Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es24
  • Ноябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ноябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 ноябрь
  • Сабат, 2 ноябрь
  • Хуыцаубон, 3 ноябрь
  • Къуырисӕр, 4 ноябрь
  • Дыццӕг, 5 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 6 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 7 ноябрь
  • Майрӕмбон, 8 ноябрь
  • Сабат, 9 ноябрь
  • Хуыцаубон, 10 ноябрь
  • Къуырисӕр, 11 ноябрь
  • Дыццӕг, 12 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 13 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 14 ноябрь
  • Майрӕмбон, 15 ноябрь
  • Сабат, 16 ноябрь
  • Хуыцаубон, 17 ноябрь
  • Къуырисӕр, 18 ноябрь
  • Дыццӕг, 19 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 20 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 21 ноябрь
  • Майрӕмбон, 22 ноябрь
  • Сабат, 23 ноябрь
  • Хуыцаубон, 24 ноябрь
  • Къуырисӕр, 25 ноябрь
  • Дыццӕг, 26 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 27 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 28 ноябрь
  • Майрӕмбон, 29 ноябрь
  • Сабат, 30 ноябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2024
es24

Ноябрь

Майрӕмбон, 1 ноябрь

Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ (Еф. 4:29).

Чырыстонӕн йӕ дзыхӕй хъуамӕ иу ӕвзӕр, иу чъизи ныхас дӕр ма схауа. Фӕлӕ ма хъуамӕ иу цӕмӕйдӕр нӕхи хизӕм. Хатт адӕймаг фӕкӕны, ӕргом ӕфхӕрӕн ныхас кӕй нӕй схонӕн, ахӕм ныхӕстӕ. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, иу адӕмыхатт иннӕимӕ бара, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй афтӕ уайа, цыма уыдон ӕвзӕрдӕр сты. Фӕлӕ чырыстӕттӕн ахӕм ныхӕстӕ кӕнын дӕр не ’мбӕлы. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ ма кӕнӕм, адӕймаджы зӕрдӕ кӕмӕй скъахдзыстӕм, ахӕм ныхӕстӕ. Дзур, иннӕты чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ. Хъаст-иу ма кӕн ӕмӕ-иу иннӕтыл фаутӕ ма ӕвӕр, фӕлӕ-иу сӕ раппӕл. Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой бузныг, фӕлӕ ӕдзух хъаст кодтой. Исчи истӕмӕй куы хъаст кӕна, уӕд уый та хӕцгӕ низӕй уӕлдай нӕу. Хъуыды ма йӕ кӕныс, дӕс сгарӕджы ныхӕсты тыххӕй хабар куыд рауад? «Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой» (Ным. 13:31–14:4). Фӕлӕ адӕймагӕй куы раппӕлай, уӕд та йыл базыртӕ базайы. Уӕдӕ-иу фадӕттӕ агур, цӕмӕй-иу иннӕтӕй зӕрдиагӕй раппӕлай. w22.04 8 ф., 16, 17 абз.

Сабат, 2 ноябрь

Дӕ бар мӕ бакодтой мӕ райгуырдӕй. Мӕ мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау (Пс. 22:10).

Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ тынг бирӕ ӕрыгӕттӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккой. Ӕмӕ дӕ сывӕллонӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суа, кӕд йӕхи фӕнда, уӕд (1 Кор. 3:6, 7). Кӕд дӕ сывӕллон Йегъовӕйӕ адард, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ уарзы ӕмӕ йӕм дарддӕр йӕ хъус дардзӕн (Пс. 11:4). Гыццыл истӕмӕй дӕр куы равдиса, кӕй йӕ фӕнды «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын», уӕд ын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суа (Хъуыд. 13:48; 2 Аз. 16:9). Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕ сывӕллонӕн йӕ афоныл хъӕугӕ ныхӕстӕ зӕгъай (Ӕмб. 15:23). Кӕнӕ, гӕнӕн ис, уе ’мбырды искӕцы хӕларзӕрдӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕры баразӕнгард кӕна, цӕмӕй-иу дӕ сывӕллоныл баузӕла ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна. Ӕмӕ куы сыстыр уа, уӕд дӕр-иу ын Йегъовӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, гыццылӕй йын цы амыдтай, уыдӕттӕ (Иоан. 14:26). Цы дзурыс ӕмӕ цы аразыс, уый фӕрцы дарддӕр дӕр дӕ сывӕллоны куы ахуыр кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕндзӕн. w22.04 21 ф., 18 абз.

Хуыцаубон, 3 ноябрь

Залиаг калм... мӕстӕй рафыхт (Рарг. 12:17).

Хӕйрӕгӕн уӕлӕрвтӕм фӕндаг ӕхгӕд кӕй у, уый тыххӕй йӕ пырх калы, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоныл. Уыдон сты Хуыцауы Паддзахады минӕвӕрттӕ ӕмӕ сыл ис «Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны хӕс» (2 Кор. 5:20; Еф. 6:19, 20). 1918 азы аст бӕрнон ӕфсымӕры ӕрцахстой. Ӕмӕ кӕд ницы аххосджын уыдысты, уӕддӕр сын цалдӕргай азтӕ радтой. Уый афтӕ уыд, цыма сӕ «амардтой», ома афтӕ зынди, цыма сӕ хъуыддаг ӕрлӕууыд (Рарг. 11:3, 7–11). Фӕлӕ 1919 азы мартъийы уыцы сӕрст ӕфсымӕрты ахӕстонӕй рауагътой. Фӕстӕдӕр та тӕрхондон уынаффӕ рахаста, аххосджын не сты, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕртӕ уайтагъд хъуыддагмӕ бавнӕлдтой – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы ӕнцад нӕ уагъта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ «йӕ хъӕлӕсӕй цӕугӕдонау... [калы] дон», ома афтӕ бакӕны, цӕмӕй Хуыцауы адӕм иууылдӕр ӕфхӕрд ӕййафой (Рарг. 12:15). Уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр хъуамӕ уа фидар ӕмӕ нӕм хъуамӕ уа уырнындзинад (Рарг. 13:10). w22.05 5, 6 фф., 14–16 абз.

Къуырисӕр, 4 ноябрь

Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыди, уыдоны нымӕц – сӕдӕ цыппор цыппар мины (Рарг. 7:4).

Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта 2 къорды. Уыдон сты, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у ӕмӕ ӕнусон цардӕй чи схайджын, уыцы адӕм. Фыццаг къорды ис 144 мины. Уыдон зӕххӕй ист ӕрцыдысты, цӕмӕй Йесоимӕ уой уӕларвон хицауады, кӕнӕ Паддзахады. Ӕмӕ йемӕ иумӕ зӕххӕн разамынд дӕттынц (Рарг. 5:9, 10; 14:3, 4). Иоанн ма федта, кӕй лӕууыдысты Йесоимӕ уӕларвон Сионыл (Рарг. 14:1). Апостолты заманӕй нырмӕ Йегъовӕ мингай чырыстӕтты байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй (Лук. 12:32; Ром. 8:17). Иоанн ныффыста, фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл бирӕ кӕй нал баззайдзӕн (Рарг. 12:17). Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уымӕй цасдӕры фӕстӕ, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон ист ӕрцӕудзысты уӕлӕрвтӕм ӕмӕ баиу уыдзысты, 144 минӕй уым чи уа, уыдонимӕ. Ӕмӕ Йесоимӕ иумӕ уыдзысты паддзӕхтӕ Хуыцауы Паддзахады (Матф. 24:31; Рарг. 5:9, 10). w22.05 16 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 5 ноябрь

Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! (Ис. 48:18).

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй сӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсой. Афтӕ дӕр ма сын загъта: «Сымахӕн... уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты» (Матф. 10:30). Ацы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц, уӕлдайдӕр та кӕд нӕхимӕ ницӕйаг кӕсӕм, уӕд. Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд хорз зоны ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм. Кӕд нӕ Йегъовӕ уый аккагыл нымайы, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕнустӕм ног дунейы цӕрӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ рӕдигӕ кӕны. Иу-15 азы размӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахӕм хъуыдытӕ уыд: «Хъуамӕ-иу нӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уӕм ӕмӕ ма схъал уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхи ницӕйагыл дӕр ма нымайӕм. Хъуамӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, хорз миниуджытӕ дӕр нӕм кӕй ис ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ дӕр. w22.05 24, 25 фф., 14–16 абз.

Ӕртыццӕг, 6 ноябрь

Уыдоны тыххӕй дӕ... курын... цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой (Иоан. 17:20, 21).

Махӕй алкӕй бон дӕр куыд у, не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕнын? Хъуамӕ уӕм фарнуарзаг ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм (Матф. 5:9; Ром. 12:18). Ӕмбырды иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл куы фӕархайӕм, уӕд нӕ «дзӕнӕт» ноджы тынгдӕр рафидауын кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, уыцы «дзӕнӕтмӕ» алкӕй дӕр Йегъовӕ кӕй ӕрбакодта (Иоан. 6:44). Йӕ лӕггадгӕнджыты нымайы зынаргъ хӕзнатыл. Ӕмӕ куы фӕуыны, зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, цӕмӕй не ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уа, уӕд тынг фӕцин кӕны! (Ис. 26:3; Аг. 2:7). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ дӕтты. Фӕлӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын уыдӕттӕ ӕцӕгдӕр пайда хӕссой? Хъуамӕ-иу арф ахъуыды кӕнӕм, Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, ууыл. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн нӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзи «ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй» уарзын (Ром. 12:10). w22.11 12, 13 фф., 16–18 абз.

Цыппӕрӕм, 7 ноябрь

Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн (Йер. 31:34).

Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, уый куы бамбарӕм, уӕд нӕ «ног хъарутӕ» бацӕуы. Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц, стӕй та нын Йегъовӕйы раз вӕййы сыгъдӕг цӕсгом. Нӕ зӕрдӕ афтӕ ӕрсабыр вӕййы, «Йегъовӕ [нын] йӕхӕдӕг» куы ныххатыр кӕны, ӕрмӕстдӕр уӕд (Хъуыд. 3:19). Куы нын ныххатыр кӕны, уӕд алцыдӕр банывыл кӕны, раст цыма тӕригъӕд никуы сарӕзтам, афтӕ. Ӕмӕ та свӕййы не ’ввахс Хӕлар. Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд ын ӕй уый фӕстӕ йӕ цӕстмӕ нал фӕдары ӕмӕ йӕ уыцы тӕригъӕды тыххӕй ногӕй нал бафхӕры (Ис. 43:25). «Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у», афтӕ нӕ адард кӕны нӕ тӕригъӕдтӕ (Пс. 103:12). Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. Мах дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! (Пс. 130:4). Йегъовӕ куы фескъуыддзаг кӕны, адӕймагӕн ныххатыр кӕна ӕви нӕ, уӕд афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, ай стыр тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ йын нӕ ныххатыр кӕндзынӕн, ай та гыццыл тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ йын ныххатыр кӕндзынӕн. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, нӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ нӕ Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ алцыдӕр фӕзоны. Ӕмӕ уынаффӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ рахӕссы. w22.06 5 ф., 12–14 абз.

Майрӕмбон, 8 ноябрь

Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны (Дзут. 11:6).

Йегъовӕ дӕтты диссаджы ныфс, чи йӕ уарзы, уыдонӕн. Тагъд кӕрон скӕндзӕн низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн, стӕй маст дӕр ницӕуылуал кӕндзыстӕм (Рарг. 21:3, 4). Йӕ ныфс ыл чи дары, уыцы сабыр, коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххӕй дзӕнӕт скӕной (Пс. 37:9–11). Абон дӕр Йегъовӕ у нӕ Хӕлар. Фӕлӕ йӕм уӕд ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ хӕлардзинад уыдзӕн ноджы фидардӕр. Уыцы ныфсыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц. Фӕлӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый? Уымӕн, ӕмӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Уӕдӕ нӕ бон у нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын (Пс. 27:14). Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, фӕразонӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (Ис. 55:10, 11). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн ӕнӕмӕнг кӕй раарфӕ кӕндзӕн! w22.06 20 ф.,1 абз.; 25 ф., 18 абз.

Сабат, 9 ноябрь

Уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый (Матф. 6:8).

Мах хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ бинонты Хистӕр, Йегъовӕ, йӕхӕдӕг дӕр кӕй архайы, 1 Тимофеймӕ 5:8 стихы цы уагӕвӕрд ныффыссын кодта, уымӕ гӕсгӕ. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ мах дӕр ӕмӕ нын нӕ бинонты дӕр кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ уӕд никуы дызӕрдыг кӕндзыстӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын кӕй уыдзӕн (Матф. 6:31–33). Йегъовӕ ныл зӕрдиагӕй тыхсы. Уый у тынг рӕдау Хуыцау. Зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд йӕ бон уыд, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ скӕнын. Фӕлӕ уый Зӕххыл скодта алы диссӕгтӕ, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса (Райд. 2:9). Кӕд нӕм иуӕй-иу хатт хӕринаг ӕрмӕстдӕр иу боны фаг вӕййы, уӕддӕр-иу хъуамӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыцы хӕринаг нын кӕй ис ӕмӕ нын ӕй Йегъовӕ кӕй радта, ууыл (Матф. 6:11). Рох нӕ макуы уӕд: кӕд нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнӕм, уӕддӕр уыдон ницы сты Йегъовӕйы хорздзинӕдты раз. Фидӕны та нын балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард (Ис. 65:21, 22). w22.06 15 ф., 7, 8 абз.

Хуыцаубон, 10 ноябрь

Хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн (Дзут. 5:14).

Библи ӕрӕджы чи райдыдта ахуыр кӕнын, ӕрмӕст уыдоны нӕ хъӕуы «хъӕбӕр хӕринаг», фӕлӕ не ’ппӕты дӕр. Апостол Павел ныффыста, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд кӕй сахуыр уыдзыстӕм, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын». Абон бирӕтӕ тынг ӕнӕгъдау кӕй сты, уый тыххӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ нын Йесо ӕххуыс кӕны. Нӕ публикациты цы хъуыдытӕ вӕййы, уыдон иууылдӕр ист вӕййынц Хуыцауы Ныхасӕй – Библийӕ. Йесойау мах дӕр Хуыцауы номӕн тынг кад кӕнӕм (Иоан. 17:6, 26). Зӕгъӕм, 1931 азы нӕхи схуыдтам Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыцы ном ист у Библийӕ. Уымӕй равдыстам, Хуыцауы ном ахсджиагыл кӕй нымайӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ йӕ номӕй зоной (Ис. 43:10–12). Уымӕй уӕлдай ма «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ӕмбӕлы, Библийы фыццаг кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлд, уыцы рӕтты. w22.07 11 ф., 11, 12 абз.

Къуырисӕр, 11 ноябрь

Дӕ ныхас у цырагъ мӕ къахӕн ӕмӕ рухс – мӕ фӕндагӕн (Пс. 119:105).

Библийы цы рӕстдзинад ис, уымӕ ма хауы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дӕр. Уыцы хабар Йесо абарста ӕмбӕхст хӕзнаимӕ. Матфейы 13:44 стихы кӕсӕм: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис зӕххы ныгӕд хӕзнаимӕ. Иу лӕг ссардта уыцы хӕзна ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ бамбӕхста. Йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыд, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы зӕхх балхӕдта». Уыцы нӕлгоймаг хӕзна агурӕг нӕ цыд, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ ссардта. Фӕлӕ йӕ куы ссардта, уӕд, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта, цӕмӕй уыцы хӕзна йӕ къухы бафтыдаид. Цымӕ цӕмӕн бакодта афтӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, уый стыр хӕзна кӕй у. Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын ахӕм циндзинад хӕссы, ӕмӕ ацы дунейы хорздзинӕдтӕ ницы сты уый раз. Ӕмӕ нын фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы цард уыдзӕн, уый та! Йегъовӕ нӕ Хӕлар кӕй у, уый ӕппындӕр ницӕимӕ ис абарӕн! Уый тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм, уӕддӕр уыдӕттӕ ницы сты уыцы хӕзнайы раз. Ӕппӕты стырдӕр циндзинад нын хӕссы, алцӕмӕй дӕр ын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, уый (Кол. 1:10). w22.08 15 ф., 8, 9 абз.; 17 ф., 12 абз.

Дыццӕг, 12 ноябрь

Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон? (Райд. 39:9).

Иосиф кӕцӕй зыдта, искӕй усимӕ ӕмуат куы ’рцыдаид, уӕд уый Хуыцау фыддзинадыл кӕй банымадтаид? Моисейы закъоны уыд бӕлвырд фӕдзӕхст, «ма хӕт», зӕгъгӕ (Рац. 20:14). Фӕлӕ уыцы закъон израилӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕрмӕстдӕр 200 азы фӕстӕ. Фӕлӕ Иосиф Йегъовӕйы хорз зыдта ӕмӕ ӕмбӕрста, ахӕм ӕнӕгъдау хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн. Зӕгъӕм, Иосиф зыдта, Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ лӕгӕн иу ус кӕй хъуамӕ уа, усӕн та – иу лӕг. Стӕй куыннӕ фехъуыстаид, Йегъовӕ йын дыууӕ хатты йӕ фыдыфыды мад Саррӕйы сӕры кад куыд бахъахъхъӕдта, уый (Райд. 2:24; 12:14–20; 20:2–7). Иосиф уыдӕттыл хъуыды кодта ӕмӕ бамбӕрста, Хуыцауы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Йӕ Хуыцауы тынг уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕндыд афтӕ цӕрын, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ рӕстгӕнӕгыл нымадтаид. w22.08 26 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 13 ноябрь

Сыджыты чи фынӕй кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты... ӕнустӕм цӕрынӕн (Дан. 12:2).

Данелы 12:2 стихы фыст ис, бирӕтӕ кӕй райгас уыдзысты. Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ уый амоны, 1918 азы фӕстӕ Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕй ацыд, уымӕ (зӕгъӕн ис, уыцы аз знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг баурӕдтой). Фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, ацы пехуымпарад кӕй амоны, ног дунейы мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕндзысты, уымӕ. Ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдыстӕм? Дзырд «сыджыт» ма ӕмбӕлы Иовы 17:16 стихы дӕр. Ӕмӕ, стихы фыццаг хайӕ куыд зыны, афтӕмӕй нысан кӕны «ингӕн». Уымӕ гӕсгӕ, Данелы 12:2 стихы дзырд цӕуы, чи амард, уыдон зӕххыл кӕй ӕгас кӕндзысты, ууыл. Уый уыдзӕн, фӕстаг бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ Армагеддоны хӕст куы фӕуа, уый фӕстӕ. Данелы 12:2 стихы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, иутӕ райгас уыдзысты «ӕнустӕм цӕрынӕн», куыд ӕмбаргӕ сты? Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕй Миназон хицаудзинады рӕстӕг Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуыздӕр базоныныл чи архайдзӕн ӕмӕ сӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, уыдон ӕппынфӕстаг схайджын уыдзысты ӕнусон цардӕй (Иоан. 17:3). w22.09 21, 22 фф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 14 ноябрь

[Уарзондзинад] алцӕуыл дӕр ӕууӕнды (1 Кор. 13:7).

Уый афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ хъуамӕ алкӕуыл дӕр ӕууӕндӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хотыл ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм, сӕхи ӕууӕнкджынӕй кӕй равдыстой, уый тыххӕй. Цӕмӕй кӕуылдӕр ӕууӕндын райдайай, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр базон. Ӕмбырды размӕ ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ семӕ аныхӕстӕ кӕн, семӕ уацамынды цу. Бауадз сӕ, цӕмӕй равдисой, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис, уый. Хорз кӕй нӕма зоныс, уыимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ фыццаг, чи зоны, хъӕудзӕн хъуыды кӕнын, дӕхи тыххӕй йын цы радзурдзынӕ ӕмӕ цы нӕ радзурдзынӕ, ууыл. Фӕлӕ куы балымӕн уат, уӕд ыл ӕууӕндын райдайдзынӕ ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон уыдзӕн фылдӕр цыдӕртӕ радзурын (Лук. 16:10). Фӕлӕ дын искӕцы хо кӕнӕ ӕфсымӕр де ’ууӕнк куы фӕсайа, уӕд та куыд? Уайтагъд-иу афтӕ ма зӕгъ, ай ӕмбалӕн нӕ бӕззы, зӕгъгӕ. Хъуамӕ рацӕуа рӕстӕг. Стӕй иу адӕймаджы тыххӕй ахӕм хъуыдымӕ ма ӕрцу, ӕмӕ иннӕтыл дӕр нӕй ӕууӕндӕн. w22.09 4 ф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 15 ноябрь

Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр (2 Аз. 16:9).

Хистӕр нӕлгоймаг, Микеас, зӕгъгӕ, сӕмбӕлд фӕлварӕныл. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзӕгъӕлы бафхӕрдтой. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхи бынтон нӕ ауагъта ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракастаид. Ӕдзух Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы куырдта йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ хъарутӕ. Стӕй нӕ публикациты агуырдта, чи йын баххуыс кодтаид, ахӕм ӕрмӕг. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хо кӕнӕ дын ӕфсымӕр маст куы бавзарын кӕна, уӕд-иу ма рамӕсты у. Кӕд смӕсты дӕ кӕнӕ кӕд уыцы хабары тыххӕй мӕт кӕныс, уӕд та-иу бацархай, цӕмӕй уыцы ӕнкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа. Адӕймаг афтӕ цӕмӕн загъта кӕнӕ цӕмӕн бакодта, уый алы хатт нӕ фӕзонӕм. Уӕдӕ-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый бамбарынӕн. Афтӕ хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, барӕй нӕ уыди, ӕмӕ бацархай, цӕмӕй йын ныххатыр кӕнай (Ӕмб. 19:11). Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ алцыдӕр зоны ӕмӕ дӕ ӕмбары. Ӕмӕ дын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай (Еккл. 5:8). w22.11 21 ф., 5 абз.

Сабат, 16 ноябрь

Йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕнын (Пс. 26:4).

Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ агур. Хорз ӕмбӕлттӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстон суай (Ӕмб. 13:20). Иу хистӕр нӕлгоймаг, Джулиен, радзырдта: «Ӕрыгондӕр куы уыдтӕн, уӕд хорз ӕмбӕлттӕ ссардтон, кӕимӕ-иу хъусын кодтон, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн. Уыдон уыдысты тынг зынгзӕрдӕ, ӕмӕ сӕ фӕрцы бамбӕрстон, хорз хабар хъусын кӕнын стыр циндзинад кӕй хӕссы... Стӕй ма бамбӕрстон, ӕрмӕст ме ’мгӕрттимӕ кӕй хъуамӕ ма лымӕн кӕнон, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи цух кодтон, фылдӕр цӕуылдӕрты кӕмӕй сахуыр уыдаин, ахӕм ӕмбӕлттӕй». Ӕмбырды кӕимӕ лымӕн кӕныс, уыдонӕй дӕ исчи ӕвзӕр зондыл куы араза, уӕд та? Павел зыдта, ӕмбырды чидӕртӕ раст зондыл хӕст кӕй нӕ уыдысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Тимофейы бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахӕм чырыстӕттӕй йӕхи хызтаид (2 Тим. 2:20–22). Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нын тынг зынаргъ у. Цас цыдӕртӕ нӕ хъуыди саразын, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккам! Ӕмӕ хъуамӕ макӕй бауадзӕм, цӕмӕй нӕ нӕ уӕларвон Фыдӕй адард кӕна. w22.08 5, 6 фф., 13–15 абз.

Хуыцаубон, 17 ноябрь

Ӕнӕзонд адӕймагӕй дӕхи иуварс айс (Ӕмб. 14:7).

Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцауы уынаффӕтӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны хуызӕн уӕм. Мах ын уарзӕм йӕ амындтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ иууылдӕр. Коммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркӕны ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркӕны, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ амындтӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон сӕхи цас мӕстыты хай бакӕнынц! Махӕн та нӕ цард у фӕрнӕйдзаг, уымӕн ӕмӕ хъусӕм Хуыцаумӕ (Пс. 32:8, 10). Йегъовӕ йӕ зондӕй алкӕмӕн дӕр дӕтты. Тыххӕй йӕ никӕмӕн исын кӕны, фӕлӕ дзуры, ӕцӕг зонд чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ӕмб. 1:29–32). Уыдон, «цы аккаг сты, уый райсдзысты». Чи зоны, уайтагъд нӕ, фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕ цардыуаджы тыххӕй бавзардзысты маст ӕмӕ рыст. Ӕппынфӕстаг та сӕ Йегъовӕ фесафдзӕн. Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕм чи хъусы, уыдоныл та сӕххӕст уыдзысты ацы ныхӕстӕ: «Мӕнмӕ чи хъусы, уый... цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн» (Ӕмб. 1:33). w22.10 21 ф., 11–13 абз.

Къуырисӕр, 18 ноябрь

Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыцы адӕймаг (Пс. 128:1).

Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсӕм, уый куыд ӕмбаргӕ у? Мах ӕй афтӕ тынг нымайӕм, ӕмӕ нӕхи хизӕм, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй (Ӕмб. 16:6). Уымӕ гӕсгӕ ӕдзух архайӕм йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Уыдон та базонӕн ис Библийӕ (2 Кор. 7:1). Йегъовӕ цы уарзы, уый куы аразӕм ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын (Пс. 37:27; 97:10; Ром. 12:9). Адӕймаг, гӕнӕн ис, зона, Йегъовӕйӕн кӕй ис бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма йӕ бафӕнда Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын дӕр (Ром. 12:2). Уӕдӕ нӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, кӕй нӕ уырны, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у (Ӕмб. 12:28). Давид дӕр афтӕ хъуыды кодта. Уый Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг. Хӕлар цӕстӕй мӕм кӕсыс ӕмӕ мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст. Адӕймаг дӕ рахиз фарс лӕууа – уый циндзинад хӕссы ӕнустӕм» (Пс. 16:11). w22.10 8 ф., 9, 10 абз.

Дыццӕг, 19 ноябрь

Фыртӕн иу хъуыддаг дӕр йӕхи фӕндӕй йӕ бон нӕу саразын, фӕлӕ Фыды цы аразгӕ уыны, уый дӕр уый аразы (Иоан. 5:19).

Йесо алкӕддӕр йӕхимӕ раст цӕстӕй каст ӕмӕ уыд сӕрныллӕг. Цалынмӕ зӕхмӕ ’рцыд, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Хуыцау «цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр» (Кол. 1:16). Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ (Матф. 3:16; Иоан. 17:5). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын нӕ райдыдта. Йесо йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр никуы ӕвӕрдта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕхмӕ «уый тыххӕй [кӕй] не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Стӕй ма загъта, йӕхи фӕндӕй йӕ бон кӕй ницы у саразын. Йесо уыд тынг сӕрныллӕг, ӕмӕ нын у фӕзминаг. w22.05 24 ф., 13 абз.

Ӕртыццӕг, 20 ноябрь

Йегъовӕмӕ раздӕх (Ис. 55:7).

Йегъовӕ фӕкӕсы, адӕймаг, ӕвзӕр цыдӕр кӕй аразы, уый ӕмбӕрста ӕви нӕ, уымӕ. Йесо дӕр уый кой кодта Лукайы 12:47, 48 стихты. Кӕд адӕймаг зыдта, цы саразынвӕнд кӕны, уымӕй Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны, ӕмӕ уӕддӕр афтӕ бакодта, уӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн, гӕнӕн ис, ма ныххатыр кӕна (Мар. 3:29; Иоан. 9:41). Йегъовӕ ма фӕкӕсы, адӕймаг зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, уымӕ. Ӕрфӕсмон кӕнын амоны, адӕймаг йӕ зондахаст куы аива, цӕмӕдӕр ӕндӕр цӕстӕй куы ракӕса кӕнӕ, цы саразинаг уыд, уый саразын куы нал фӕнд кӕна. Адӕймаг цӕуылдӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл тынг ӕрхуды, цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй кӕнӕ, цы хъуыд саразын, уый кӕй нӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Ахӕм адӕймаг, цытӕ сарӕзта, ӕрмӕст уыдӕтты тыххӕй нӕ фӕмаст кӕны. Уый ма фӕмаст кӕны, Йегъовӕйӕ кӕй адард ӕмӕ йӕ уый тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркодта, уый тыххӕй дӕр. w22.06 6 ф., 15–17 абз.

Цыппӕрӕм, 21 ноябрь

Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12).

Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕй фӕкӕнынц мӕнг ныхӕстӕ (Пс. 31:13). Ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахсынц ӕмӕ сӕ фыдгӕнджытыл банымайынц. 1 ӕнусы дӕр чырыстӕттӕ ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Зӕгъӕм, апостол Павелы фӕаххосджын кодтой, кӕй нӕ бакодта, ахӕм фыдракӕндты ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодтой. Чырыстӕттӕй йӕ чидӕртӕ ныууагътой ӕмӕ йын нал ӕххуыс кодтой (2 Тим. 1:8, 15; 2:8, 9). Павелӕн уый, хӕрзаг, тынг зын уыд. Уый уыдоны тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста ӕмӕ ма суанг йӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры ӕппӕрста (Хъуыд. 20:18–21; 2 Кор. 1:8). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы чырыстӕтты хуызӕн уӕм. Уыдон зын рӕстӕджы Павелы ныууагътой. Уӕдӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, Хӕйрӕг йӕ хъавд бӕрнон ӕфсымӕртӕм кӕй скодта. Йӕ нысан у, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивой ӕмӕ мах та тас бацӕуа (1 Пет. 5:8). Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн ӕмӕ сыл иузӕрдион у (2 Тим. 1:16–18). w22.11 16, 17 фф., 8–11 абз.

Майрӕмбон, 22 ноябрь

Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви? (Лук. 23:40).

Йесойы фарсмӕ ауыгъд чи уыд ӕмӕ чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг, ӕвӕццӕгӕн, уыди дзуттаг. Дзуттӕгтӕ куывтой иу Хуыцауӕн, иннӕ адӕмтӕ та ӕууӕндыдысты бирӕ хуыцӕуттыл (Рац. 20:2, 3; 1 Кор. 8:5, 6). Ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕг ӕндӕр адӕмтӕй куы уыдаид, уӕд иннӕ фыдгӕнӕджы афтӕ нӕ бафарстаид: «Хуыцӕуттӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви?» Уымӕй уӕлдай ма Йесо ӕрвыст уыд иннӕ адӕмтӕм нӕ, фӕлӕ «Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай» чи нӕ уыд, уыдонмӕ (Матф. 15:24). Хуыцау израилӕгтӕн раргом кодта, мӕрдты кӕй ӕгас кӕндзӕн. Ӕмӕ, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг уый зыдтаид. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ уырныдта, Йегъовӕ Йесойы кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах суа. Уыцы нӕлгоймаджы ма, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыди, Хуыцау ын йӕхи дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг кӕд дзуттаг уыд, уӕд зыдтаид Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй дӕр. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, Йесо Лукайы 23:43 стихы цы дзӕнӕты кой скодта, уый кӕй уыдзӕн рӕсугъд цӕхӕрадон зӕххыл (Райд. 2:15). w22.12 8, 9 фф., 2, 3 абз.

Сабат, 23 ноябрь

Се ’ппӕт дӕр ӕдзух иумӕ Хуыцаумӕ куывтой (Хъуыд. 1:14).

Мах хъусын кӕнӕм ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Йе ’ххуыс нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг немӕ тох кӕны. Фӕнды йӕ, цӕмӕй мауал хъусын кӕнӕм (Рарг. 12:17). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зыны, цыма нӕ бон Хӕйрӕджы ныхмӕ ницы у. Фӕлӕ хъусын кӕй кӕнӕм, уымӕй йыл уӕлахиз кӕнӕм! (Рарг. 12:9–11). Ома куыд? Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Хӕйрӕг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр дзы кӕй нӕ тӕрсӕм. Рӕстдзинады тыххӕй цал хатты фӕдзурӕм, уал хатты Хӕйрӕг састы бынаты баззайы. Бӕрӕг у, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ кӕй дӕтты ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у (Матф. 5:10–12; 1 Пет. 4:14). Хъусын кӕнгӕйӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм, уӕддӕр сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн сфӕразын (2 Кор. 4:7–9). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ Хуыцау дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕна? Хъуамӕ дзы ӕдзух йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы. w22.11 5 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 24 ноябрь

Не ’фсымӕртӕ, курӕг стӕм: уаг ӕмӕ ӕгъдау чи халы, уыдоны фӕдзӕхсут, ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон (1 Фес. 5:14).

Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый равдисӕм, семӕ хӕларӕй цӕрыныл кӕй фӕархайӕм, уымӕй. Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг уӕм. Йегъовӕ йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта, ӕмӕ уый амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Ӕмӕ-иу уӕд мах дӕр хъуамӕ зӕрдӕйӕ ма ныххатыр кӕнӕм, нӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн? Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы фыдзӕрдӕ цагъары кой ракодта, уый хуызӕн. Йӕ хицау ын тынг стыр хӕс ныххатыр кодта. Йӕхӕдӕг та, бирӕ къаддӕр дзы чи дардта, уыцы цагъарӕн йӕ хӕс нӕ ныххатыр кодта (Матф. 18:23–35). Кӕд ӕмбырды кӕимӕдӕр кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстат ӕмӕ уе ’хсӕн цыдӕр рауад, уӕд дӕ бон нӕ уаид Ӕрымысӕн изӕры размӕ фыццаг къахдзӕф скӕнын, цӕмӕй бафидауат? (Матф. 5:23, 24). Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынг кӕй уарзыс. w23.01 29 ф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 25 ноябрь

Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн (Ӕмб. 19:17).

Дӕ хотӕм ӕмӕ де ’фсымӕртӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъӕуы, уый дӕ бон куыд у базонын? (Ӕмб. 20:5). Дӕ бон сӕ у аивӕй бафӕрсын, цы хъуаг сты, уымӕй. Чи зоны сӕм фаг нӕй хӕринаг, хостӕ кӕнӕ ӕндӕр исты. Чи зоны, сӕ уавӕр афтӕ у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕнӕ куыстӕй баззайой кӕнӕ, хӕдзарӕн цӕмӕй фидой, уый сын мауал уа. Чи зоны сын хъӕуы баххуыс кӕнын хицауады номыл курдиат байдзаг кӕнынӕн, цӕмӕй сын истӕмӕй баххуыс кӕной. Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм (Гал. 6:10). Рынчын чи у, уымӕн гыццыл исты дӕр куы саразӕм, уӕд ын уый стыр ныфсы хос фӕуыдзӕн. Сывӕллонӕн йӕ бон у хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн открыткӕ балӕвар кӕнын кӕнӕ йын исты сныв кӕнын. Ӕрыгон хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн та йӕ бон у, рынчын чи у, уымӕ хӕдзары истӕмӕй фӕкӕсын кӕнӕ дуканимӕ ауайын. Ис ма йын хӕринаг скӕнӕн дӕр. Низ куы сысты, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты ноджы фылдӕр фӕхъӕуы аразын. Ӕмӕ сӕм иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ныффыссынц, куыд бузныг сӕ сты, уый. Куыд хорз вӕййы, алчидӕр нӕ иннӕты ныфсыл ныфс куы бафтауы ӕмӕ иннӕты куы фӕфидар кӕны, уӕд! (1 Фес. 5:11). w22.12 22 ф., 2 абз.; 23 ф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 26 ноябрь

Сымах тынг рӕдийут (Мар. 12:27).

Саддукейтӕ Дзуттаг Фыстыты фыццаг фондз чиныджы тынг хорз зыдтой. Фӕлӕ дзы цы ахсджиаг хъуыдытӕ уыд, уыдон нӕ уыдтой. Иухатт Йесойы бафарстой райгасдзинады тыххӕй. Ӕмӕ сын уый дзуапп радта: «Моисейы чиныджы, сындзы къутӕры кой кӕм кӕны, уым нӕ кастыстут, Хуыцау ын афтӕ кӕй загъта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“?» (Мар. 12:18, 26). Саддукейтӕ уыцы скъуыддзаг цал ӕмӕ цал хатты бакастаиккой. Фӕлӕ Йесойы фарста раргом кодта, кӕй дзы нӕ федтой тынг ахсджиаг ахуырад – мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый (Лук. 20:38). Уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, кӕцыдӕр стихӕй кӕнӕ кӕцыдӕр хабарӕй нӕ бон цыдӕриддӕр у базонын ӕмӕ дзы цӕуылдӕриддӕр ахуыр кӕнӕм, уыдӕттӕм. Фаг нӕу ӕрмӕст сӕйраг ахуырӕдтӕ уынын. Хъуамӕ-иу арфдӕр ныккӕсӕм, цӕмӕй-иу фенӕм, хӕзнатау ӕмбӕхст чи у, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. w23.02 11 ф., 9, 10 абз

Ӕртыццӕг, 27 ноябрь

Нӕ алыварс уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ... ис (Дзут. 12:1).

Абоны стихы кӕй кой ис, уыцы ӕвдисӕнтӕ кӕд се ’ппӕт дӕр уӕззау фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты (Дзут. 11:36–40). Ӕмӕ сӕ лӕггад дзӕгъӕлы нӕ уыд. Кӕд, Йегъовӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр алкӕддӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой. Уыдон зыдтой, райгонд сӕ кӕй у, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, цы загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Дзут. 11:4, 5). Сӕ цӕвиттонтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Абон дунейы уавӕр кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр (2 Тим. 3:13). Стӕй Хӕйрӕг дӕр Хуыцауы адӕмы иу ран нӕ уадзы. Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ «нӕ ныфс дарӕм удӕгас Хуыцауыл» ӕмӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм (1 Тим. 4:10). w22.06 25 ф., 17, 18 абз.

Цыппӕрӕм, 28 ноябрь

Арф ингӕнмӕ куы ныххизон, уӕд мӕ тугӕй цы пайда уыдзӕн? Мыййаг дӕ сыджыт кадджын кӕндзӕн? (Пс. 30:9).

Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм? Иу уымӕн, ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (Мар. 12:30). Уымӕ гӕсгӕ, не ’нӕниздзинадӕн зиан чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ аразӕм (Ром. 12:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи алцӕмӕй нӕ бахъахъхъӕндзыстӕм. Фӕлӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ уӕларвон Фыдӕн равдисын, йӕ лӕварӕн – цардӕн – кӕй аргъ кӕнӕм. Рынчын кӕй стӕм кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ бон нал у, раздӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзтам, уыдонӕй бирӕтӕ аразын. Ӕмӕ, чи зоны, нӕ ныфс асӕтты ӕмӕ ӕрӕнкъард вӕййӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхи ма ауадзӕм ӕмӕ не ’нӕниздзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсӕм. Зӕрондӕй дӕр ӕмӕ рынчынӕй дӕр нӕ бон у Давидау Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ стӕм. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ныл базыртӕ базайы (Матф. 10:29–31). Куы амӕлӕм, уӕддӕр бӕлдзӕн, цӕмӕй нӕ райгас кӕна (Иов 14:14, 15). Цалынмӕ удӕгас стӕм, уӕдмӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цы у, уый аразын, цӕмӕй нӕ цард ӕмӕ не ’нӕниздзинад бахъахъхъӕнӕм. w23.02 20, 21 фф., 3–5 абз.

Майрӕмбон, 29 ноябрь

Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн (Мар. 3:29).

Ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы тынг бирӕ адӕм Армагеддоны сӕрты куы ахизой, уӕд дӕр царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст уыдзысты? Уыдзысты (Рарг. 7:14). Йесо загъта, уыцы адӕм «ӕнустӕм [кӕй] цӕрдзысты» (Матф. 25:46). Фӕлӕ, Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыдон ӕнусон цардӕй уайтагъд не схайджын уыдзысты. Миназон хицаудзинады рӕстӕг сӕ Йесо «хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм». Чырыстийы разамындмӕ чи хъуса ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕудзысты ӕнустӕм (Рарг. 7:16, 17). Фӕлӕ сӕгътӕ Армагеддоны сӕфт ӕрцӕудзысты. Йесо загъта, уыдон «ӕнустӕм [кӕй] фесӕфдзысты» (Матф. 25:46). Апостол Павел дӕр загъта: «Уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны тӕрхон» (2 Фес. 1:9; 2 Пет. 2:9). w22.09 16 ф., 7, 8 абз.

Сабат, 30 ноябрь

Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон (Еккл. 3:1).

Бинонтӕ иумӕ ӕрдзы хъӕбысы куы фӕулӕфынц, уӕд сӕ бон вӕййы уым ирхӕфсӕнтӕ дӕр ссарын ӕмӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй дӕр арвитын. Уый фӕрцы бинонтӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййынц. Йегъовӕ бирӕ рӕсугъд бынӕттӕ сфӕлдыста. Бирӕ бинонтӕ уарзынц хӕхтӕм кӕнӕ доны былмӕ цӕуын. Хуыцауы ног дунейы ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ноджы тынгдӕр цин кӕндзысты. Уӕд цӕрӕгойтӕй нал тӕрсдзыстӕм ӕмӕ уыдон дӕр махӕй нал тӕрсдзысты (Ис. 11:6–9). Ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ӕнустӕм цин кӕнын (Пс. 22:26). Фӕлӕ, зынаргъ ныййарджытӕ, ног дунемӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсут. Ныр дӕр уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сахуыр уой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл цин кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базоной. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзысты паддзах Давиды ныхӕстимӕ. Уый загъта: «О Йегъовӕ... дӕ хъуыддӕгтӕн... ӕмбал нӕй» (Пс. 86:8). w23.03 25 ф., 16, 17 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын