрста, Закъоны цы каст, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ зыдта, уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ куыд хъуамӕ архайа. Мах хъӕуы Йегъовӕйы ’ххуыс, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмбарӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу дзы йӕ сыгъдӕг тых ракур, цӕмӕй-иу кӕсгӕ-кӕсын дӕ хъуыдытӕ ма адзӕгъӕл уой. Стӕй-иу дзы ӕххуыс ракур, цӕмӕй, цы бакастӕ, уымӕ гӕсгӕ архайай. w23.02 9 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 16 сентябрь
Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрут (3 Иоан. 4).
Ӕвӕццӕгӕн дӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фарстой, рӕстдзинад куыд базыдтай, зӕгъгӕ. Искӕимӕ куы базонгӕ вӕййӕм, уӕд ӕй фыццаг уымӕй дӕр афӕрсӕм. Ӕмӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ куы фӕдзурынц, Йегъовӕйы куыд базыдтой ӕмӕ йӕ куыд бауарзтой, уӕд сӕм цымыдисӕй фӕхъусӕм. Ӕмӕ сын нӕхӕдӕг дӕр радзурӕм, Йегъовӕйы цӕмӕн уарзӕм (Ром. 1:11). Афтӕ куы аныхас кӕнӕм, уӕд рӕстдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды дарддӕр дӕр «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрын», ома афтӕ цӕрын, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа ӕмӕ нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕна. Рӕстдзинад бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уарзӕм. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уарзӕм Йегъовӕйы – рӕстдзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы. Йӕ Ныхасӕй, Библийӕ, базыдтам, уый кӕй у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ. Базыдтам ма, кӕй у нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дӕр ӕмӕ ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы (1 Пет. 5:7). w22.08 14 ф., 1, 3 абз.
Дыццӕг, 17 сентябрь
Мӕгуыр чи у, уыдоны ма рох кӕнут (Гал. 2:10).
Апостол Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзырдта, цӕмӕй «хорз хъуыддӕгтӕ» арӕзтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уарзондзинад ӕвдыстаиккой (Дзут. 10:24). Ӕххуыс сын кодта хъуыддагӕй дӕр. Зӕгъӕм, Иудейӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Павел дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй уымы чырыстӕттӕн фӕхӕццӕ кодтаиккой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ (Хъуыд. 11:27–30). Кӕд Павел ӕдзухдӕр хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад амыдта, уӕддӕр, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоны никуы рох кодта. Йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын ӕххуыс кодта, ӕмӕ уый фӕрцы уыдон дӕр зыдтой, Йегъовӕ сыл алкӕддӕр кӕй батыхсдзӕн. Махӕн дӕр нӕ бон у Павелы бафӕзмын. Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр зиан ӕрхӕссынц, ӕмӕ сын фӕхъӕуы баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уымӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд сын афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕндзыстӕм. Нӕ бон ма у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын. Ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй сӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ сӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. w22.08 23 ф., 14 абз.
Ӕртыццӕг, 18 сентябрь
Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ (2 Пет. 1:21).
Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты. Кӕцыдӕртӕ дзы фыст ӕрцыдысты, куы сӕххӕст сты, уымӕй цалдӕр сӕдӕ азы раздӕр. Кӕй сӕххӕст сты, уый истори дӕр бӕлвырд кӕны. Уый нӕм диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ Йегъовӕ кӕй ныффыссын кодта. Ӕркӕсӕм, рагон горӕт Вавилоны тыххӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонмӕ. Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай ныффыста, хъомысджын горӕт Вавилон кӕй басӕтдзысты. Суанг ма ныффыста, чи йӕ басӕтдзӕн, уый ном дӕр – Кир – ӕмӕ йӕ куыд басӕтдзӕн, уый дӕр (Ис. 44:27–45:2). Исай ма загъта, Вавилон ӕппынфӕстаг хӕлддзӕгтӕ кӕй фестдзӕн ӕмӕ бынтон ӕдзӕрӕг кӕй суыдзӕн (Ис. 13:19, 20). Н. э. размӕ 539 азы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон бацахстой. Ӕмӕ ныртӕккӕ уыцы кӕддӕры ӕнӕбасӕтгӕ горӕт у хӕлддзӕгты цӕнд. w23.01 4 ф., 10 абз.
Цыппӕрӕм, 19 сентябрь
Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут (1 Фес. 5:11).
Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ нӕ йӕ бинонты ’хсӕнмӕ ӕрбакодта. Уый фӕрцы бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын стӕм (Мар. 10:29, 30). Ӕгас зӕххыл дӕр нын ис, махау Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл зӕрдиагӕй чи архайы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕм, нӕ культурӕ ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс дӕр фӕхицӕн кӕнынц, уӕддӕр кӕрӕдзийы тынг уарзӕм. Кӕй нӕ фӕзонӕм ӕмӕ фыццаг хатт кӕй фенӕм, суанг нын уыдон дӕр адджын вӕййынц. Уӕлдай ӕхсызгон та нын у семӕ иумӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды кадджын кӕнын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын ӕмӕ сыл нӕхи бӕттын (Пс. 133:1). Уыдон нын феххуыс кӕнынц нӕ уӕргътӕ хӕссынӕн (Ром. 15:1; Гал. 6:2). Нӕ ныфсыл нын ныфс бафтауынц ӕмӕ нын феххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар уа (Дзут. 10:23–25). Гъеныр куыд кӕниккам, не ’мбырд нын куы нӕ уаид, уӕд? Уый нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй не знӕгты ныхмӕ – Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыддунейы ныхмӕ – фидар фӕлӕууӕм. w22.09 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 20 сентябрь
Йе ’взаджы рохтыл чи хӕцы, уый... у ӕмбаргӕ адӕймаг (Ӕмб. 10:19).
Хиуыл хӕцын зын вӕййы социалон сетьтӕй ӕмӕ мессенджертӕй пайда кӕнгӕйӕ. Гӕнӕн ис, нӕхи дӕр ма фӕнда, афтӕмӕй бирӕ адӕмӕн раргом кӕнӕм, дзурӕн цы нӕй, уый. Интернетмӕ цы бахауы, ууыл та нӕ бар нал фӕцӕуы, ӕмӕ, гӕнӕн ис, кӕмӕндӕрты стыр зиан ӕрхӕсса. Хиуылхӕцындзинад ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу хъусӕй лӕууӕм, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон нӕ куы къахой, уӕд ӕмӕ, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй мацы зӕгъӕм. Афтӕ кӕнын хъӕуы, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы нӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ куы рафӕрс-бафӕрс кӕной, уӕд. Ахӕм ӕмӕ ӕндӕр уавӕртӕн Библийы ис хорз уагӕвӕрд: «Мӕ дзыхыл рохтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй йӕ уромон» (Пс. 39:1). Нӕ бинонтӕ, не ’мбӕлттӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр хъуамӕ уыной, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис. w22.09 13 ф., 16 абз.
Сабат, 21 сентябрь
Амондджын у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зондыл чи нӕ цӕуы... Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй (Пс. 1:1, 2).
Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ’фсадӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй. Ӕрмӕстдӕр адӕмӕн у сӕ бон Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын. Йесо дӕр уымӕн загъта афтӕ: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Уымӕ гӕсгӕ ныл хъуамӕ иу бон дӕр афтӕ ма ацӕуа, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ма бакӕсӕм. Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ Библийы ныффыссын кодта, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй амондджын уӕм. Библийӕ базыдтам, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цӕмӕн цӕрӕм, уый. Базыдтам ма, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Стӕй ма базыдтам, цы диссаджы фидӕн нын ӕрцӕттӕ кодта, уый дӕр (Йер. 29:11). Ӕмӕ уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ сты цинӕйдзаг! Уӕдӕ-иу дыл зындзинӕдтӕ куы ӕруӕз кӕной, уӕд-иу фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн Йегъовӕйы Ныхас кӕсынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн. w22.10 7 ф., 4–6 абз.
Хуыцаубон, 22 сентябрь
Зондӕй... стыр адӕймӕгты хуызӕн [ут] (1 Кор. 14:20).
Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕвӕлтӕрдтӕй ма баззайӕм. Фӕлтӕрдджын адӕймӕгтӕ та суыдзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд. Афтӕмӕй гыццылгай бамбардзыстӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй цавӕрдӕр зындзинӕдтӕй нӕхи бахизӕм ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы ахъуыды кӕнис, цавӕр уынаффӕтӕ хӕссыс, ууыл. Зӕгъӕм, кӕд цасдӕр рӕстӕг Библи ахуыр кӕныс ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуыс, уӕд дӕ бон у ахъуыды кӕнын, нырмӕ дӕхи Йегъовӕйӕн цӕуылнӕ снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд цӕуылнӕ райстай. Кӕд донаргъуыд райстай, уӕд та ахъуыды кӕн, цы аразыс, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Цы уынаффӕтӕ рахӕссыс, уыдонӕй бӕрӕг у, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайыс? Йесо адӕмӕн куыд уыд ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй каст, ды дӕр сын афтӕ дӕ ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Кӕд нӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм Йегъовӕйы амындтыл, уымӕн ӕмӕ уыдон «зондджын кӕнынц ӕвӕлтӕрды» (Пс. 19:7). w22.10 20 ф., 8 абз.
Къуырисӕр, 23 сентябрь
Хуыцауы тых сӕ кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм цыдысты (Йез. 1:20).
Йезекил цӕстылуайӕны федта, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд хъомысджын у, уый. Уый федта, хъомысджын уӕларвон удгоймӕгтӕ ӕмӕ уӕларвон уӕрдоны стыр цӕлхытӕ кӕй цыдысты, Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕ кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм (Йез. 1:21). Уыцы цӕстылуайӕн Йезекилыл куыд бандӕвта? Уый ныффыста: «Уый фенгӕйӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн» (Йез. 1:28). Йезекил ноджы ирддӕрӕй федта, Йегъовӕ куыд кадджын Хуыцау у, уый. Фӕстӕдӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъуыды кодтаид уыцы диссаджы цӕстылуайӕныл. Ӕмӕ-иу ӕй ноджы тынгдӕр бауырныдта, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон кӕй уыдзӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын. Йегъовӕ Йезекилӕн загъта: «Адӕймаджы фырт, уӕлӕмӕ сыст, уымӕн ӕмӕ ӕз ныхас кӕндзынӕн демӕ». Ацы ныхӕстӕ, стӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых Йезекилы тыхтӕ бауагътой, ӕмӕ сыстад (Йез. 2:1, 2). Йезекилӕн алкӕддӕр разамынд лӕвӕрдта Хуыцауы «къух», ома йӕ сыгъдӕг тых (Йез. 3:22; 8:1; 33:22; 37:1; 40:1). w22.11 4 ф., 7, 8 абз.
Дыццӕг, 24 сентябрь
Дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс (Ис. 30:21).
Исайы ныхӕстӕм нӕ цӕстытыл ауайы ахӕм ныв: Йегъовӕ цӕуы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ фӕстӕ ӕмӕ сын фӕндаг амоны. Йӕ хъус сӕм лӕмбынӕг дары. Абон мах Хуыцауы хъӕлӕс хъусӕм нӕ фӕстӕ. Ома куыд? Хуыцауы ныхӕстӕ Библийы фыст ӕрцыдысты раджы, ӕмӕ уыцы замантӕ фӕстейӕ баззадысты. Уӕдӕ Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма Хуыцауы хъӕлӕс хъусӕм нӕ фӕстӕ (Ис. 51:4). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ нын цы разамынд дӕтты, уый нын ӕцӕгдӕр пайда хӕсса? Исай дыууӕ хъуыдыйы загъта: «мӕнӕ фӕндаг» ӕмӕ «цӕут ацы фӕндагыл». Фаг нӕу «фӕндаг» зонын. Хъуамӕ ма йыл цӕугӕ дӕр кӕнӕм. Йегъовӕйы Ныхасӕй ӕмӕ йын йӕ Ныхас йӕ организаци куыд ӕмбарын кӕны, уый фӕрцы базонӕм, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Стӕй ма базонӕм, йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ бон архайын куыд у, уый дӕр. Ӕмӕ цӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый базонын дӕр ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын дӕр. Ӕрмӕстдӕр уӕд схайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй. w22.11 11 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 25 сентябрь
Мӕ ацыды фӕстӕ уӕм... бацӕудзӕн... тугдзых бирӕгътӕ (Хъуыд. 20:29).
Йесойы апостолтӕн сӕ фылдӕр куы амардысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕмбырды фӕзынд мӕнг чырыстӕттӕ (Матф. 13:24–27, 37–39). Уыдон рӕстдзинад зыгъуыммӕ кодтой, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акодтаиккой (Хъуыд. 20:30). Зӕгъӕм, кӕд Библийы афтӕ фыст ис, «Чырысти... бирӕты тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи нывондӕн ӕрхаста ӕрмӕстдӕр иу хатт», зӕгъгӕ, уӕд уыдон та амыдтой, уыцы нывонд ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕй хъӕуы хӕссын (Дзут. 9:27, 28). Абон бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм уыцы мӕнг ахуырадыл ӕууӕндынц. Уыдон алы къуыри дӕр, хатт та алы бон дӕр, фӕкӕнынц дины ӕгъдау, мессӕ, зӕгъгӕ. Ӕндӕр чырыстон динтыл хӕст адӕм та Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысынмӕ афтӕ арӕх не ’рӕмбырд вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ фылдӕр не ’мбарынц, Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста, уый. w23.01 21 ф., 5 абз.
Цыппӕрӕм, 26 сентябрь
Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын (Дзут. 13:16).
Миназон хицаудзинады рӕстӕг Йесо мӕрдты райгас кӕндзӕн. Стӕй, Хуыцауы коммӕ чи кӕсдзӕн, уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой. Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл кӕй банымайа, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:10, 11, 29). Ӕмӕ «сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт»! (1 Кор. 15:26). Ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын кӕй ис, уый тыххӕй фыст ис Хуыцауы Ныхасы. Уыцы ныфс нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы уӕззау фӕстаг бонты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Фӕлӕ нӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕрмӕст уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй макуы амӕлӕм? Нӕ, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ барухс кӕндзыстӕм. Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл иузӕрдионӕй баззайын нӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ сӕ тынг уарзӕм (2 Кор. 5:14, 15). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕзмӕм, стӕй иннӕтӕн дӕр нӕ ныфсы тыххӕй дзурӕм (Ром. 10:13–15). Иннӕтыл дӕр куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ рӕдау куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕнддзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм нӕ Хӕлар уа. w22.12 6, 7 фф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 27 сентябрь
Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12).
Нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, фадат мауал уа, нӕ зӕрдӕтӕ сабыр кӕй фӕрцы вӕййынц, уыцы хъуыддӕгтӕ аразынӕн. Чи зоны, фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ фӕтӕрсӕм, дарддӕр цы уыдзӕни, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕфхӕрд куы ӕййафой, уӕд уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ фӕрӕдийой (Иоан. 16:1, 2). Йесо загъта, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Фӕлӕ ма афтӕ дӕр загъта, ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕ бон бауыдзӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын (Иоан. 15:20; 16:33). Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уа кӕнӕ нын бынтон сӕрибарӕй архайыны бар куы нӕ уа, уӕд нын, гӕнӕн ис, филиал ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ амындтӕ раттой, куыд архайын нӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Уыцы амындтӕ нын уый тыххӕй раттынц, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕной, дарддӕр дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг исӕм ӕмӕ, фадӕттӕ цас амонынц, уыйбӕрц хъусын кӕнӕм. Разамындмӕ гӕсгӕ-иу архай (Иак. 3:17). Стӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй мацы дзур, уый зоныны бар кӕмӕн нӕй, уыдонӕн (Еккл. 3:7). w22.12 20, 21 фф., 14–16 абз.
Сабат, 28 сентябрь
Дарддӕр дӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайут (Дзут. 6:11).
Абон дӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕной. Уый йӕ ныхасӕн хицау у. Йегъовӕйы организацийы уылты нӕ ахуыр кӕны хъусын кӕнын ӕмӕ нын дӕтты хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕ (Матф. 28:18–20). Ӕмӕ мах дӕр нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм – ӕнӕрынцойӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, стӕй ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фынӕй нӕ кӕнӕм. Дзуттӕгтӕм 6:11, 12 стихты фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд, цы ныфс нын ис, ууыл «кӕронмӕ» фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм. Йегъовӕ Хӕйрӕджы дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд бон ӕмӕ сахат. Уый фӕстӕ сӕххӕст кӕндзӕн, йӕ Ныхасы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр. Хатт, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕ фӕстиат кӕны ӕмӕ кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы бон «нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3). Цӕй уӕдӕ нӕ каст уӕд Йегъовӕмӕ ӕмӕ, «цас хъӕуа, уыйбӕрц» ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ «ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ»! (Мих. 7:7). w23.02 19 ф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 29 сентябрь
Дӕу хуызӕн ничи у (Пс. 40:5).
Альпинистӕн йӕ нысан вӕййы хохы цъупмӕ ссӕуын. Фӕлӕ уырдӕм цӕугӕйӕ йӕ бон вӕййы бирӕ рӕтты ӕрлӕууын ӕмӕ, хӕхты цы рӕсугъд бынӕттӕ ис, уыдоныл афӕлгӕсын. Афтӕ-иу ды дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу ӕрлӕууай ӕмӕ ахъуыды кӕнай, Йегъовӕ дын зын уавӕры куыд арфӕ кӕны, ууыл. Алы боны кӕрон дӕр-иу ахъуыды кӕн: «Абон мын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта? Кӕд мӕ фӕлварӕнӕн кӕрон нӕма ’рцыд, уӕддӕр мын Йегъовӕ фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?» Бацархай, цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ иу арфӕдзинад уӕддӕр ӕрхъуыды кӕнай. Чи зоны, кувыс, цӕмӕй дӕ фӕлварӕнӕн кӕрон ӕрцӕуа (Фил. 4:6). Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ арфӕдзинӕдтӕ дӕр уынӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, тыхтӕ нын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ нын фидар фӕлӕууынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый тыххӕй дзы алкӕддӕр бузныг у. Ӕмӕ-иу уӕд фендзынӕ, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй суанг зын уавӕры дӕр ӕнтыстджын уай (Райд. 41:51, 52). w23.01 19 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 30 сентябрь
Йегъовӕйы бон... алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут (2 Пет. 3:12).
Дӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, кӕй ӕмбарын, ацы дунейы кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у, уый? Уӕлдӕр ахуыры кӕнӕ куысты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахастон, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у? Уырны мӕ, Йегъовӕ мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ?» Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, алцыдӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы фӕаразӕм, уӕд (Матф. 6:25–27, 33; Фил. 4:12, 13). Хъуамӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ зондахасты нӕ исты фӕивын хъӕуы ӕви нӕ. Ӕмӕ-иу стӕй, цы хъӕуа, уый фӕивӕм. Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Кор. 13:5). Уӕдӕ нӕ дарддӕр дӕр хъӕуы нӕ зонд ног кӕнын. Уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы Ныхас кӕсӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уӕм ӕмӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ цӕрӕм (1 Кор. 2:14–16). w23.01 9, 10 фф., 5, 6 абз.