Октябрь
Дыццӕг, 1 октябрь
Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн (Пс. 22:22).
Ӕмбырды не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон вӕййы Йегъовӕйы кадӕн зарын ӕмӕ хорз дзуаппытӕ дӕттын. Фӕлӕ иуӕй-иутӕн адӕмы ’хсӕн зарын кӕнӕ дзуаппытӕ дӕттын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Кӕд дӕуӕн дӕр уый зын вӕййы, уӕд базон, иннӕтӕн цы баххуыс кодта. Зарын зын кӕмӕн у, уыдонӕй иуӕй-иутӕн ӕххуыс кӕны, зӕрдиагӕй кӕй фӕзарынц, уый. Ӕмбырдты сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕзарӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, дӕхи ӕмбырдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕныс, уӕд-иу зарджытӕ дӕр азар. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, зарджыты ныхӕстӕ куыд баст сты, ӕмбырды цы темӕтӕ цӕудзысты ӕвзӕрст, уыдонимӕ. Стӕй-иу фылдӕр хъуыды кӕн, куыд зарыс, ууыл нӕ, фӕлӕ зарӕджы ныхӕстыл. Иуӕй-иутӕн тынг зын вӕййы ӕмбырды дзуапп раттын. Кӕд дӕуӕн дӕр зын у, уӕд архай, цӕмӕй-иу алы ӕмбырды дӕр дзуапп раттай. Дӕ зӕрдыл дар, фарстайӕн цыбыр ӕмӕ хуымӕтӕг дзуапп куы раттай, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн. Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, нӕ дзуаппытӕй йӕ куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд. w22.04 7, 8 фф., 12–15 абз.
Ӕртыццӕг, 2 октябрь
Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Дзут. 13:6).
Дзырд «ӕххуысгӕнӕг» амоны, ӕххуысмӕ чи сиды, уымӕ чи фезгъоры, ахӕм адӕймагмӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Йегъовӕ тагъд кӕны, цӕмӕй, уӕззау уавӕры чи ис, уымӕн баххуыс кӕна. Ацы ныв хорз ӕвдисы, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй не ’ххуысгӕнӕг уа. Ӕмӕ нӕ фарсмӕ куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн зындзинӕдтӕн фӕразын ӕмӕ-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны? Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм Исайы чиныгмӕ. Ацы чиныгмӕ цӕмӕн? Исайы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ хауынц, нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Исай Йегъовӕйы кой кӕнгӕйӕ цы дзырдтӕй пайда кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ сты ӕнцонӕмбарӕн. Райсӕм Исай 30-ӕм сӕр. Уым ирд нывтӕй ӕвдисы, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый: 1) нӕ куывдтытӕм нын лӕмбынӕг фӕхъусы ӕмӕ нын дзуапп ратты; 2) дӕтты нын разамынд ӕмӕ 3) абон дӕр нӕ хайджын кӕны арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. w22.11 8 ф., 2, 3 абз.
Цыппӕрӕм, 3 октябрь
Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын, уыдонӕй ма тӕрс... Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – цард (Рарг. 2:10).
Йесо Смирнӕйы ӕмӕ Филадельфийы ӕмбырдтӕн загъта, цӕмӕй ма тарстаиккой, сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕй. Сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ касти хӕрзиуӕг (Рарг. 3:10). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, мах дӕр нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын (Матф. 24:9, 13; 2 Кор. 12:10). Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцауы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты «Хицау Йесойы боны», ома нӕ рӕстӕджы (Рарг. 1:10). Раргомады 12-ӕм сӕры фыст ис, Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд уый хӕдфӕстӕ уӕлӕрвты хӕст кӕй райдыдта. Михаил, ома Йесо Чырысти, ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ схӕцыдысты Хуыцауы знӕгтимӕ – Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ (Рарг. 12:7, 8). Ӕппынфӕстаг Хӕйрӕг йӕ дӕлимонтимӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмыл мӕгуыры бон акодта (Рарг. 12:9, 12). w22.05 5 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 4 октябрь
Нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй (2 Аз. 19:7).
Йегъовӕ тӕрхон кӕнгӕйӕ алкӕддӕр рахӕссы раст уынаффӕтӕ. Уый хъулон никӕй кӕны. Искӕмӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд ын уый тыххӕй нӕ ныххатыр кӕны, ӕмӕ рӕсугъд у, хъӕздыг у, кадджын бынат ахсы кӕнӕ йӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ ис (1 Сам. 16:7; Иак. 2:1–4). Никӕй бон у Йегъовӕйы стӕрсын кӕнын, цӕмӕй цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕсса, кӕнӕ йӕ гӕртамӕй балхӕнын. Уынаффӕ мӕстыйӕ никуы рахӕссы. Стӕй, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, ахӕм адӕймаджы тыххӕй афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, цӕй, тӕригъӕд у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕнон, зӕгъгӕ (Рац. 34:7). Уӕдӕ Йегъовӕ алцыдӕр хорз кӕй фӕзоны, уымӕ гӕсгӕ у ӕппӕты хуыздӕр Тӕрхонгӕнӕг (Дык. з. 32:4). Дзуттаг Фыстытӕ чи фыста, уыдон ӕмбӕрстой, Хуыцау куыд ныххатыр кӕны, уый кӕй хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд хатыр кӕнынц, уымӕй. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, иуӕй-иу рӕтты цы дзуттаг дзырдӕй спайда кодтой, уый ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ фӕамоны – уый куыд ныххатыр кӕны, уымӕ. Уыцы дзырд никуы фӕамоны, иу адӕймаг иннӕмӕн куыд ныххатыр кӕны, уымӕ, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы хуызӕн хатыр кӕнын. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕ кӕронмӕ ныххатыр кӕна. w22.06 4 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 5 октябрь
Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн (Ӕмб. 22:6).
Кӕд дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс кӕнӕ дӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕд ӕй зон: дӕ иузӕрдиондзинад иннӕтӕн у стыр ныфсы хос! Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у ӕмӕ дӕ сывӕллоны нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: цӕмӕй сывӕллоны цӕуылдӕр сахуыр кӕнай, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Адӕймаг исты куы ныссадзы, уӕд иуӕй-иу хатт фӕхъуыды кӕны, цымӕ сзайдзӕн ӕмӕ йыл дыргътӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд уый нӕ фӕзоны, уӕддӕр ыл дон фӕкӕны, цӕмӕй хуыздӕр рӕза (Мар. 4:26–29). Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс, дӕ сывӕллӕтты цӕуыл ахуыр кӕныс, уый сӕ зӕрдӕмӕ хъары ӕви нӕ. Раст уынаффӕтӕ рахӕсдзысты ӕви нӕ, ууыл дӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы архайай, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕнай, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой. w22.04 19, 20 фф., 16, 17 абз.
Хуыцаубон, 6 октябрь
Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы (Ӕмб. 16:18).
Соломон Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыд, уӕд йӕхимӕ раст цӕстӕй каст. Ӕрыгонӕй паддзах куы сси, уӕд Йегъовӕйӕ разамынд ракуырдта, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы ӕххуыс кӕй хъӕуы (1 Пад. 3:7–9). Стӕй ма райдианты ӕмбӕрста, адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд уа, уӕд ӕй уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр ацы уынаффӕ йӕхицӕй ферох. Паддзах куы сси, уымӕй цасдӕр куы рацыд, уӕд ссӕрбӕрзонд, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ дӕр ницӕмӕуал дардта. Хуыцау дзуттӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй иу уыд ахӕм: «[Паддзах] хъуамӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ... ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ мӕнӕй ма аздӕха» (Дык. з. 17:17). Соломон ацы закъоны сӕрты ахызт, ӕмӕ йӕхицӕн скодта 700 усы ӕмӕ 300 номылусы (1 Пад. 11:1–3). Чи зоны, Соломон афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕй у. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ кӕй адард, уый тыххӕй ӕппынфӕстаг бирӕ бӕллӕхтӕ бавзӕрста (1 Пад. 11:9–13). w22.05 23 ф., 12 абз.
Къуырисӕр, 7 октябрь
«Мӕ рӕстаг лӕггадгӕнӕг та цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы», фӕлӕ «куы фӕтӕрса ӕмӕ мӕ куы ныууадза, уӕд мӕ удӕн адджын нал уыдзӕн» (Дзут. 10:38).
Абон адӕмы хъӕуы тынг ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Хъӕуы сӕ аскъуыддзаг кӕнын, кӕй фарс уыдзысты: Дун-дунейы Хицау Йегъовӕйы фарс ӕви йе знаг Хӕйрӕджы фарс. Афтӕ никӕй бон уыдзӕн зӕгъын, ӕз сӕ иуы фарс дӕр нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ адӕймаг цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ (Матф. 25:31–33, 46). «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл ахӕсгӕ хуызы ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ирвӕзындзинады нысан (Рарг. 7:14; Йез. 9:4, 6). Сырды нысан кӕуыл уа, уыдон та сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 14:9–11). Кӕд Йегъовӕйы фарс слӕууыдтӕ, уӕд раст бакодтай. Ӕмӕ дӕ куыннӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссой. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у, уыдон арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты. Раргомады чиныджы тынг ахсджиаг хабӕрттӕ ис фыст. Ӕмӕ сӕ куы зонӕм ӕмӕ, цӕуыл дзурӕг сты, уый куы ’мбарӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой ӕмӕ йыл кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй баззайой. w22.05 15 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 8 октябрь
Амондджын уыдзыстут... адӕм... [уыл] алы ӕвзӕртӕ куы мысой (Матф. 5:11).
Мах хъуамӕ хъусӕм, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ, не знӕгтӕ цы дзурынц, уымӕ нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕм Иов лӕмбынӕг хъуыста. Йегъовӕ йӕм фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид йӕ зондахаст аивынӕн. Цыма йын афтӕ дзырдта: «Ӕз хорз зонын, цы дыл ӕрцыд, уый. Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ дыл мӕ бон батыхсын нӕу?» Иов Йегъовӕйӕн цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн кӕй аргъ кодта. Уый загъта: «Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй» (Иов 42:5). Ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ уавӕр нӕма фӕивта: бадти фӕнычы, йӕ буар уыд хъӕдгӕмттӕй йедзаг. Фӕлӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Иов 42:7, 8). Абон дӕр бирӕтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц. Уыдон нын нӕ организацийы номыл цъыф калынц. Фӕлӕ Иовы хабарӕй бӕрӕг у: Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, фӕлварӕнты йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзыстӕм. w22.06 23, 24 фф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 9 октябрь
Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ (Рарг. 19:7).
Стыр Вавилон куы нал уа, уӕд уӕлӕрвты стыр цин уыдзӕн (Рарг. 19:1–3). Фӕлӕ ма дзы уый фӕстӕ уыдзӕн, ноджы тынгдӕр кӕуыл цин кӕндзысты, ахӕм хабар – «Уӕрыччы чындзӕхсӕв»! Уый у, Раргомады чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй ахсджиагдӕр. 144 мины иууылдӕр уӕлӕрвты ӕрӕмбырд уыдзысты Армагеддоны хӕдразмӕ. Фӕлӕ уӕд чындзӕхсӕвы рӕстӕг нӕма уыдзӕн (Рарг. 21:1, 2). Уӕрыччы чындзӕхсӕв уыдзӕни Армагеддоны фӕстӕ, Хуыцауы знӕгтӕ иууылдӕр сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд (Пс. 45:3, 4, 13–17). Уӕрыччы чындзӕхсӕв цӕуыл дзурӕг у, уыцы чындзӕхсӕв кӕмӕн уыдзӕн, уыдонӕн? Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг чындзӕхсӕвы бон сӕ цард куыд баиу кӕнынц, афтӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕвы дӕр Паддзах Йесо Чырысти ӕмӕ «йӕ усаг» – 144 мины – ахӕсгӕ хуызы баиу уыдзысты. Уыцы ахсджиаг хабары фӕстӕ Йесо ӕмӕ 144 мины зӕххӕн разамынд дӕттын райдайдзысты ӕмӕ зӕххӕн паддзӕхтӕ уыдзысты 1 000 азы дӕргъы (Рарг. 20:6). w22.05 17 ф., 11–13 абз.
Цыппӕрӕм, 10 октябрь
Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд (Матф. 24:46).
Йесо загъта, кӕроны рӕстӕг кӕй сӕвӕрдзӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтта (Матф. 24:45). Ӕмӕ йӕ уынӕм, абон уыцы цагъар цас фыдӕбон кӕны. Йесо Чырысти сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорды уылты Хуыцауы адӕмӕн ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн «афоныл дӕтты» уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы чырыстӕттӕ сӕхи иннӕты уырнындзинадӕн хицау нӕ кӕнынц (2 Кор. 1:24). Уыдон ӕй зонынц, Хуыцауы адӕмӕн «хицау ӕмӕ разамонӕг» Йесо Чырысти кӕй у (Ис. 55:4). Ӕууӕнкджын цагъар 1919 азӕй фӕстӕмӕ рауагъта алыхуызон публикацитӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы бирӕтӕ фыццаг хатт базыдтой рӕстдзинады ад. 1921 азы уыцы цагъар рауагъта чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр», цӕмӕй, рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы адӕм Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базыдтаиккой. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ-иу фӕзынд ног публикацитӕ дӕр. w22.07 10 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 11 октябрь
Дӕ цӕсгомы раз [мӕ] ӕрлӕууын кӕндзынӕ ӕнустӕм (Пс. 41:12).
Йегъовӕйы хуызӕн рӕдау ничи у. Цыфӕнды йын ма раттай,– уый дын уымӕй бирӕ фылдӕр ратдзӕн (Мар. 10:29, 30). Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕ схайджын кӕндзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Ныртӕккӕ дӕр, ацы фыддунейы цӕргӕйӕ, уыдзынӕ амондджын. Ӕмӕ фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ. Дӕ бон уыдзӕн дӕ зынаргъ Фыдӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын. Кӕрӕдзимӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстут, ӕмӕ ды дӕр цӕрдзынӕ, уый цас цӕры, уыйбӕрц – ӕнустӕм! Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ Фыдӕн скӕндзынӕ зынаргъ лӕвар. Дӕ царды хорзӕй цы уыд ӕмӕ цы ис, уыдӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар. Дӕуӕн та дӕ бон у Дунедарӕг Хуыцауӕн, цы йӕм нӕй, ахӕм цыдӕр балӕвар кӕнын – дӕ иузӕрдион лӕггад (Иов 1:8; 41:11; Ӕмб. 27:11). Ахӕм цард куы равзарай, уӕд ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. w23.03 6 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 12 октябрь
Ӕрыгон лӕппуйӕн йӕ фӕндаг сыгъдӕг кӕд уыдзӕн? Йӕхи куы хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд (Пс. 119:9).
Рӕзгӕ кары лӕппутӕн ӕмӕ чызджытӕн сӕ буары монцтӕ стыхджын вӕййынц. Уымӕй уӕлдай ма сын, гӕнӕн ис, иннӕтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ аразын кӕной. Ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр фӕнды, цӕмӕй дӕ буары монцты фӕдыл ацӕуай. Фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хӕрзӕгъдау цард кӕнай? (1 Фес. 4:3, 4). Йегъовӕмӕ-иу скув ӕмӕ йын-иу радзур, ӕнцон дын кӕй нӕу дӕ буары монцтимӕ тох кӕнын. Тыхтӕ-иу дзы ракур, цӕмӕй ма фӕрӕдийай (Матф. 6:13). Йегъовӕ дын уайдзӕфтӕ нӕ кӕндзӕн. Уый дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзӕн (Пс. 103:13, 14). Дӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй ма тох кӕн. Дӕ ныййарджытӕй дӕр ӕххуыс ракур. Семӕ ахӕм цӕуылдӕрты ныхас кӕнын, чи зоны, ӕфсӕрмы кӕныс. Фӕлӕ уый тынг ахсджиаг у. Библи куы кӕсай ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕд хуыздӕр ӕмбардзынӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, алы уавӕрӕн дӕр дӕ закъон кӕй нӕ хъӕуы. w22.08 5 ф., 10–12 абз.
Хуыцаубон, 13 октябрь
Йӕхиуӕттыл... чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад (1 Тим. 5:8).
Бинонты хистӕр фембары, йӕ хӕс кӕй у йӕ бинонты дарын, ӕмӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ фӕкӕсы. Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд, чи зоны, мӕт кӕныс, ӕнӕ куыстӕй куы баззайай, уӕд дӕ бинонты цӕмӕй дардзынӕ, хӕдзарӕн цӕмӕй фиддзыстут, ууыл. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, тӕрсыс, дӕ бон ӕндӕр куыст ссарын кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕй дӕр. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, дӕ ныфс нӕ хӕссыс ӕхцаджын куыст ныууадзынмӕ, цардыл не ’ххӕсдзыстӕм, зӕгъгӕ. Ахӕм хъуыдытӕ Хӕйрӕджы къухы сты тыхджын хӕцӕнгарз, ӕмӕ йын уый фӕрцы бирӕ бантыст. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, Йегъовӕйы нӕ мӕт ӕппындӕр кӕй нӕй ӕмӕ нын нӕ бинонты дарынӕн дӕр кӕй не ’ххуыс кӕны. Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд та тӕрсдзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ кӕй тыххӕй халӕм, ахӕм куыст ныууадзын дӕр. w22.06 15 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 14 октябрь
Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ (Дзут. 6:19).
Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рац. 34:6). Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй (Ис. 61:8). Зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ кӕй ӕвзарӕм, уый йын тынг зын у, ӕмӕ цӕттӕ у ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕнынмӕ (Йер. 29:11). Уый диссаджы цард уыдзӕн! Уӕдӕ Йегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ уарзӕм! Рӕстдзинад та цӕмӕн уарзӕм? Рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нын стыр ӕххуыс у нӕ царды дӕр. Библийы цы рӕстдзинад ис, уымӕ хауы, фидӕнӕй нын цы ныфс ис, уый дӕр. Науӕнгуыр науыл фӕхӕцы, цӕмӕй иу ран лӕууа ӕмӕ ма ныппырх уа. Ӕмӕ нын Библи цы ныфс дӕтты, уый дӕр ныл зын рӕстӕджыты фидар фӕхӕцы, цӕмӕй ма фӕцудӕм ӕмӕ зындзинӕдты ма аныгъуылӕм. Абоны стихы Павел кодта, сӕрст чырыстӕттӕн цы ныфс ис, ома, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, уый кой. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ хауынц, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕм дӕр (Иоан. 3:16). Уыцы ныфсы тыххӕй куы базыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ цард афтид нал у. w22.08 14, 15 фф., 3–5 абз.
Дыццӕг, 15 октябрь
Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд (Еф. 4:26).
Адӕймаг искӕй куы фӕуарзы, уӕд ыл ӕууӕндгӕ дӕр фӕкӕны. 1 Коринфӕгтӕм 13-ӕм сӕры дзырд цӕуы, ӕцӕг уарзондзинад цавӕр у, уый тыххӕй. Ахӕм уарзондзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм кӕнӕ та нын кӕд исчи не ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд ыл ногӕй ӕууӕндын райдайӕм (1 Кор. 13:4–8). 4-ӕм стихы кӕсӕм, «уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», зӕгъгӕ. Йегъовӕйы раз тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд немӕ фӕразон вӕййы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ уӕм фӕразон, истӕмӕй нӕ куы фӕхъыг кӕной, уӕд. 5-ӕм стихы та кӕсӕм, зӕгъгӕ, уарзондзинад «уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы», стӕй, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы». Мах нӕ фӕнды, нӕ зӕрдыл дарын, хо кӕнӕ нӕ ’фсымӕр цал хатты фӕхъыг кодта, уый, цӕмӕй йын уый фӕстӕ йӕ рӕдыдтытӕ йӕ цӕстмӕ бадарӕм. Екклесиасты 7:9 стихы фыст ис: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у». Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм хъуамӕ кӕсай Йегъовӕйы цӕстӕй. Хуыцау сӕ уарзы ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтыты номхыгъд нӕ саразы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ ма кӕнӕм (Пс. 130:3). Хъуамӕ-иу сӕ рӕдыдтытӕм ӕмӕ сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм (Матф. 7:1–5). w22.09 3, 4 фф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 16 октябрь
Уӕд скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (Дан. 12:1).
Данелы чиныгӕй базонӕн ис, кӕроны рӕстӕг хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цӕудзысты, уый. Зӕгъӕм, Данелы 12:1 стихы фыст ис, Михаил, ома Йесо Чырысти, Хуыцауы «адӕмы сӕрыл... [кӕй] хӕцы». Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта 1914 азы, Йесо Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд. Фӕлӕ ма зӕд Данелӕн загъта, Йесо кӕй «сыстдзӕн», «тынг уӕззау рӕстӕг» куы скӕна, уӕд. Уый уыдзӕн, «адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй суанг уыцы рӕстӕджы онг чи никуыма уыд», ахӕм рӕстӕг. Уыцы «тынг уӕззау рӕстӕг» у, Матфейы 24:21 стихы кӕй кой ис, уыцы «стыр бӕллӕх». Йесо «сыстдзӕн», ома Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕндзӕн, уыцы «тынг уӕззау рӕстӕджы» кӕрон – Армагеддоны. Кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уыдоны Раргомады чиныг хоны «стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт», уыцы «тынг бирӕ адӕм» (Рарг. 7:9, 14). w22.09 21 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 17 октябрь
Ӕз мӕ чиныгӕй сыхалдзынӕн, мӕ разы тӕригъӕд чи ракодта, уый ном (Рац. 32:33).
Ныртӕккӕ царды чиныджы цы нӕмттӕ ис фыст, уыдон ис сыхалӕн, цыма кърандасӕй фыст сты, афтӕ (Рарг. 3:5). Мах хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы баззайой, цалынмӕ сӕ Йегъовӕ «ручкӕйӕ» нӕ ныффысса, уӕдмӕ. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы кӕмӕн сты фыст, уыцы къордтӕй иу у, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уый. Апостол Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕм цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕтты нӕмттӕ ныртӕккӕ фыст сты царды чиныджы (Фил. 4:3). Фӕлӕ сын цӕмӕй Йегъовӕ сӕ нӕмттӕ уыцы чиныгӕй ма сыхала, уый тыххӕй хъуамӕ иузӕрдионӕй баззайой. Сӕ мӕлӕты размӕ кӕнӕ стыр бӕллӕхы размӕ сыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕудзысты ӕнустӕм (Рарг. 7:3). w22.09 14 ф., 3 абз.; 15 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 18 октябрь
Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны! (Лук. 11:28).
Зӕгъӕм, чидӕр дын скодта, тынг кӕй уарзыс, ахӕм хӕринаг. Фӕлӕ кӕдӕмдӕр кӕй тагъд кӕныс кӕнӕ дӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕуылдӕр кӕй сты, уый тыххӕй йӕ тагъд-тагъдӕй ӕнӕ ӕууилгӕйӕ аныхъуырдтай. Ӕмӕ, хӕрд куы фӕдӕ, уӕд дӕм бахъардта, хӕринагӕн йӕ ад дӕр кӕй нӕ бамбӕрстай. Ӕмӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, гъер кӕдӕм тагъд кодтон, фӕлтау ӕй адджынӕн куы бахордтаин. Библи дӕр афтӕ тагъд-тагъдӕй фӕкӕсыс? Хуыцауы Ныхас куы кӕсай, уӕд-иу тагъд ма кӕн. Дӕ мондӕгтӕ-иу дзы суадз. Цы хабӕртты тыххӕй кӕсай, уыдон-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Архайджыты хъӕлӕстӕ-иу дӕ хъустыл ауайӕнт. Ӕмӕ, цы кӕсай, ууыл-иу лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Библи афтӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ циныл цин бафтдзӕн. Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл дӕтта (Матф. 24:45). Ӕмӕ нын уыцы хӕринаг парахатӕй ис. Ӕууӕнкджын цагъар нын цыдӕриддӕр «хӕринаг» дӕтты, уый сӕйраджыдӕр «конд» у Сыгъдӕг Фыстадӕй (1 Фес. 2:13). w22.10 7, 8 фф., 6–8 абз.
Сабат, 19 октябрь
Нӕ уд хъуырмӕ сси, ӕнӕмӕт цард чи кӕны, уыдоны хынджылӕгӕй (Пс. 123:4).
Библийы раджы ӕрцыд фыст, фӕстаг бонты кӕй уыдзӕн, иннӕтӕй чи хынджылӕг кӕндзӕн, ахӕм адӕм ӕмӕ фагӕй фылдӕр кӕй уыдзысты (2 Пет. 3:3, 4). Афтӕ уымӕн кӕнынц, ӕмӕ сӕхӕдӕг цӕуынц «сӕ зӕрдӕйы фӕдыл» ӕмӕ аразынц «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ» (Иуд. 7, 17, 18). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, иннӕтыл чи худы, уыдоны хуызӕн ма суӕм? Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕхи дард ласӕм, ӕдзух хъуыр-хъуыр чи кӕны ӕмӕ алцӕуыл дӕр фаутӕ чи ӕвӕры, ахӕм адӕмӕй (Пс. 1:1). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ма хъусӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдонмӕ, стӕй, цытӕ фӕфыссынц, уыдӕттӕ дӕр хъуамӕ ма кӕсӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд уыцы «низ» махыл дӕр бахӕцдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ раст кӕй архайы ӕмӕ йӕ организацийы уылты разамынд кӕй дӕтты, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайдзыстӕм. Цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Ног разамынд куы райсӕм кӕнӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Библийы стихтӕ ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд фӕхъуыр-хъуыр кӕнын? Разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕртӕм фаутӕ фӕхӕссын?» Уайтагъд куы бацархайӕм, цӕмӕй-иу афтӕ мауал кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (Ӕмб. 3:34, 35). w22.10 20 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 20 октябрь
Израилы адӕм... дӕм нӕ байхъусдзысты (Йез. 3:7).
Сыгъдӕг тых Йезекилы хъарутӕ бауагъта, ӕмӕ йӕ бон уыд, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнын – «ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕбӕрзӕрдӕ» адӕмӕн хъусын кӕнын. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ цӕсгом скодтон сӕ цӕсгӕмттау хъӕбӕр, ӕмӕ дӕ ных – сӕ ныхтӕ куыд хъӕбӕр сты, афтӕ. Дӕ ных дын скодтон алмасийы хуызӕн, ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр. Ма сӕ тӕрс, сӕ цӕсгӕмттӕ дӕ тас ма уадзӕнт» (Йез. 3:8, 9). Цыма йын Йегъовӕ афтӕ загъта: «Ацы адӕм ӕнӕсӕттон кӕй сты, уый тыххӕй дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕз дын тыхтӕ ратдзынӕн». Уый фӕстӕ сыгъдӕг тых Йезекилы цӕстылуайӕны ахаста, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаид, уыцы бынатмӕ. Йезекил ныффыста: «Уыди [мыл] Йегъовӕйы фидар къух». Бахъуыди йӕ иу къуыри, цӕмӕй, цы хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, уый хорз бамбӕрстаид ӕмӕ йӕ йӕ бон уыдаид ныфсджынӕй хъусын кӕнын (Йез. 3:14, 15). Стӕй йын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй дӕлвӕзмӕ ацыдаид. Ӕмӕ уым «схайджын... Хуыцауы тыхӕй» (Йез. 3:23, 24). Ныр Йезекил цӕттӕ уыд, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг аразынмӕ. w22.11 4 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 21 октябрь
О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн, цӕмӕй мӕ фехъусай? [...] Мӕ цӕстыты раз стигъынц ӕмӕ тыхми кӕнынц (Ав. 1:2, 3).
Пехуымпар Аввакум сӕмбӕлд бирӕ зындзинӕдтыл. Иуафон, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ мӕт нӕй. Уӕд ӕм скуывта ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йын радзырдта. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн дзуапп радта (Ав. 2:2, 3). Раджы заманты-иу йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта, Аввакум ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд та ногӕй цин кӕнын райдыдта. Ӕмӕ нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йыл кӕй тыхсы ӕмӕ йын цыфӕнды зындзинад сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн (Ав. 3:17–19). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу ын радзур, цӕуыл мӕт кӕныс, уый. Стӕй-иу дзы ӕххуыс кур. Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнгдӕр тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай. Ӕмӕ дын куыд баххуыс кодта, уый куы фенай, уӕд дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн. Ды дӕр Библи куы кӕсай, куы хъусын кӕнай ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дӕ Хуыцауӕй нӕ фӕхицӕн кӕндзысты нӕдӕр зындзинӕдтӕ, нӕдӕр дызӕрдыг хъуыдытӕ (1 Тим. 6:6–8). w22.11 15 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 22 октябрь
Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты (Лук. 23:43).
Йесо ӕмӕ, йӕ фарсмӕ цы дыууӕ фыдгӕнӕджы уыд ауыгъд, уыдон удхар кодтой. Ӕмбӕрстой йӕ, бирӕ сын кӕй нал баззад (Лук. 23:32, 33). Дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр Йесойӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой (Матф. 27:44; Мар. 15:32). Фӕлӕ дзы стӕй сӕ иу Йесомӕ ӕндӕр цӕстӕй ракаст. Уый загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Йесо йын загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ (Лук. 23:39–42). Йесойы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ нӕ фӕфӕнды базонын, дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Цыдӕртӕ базонӕн ис, паддзах Соломоны рӕстӕг Израилы адӕм куыд цардысты, уымӕй. Йесо та у Соломонӕй дӕр уӕлдӕр. Ӕмӕ йӕ зонӕм, Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон зӕххыл диссаджы цард кӕй скӕндзысты (Матф. 12:42). Ӕмӕ «ӕндӕр фысты» хъӕуы зонын, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 10:16). w22.12 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 4 абз.
Ӕртыццӕг, 23 октябрь
Дӕ дзыназын дын куы фехъуса, уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн (Ис. 30:19).
Исай зӕгъы, Йегъовӕ нын нӕ лӕгъстӕтӕ кӕй фехъусдзӕн ӕмӕ нын уайтагъд дзуапп кӕй ратдзӕн. Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Дӕ дзыназын дын... куыддӕр... фехъуса, афтӕ дын дзуапп ратдзӕн». Ацы ныхӕстӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ Фыды тынг, тынг фӕнды, ӕххуыс дзы чи куры, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у зындзинӕдтӕн фӕразын ӕмӕ дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Йегъовӕ лӕмбынӕг фӕхъусы махӕй алкӕй куывдтытӕм дӕр. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? Исайы 30-ӕм сӕры фыццаг хайы Йегъовӕ дзуры йӕ адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр. Фӕлӕ 19-ӕм стихы ис номивӕг «ды», цыма иу кӕимӕдӕр дзуры, афтӕ. Исай ныффыста: «Ды нал кӕудзынӕ»; «уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн», «афтӕ дын дзуапп ратдзӕн». Йегъовӕ у уарзӕгой Фыд, ӕмӕ махӕй алкӕмӕн дӕр тынг аргъ кӕны ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг фӕхъусы (Пс. 116:1; Ис. 57:15). w22.11 9 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 24 октябрь
Кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин (Матф. 10:16).
Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дӕр хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд фӕцин кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты вӕййы фарн. 1 ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕ апостолтӕн карзӕй куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ загътой, Хуыцаумӕ кӕй хъусдзысты. Уыдон дарддӕр дӕр хъусын кодтой, ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хаста (Хъуыд. 5:27–29, 41, 42). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрибарӕй архайыны бар нын куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Фӕлӕ, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм ӕмӕ, адӕмы цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хабар кӕй хъусын кӕнӕм. Зон ӕй: суанг тынг уӕззау рӕстӕджыты дӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фарн уа. Ахӕм рӕстӕг хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕй нӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон кӕй у раттын, уыцы фарн. Цавӕрдӕр низ куы сыста, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа кӕнӕ дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд-иу дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Дӕхи йӕ организацийыл бӕтт ӕмӕ дӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕн. Афтӕ куы кӕнай, уӕд «фарны Хуыцау» уыдзӕн демӕ (Фил. 4:9). w22.12 21 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 25 октябрь
Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Еф. 4:24).
Уый тыххӕй нӕхи хъӕуы цыдӕр аразын. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ тынг бацархайын, цӕмӕй ныууадзӕм фыдӕх ӕмӕ маст (Еф. 4:31, 32). Уый ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ кӕцыдӕр ӕвзӕр миниуджытӕ нӕ удыхъӕды тынг ныффидар вӕййынц. Библийы фыст ис, иуӕй-иутӕ сӕ маст уромын кӕй нӕ зонынц ӕмӕ мӕстыгӕр кӕй сты (Ӕмб. 29:22). Ӕмӕ ахӕм адӕмы донаргъуыды фӕстӕ дӕр фӕхъӕуы тынг архайын, цӕмӕй сӕхиуыл хӕцын сахуыр уой (Ром. 7:21–23). Кӕд дын цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзын зын у, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув. Уый дӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн (1 Иоан. 5:14, 15). Уыцы миниуӕгӕй дӕ диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кӕндзӕн, фӕлӕ дын ратдзӕн тыхтӕ, цӕмӕй йыл дӕ бар цӕуа (1 Пет. 5:10). Фӕлӕ дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ архайай дӕ куывдтытӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕхи хизай, фӕстӕмӕ зӕронд удыхъӕд дӕ уӕлӕ кӕй тыххӕй скӕндзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Стӕй-иу ӕнӕфсарм ӕмӕ ӕвзӕр цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕн (Фил. 4:8; Кол. 3:2). w23.01 10 ф., 7, 9, 10 абз.
Сабат, 26 октябрь
Хуыцауы чи уарзы, уый хъуамӕ йе ’фсымӕры дӕр уарза (1 Иоан. 4:21).
Иннӕты кӕй уарзӕм, уый равдисӕм, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй. Мах фӕхъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр, уӕлдай нӕу, кӕцы адӕмыхаттӕй у, сауцъар у ӕви урсцъар, хъӕздыг ӕви мӕгуыр, ахуыргонд ӕви ӕнахуыргонд. Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр афтӕ фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый ма равдисӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕй дӕр. Алкӕуыл дӕр дзы зӕрдиагӕй тыхсӕм ӕмӕ сӕ зындзинӕдты сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Исчи сын куы фӕзиан вӕййы, уӕд сын ныфсытӕ бавӕрӕм, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕйы рыст фӕрогдӕр кӕнӕм. Куы фӕрынчын вӕййынц, уӕд сӕ бабӕрӕг кӕнӕм. Ӕмӕ ныфссаст куы вӕййынц, уӕд, нӕ бон цы у, уый фӕаразӕм, цӕмӕй та сӕ ныфс бауадзӕм (2 Кор. 1:3–7; 1 Фес. 5:11, 14). Стӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, «рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых [кӕй] ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иак. 5:16). w23.01 28, 29 фф., 7, 8 абз.
Хуыцаубон, 27 октябрь
Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 5:11).
Аразӕг цас фылдӕр хӕдзӕрттӕ фӕаразы, уыйас бонӕй-бонмӕ дӕсныдӕр фӕкӕны. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у бацархайын, цӕмӕй нын бонӕй-бонмӕ хуыздӕр уайа иннӕты фидар кӕнын. Зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл чи ’мбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ бон у радзурын, рагон лӕггадгӕнджытӕ-иу фӕлварӕнты фидар куыд фӕлӕууыдысты, уый тыххӕй (Дзут. 11:32–35; 12:1). Хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ хорзӕй цы ис, уый кой-иу иннӕтӕн дӕр куы кӕнӕм, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм. Цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уӕм, уӕд-иу хъуамӕ ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнӕм. Истӕй тыххӕй-иу куы фӕбыцӕу уӕм, уӕд та-иу хъуамӕ бафидауӕм (Еф. 4:3). Иннӕты уырнындзинад ма фидар кӕндзыстӕм, Библийы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдоныл-иу семӕ куы ныхас кӕнӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй-иу сӕм куы фӕкӕсӕм ӕмӕ, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн-иу куы баххуыс кӕнӕм, уӕд. Мах амондджын уыдзыстӕм, не ’мбырд куы «аразӕм», ома нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куы фидар кӕнӕм, уӕд. Ӕнӕуи агъуыстытӕ ӕнустӕм нӕ лӕууынц. Иннӕты куы фидар кӕнӕм, уӕд уый та ӕнустӕм хӕсдзӕн пайда. w22.08 21 ф., 6 абз.; 25 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 28 октябрь
Зонд дӕтты Йегъовӕ, уымӕй цӕуынц зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арфуынындзинад (Ӕмб. 2:6).
Цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы кӕсӕм, уый ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы иу ахсджиаг миниуӕг – арфуынындзинад (Ӕмб. 2:2–5). Арфуынӕг адӕймагӕн йӕ бон вӕййы бамбарын, иу хъуыды иннӕимӕ куыд баст у кӕнӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц. Стӕй йӕ бон вӕййы фенын, фыццаг бакастӕй цы нӕ разыны, уый. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, арфуынындзинад хъӕуы, цӕмӕй-иу бамбарӕм, кӕцыдӕр хабӕрттӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц (Матф. 24:15). Стӕй ма нӕ арфуынындзинад хъӕуы, цӕмӕй, Библийы цыдӕриддӕр бакӕсӕм, уый нын фылдӕр пайда хӕсса. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн арфуынындзинад ратты. Уӕдӕ йӕм кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ арфуынӕг уай. Ӕмӕ дӕхи бон та цы у аразын? Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, цы бакастӕ, ууыл. Ахъуыды кӕн, цы зоныс, уыимӕ куыд баст у. Ӕрмӕг-иу бацагур, цӕмӕй бамбарай, Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕн сӕ хъуыды ӕмӕ, цы базыдтай, уый дын царды кӕм баххуыс кӕндзӕн, уый (Дзут. 5:14). Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ арфуынӕг куы уай, уӕд ӕй хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбардзынӕ. w23.02 10 ф., 7, 8 абз.
Дыццӕг, 29 октябрь
Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм (Хъуыд. 17:28).
Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Де ’мбал дын скодта тынг зынаргъ лӕвар – зындгонд нывгӕнӕджы ныв. Бӕрӕг у, тынг зӕронд кӕй у. Кӕмдӕрты йӕ хуыз ссыд ӕмӕ счъизи. Фӕлӕ йӕ аргъ у цалдӕр милуан доллӕры. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нывӕн тынг аргъ кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ. Йегъовӕ дӕр нын скодта тынг зынаргъ лӕвар – цард. Нӕ цард ын зынаргъ кӕй у, уый равдыста, йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй (Иоан. 3:16). Цард дӕтты Йегъовӕ (Пс. 36:9). Апостол Павел дӕр уый зыдта, ӕмӕ загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (Хъуыд. 17:25, 28). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ цард схонӕн ис Хуыцауы лӕвар. Уый нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын дӕтты (Хъуыд. 14:15–17). Фӕлӕ цӕмӕй удӕгас уӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ диссӕгтӕ нӕ аразы. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр не ’нӕниздзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнӕм (2 Кор. 7:1). w23.02 20 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 30 октябрь
Цы ныхӕстӕ дын зӕгъон, уыдон иууылдӕр ныффысс чиныджы (Йер. 30:2).
Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм Библийы тыххӕй! Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон нын абон зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ стыр ӕххуыс фӕвӕййынц. Библийӕ ма базонӕн ис, Йегъовӕ нын диссаджы фидӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ Библийы ӕргом кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ. Йӕ рӕсугъд миниуджытыл ын куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй не ’ввахс Хӕлар суа (Пс. 25:14). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм зоной. Раджы заман-иу сын йӕхи раргом кодта фынты ӕмӕ цӕстылуайӕнты. Стӕй-иу йӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой (Ным. 12:6; Хъуыд. 10:3, 4). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй кӕцӕй базыдтаиккам, куы нӕ сӕ ныффыссын кодтаид, уӕд? Ӕмӕ нын цы зӕгъинаг уыд, уыдӕттӕ ныффыссын кодта «чиныджы». Афтӕмӕй немӕ ныхас кӕны, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр ӕрхъуыды кӕнӕн кӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ «ӕцӕг Хуыцауы фӕндаг у ӕххӕст» (Пс. 18:30). w23.02 2 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 31 октябрь
Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у (Хъуыд. 20:35).
Дӕ разы ӕвӕр хорз нысӕнттӕ. Хъуамӕ дӕ разы ӕвӕрай, дӕ уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кӕндзӕн ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстон кӕй фӕрцы суыдзынӕ, ахӕм нысӕнттӕ (Еф. 3:16). Дӕ бон у Библи кӕсынӕн ӕмӕ иртасынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын (Пс. 1:2, 3). Кӕнӕ та дӕ бон у Хуыцаумӕ арӕхдӕр кувын ӕмӕ йын цы зӕгъдзынӕ, ууыл лӕмбынӕгдӕр хъуыды кӕнын. Чи зоны дӕ хъӕуы, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс ӕмӕ дӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кӕныс, уым исты фӕивын (Еф. 5:15, 16). Иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд уый фӕрцы дӕр фӕлтӕрдджындӕр кӕндзынӕ. Зӕгъӕм, дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын – де ’мбырды ацӕргӕ кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Кӕмӕндӕрты сӕ фӕхъӕуы дуканийӕ исты ӕрбахӕссын, кӕмӕндӕрты та телефонимӕ кӕнӕ планшетимӕ баххуыс кӕнын. Хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕныс, уымӕй та ӕвдисыс, иннӕ адӕмы дӕр кӕй уарзыс, уый (Матф. 9:36, 37). Кӕд дӕ фадӕттӕ амонынц, уӕд дӕ бон у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадмӕ тырнын. w22.08 6 ф., 16, 17 абз.