Декабрь
Хуыцаубон, 1 декабрь
Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын? (Хъуыд. 8:36).
Ефиопаг хицауы бафӕндыд донаргъуыд райсын. Фӕлӕ цымӕ уыцы ахсджиаг къахдзӕф саразынмӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ уыд? Уыцы ефиопаг лӕг «ӕрцыд Иерусалиммӕ Хуыцауӕн кувынмӕ» (Хъуыд. 8:27). Уыди прозелит, ома райста дзуттаг дин. Йегъовӕйы тыххӕй базыдтаид Дзуттаг Фыстытӕй. Фӕлӕ йӕ фӕндыд ноджы фылдӕр базонын. Филипп ыл фӕндагыл куы фембӕлд, уӕд пехуымпар Исайы чиныг касти (Хъуыд. 8:28). Уый фӕндыд фылдӕр базонын. Ефиопийӕ Иерусалиммӕ ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кувӕндоны бакуывтаид. Ефиопаг хицау Филиппӕй базыдта ахсджиаг хъуыдытӕ, зӕгъӕм, Мессийӕ чи у, уый (Хъуыд. 8:34, 35). Филиппӕй цы базыдта, уый фӕрцы Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Фырты тынгдӕр бауарзта. Ӕмӕ рахаста, йӕ цард ын чи аивта, ахӕм уынаффӕ – донаргъуыд кӕй райсдзӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй суыдзӕн. Филипп бамбӕрста, ефиопаг хицау донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕй у, ӕмӕ йын донаргъуыд радта. w23.03 8, 9 фф., 3–6 абз.
Къуырисӕр, 2 декабрь
Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн (Кол. 4:6).
Куы сайӕм ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд нӕ уыдзӕн (Ӕмб. 6:16, 17). Абон бирӕтӕм асайын ӕппындӕр ницы кӕсы. Фӕлӕ мах уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм (Пс. 15:1, 2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕргом искӕй асайӕм, уый кой нӕм уӕвгӕ дӕр нӕй. Фӕлӕ хъуамӕ барӕй ахӕм ныхӕстӕ дӕр ма кӕнӕм, цӕмӕй, цы дзурӕм, уый адӕймаг ӕндӕрхуызон бамбара. Хъуамӕ иннӕты фыдкой дӕр ма кӕнӕм (Ӕмб. 25:23; 2 Фес. 3:11). Искӕимӕ куы ныхас кӕнай ӕмӕ йӕ куы бамбарай, кӕйдӕр фыдкой кӕнын кӕй райдыдта, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй ныхас иннӕрдӕм аздахай. Абон бирӕтӕ ӕвзӕр дзыхӕй кӕй фӕдзурынц ӕмӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ тынг архайӕм, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Зӕрдиагӕй куы архайӕм, цӕмӕй йӕ нӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнӕм,– хорз хабар хъусын кӕнӕм, ӕмбырды уӕм ӕви ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнӕм,– уӕд нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн. Ацы ӕнӕхуыцау дуне куы нал уа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы нӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнын (Иуд. 15). w22.04 9 ф., 18–20 абз.
Дыццӕг, 3 декабрь
Мах та уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта (1 Иоан. 4:19).
Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо тынг уарзынц, ӕмӕ сӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ уарзӕм (1 Иоан. 4:10). Ӕмӕ адӕймаг куы ахъуыды кӕны, Йесо мӕн тыххӕй амард, зӕгъгӕ, уӕд сӕ ноджы тынгдӕр бауарзы. Апостол Павел дӕр уый ӕмбӕрста. Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй уыд, уый бӕрӕг у, йӕ фыстӕджы Галатӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй: «[Ӕз] цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ» (Гал. 2:20). Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакодта, ӕмӕ сдӕ йӕ хӕлар (Иоан. 6:44). Хорзӕй дӕм цыдӕр кӕй ссардта ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр аргъ кӕй бафыста, цӕмӕй дӕ йӕ хӕларыл банымадтаид, ууыл куы ахъуыды кӕныс, уӕд дӕ зӕрдӕ фырцинӕй нӕ ныррухс вӕййы? Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр нӕ бауарзыс? Дӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Уыцы уарзондзинад мӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?» Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны иннӕты дӕр уарзынмӕ (2 Кор. 5:14, 15; 6:1, 2). w23.01 28 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 4 декабрь
Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг (Соф. 3:9).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм», ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Библи стыр ӕххуыс у. Йегъовӕ Библийы бирӕ цыдӕртӕ афтӕ ныффыссын кодта, ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕймаг бамбардзӕн (Лук. 10:21). Адӕм Библи кӕсынц ӕгас зӕххыл дӕр. Фӕлӕ йӕ ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕм ӕмбарынц раст ӕмӕ цӕрынц, цы фыст дзы ис, уымӕ гӕсгӕ (2 Кор. 3:15, 16). Йегъовӕйы зонд Библийы куыд зыны? Йӕ Ныхасы фӕрцы йӕ адӕмы ӕрмӕст ӕмткӕй райсгӕйӕ нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ ма алкӕй дӕр хицӕнӕй, стӕй нӕ алкӕмӕн дӕр удӕнцой дӕтты. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ алчидӕр бамбары, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у (Ис. 30:21). Никуы дын уыд афтӕ, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр стих бакастӕ ӕмӕ ахъуыды кодтай, ай мӕнӕн фыст куы у, зӕгъгӕ? Диссаг уый у, ӕмӕ Библи милуангай адӕмы зӕрдӕтӕм хъары. Цымӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый комкоммӕ дӕумӕ хауа ӕмӕ дӕуӕн пайда уа? Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ Библийы Автор у ӕгӕрон зонды хицау (2 Тим. 3:16, 17). w23.02 4, 5 фф., 8–10 абз.
Цыппӕрӕм, 5 декабрь
Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына (1 Тим. 4:15).
Мах стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын, зӕгъӕм, нӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнын, ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Цӕмӕн хъуамӕ тырнӕм, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ курдиӕттӕ йӕ хъуыддагӕн куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон уыдзӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын (1 Фес. 4:9, 10). Уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ,– махӕй алкӕй бон дӕр у архайын, цӕмӕй йын фылдӕр ӕнтыса. w22.04 22 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 6 декабрь
Йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты (Рарг. 17:16).
Ацы дунейы хицауӕдтӕ тагъд сӕхи ныццӕвдзысты Стыр Вавилоныл – мӕнг динтыл се ’ппӕтыл дӕр. Уымӕй райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Цымӕ уӕд адӕм Йегъовӕмӕ ныггуылф кӕндзысты? Уый афтӕ нӕ уыдзӕн. Раргомады 6-ӕм сӕры фыст ис, уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕндзӕн, уыцы адӕм кӕй агурдзысты ӕххуыс политикӕимӕ ӕмӕ коммерциимӕ баст организацитӕй. Уыдон сӕм кӕсдзысты «хӕхты» хуызӕн фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Уыцы адӕм Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй не слӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ банымайдзӕн йе знӕгтыл (Лук. 11:23; Рарг. 6:15–17). Уыцы уӕззау рӕстӕджы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хицӕн кӕндзысты иннӕ адӕмӕй. Ӕнӕхъӕн зӕххыл ӕрмӕстдӕр уыдон кувдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдоныл нӕ уыдзӕн «сырды» нысан (Рарг. 13:14–17). w22.05 16 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 7 декабрь
Уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн, хъусын кӕна цины хабар (Рарг. 14:6).
Хуыцауы адӕм ӕрмӕст хорз хабар нӕ хъусын кӕнынц (Матф. 24:14). Раргомады 8–10 сӕрты куыд фыст ис, афтӕмӕй ма зӕдтӕ хъусын кӕнынц, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн сӕ сӕр цы бӕллӕхтӕ баййафдзӕн, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъӕуы зӕдтӕн уыцы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ мах хъусын кӕнӕм, «их» ӕмӕ «артимӕ» абарӕн кӕй ис, ахӕм хабар, ома адӕмӕн ӕргом кӕнӕм, Хуыцау Хӕйрӕджы дунейы алы хӕйттӕн цы тӕрхон рахаста, уый (Рарг. 8:7, 13). Адӕмы хъӕуы базонын, кӕрон хӕстӕг кӕй у, цӕмӕй сӕ цард аивой ӕмӕ «Йегъовӕйы судзгӕ масты бон» аирвӕзой (Соф. 2:2, 3). Фӕлӕ уыцы хабар бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, ӕмӕ йӕ цӕмӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг кӕй хъусын кӕндзыстӕм, уыцы тӕрхоны хабар та ноджы карздӕр уыдзӕн (Рарг. 16:21). w22.05 7 ф., 18, 19 абз.
Хуыцаубон, 8 декабрь
Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй (Матф. 22:37).
Ахъуыды-ма кӕн, тагъд сывӕллон кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм чырыстон лӕг ӕмӕ усыл. Уый размӕ дӕр бирӕ хӕттыты фехъуыстой раныхӕстӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны фӕдыл. Фӕлӕ ныр сӕхи хъӕуы сывӕллон хъомыл кӕнын. Уый у тынг стыр хӕс! Адӕймагӕн йӕ царды исты куы фӕивы, уӕд кӕцыдӕр уагӕвӕрдтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайы, кӕд ын зонгӕ вӕййынц, уӕддӕр. Ӕмӕ Библи дӕр ӕдзух уый тыххӕй фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл Израилы паддзӕхтау нӕ «царды ӕппӕт бонты дӕр» фӕхъуыды кӕнӕм (Дык. з. 17:19). Ныййарджытӕ, сымахмӕ ӕрхауд стыр кад – уӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад амонын! Сымах фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы тыххӕй базоной. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма сын баххуыс кӕнат, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзой. w22.05 26 ф., 2, 3 абз.
Къуырисӕр, 9 декабрь
Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Кол. 3:10).
Нӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнӕм, уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма ноджыдӕр цыдӕр саразӕм. Йегъовӕ куы фескъуыддзаг кӕны, ныххатыр нын кӕндзӕн ӕви нӕ, уӕд фӕкӕсы, нӕ цард аивтам ӕви нӕ, уымӕ, ома не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътам ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ цӕрын райдыдтам ӕви нӕ (Ис. 55:7). Адӕймаг хъуамӕ йӕ зондахаст аива ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайа (Ром. 12:2; Еф. 4:23). Хъуамӕ йӕхицӕн фидарӕй зӕгъа, куыд цардтӕн, афтӕ никуыуал цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ (Кол. 3:7–9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы ис гӕнӕн, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕна. Ӕмӕ куы фена, зӕрдиагӕй кӕй архайӕм нӕ цард аивыныл, уӕд нын уыцы нывонды фӕрцы ныххатыр кӕндзӕн (1 Иоан. 1:7). w22.06 6 ф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 10 декабрь
Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын, уыдонӕй ма тӕрс (Рарг. 2:10).
Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ адӕм кӕрӕдзийы ӕфхӕрынц (Еккл. 8:9). Зӕгъӕм, хицӕуттӕ сӕ бартӕй раст нӕ пайда кӕнынц, фыдракӕндтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, бирӕтӕ суанг сӕ бинонтӕн дӕр фыдмитӕ фӕкӕнынц, скъоладзаутӕй иутӕ иннӕтӕй фӕхынджылӕг кӕнынц ӕмӕ сӕ фефхӕрынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕймаг адӕймагӕй кӕй фӕтӕрсы. Ӕмӕ Хӕйрӕг уыцы хӕцӕнгарзӕй дӕр пайда кӕны. Цымӕ куыд? Хӕйрӕг тынг архайы, цӕмӕй адӕмӕй афтӕ тӕрсӕм, ӕмӕ хорз хабар дӕр мауал хъусын кӕнӕм кӕнӕ Хуыцауы иннӕ закъӕтты сӕрты дӕр ахизӕм. Кӕцыдӕр бӕстӕты хицауӕдты ахӕм зондыл саразы, цӕмӕй нын нӕ хъуыддаг сӕхгӕной ӕмӕ нӕ ӕфхӕрой (Лук. 21:12). Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ, тугтӕ сыл ӕрымысынц. Ӕмӕ уыцы ныхӕстыл чи баууӕнды, уыдон нӕ фӕхынджылӕг кӕнынц ӕмӕ ма нӕм сӕ къух дӕр сисынц (Матф. 10:36). Хӕйрӕг афтӕ кӕй архайы, уый нӕм диссаг нӕ кӕсы. 1 ӕнусы дӕр афтӕтӕ кодта (Хъуыд. 5:27, 28, 40). w22.06 16 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 11 декабрь
Бирӕты рӕстдзинадмӕ чи ’рбакӕны, уыдон стъалытау ӕрттивдзысты ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ (Дан. 12:3).
Рӕстдзинадмӕ кӕй ӕрбакӕндзысты, уыцы «бирӕтӕ» чи уыдзысты? Чи райгас уыдзӕн, уыдон, Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы адӕм ӕмӕ, ног дунейы чи райгуырдзӕн, уыцы сывӕллӕттӕ. 1 000 азы кӕронмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕймаг ӕххӕст уа, уый фаг кӕй нӕу, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уа. Ахъуыды-ма кӕнӕм Адам ӕмӕ Евӕйыл. Кӕд ӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕ хъуыди равдисын, Йегъовӕйӕн коммӕгӕс кӕй сты. Ӕмӕ сын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ балӕвар кодтаид ӕнусон цард. Фӕлӕ йӕм, хъыгагӕн, нӕ байхъуыстой (Ром. 5:12). 1 000 азы кӕронмӕ адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Цымӕ уыцы ӕххӕст адӕм иууылдӕр ӕнустӕм Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уыдзысты? Ӕви чидӕртӕ Адам ӕмӕ Евӕйы хуызӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзысты? Ацы фарстатӕн дӕр дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. w22.09 22, 23 фф., 12–14 абз.
Цыппӕрӕм, 12 декабрь
Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы (Рарг. 11:15).
Дунейы цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, мыййаг, дӕ ныфс асӕтты ӕмӕ фӕхъуыды кӕныс, искуы ма ацы фыдцардӕн кӕрон уыдзӕн, зӕгъгӕ? Бинонтӕ кӕрӕдзи нал уарзынц, адӕм бонӕй-бонмӕ ӕгъатырдӕр ӕмӕ знӕтдӕр кӕнынц, бирӕты сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт ис. Бирӕтӕ хицӕуттыл нал ӕууӕндынц. Фӕлӕ нӕ иннӕмӕй та ахӕм хабӕрттӕ ныфс уадзынц. Цӕмӕн? Библийы ис пехуымпарад, «фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн суыдзысты, уый тыххӕй (2 Тим. 3:1–5). Ӕмӕ йӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм, уыцы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц. Бирӕтӕ сразы вӕййынц, ӕцӕгдӕр афтӕ у, зӕгъгӕ. Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо Чырысти сси Паддзах Хуыцауы Паддзахады. Фӕлӕ ма Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ис бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ. Ацы пехуымпарӕдтӕ сты иу пазлы хӕйтты хуызӕн, ӕмӕ сӕ куы баиу кӕнӕм, уӕд дзы рауайдзӕн иу ныв. Ӕмӕ фендзыстӕм, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, кӕцы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. w22.07 2 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 13 декабрь
Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй (Матф. 11:19).
Пандемийӕйы рӕстӕг нын бӕлвырд разамынд радтой, ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл. Пандемийӕ куы райдыдта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕ уадзын райдыдтам видеоконференцийы фӕрцы. Хъусын кӕнын та райдыдтам сӕйраджыдӕр писмоты фӕрцы ӕмӕ телефонӕй. Ӕмӕ нын Йегъовӕ раарфӕ кодта! Бирӕ филиалтӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй сӕ бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр. Ӕмӕ бирӕтыл хъусын кӕнгӕйӕ ӕрцыд тынг цымыдисаг цаутӕ. Чи зоны, чидӕр хъуыды кодта, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы организаци пандемийӕйы рӕстӕг ӕгӕр тынг фӕдзӕхста. Фӕлӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтам, уый раст разамынд кӕй уыд. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй уарзы ӕмӕ сын алкӕддӕр хорз разамынд кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны: сомбон цыфӕнды ма ӕрцӕуа,– Йегъовӕ ӕмӕ йӕ уарзон Фырт уыдзысты немӕ (Дзут. 13:5, 6). w22.07 13 ф., 15, 16 абз.
Сабат, 14 декабрь
Ӕппынӕдзух кувут. Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг дзурут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон Йесо Чырыстийы уылты уый у, цӕмӕй сымах афтӕ кӕнат (1 Фес. 5:17, 18).
Хъуамӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм, цы лӕвӕрттӕ нын кӕны, уыдоны тыххӕй. Цӕст кӕсынӕй нӕ фефсӕды алыхуызон рӕсугъд дидинджытӕм, нӕ бон у алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ хӕрын ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ ис ранымайӕн. Нӕ уарзӕгой Фыд нын уыдӕттӕ дӕтты, цӕмӕй амондджын уӕм (Пс. 104:12–15, 24.) Ӕмӕ нӕ фӕнды ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй йын алы бон дӕр бузныг дзурын. Уӕлдайдӕр ын бузныг фӕзӕгъӕм, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нын парахатӕй кӕй дӕтты ӕмӕ нын диссаджы цард кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ма ферох уа Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг зӕгъын? Нӕ бон у ныффыссын, Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывтам, уыдӕттӕ. Ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ вӕййы уыцы фыстытӕм ӕркӕсӕн, цӕмӕй фенӕм, дзуапп нын куыд радта, уый. Ӕмӕ-иу ын уый фӕстӕ бузныг зӕгъ (Кол. 3:15). w22.07 22 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 15 декабрь
Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй (Пс. 1:2).
Мах зонӕм, фаг кӕй нӕу Библи иртасын. Хъуамӕ ма рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кӕнӕм, ома, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ царды архайӕм. Ӕрмӕстдӕр нын уӕд аивдзӕн рӕстдзинад нӕ цард. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм амондджын (Иак. 1:25). Нӕ бон куыд у базонын, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм ӕви нӕ? Мӕнӕ иу ӕфсымӕры уынаффӕ: «Дӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕс. Ахъуыды кӕн, цы дын ӕнтысы ӕмӕ дӕ нырма цӕуыл хъӕуы бакусын». Апостол Павел дӕр загъта: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм» (Фил. 3:16). Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕй хуыздӕр ницы ис! Нӕхӕдӕг дӕр стӕм амондджын, стӕй Йегъовӕ ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр махмӕ кӕсгӕйӕ фӕцин кӕнынц (Ӕмб. 27:11; 3 Иоан. 4). Уӕдӕ рӕстдзинад куыннӕ хъуамӕ уарзӕм. Ӕмӕ нӕ алкӕддӕр фӕнды рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын! w22.08 19 ф., 16–18 абз.
Къуырисӕр, 16 декабрь
Хуыцауы дзуг... хизут (1 Пет. 5:2).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзынц? Йесойы фыстӕм хорз кӕй кӕсынц, уымӕй, ӕмӕ уый тынг ахсджиаг у (1 Пет. 5:1, 2). Йесо уый апостол Петрӕн хорз бамбарын кодта. Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг фӕндыд хъуыддагӕй равдисын, Йесойы кӕй уарзта, уый. Ӕмӕ Йесо куы райгас, уый фӕстӕ Петры бафарста, Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, Петр алцыдӕр сарӕзтаид, цӕмӕй равдыстаид, йӕ Ахуыргӕнӕджы кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ цӕрӕнбонты Петр Хицауы фысты фӕлмӕн уарзтӕй уарзта ӕмӕ сӕ ӕвӕгӕсӕгӕй никуы уагъта. Афтӕмӕй равдыста, Йесойы кӕй уарзта, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бон куыд у равдисын, Йесо Петрӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын уӕ кӕй фӕнды? Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куыд тынг уарзут, уый равдисдзыстут, ӕдзухдӕр-иу рӕстӕг куы рахицӕн кӕнат, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнат. Уӕлдай тынгдӕр уӕ хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнат Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн (Йез. 34:11, 12). w23.01 29 ф., 10, 11 абз.
Дыццӕг, 17 декабрь
Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:13).
Афтӕ макуы хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, ӕз цӕимӕ тох кӕнын, уый ничи бамбардзӕн. Уый тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ дӕм уӕд афтӕ кӕсын райдайдзӕн, ӕмӕ буары монцтыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ. Фӕлӕ Библи афтӕ зӕгъы: «Фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат». Уӕдӕ нӕ кӕд ӕвзӕр цыдӕр саразын тынг фӕфӕнды, уӕддӕр нӕ бон уыдзӕн сфӕразын ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр хъуыддаг ма саразӕм. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймаг тӕригъӕдджын буары монцтӕй бынтондӕр фервӕза. Фӕлӕ-иу дӕм куыддӕр ӕвзӕр хъуыдытӕ фӕзына, афтӕ-иу сӕ уайтагъд дӕхицӕй фӕсур. Афтӕ бакодта Иосиф, ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ Потифары усӕй куы алыгъд, уӕд (Райд. 39:12). Дӕ буары монцты фӕдыл ацӕудзынӕ ӕви нӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у! w23.01 12, 13 фф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 18 декабрь
Хуыцау никӕй хъулон кӕны (Ром. 2:11).
Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы (Дык. з. 32:4). Рӕстӕй чи фӕархайы, уый хъулон никӕй фӕкӕны. Ӕмӕ Йегъовӕ раст ахӕм у (Хъуыд. 10:34, 35). Кӕй никӕй хъулон кӕны, уый бӕрӕг у, Библи цы ӕвзӕгтыл ныффыссын кодта, уымӕй. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕроны рӕстӕг «раст зонындзинӕдтӕ [кӕй] сбирӕ уыдзысты», ома, Библийы цы фыст ис, уый бирӕтӕ бамбардзысты (Дан. 12:4). Раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ сты, зӕгъӕм, Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмац ӕмӕ уагъд кӕй цӕуынц ӕмӕ сӕ кӕй парахат кӕнӕм, уый фӕрцы. Йегъовӕйы адӕм абоны онг Хуыцауы Ныхас ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ ратӕлмац кодтой 240 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ, ӕмӕ йӕ кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон у лӕвар райсын. Уый фӕрцы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр сӕ бон у «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» фехъусын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Матф. 24:14). Ӕмӕ йӕ бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Нӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау адӕмы се ’ппӕты дӕр тынг уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй фылдӕр адӕм Библи кӕсой ӕмӕ Хуыцауы базоной. w23.02 5 ф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 19 декабрь
Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр архайы рӕстӕй цӕрыныл. Фӕлӕ иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст. Ӕмӕ хъуамӕ нӕхи ацы дунейы зондахастӕй хъахъхъӕнӕм (Ис. 5:20). Йесойы рӕстӕджы дины разамонджытӕ сӕхи рӕстгӕнджытыл нымадтой. Фӕлӕ сын Йесо карзӕй бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон, Хуыцауы цӕсты раст цы уыд, уый нӕ арӕзтой, фӕлӕ, сӕхимӕ раст цы каст, уый (Еккл. 7:16; Лук. 16:15). Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕтӕ ахӕмтӕ сты. Уыдон фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕвзӕрӕй ницы аразын. Фӕлӕ уый сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ фӕбарынц. Арӕх ахӕм адӕм вӕййынц сӕрбӕрзонд, иннӕтӕм фаутӕ фӕхӕссынц ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕр фӕхонынц. Фӕлӕ ахӕм миниуджытӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ цӕуынц. Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый чи аразы, уыцы адӕймаг йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр никуы ӕвӕрдзӕн. Рӕстгӕнӕг Йегъовӕйы цӕсты рӕсугъд у. Библийы ис Хуыцауы рӕстдзинады кой, стӕй иузӕрдион адӕмы рӕстдзинады кой дӕр. Ӕмӕ уыцы рӕтты «рӕстдзинад»-ӕй цы дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон амонынц, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. w22.08 26, 27 фф., 3–5 абз.
Майрӕмбон, 20 декабрь
Хонын [уӕ] мӕ хӕлӕрттӕ (Иоан. 15:15).
Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтыл ӕууӕндыд, кӕд-иу фӕрӕдыдысты, уӕддӕр (Иоан. 15:16). Иаков ӕмӕ йӕм Иоанн куы бахатыдысты, цӕмӕй сӕ йӕ паддзахады кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕна, уӕд Йесо афтӕ нӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цыдӕр пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц. Стӕй сын афтӕ дӕр нӕ загъта, ныр апостолтӕ нал уыдзыстут, зӕгъгӕ (Мар. 10:35–40). Фӕстӕдӕр ӕй куы ’рцахстой, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр ныууагътой (Матф. 26:56). Фӕлӕ сыл Йесо ӕнӕууӕнк кӕнын нӕ райдыдта. Уый сын зыдта сӕ хъӕндзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ уӕддӕр «уарзта суанг кӕронмӕ» (Иоан. 13:1). Куы райгас, уӕд йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн сӕ бар бакодта кадджын хӕс: хъуамӕ разамынд лӕвӕрдтаиккой ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ йын йӕ зынаргъ фыстӕм сӕ хъус дардтаиккой (Матф. 28:19, 20; Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ йын йе ’ууӕнк нӕ фӕсайдтой. Алчидӕр дзы йӕ мӕлӕты онг Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Йесо ӕууӕндыд ӕнӕххӕст адӕмыл. Ӕмӕ йӕ махӕн дӕр нӕ бон у бафӕзмын. w22.09 6 ф., 12 абз.
Сабат, 21 декабрь
Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Пс. 118:6).
Фидарӕй нӕ куы уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ фарс кӕй у, уӕд нӕ Хӕйрӕг ницӕмӕй фӕтӕрсын кӕндзӕн. 118-ӕм псалом чи ныффыста, уый тынг зын уавӕрты бахауд. Уыди йын бирӕ знӕгтӕ, иуӕй-иутӕ дзы уыдысты кадджын лӕгтӕ (9, 10 стихтӕ). Иуӕй-иу хатт карз ӕфхӕрд ӕййӕфта (13 стих). Стӕй йӕ Йегъовӕ дӕр бафхӕрдта (18 стих). Фӕлӕ уӕддӕр уыцы псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн». Кӕд ӕй Йегъовӕ бафхӕрдта, уӕддӕр ӕй зыдта, йӕ уӕларвон Фыд ӕй кӕй уарзы. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Хуыцау ын цыфӕнды зын уавӕры дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн (Пс. 118:29). Хъуамӕ махӕй алкӕй дӕр фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм. Адӕймаг арӕх фӕтӕрсы: 1) йӕ бинонты фӕдарын йӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕй, 2) адӕмӕй ӕмӕ 3) мӕлӕтӕй. w22.06 15 ф., 3, 4 абз.
Хуыцаубон, 22 декабрь
Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ дзы Хуыцау райгонд куы уа, уӕд райсдзӕн... хӕрзиуӕг – цард (Иак. 1:12).
Царды нын ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кувӕм ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕнӕм (Рарг. 4:11; 14:6, 7). Хъуамӕ йын кувӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ, ома «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоан. 4:23, 24). Хуыцауы сыгъдӕг тых нын разамынд дӕтты, цӕмӕй Хуыцауӕн кувӕм, йӕ Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы куы цӕрӕм, уӕддӕр нӕ лӕггад нӕ царды хъуамӕ уа фыццаг бынаты. Ныртӕккӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй 100 фылдӕр сты ахст, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сты амондджын, уымӕн ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувой, Библи иртасой ӕмӕ иннӕтӕн дзурой нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй. Куы нӕ фефхӕрынц кӕнӕ нын фидистӕ куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр вӕййӕм амондджын. Мах фӕзонӕм, Йегъовӕ немӕ кӕй ис ӕмӕ нын хӕрзиуӕг кӕй ратдзӕн (1 Пет. 4:14). w22.10 9 ф., 13 абз.
Къуырисӕр, 23 декабрь
Зонд адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны (Еккл. 7:12).
Ӕмбисӕндты чиныджы ссарӕн ис, чи нын баххуыс кӕндзӕн, бирӕ ахӕм уынаффӕтӕ. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ цард хуыздӕрырдӕм аивдзӕн. Ӕркӕсӕм дыууӕ уынаффӕмӕ. Фыццаг. Цы дӕм ис, уымӕй райгонд у. Ӕмбисӕндты 23:4, 5 ис хорз уынаффӕ: «Хъӕздыгдзинад скӕныны тыххӕй ма фыдӕбон кӕн. [...] Уый йӕхицӕн цӕргӕсы базыртӕ акӕндзӕн ӕмӕ арвы бӕрзӕндмӕ атӕхдзӕн». Фӕлӕ абон иууылдӕр – хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй – ӕхцайыл систы. Уый тыххӕй арӕх ахӕм цыдӕртӕ саразынц, ӕмӕ сӕ ном фӕчъизи вӕййы, иннӕтимӕ хӕларӕй нал фӕцӕрынц ӕмӕ суанг се ’нӕниздзинад дӕр фӕцуды (Ӕмб. 28:20; 1 Тим. 6:9, 10). Дыккаг. Исты зӕгъыны размӕ-иу ахъуыды кӕн. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй искӕй зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Ӕмбисӕндты 12:18 фыст ис: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос». Кӕйдӕр хъӕндзинӕдты кой иннӕтӕн куы нӕ кӕнӕм, уӕд, не ’хсӕн цы фарн ис, уый бахъахъхъӕндзыстӕм (Ӕмб. 20:19). w22.10 21 ф., 14 абз.; 22 ф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 24 декабрь
Бахӕр ацы тыхтон, стӕй ацу ӕмӕ ацы ныхӕстӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн (Йез. 3:1).
Йезекилы хъуыди хорз бамбарын, цы хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, уый. Хъуамӕ уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ бахъардтаид ӕмӕ йӕ хъуамӕ бауырныдтаид. Ӕмӕ йӕ уӕд бафӕндыдаид иннӕтӕн дӕр ӕй радзурын. Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый диссаг у. Тыхтон разынд «мыдау адджын» (Йез. 3:3). Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы номӕй дзурын Йезекилӕн уыди стыр кад. Уый йын уыд ӕхсызгон, «мыдау адджын» (Пс. 19:8–11). Йезекил Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, йӕ пехуымпарӕй йӕ кӕй равзӕрста, уый тыххӕй. Стӕй Йегъовӕ Йезекилӕн загъта: «Кӕй дын зӕгъон, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр дӕ зӕрдӕмӕ арф айс, лӕмбынӕг сӕм байхъус» (Йез. 3:10). Тыхтоны цы ныхӕстӕ уыд, уыдон Йезекил хъуамӕ йӕ зӕрдыл бадардтаид ӕмӕ сыл хъуыды кодтаид. Афтӕ куы бакодта, уӕд йӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр сси. Стӕй зыдта, адӕмӕн цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кӕна, уый. Уый уыд тынг ахсджиаг хабар (Йез. 3:11). Хуыцауы ныхӕстӕ уыдысты Йезекилӕн йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ йе ’взагыл. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уыд, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддагмӕ бавналынмӕ ӕмӕ йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынмӕ. w22.11 6 ф., 12–14 абз.
Ӕртыццӕг, 25 декабрь
Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у (1 Сам. 15:22).
Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ иузӕрдиондзинад цавӕрдӕр ивындзинӕдты тыххӕй фӕлвӕрд цӕуы, уӕд дӕ бон цы у саразын? Нӕ организацийы ивындзинӕдтӕ куы ’рцӕуы, уӕд-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архай. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд, Каафы хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы левиттыл уыди тынг кадджын хӕс. Адӕм-иу ӕндӕр ранмӕ куы цыдысты, уӕд-иу уыцы левиттӕй чидӕртӕ адӕмы разӕй хастой бадзырды чырын (Ным. 3:29, 31; 10:33; Йес. Н. 3:2–4). Уый стыр кад куыннӕ уыди! Фӕлӕ израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ’рцардысты, уӕд хабар фӕивта. Бадзырды чырын ӕдзух кӕдӕмдӕр хӕссын нал хъуыд. Ӕмӕ Каафы фырттӕй чидӕртӕ ӕндӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой (1 Аз. 6:31–33; 26:1, 24). Библийы никуы ис фыст, Каафы фырттӕ сӕ лӕггадӕй кӕй хъаст кодтой кӕнӕ кадджындӕр бынӕттӕ кӕй домдтой, раздӕр сыл цы хӕс уыд, уый тыххӕй. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы организацийы цы ивындзинӕдтӕ ’рцӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу зӕрдиагӕй архай, дӕ лӕггады исты куы фӕива, уӕд дӕр. Кӕмфӕнды ӕмӕ кӕмӕйфӕнды ма лӕггад кӕнай, уӕддӕр дын дӕ лӕггад циндзинад хӕссӕд. Йегъовӕ дын уый тыххӕй нӕ аргъ кӕны, ӕмӕ цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕныс. Уый фыццаджыдӕр аргъ кӕны дӕ коммӕгӕсдзинадӕн. w22.11 23 ф., 10, 11 абз.
Цыппӕрӕм, 26 декабрь
Рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уымӕй... не ’фсӕрмы кодта (2 Тим. 1:16).
Онисифор апостол Павелы Ромы зӕрдиагӕй агуырдта. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ын, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта, кӕд афтӕмӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрста, уӕддӕр. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ адӕмӕй ма тӕрсӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнӕм, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн (Ӕмб. 17:17). Уыдоны тынг хъӕуынц нӕ уарзондзинад ӕмӕ не ’ххуыс. Фӕзминаг нын сты Уӕрӕсейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Уыдон, ахст чи у, уыцы чырыстӕтты фарсмӕ балӕууынц. Искӕмӕн дзы куы фӕтӕрхон кӕнынц, уӕд бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тӕрхондонмӕ ’рбацӕуынц, цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Бӕрнон ӕфсымӕртӕн сӕ номыл цъыф куы фӕкалынц, куы сӕ ’рцахсынц кӕнӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд-иу хъуамӕ ма фӕтӕрсӕм. Хъуамӕ уыдоны тыххӕй кувӕм, сӕ бинонтӕн сын ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ ма сӕм ноджыдӕр, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй фӕкӕсӕм (Хъуыд. 12:5; 2 Кор. 1:10, 11). w22.11 17 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 27 декабрь
Уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос (Кол. 4:11).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты Библийы фӕрцы ныфс уадзын ӕмӕ, истӕуыл чи маст кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (1 Пет. 5:2). Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд-иу фыццаджыдӕр хъуамӕ базоной, хъусынгӕнджытӕй алчидӕр сӕрӕгас у, хӕринаг ӕмӕ дзаума хъуаг нӕу ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат ын ис ӕви нӕ. Фӕлӕ, бирӕ мӕйтӕ куы рацӕуа, уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, ӕвӕццӕгӕн, хъӕудзӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс уадзын (Иоан. 21:15). Ӕфсымӕр Харолд лӕггад кӕны филиалы комитеты ӕмӕ, цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтимӕ ныхас кодта. Уый зӕгъы: «Фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй сӕхимӕ ӕрцӕуой. Дарддӕр та сӕ царды кӕйттӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ сын чи амард, уыдоны фӕмысынц, цы фесӕфтой, ууыл сӕ зӕрдӕ фӕриссы кӕнӕ, тыххӕй кӕй аирвӕзтысты, уый сыл ӕртӕфсы. Уыцы хъуыдытӕ сын сӕ зӕрдӕйы рыст сног кӕнынц. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ вӕййы. Фӕлӕ зӕрдӕ йӕ кӕнон кӕны». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут» (Ром. 12:15). w22.12 22 ф., 1 абз.; 24, 25 фф., 10, 11 абз.
Сабат, 28 декабрь
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсут, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстут (Гал. 5:16).
Йегъовӕ нын рӕдауӕй хай кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй нӕ тохы фӕуӕлахиз уӕм. Хуыцауы Ныхас куы фӕиртасӕм, уӕд сыгъдӕг тыхӕн бар раттӕм, цӕмӕй нӕ мидӕг архайа. Стӕй ма сыгъдӕг тыхӕй схайджын вӕййӕм ӕмбырдты дӕр. Уым вӕййӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ. Уыдон дӕр махау тынг архайынц, цӕмӕй, раст цы у, уый аразой, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ ныфсыл ныфс бафты (Дзут. 10:24, 25; 13:7). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс куы курӕм, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр тох кӕнӕм. Гӕнӕн ис, уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ бынтон ма фервӕзын кӕной ӕвзӕр хъуыдытӕй ӕмӕ буары монцтӕй. Фӕлӕ нын уыдӕттӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм. Дарддӕр дӕр Библи иртас, ӕмбырдтӕм цу ӕмӕ Хуыцаумӕ кув. Стӕй ӕдзух архай, цӕмӕй дӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын. w23.01 11 ф., 13, 14 абз.
Хуыцаубон, 29 декабрь
Уый бар ницӕмӕн ратдзынӕн, ӕмӕ мӕ цагъар сараза (1 Кор. 6:12).
Библи нӕдӕр медицинон чиныг у, нӕдӕр, пайда хӕринӕгты кой кӕм ис, ахӕм чиныг. Фӕлӕ уӕддӕр Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ уыцы фарстаты тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нын, «дӕхи хиз фыдбылызӕй», зӕгъгӕ, ома нӕ буарӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй (Еккл. 11:10). Библийы фыст ис, цӕмӕй фырхӕрд ӕмӕ фыднозт ма кӕнӕм (Ӕмб. 23:20). Уыдӕттӕ низтӕм дӕр расайынц ӕмӕ, гӕнӕн ис, адӕймаг мӕлгӕ дӕр акӕна. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хиуыл хӕцын зонӕм, ӕмӕ, цы ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр ма хӕрӕм ӕмӕ ма нуазӕм. Стӕй хъуамӕ зонӕм, хӕринагӕй дӕр ӕмӕ нын нозтӕй дӕр цы бӕззы ӕмӕ цы нӕ бӕззы, уый (1 Кор. 9:25). Цӕмӕй нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уа, Хуыцауы лӕварӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы аразӕм, ууыл (Пс. 119:99, 100; Ӕмб. 2:11). Зӕгъӕм, хъуамӕ-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм, цавӕрдӕр хӕринаг нын бӕззы ӕви нӕ. Кӕд цавӕрдӕр хӕринаг уарзӕм, фӕлӕ нын нӕ тайы, уӕд нӕхицӕн зӕгъдзыстӕм, нӕ, фӕлтау мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, фаг куы фынӕй кӕнӕм, ӕдзух упражненитӕ куы кӕнӕм, нӕхимӕ куы зилӕм ӕмӕ нӕ хӕдзар куы ’фснайӕм, уымӕй. w23.02 21 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 30 декабрь
Цы дзы бакастӕ? (Лук. 10:26).
Нӕ бон куыд у Библийы хӕзнатӕ агурын? Ӕркӕсӕм-ма 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 стихтӕм. Ам фыст ис, зӕгъгӕ, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр... пайда у» 1) адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, 2) уайдзӕф кӕнынӕн, 3) хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн ӕмӕ 4) раст зондыл аразынӕн. Ацы цыппар хъуыддаджы дӕ къухы бафтдзысты, Библийы чингуытӕй афтӕ арӕх кӕмӕ не ’ркӕсыс, суанг уыдон кӕсгӕйӕ дӕр. Ахъуыды кӕн, цы бакастӕ, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс, ома дзы дӕ бон цы у базонын Йегъовӕйы тыххӕй, цы фӕнд ӕм ис, уый тыххӕй кӕнӕ йӕ уагӕвӕрдты тыххӕй. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн, уыцы скъуыддзаг дын уайдзӕф куыд кӕны, ома дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй рӕдийыс, уый бамбарынӕн, аивынӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн. Стӕй та ахъуыды кӕн, уыцы скъуыддзаджы фӕрцы куыд ис цавӕрдӕр рӕдыд хъуыды сраст кӕнӕн, зӕгъӕм, уацамынды кӕй фехъуыстай, ахӕм хъуыды. Ӕмӕ бацархай, цӕмӕй-иу фенай, уыцы стихтӕ дӕ раст зондыл куыд аразынц, ома дын куыд ӕххуыс кӕнынц алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсынӕн. Ацы цыппар хъуыддаджы дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд-иу ссардзынӕ хӕзнатӕ, ӕмӕ дын Библи фылдӕр пайда хӕсдзӕн. w23.02 11 ф., 11 абз.
Дыццӕг, 31 декабрь
Йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн (Дан. 7:14).
Данелы чиныджы пехуымпарады фыст ис, Йесо Паддзах кӕй хъуамӕ суыдаид, авд рӕстӕджы куы рацыдаид, уӕд. Куыд ис базонӕн, Паддзах кӕд сси, уый? (Дан. 4:10–17). «Авд рӕстӕджы» сты 2 520 азы ӕмӕ райдыдтой н. э. размӕ 607 азы. Уыцы аз вавилойнӕгтӕ, Иерусалимы Йегъовӕйы паддзахбадӕныл чи бадт, уыцы паддзӕхтӕй фӕстагӕн йӕ бартӕ байстой. «Авд рӕстӕджы» фесты 1914 азы, Йегъовӕ Йесойы – «бар кӕмӕн ис, уый» – йӕ Паддзахады Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд (Йез. 21:25–27). Ацы пехуымпарад кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? «Авд рӕстӕджы» тыххӕй пехуымпарад кӕй ӕмбарӕм, уый фӕрцы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ йӕ рӕстӕгыл кӕй сӕххӕст кӕны, ууыл. Йегъовӕ йӕ Паддзахад ӕрӕвӕрдта, уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, растдӕр гъеуӕд. Ӕмӕ иннӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн, цы рӕстӕг сын сӕмгъуыд кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг. Ӕмӕ Йегъовӕйы бон «нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! (Ав. 2:3). w22.07 3 ф., 3–5 абз.