Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es25
  • Январь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Январь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Ӕртыццӕг, 1 январь
  • Цыппӕрӕм, 2 январь
  • Майрӕмбон, 3 январь
  • Сабат, 4 январь
  • Хуыцаубон, 5 январь
  • Къуырисӕр, 6 январь
  • Дыццӕг, 7 январь
  • Ӕртыццӕг, 8 январь
  • Цыппӕрӕм, 9 январь
  • Майрӕмбон, 10 январь
  • Сабат, 11 январь
  • Хуыцаубон, 12 январь
  • Къуырисӕр, 13 январь
  • Дыццӕг, 14 январь
  • Ӕртыццӕг, 15 январь
  • Цыппӕрӕм, 16 январь
  • Майрӕмбон, 17 январь
  • Сабат, 18 январь
  • Хуыцаубон, 19 январь
  • Къуырисӕр, 20 январь
  • Дыццӕг, 21 январь
  • Ӕртыццӕг, 22 январь
  • Цыппӕрӕм, 23 январь
  • Майрӕмбон, 24 январь
  • Сабат, 25 январь
  • Хуыцаубон, 26 январь
  • Къуырисӕр, 27 январь
  • Дыццӕг, 28 январь
  • Ӕртыццӕг, 29 январь
  • Цыппӕрӕм, 30 январь
  • Майрӕмбон, 31 январь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
es25

Январь

Ӕртыццӕг, 1 январь

Кӕсынц, ӕмӕ рахӕссынц мард – мадӕн, идӕдз усӕн, йӕ иунӕг фырты (Лук. 7:12).

Йесо уыцы мӕгуыр мады «куы федта», уӕд «йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Лук. 7:13). Ӕмӕ йын йӕ зын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста, уый бӕрӕг уыд, дарддӕр цы сарӕзта, уымӕй. Фӕлмӕнӕй йын загъта: «Ма ку». Стӕй йын йӕ лӕппуйы цардмӕ раздӕхта ӕмӕ йын загъта, «мӕнӕ дӕ фырт», зӕгъгӕ (Лук. 7:14, 15). Ацы диссаг нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ-иу, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны зын нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Йесойау нӕ бон у, ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уӕм ӕмӕ-иу зианджын адӕймагмӕ нӕ хъус дарӕм. Ныхасӕй-иу ӕй куы бафидар кӕнӕм, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй-иу ын куы баххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу ын ныфсытӕ куы бавӕрӕм, уӕд равдисдзыстӕм, йӕ зын ын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам (Ӕмб. 17:17; 2 Кор. 1:3, 4; 1 Пет. 3:8). Адӕймагӕн цалдӕр ныхасы куы зӕгъай кӕнӕ гыццыл истӕмӕй дӕр куы равдисай, йӕ зын ын кӕй ӕмбарыс, уӕд ын уый дӕр, гӕнӕн ис, стыр ныфсы хос фӕуа. w23.04 5, 6 фф., 13–15 абз.

Цыппӕрӕм, 2 январь

Ацы низ мӕлӕтмӕ нӕу, фӕлӕ у Хуыцауы кадӕн (Иоан. 11:4).

Кӕд Йесо зыдта, йе ’мбал Лазӕр кӕй амард, уый, уӕддӕр ма, кӕм уыд, уым дыууӕ боны баззад, ӕмӕ уый фӕстӕ Вифанимӕ ацыд. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕдмӕ Лазӕры мӕлӕтыл рацыд цыппар боны. Фӕлӕ Йесо цы саразынмӕ хъавыд, уый фӕрцы йӕ фӕндыд йе ’мбӕлттӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕнын (Иоан. 11:6, 11, 17). Ацы хабарӕй базонӕн ис, ӕмбал цавӕр хъуамӕ уа, уый. Марийӕ ӕмӕ Марфӕ Лазӕры тыххӕй Йесойӕн куы фӕхабар кодтой, уӕд ын афтӕ нӕ загътой, Вифанимӕ-ма ӕрцу, зӕгъгӕ. Уыдон ын ӕнӕуи загътой, де ’мбал, дам, фӕрынчын (Иоан. 11:3). Ӕмӕ Лазӕр куы амард, уӕд ӕй Йесо, кӕм уыд, уырдыгӕй дӕр райгас кодтаид. Фӕлӕ уый ацыд Вифанимӕ, цӕмӕй йе ’мбӕлтты фарсмӕ, Марийӕ ӕмӕ Марфӕйы фарсмӕ, балӕууыдаид. Дӕуӕн та ахӕм ӕмбал ис, ӕмӕ йын дзурын дӕр нӕ фӕхъӕуы, афтӕмӕй дӕм ӕххуысмӕ чи фӕзыны? Уӕд ӕй зоныс, дӕ бон ыл кӕй у «зын сахат» дӕ зӕрдӕ дарын (Ӕмб. 17:17). Мах дӕр иннӕтӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм Йесойы хуызӕн w23.04 10 ф., 10, 11 абз.

Майрӕмбон, 3 январь

Зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый йӕ ныхасӕн хицау у (Дзут. 10:23).

Фӕлварӕны рӕстӕг нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ ног дуне тагъд нӕ ралӕудзӕн. Уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Уазал, хъызт зымӕг куы скӕны, уӕд адӕймагмӕ хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ зымӕг никуыуал фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕрд никуыуал ралӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ куыннӕ фӕзоны, сӕрд алкӕддӕр кӕй ралӕууы. Раст афтӕ, тынг ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нӕм, чи зоны, хатт афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ ног дуне тагъд нӕ ралӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ фидар уырнындзинады фӕрцы фӕзонӕм, уый ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй Йегъовӕ бавӕрдта зӕрдӕ (Пс. 94:3, 14, 15; Дзут. 6:17–19). Ӕмӕ уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй нын нӕ лӕггад дарддӕр дӕр царды фыццаг бынаты уа. Фидар уырнындзинад ма нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм. Тагъд ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый тыххӕй «хорз хабар» кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, уый, дам, рӕсугъд аргъау у (Матф. 24:14; Йез. 33:32). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ зондӕй фӕхъӕстӕ уӕм. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. w23.04 27 ф., 6, 7 абз.; 28 ф., 14 абз.

Сабат, 4 январь

Уый дӕр зонӕм, ӕмӕ дзы цы курӕм, уый кӕй райсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы куырдтам (1 Иоан. 5:15).

Искуы хъуыды кодтай, цымӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтты, зӕгъгӕ? Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕм фӕзыны ахӕм фарста, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд. Зын уавӕрты нын, гӕнӕн ис, зындӕр уа фенын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый. Цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй ратты, ууыл? Библийы фыст ис, Йегъовӕ нӕ тынг бирӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй стӕм (Аг. 2:7; 1 Иоан. 4:10). Ӕмӕ нын уый тыххӕй дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм (1 Пет. 5:6, 7). Уый фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕввахс уӕм ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн фӕразӕм. Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй радта. Дӕ зӕрдыл исчи ӕрбалӕууыд? w23.05 8 ф., 1–4 абз.

Хуыцаубон, 5 январь

Марийӕ загъта: «Мӕ уд бӕрзонд кӕны Йегъовӕйы» (Лук. 1:46).

Марийӕйӕн дӕр Йегъовӕ уыд йӕ Хӕлар. Йӕ уырнындзинад Иосифӕй кӕнгӕ нӕ уыд. Марийӕ Фыстад хорз зыдта. Стӕй-иу рӕстӕг рахицӕн кодта, цы базыдта, уыдӕттыл арф хъуыды кӕнынӕн (Лук. 2:19, 51). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ Хӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы уыд тынг хорз бинойнаг. Абон бирӕ бинойнӕгтӕ сты Марийӕйы хуызӕн. Зӕгъӕм, хо Эмико загъта: «Иунӕг куы уыдтӕн, уӕд-иу кувгӕ дӕр мӕхӕдӕг кодтон, Библи дӕр мӕхӕдӕг иртӕстон. Фӕлӕ куы смой кодтон, уӕд хабар фӕивта. Ныр Йегъовӕмӕ нӕ дыууӕйы номӕй мӕ сӕрыхицау фӕкувы, бинонты ахуыр дӕр уый фӕуадзы. Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, мӕ уырнындзинад, уый цы аразы, ууыл баст кӕй у. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон, мӕхи „хӕссинаг“ мӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ хӕссон, ома мӕхӕдӕг дӕр цыдӕр кӕй хъуамӕ аразон, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс уон. Ныр рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй мӕ Хуыцауимӕ рӕстӕг арвитон: скувон ӕм, Библи бакӕсон ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыдытыл арф ахъуыды кӕнон» (Гал. 6:5). Ус куы архайа, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна, уӕд ӕй йӕ лӕг тынгдӕр уарздзӕн ӕмӕ йын кад кӕндзӕн (Ӕмб. 31:30). w23.05 21 ф., 6 абз.

Къуырисӕр, 6 январь

Йегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый уын бамбарын кӕндзынӕн (Пс. 34:11).

Йегъовӕйӕ тӕрсын мады гуыбынӕй нӕ рахӕссӕм. Ууыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Нӕ бон у, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. «Йе сконд хъуыддӕгты» йӕ зонд, йӕ тых ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый цас фылдӕр уынӕм, уыйас ӕй тынгдӕр нымайдзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстӕм (Ром. 1:20). Хуыцаумӕ ӕдзух кӕй фӕкувӕм, уый дӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сахуыр уӕм Хуыцауӕй тӕрсын. Цас ӕм арӕхдӕр фӕкувӕм, уыйас ӕй хуыздӕр базонӕм. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр зын уавӕры дзы тыхтӕ куы фӕкурӕм, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, уӕд та ахъуыды кӕнӕм, ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, ууыл. Йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй йын бузныг куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ, куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм, стыр зонды хицау кӕй у, ууыл. Ахӕм куывдтыты фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр нымайын райдайӕм, стӕй нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй нӕхи хизын. w23.06 15 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 7 январь

Йегъовӕ у нӕ Тӕрхонгӕнӕг (Ис. 33:22).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы закъӕттӕ ратты, уыдон алкӕддӕр вӕййынц ӕнцонӕмбарӕн. Зӕгъӕм, 1 ӕнусы разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уой фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Ракодтой ӕртӕ хъуыддаджы кой: 1) хъуамӕ сӕхи хизой мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ кувой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн; 2) туг табуйагыл нымайой ӕмӕ 3) сӕхи хизой хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй (Хъуыд. 15:28, 29). Абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ацы ӕртӕ хъуыддаджы Йегъовӕйы коммӕ кӕсын? Уыдон кувынц Йегъовӕйӕн. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уымӕн куывтаиккой (Дык. з. 5:6–10). Ӕмӕ Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын Йесо фидарӕй загъта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ кувӕм (Матф. 4:8–10). Уымӕ гӕсгӕ мах мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ кувӕм, стӕй адӕмӕй дӕр хуыцӕуттӕ нӕ аразӕм – нӕдӕр дины разамонджытӕй, нӕдӕр политиктӕй, нӕдӕр зындгонд спортсментӕй, артисттӕй кӕнӕ музыканттӕй. Мах кувӕм, «ӕппӕт дӕр» чи сфӕлдыста, ӕрмӕстдӕр уыцы Хуыцауӕн (Рарг. 4:11). w23.07 14, 15 фф., 3, 4 абз.

Ӕртыццӕг, 8 январь

Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй (Ӕмб. 16:6).

Абон Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕ кӕнынц ӕнӕгъдау цард ӕмӕ кӕсынц порнографимӕ (Еф. 4:19). Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй алкӕддӕр Хуыцауӕй тӕрсӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм ӕвзӕрдзинадӕй. Ӕмбисӕндты чиныджы 9-ӕм сӕры ис дыууӕ «сылгоймаджы» кой: иу дзы амоны зондмӕ, иннӕ – ӕнӕзонддзинадмӕ. Дыууӕ сылгоймаджы дӕр сӕхимӕ хонынц, ӕвӕлтӕрд, кӕнӕ «ӕнӕзонд», чи у, уыдоны. Иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр цыма афтӕ дзуры: «Мидӕмӕ рацӕут, фынгтӕ цӕттӕ сты!» (Ӕмб. 9:1, 4–6). Фӕлӕ, зонды хӕдзармӕ чи бацӕуа, уыдонмӕ иу цыдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕнӕзонддзинады хӕдзармӕ чи бацӕуа, уыдонмӕ та – бынтон ӕндӕр цыдӕр. Ахъуыды кӕнӕм, «ӕнӕзонд сылгоймаг» адӕмы кӕдӕм хоны, ууыл (Ӕмб. 9:13–18). Уый у ӕдзӕсгом. Ӕнӕзонд чи у, уыдоны йӕхимӕ хоны, ардӕм рацӕут ӕмӕ мемӕ фӕминас кӕнут, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ йӕ зоны, «уым, мард чи у, уыдон кӕй сты». Библи нӕ фӕдзӕхсы, адӕймаг йӕхи кӕй хъуамӕ хъахъхъӕна «хӕлд сылгоймагӕй, рӕсугъд ныхӕстӕй чи сайы, уыцы сылгоймагӕй». Уымӕн «йӕ хӕдзарӕй адӕймаг цӕуы мӕлӕтмӕ» (Ӕмб. 2:11–19). Ӕмбисӕндты 5:3–10 стихты ис ӕндӕр «хӕлд сылгоймаджы» кой. Уымӕн дӕр «йӕ фӕндаг цӕуы мӕлӕтмӕ». w23.06 21, 22 фф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 9 январь

Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр (Фил. 4:5).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’мбаргӕдзинадӕй хъуамӕ иннӕтӕн фӕзминаг уой (1 Тим. 3:2, 3). Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ-иу иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ алы хатт дӕр йӕ хъуыдыйыл сразы уой, уыдонӕй хистӕр кӕнӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕй у, уый тыххӕй. Хъуамӕ ӕмбара: Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хистӕр нӕлгоймӕгты советӕй кӕцыфӕнды ӕфсымӕрӕн дӕр ахӕм хъуыды зӕгъын кӕна, ӕмӕ уый фӕрцы рахӕсдзысты раст уынаффӕ. Ӕмӕ кӕд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр цы уынаффӕ рахастой, уый Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ нӕу, уӕд ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймаг уыцы уынаффӕйыл ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй сразы уыдзӕн, йӕхӕдӕг ӕндӕрхуызон куы хъуыды кӕна, уӕддӕр. Ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ вӕййынц нӕ хорз хӕлӕрттӕ ӕмӕ ӕмбырды вӕййы фарн. Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, Йегъовӕйӕн иу бинонтау кӕй лӕггад кӕнӕм, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм ӕмӕ удыхъӕдӕй дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнӕм, уӕддӕр. Ӕппӕты ӕхсызгондӕр та нын уый у, ӕмӕ стӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн ӕмбаргӕ. w23.07 25 ф., 16, 17 абз.

Майрӕмбон, 10 январь

Ӕмбаргӕ чи уа, уыдон... сӕ бамбардзысты (Дан. 12:10).

Данел пехуымпарӕдтӕ иртӕста, рӕстдзинад базонын ӕй кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай, уыди сӕрныллӕг. Ӕмбӕрста, Йегъовӕ пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕмбарын кӕны, чи йӕ зоны ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн (Дан. 2:27, 28). Данел-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыди, сӕрныллӕг кӕй уыд (Дан. 2:18). Стӕй ма лӕмбынӕг иртӕста, уыцы рӕстӕг Фыстадӕй цы хӕйттӕ уыд, уыдон (Йер. 25:11, 12; Дан. 9:2). Дӕуӕн та дӕ бон куыд у Данелы бафӕзмын? Ахъуыды кӕн, Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасгӕйӕ дӕ нысан цы вӕййы. Рӕстдзинад зонын дӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уый тыххӕй фӕиртасыс пехуымпарӕдтӕ? Кӕд о, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн (Иоан. 4:23, 24; 14:16, 17). Иуӕй-иуты фӕфӕнды ссарын бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй нӕу, уымӕн. Уыдон афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ссарой, уӕд сӕхи бон уыдзӕн скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Фӕлӕ нын пехуымпарӕдтӕ иртасгӕйӕ хъуамӕ уа раст нысан. w23.08 9 ф., 7, 8 абз.

Сабат, 11 январь

Дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн? (Ӕмб. 24:10).

Нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм, уӕд нын уый суыдзӕн уӕззау уаргъ (Гал. 6:4). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сӕм хӕлӕг кӕнын ӕмӕ семӕ ерыс кӕнын райдайдзыстӕм (Гал. 5:26). Нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ хицӕн кӕнынц. Ӕмӕ, иннӕтӕн цы бантыст, уыдӕттӕм куы тырнӕм, уӕд нӕхи тухӕнӕй амардзыстӕм. Библийы фыст ис, «бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у», зӕгъгӕ (Ӕмб. 13:12). Ӕмӕ, нӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд та нӕ ныфс бынтондӕр асӕтдзӕн. Афтӕмӕй сфӕлмӕцдзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕндагыл тагъд нал згъордзыстӕм. Йегъовӕ дӕ цы домы, дӕхицӕй уымӕй фылдӕр ма дом. Цы дӕм нӕй, уый дӕ никуы агурдзӕн (2 Кор. 8:12). Зон ӕй: цы аразыс, уый Йегъовӕ нӕ бары, иннӕтӕ цы аразынц, уыимӕ (Матф. 25:20–23). Уый тынг аргъ кӕны дӕ лӕггадӕн, дӕ иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ дӕ фидардзинадӕн. w23.08 29 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 12 январь

Хъуамӕ дойныйӕ амӕлон? (Тӕрх. 15:18).

Йегъовӕ Самсоны куывдӕн дзуапп радта – диссаг сарӕзта, ӕмӕ зӕххы бынӕй дон кӕлын райдыдта. Самсон дзы куы банызта, уӕд та дзы «тых бацыд ӕмӕ йӕм хъарутӕ фӕзынд» (Тӕрх. 15:19). Бирӕ азты фӕстӕ пехуымпар Самуил Тӕрхонгӕнджыты чиныг куы фыста, уӕд дӕр уыцы суадон, ӕвӕццӕгӕн, уым уыди. Израилӕгтӕ-иу уыцы дон куы уыдтой, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, бахъуаджы сахат Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй баххуыс кӕны. Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, уӕлдай нӕу, цавӕр курдиӕттӕ нӕм ис кӕнӕ нын нӕ лӕггады бирӕ бантыст ӕви нӕ. Хъуамӕ уӕм бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбарӕм, нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзыстӕм ӕцӕг ӕнтыстджын. Йегъовӕ цы дон радта, Самсон уымӕй куы банызта, уӕд дзы хъарутӕ бацыд. Ӕмӕ Йегъовӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕттӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд-иу нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтдзӕн, ӕмӕ йын дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Матф. 11:28). w23.09 4 ф., 8–10 абз.

Къуырисӕр, 13 январь

Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы (Ӕмб. 15:1).

Исчи немӕ тыхныхас куы кӕна, зӕгъӕм, Хуыцауы тыххӕй ӕвзӕр истытӕ куы дзура кӕнӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл куы худа, уӕд цы ис саразӕн? Хъуамӕ-иу Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ зонд ракурӕм, цӕмӕй йын нӕ бон суа фӕлмӕнӕй дзуапп раттын. Фӕлӕ нын, чи зоны, уый нӕ рауад, ӕмӕ фӕсмон кӕнӕм, афтӕ дзурын мӕ нӕ хъуыд, зӕгъгӕ. Уӕд нӕ бон у ногӕй Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, иннӕ хатт ахӕм уавӕры нӕ бон куыд уаид бакӕнын. Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг йӕ сыгъдӕг тыхӕй ратдзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхиуыл хӕцын ӕмӕ фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттын. Хатт нын зын вӕййы не ’взаджы рохтыл хӕцын. Ӕмӕ нын ахӕм уавӕрты Библийӕ бирӕ стихтӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын сӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн (Иоан. 14:26). Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты чиныджы цы хъуыдытӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм (Ӕмб. 15:18). Ацы чиныгӕй ма базонӕн ис, хорз цӕмӕн вӕййы кӕцыдӕр уавӕрты хиуыл хӕцын (Ӕмб. 10:19; 17:27; 21:23; 25:15). w23.09 15, 16 фф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 14 январь

Ацы хабӕрттӕ [уын] ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн (2 Пет. 1:12).

Апостол Петр зыдта, тагъд кӕй амӕлдзӕн. Уый Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта. Йесоимӕ хъусын кодта хорз хабар. Фӕстӕдӕр та хъусын кӕнын райдыдта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмӕн. Стӕй уыди разамонӕг советы дӕр. Фӕлӕ ма йын ныр Йегъовӕ бахӕс кодта ноджыдӕр иу хъуыддаг. Н. э. 62–64 азтӕм ӕввахс ын ныффыссын кодта дыууӕ фыстӕджы. Уыдон ныр сты Библийы ӕмӕ хуыйнынц Петры фыццаг фыстӕг ӕмӕ Петры дыккаг фыстӕг (2 Пет. 1:12–15). Петр уыцы фыстӕджытӕ куы ныффыста, уӕд йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбӕлдысты «алыхуызон фӕлварӕнтыл» (1 Пет. 1:6). Чидӕртӕ ӕмбырды парахат кодтой мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕлд митыл бафтыдаиккой (2 Пет. 2:1, 2, 14). Уымӕй уӕлдай ма Петр ныффыста, «тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон», зӕгъгӕ (1 Пет. 4:7). Уый амыдта, ромаг ӕфсӕдтӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон кӕй ныппырх кӕндзысты, уымӕ. Ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ уыдаиккой къӕрцхъус. Дзырд дӕр ыл нӕй, Петры фыстӕджытӕ чырыстӕттӕн баххуыс кодтой бамбарынӕн, цы сӕ хъуыд аразын, цӕмӕй уыцы фӕлварӕнтӕ сфӕрӕзтаиккой ӕмӕ фидӕны фӕлварӕнтӕм дӕр цӕттӕ уыдаиккой. w23.09 26 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 15 январь

[Чырысти] цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл (Дзут. 5:8).

Йесойау мах дӕр арӕх коммӕ кӕсын сахуыр вӕййӕм, зын уавӕрты куы вӕййӕм, уӕд. Зӕгъӕм, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд нын загътой, иуцасдӕр Паддзахады залты кӕй не ’мбырд кӕндзыстӕм ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй нӕ хъусын кӕндзыстӕм. Ӕнцон дын уыд уыцы разамындмӕ байхъусын? Чи зоны, нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр коммӕгӕсдзинад кӕй равдыстай, уый фӕрцы дӕхи бахъахъхъӕдтай, ӕмбырды уыд иудзинад ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтай. Афтӕмӕй иууылдӕр нӕхи бацӕттӕ кодтам, фидӕны цы хабӕрттӕ уыдзӕн, уыдонмӕ. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цы амындтӕ нын дӕтдзысты, уыдонмӕ хъусын. Уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн нӕ цард! (Иов 36:11). Мах Йегъовӕйы коммӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕсӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын (1 Иоан. 5:3). Нӕ бон никуы бауыдзӕн Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдтӕ бафидын (Пс. 116:12). Фӕлӕ нӕ бон у йӕ коммӕ ӕмӕ, бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсын. Коммӕгӕсдзинад зондыл дзурӕг у. Ӕмӕ зондджын адӕймаг та Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрухс кӕны (Ӕмб. 27:11). w23.10 11 ф., 18, 19 абз.

Цыппӕрӕм, 16 январь

Бакувут арв... [ӕмӕ] зӕхх... Сфӕлдисӕгӕн! (Рарг. 14:7).

Зӕд демӕ куы ныхас кӕнид, уӕд байхъусис, цы дын дзуры, уымӕ? Абон иу зӕд цыдӕр дзуры «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн». Цымӕ цы? «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут... Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!» (Рарг. 14:6, 7). Йегъовӕ у иунӕг ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ уымӕн кува. Мах дзы тынг бузныг стӕм, ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, цӕмӕй йын йе стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнӕм! Цы у ӕнӕуынгӕ кувӕндон ӕмӕ нӕ бон кӕцӕй у уыцы кувӕндоны тыххӕй фылдӕр базонын? Уый адӕймаджы къухӕй конд агъуыст нӕу. Ӕнӕуынгӕ кувӕндон амоны, Йегъовӕ Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы цы сарӕзта, цӕмӕй йын нӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Апостол Павел уыцы кувӕндоны тыххӕй ныффыста, 1 ӕнусы Иудейӕйы чи цард, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕм. w23.10 24 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 17 январь

«Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы, фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ (Зах. 4:6).

Н. э. размӕ 522 азы дзуттӕгты знӕгтӕ Персы паддзахы сардыдтой, ӕмӕ уый кувӕндон аразыны куыст ӕрлӕууын кодта. Фӕлӕ Захари адӕмы ныфс бауагъта. Загъта сын, Йегъовӕ сын йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы цыфӕнды цӕлхдуртӕ дӕр сӕ разӕй кӕй айсдзӕн. Н. э. размӕ 520 азы паддзах Дари дзуттӕгтӕн бар радта, цӕмӕй кувӕндон дарддӕр арӕзтаиккой. Ӕмӕ ма сын ӕхцайӕ дӕр баххуыс кодта. Стӕй бынӕттон хицӕуттӕн бардзырд радта, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаиккой (Езд. 6:1, 6–10). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кувӕндон аразын сын сӕйраг куы уа, уӕд сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Аг. 1:8, 13, 14; Зах. 1:3, 16). Уыцы пехуымпарты ныхӕстӕ сӕ ныфс бауагътой. Ӕмӕ н. э. размӕ 520 азы ногӕй уыцы хъуыддагмӕ бавнӕлдтой. 5 азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ кувӕндон арӕзт фесты. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сын сӕйраг уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Йегъовӕ ӕххуыс кодта. Гъемӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой (Езд. 6:14–16, 22). w23.11 15 ф., 6, 7 абз.

Сабат, 18 январь

Авраам ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл (Ром. 4:3).

Кӕд бирӕтӕ Авраамы тыххӕй фехъуыстой, уӕддӕр сӕ фылдӕр, цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй ницы зонынц. Мах та Авраамы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зонӕм. Зӕгъӕм, зонӕм, Библи йӕ кӕй хоны, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» (Ром. 4:11). Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мӕ уырнындзинад Авраамы уырнындзинады хуызӕн фидар уа?» Бӕгуыдӕр. Авраамы цӕвиттоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй махӕн дӕр йӕ уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад уа. Авраам алкӕддӕр арӕзта, Йегъовӕ-иу ын цы загъта, уый. Зӕгъӕм, цӕрынмӕ ацыд дард бӕстӕмӕ, бирӕ азты дӕргъы цард цатырты ӕмӕ цӕттӕ уыд йӕ уарзон фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕ дзурӕг уыдысты йӕ фидар уырнындзинадыл. Авраам йӕ уырнындзинады ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты фӕрцы ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ сси йӕ хӕлар (Иак. 2:22, 23). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй махӕй алчидӕр уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уа. Ӕмӕ Павел ӕмӕ Иаковӕн дӕр Авраамы цӕвиттоны тыххӕй Библийы уымӕн ныффыссын кодта. w23.12 2 ф., 1, 2 абз.

Хуыцаубон, 19 январь

Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна (Иак. 1:19),

Хотӕ, сахуыр ут адӕмимӕ ныхас кӕнын. Ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон зона адӕмимӕ ныхас кӕнын. Иаков нын цы хорз уынаффӕ радта, уый фыст ис абоны стихы. Иннӕтӕм лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, сӕ рыст дӕм кӕй хъары (1 Пет. 3:8). Адӕймаг цы дзуры кӕнӕ цы ӕнкъары, уый дзӕбӕх куы не ’мбарай, уӕд-иу ӕм ратт, хуыздӕр ӕй кӕй фӕрцы бамбардзынӕ, ахӕм фарстатӕ. Ӕмӕ-иу стӕй исты зӕгъыны размӕ дӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕн (Ӕмб. 15:28). Ахъуыды-иу кӕн ахӕм фарстатыл: «Цы йын зӕгъинаг дӕн, уыдон рӕстытӕ сты? Мӕ ныхӕстӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтаудзынӕн? Мӕ ныхӕстӕй йын йӕ зӕрдӕ нӕ фӕриссын кӕндзынӕн кӕнӕ йӕ нӕ бафхӕрдзынӕн?» Иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй чи фӕныхас кӕны ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уыцы фӕлтӕрдджын хоты фӕзм (Ӕмб. 31:26). Дӕ хъус дар, цы фӕдзурынц ӕмӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕ. Иннӕтимӕ ныхас кӕнын куы сахуыр уай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмимӕ лымӕнӕй цӕрын. w23.12 21 ф., 12 абз.

Къуырисӕр, 20 январь

Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый... цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ (Ӕмб. 18:1).

Абон нын, гӕнӕн ис, Йегъовӕ баххуыс кӕна нӕ бинонты, не ’мбӕлтты кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Фӕлӕ зӕрдӕрыст куы вӕййӕм, уӕд нӕ, чи зоны, фӕфӕнды иунӕгӕй баззайын ӕмӕ нӕм никӕй уынын фӕцӕуы. Ӕмӕ уым дӕр диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ искӕй уылты баххуыс кӕна? Дӕ зӕрдӕйы коммӕ ма кӕс ӕмӕ дӕхи иннӕтӕй дард ма лас. Адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард куы фӕласы, уӕд йӕхи йеддӕмӕ ӕмӕ йӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ницыуал фӕуыны. Ӕмӕ уый та хорз нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, раст уынаффӕтӕ ма рахӕсса. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй дӕр нӕ хатт фӕфӕнды, цӕмӕй-иу иунӕгӕй аззайа, уӕлдайдӕр ныл исты ӕвзӕр кӕнӕ ӕнамонд хабар куы ’рцӕуы, уӕд. Фӕлӕ афтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса, уӕд нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм, Йегъовӕ кӕй уылты архайы, уыдоны ӕххуысӕй. Уӕдӕ-иу дын дӕ бинонтӕ, де ’мбӕлттӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕнынмӕ куы хъавой, уӕд-иу сӕ бауадз, тынг ныфссаст куы уай, уӕд дӕр. Дӕ зӕрдыл дар, уыдоны уылты дын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны (Ӕмб. 17:17; Ис. 32:1, 2). w24.01 24 ф., 12, 13 абз.

Дыццӕг, 21 январь

Йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва (Ным. 6:5).

Назорей-иу дзырд радта, йӕ сӕрыхъуынтӕ кӕй не ’лвындзӕн. Уымӕй-иу равдыста, алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзӕн. Хъыгагӕн, Израилы ахӕм рӕстӕджытӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу назорейтӕ кадджын нӕ уыдысты. Хатт-иу назорейы стыр хъӕбатырдзинад хъуыд, цӕмӕй йӕ дзырд ӕххӕст кодтаид ӕмӕ иннӕтӕй хицӕн кодтаид (Амос 2:12). Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй мах дӕр иннӕ адӕмӕй хицӕн кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй-иу куысты кӕнӕ скъолайы зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм. Ацы дунейы адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, уый тыххӕй нын, ӕвӕццӕгӕн, зындӕр уыдзӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын (2 Тим. 1:8; 3:13). Фӕлӕ хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: хъӕбатыр куы уӕм ӕмӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй хицӕн кӕнын куы нӕ тӕрсӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11; Мал. 3:18). w24.02 16 ф., 7 абз.; 17 ф., 9 абз.

Ӕртыццӕг, 22 январь

Уӕ кӕрӕдзийыл... узӕлут (Ром. 15:7).

Ромы ӕмбырды уыди алыхуызон адӕм. Уыди дзы дзуттӕгтӕ, ӕмӕ уыдон раздӕр цардысты Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ. Чидӕртӕ дзы уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй, ӕмӕ уыдон та ӕндӕр ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ схъомыл сты. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты цагъартӕ, иннӕтӕ – сӕрибар адӕм, кӕмӕндӕрты та, ӕвӕццӕгӕн, сӕхицӕн уыд цагъартӕ. Кӕд уыцы чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой, уӕддӕр сын цы баххуыс кодтаид, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзтаиккой? Апостол Павел сын бафӕдзӕхста: «Уӕ кӕрӕдзийыл... узӕлут [комк. «суазӕг кӕнут»]». Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? «Суазӕг кӕнын»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «искӕуыл бацин кӕнын» кӕнӕ «уазӕгуарзондзинад равдисын», зӕгъӕм, искӕй хӕдзармӕ фӕхонын кӕнӕ уый дӕр ӕмбалыл банымайын. Зӕгъӕм, Филимонӕн уыд цагъар – Онисим. Иухатт дзы алыгъд, фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр ӕрбаздӕхт. Ӕмӕ Павел Филимонӕн загъта, цӕмӕй йыл бацин кодтаид (Филим. 17). Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ та сӕхимӕ фӕхуыдтой Аполлосы. Уый чырыстон дины тыххӕй уыдонӕй къаддӕр зыдта, ӕмӕ йӕ «семӕ ракодтой» (Хъуыд. 18:26). Кӕд Ромы ӕмбырды алыхуызон чырыстӕттӕ уыд, уӕддӕр уый тыххӕй нӕ ныддихтӕ сты, фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цардысты. w23.07 6 ф., 13 абз.

Цыппӕрӕм, 23 январь

Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн (Пс. 116:14).

Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй снывонд кӕны? Уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Ахӕм уарзондзинад йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны ӕмӕ ӕрмӕст ӕнкъарӕнтимӕ баст нӕу. Адӕймаг Йегъовӕйы бауарзы, йӕхи тыххӕй ӕмӕ йын йӕ фӕндоны тыххӕй бӕлвырдӕй куы базоны, уӕд (Кол. 1:9). Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы дӕ бауырныдта, 1) Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, 2) Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у ӕмӕ 3) йӕ организацийы уылты йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны. Йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кӕны, уый фӕзоны Хуыцауы Ныхасы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕцӕры. Цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй иннӕтӕн фӕдзуры, йӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 28:19, 20). Йегъовӕйы тынг бауарзы ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнды ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнын. Дӕуӕй дӕр афтӕ ис зӕгъӕн? w24.03 4, 5 фф., 6–8 абз.

Майрӕмбон, 24 январь

Дыууӕйӕ уыдзысты иу буар (Райд. 2:24).

Авигейӕйӕн йӕ сӕрыхицау уыди Навал. Навалы тыххӕй Библийы фыст ис, кӕй уыд тызмӕг адӕймаг, фыдлӕг (1 Сам. 25:3). Ӕмӕ Авигейӕйӕн ӕнцон кӕцӕй уыдаид ахӕм адӕймагимӕ цӕрын. Цымӕ йӕ бон уыд йӕ лӕгӕй фервӕзын? О. Ахӕм фадат ын фӕзынд, Давид – Израилы фидӕны паддзах – Навалы ӕмӕ йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны амарын куы сфӕнд кодта, уӕд. Давид ахӕм уынаффӕ уымӕн рахаста, ӕмӕ йын Навал йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта (1 Сам. 25:9–13). Авигейӕйӕн йӕ бон уыд алидзын, ӕмӕ уӕд Давид Навалы амардтаид. Фӕлӕ Авигейӕ цыдӕр сарӕзта, ӕмӕ уый фӕрцы Навалы аирвӕзын кодта (1 Сам. 25:23–27). Цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Авигейӕ Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ бинонты цардӕн кад кодта ӕмӕ зыдта, Йегъовӕйы цӕсты бинонты цард табуйаг кӕй у. Уый фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йӕ лӕджы дӕр ӕмӕ, сӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны дӕр аирвӕзын кодтаид. Авигейӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ архайдта ӕмӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй Давид Навалӕй йӕ маст райстаид. w24.03 16, 17 фф., 9, 10 абз.

Сабат, 25 январь

Ӕз уын уӕ зӕрдӕтӕ ныхасӕй бафидар кодтаин (Иов 16:5).

Чи зоны, уе ’мбырды кӕйдӕр фӕнды йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнын. Кӕнӕ, чи зоны, уе ’мбырды ис, скъолайы иннӕтӕй хицӕн кӕнын чи нӕ тӕрсы, ахӕм сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ. Кӕмӕндӕрты та сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ уыдон уӕддӕр сты иузӕрдион. Уӕдӕ-иу алы фадатӕй дӕр спайда кӕнӕм, цӕмӕй-иу уыцы зынаргъ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныфс бауадзӕм. Раппӕлӕм-иу сӕ, хъӕбатыр кӕй сты ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй (Филим. 4, 5, 7). Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, зӕрдиагӕй нӕ кӕй фӕнды йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын. Ӕмӕ зоны, цӕттӕ кӕй стӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй йын цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм. Уый нын дӕтты фадат, цӕмӕй нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый куыд равдисдзыстӕм, уый. Ӕмӕ нын афтӕмӕй кад кӕны (Ӕмб. 23:15, 16). Цӕй ӕмӕ йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый! w24.02 18 ф., 14 абз.; 19 ф., 16 абз.

Хуыцаубон, 26 январь

Йесо зылди ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл... ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты (Матф. 9:35).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ныр у н. э. 29 аз, фӕззӕг. Йесойӕн йӕ лӕггад райдыдта. Йесойы ӕмӕ йӕ мад Марийӕйы фӕхуыдтой Канӕмӕ, чындзӕхсӕвмӕ. Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, уазджытӕн лӕггад кӕны. Фӕлӕ дын уалынмӕ фысымтӕн сӕ сӕн куы фӕуид. Марийӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Сӕн сӕм нал ис» (Иоан. 2:1–3). Ӕмӕ Йесо куыд бакодта? Уый дон «хорз сӕн» фестын кодта (Иоан. 2:9, 10). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд сарӕзта бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр. Хуыцауӕй йын цы тых уыд лӕвӕрд, уый фӕрцы-иу мингай адӕмӕн баххуыс кодта. Иу хатт бафсӕста 5 мин лӕджы, иннӕ хатт та – 4 мин лӕджы. Сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр куы банымайӕм, уӕд ӕдӕппӕтӕй бафсӕстаид 27 мин адӕймагӕй фылдӕр (Матф. 14:15–21; 15:32–38). Стӕй ма фыццаг хатт дӕр ӕмӕ дыккаг хатт дӕр бирӕ рынчынты сдзӕбӕх кодта (Матф. 14:14; 15:30, 31). w23.04 2 ф., 1, 2 абз.

Къуырисӕр, 27 январь

Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:13).

Адӕймагыл исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуы, уӕд ын уый фӕстӕ арӕх тынг ӕвзӕр вӕййы, тыхы мур ӕм нал вӕййы, ницыуал ӕй фендавы. Хатт нӕм Илийайы хуызӕн уый хъару дӕр нӕ вӕййы, цӕмӕй нӕ хуыссӕнӕй сыстӕм. Фӕфӕнды нӕ ӕрмӕст фынӕй кӕнын (1 Пад. 19:5–7). Ӕмӕ мах дӕр афтӕ фӕхъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Зын рӕстӕг нын Йегъовӕ йе ’ххуысӕй зӕрдӕ бавӕры, йӕ ныхӕстӕ йын кӕсӕм абоны стихы. Паддзах Давид ахӕм ӕххуыс йӕхиуыл бавзӕрста. Фӕлварӕнты куы бахауд ӕмӕ йе знӕгтӕ йемӕ куы тох кодтой, уӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ рахиз къух мыл хӕцдзӕн» (Пс. 18:35). Йегъовӕ арӕх иннӕты баразӕнгард кӕны, цӕмӕй нын баххуыс кӕной. Зӕгъӕм, иухатт Давид ныфссаст куы уыд, уӕд ӕм йе ’мбал Ионафан ӕрбацыд ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта (1 Сам. 23:16, 17). Илийайӕн та Йегъовӕ ӕххуысгӕнӕгӕй равзӕрста Елисейы (1 Пад. 19:16, 21; 2 Пад. 2:2). w24.01 23, 24 фф., 10–12 абз.

Дыццӕг, 28 январь

Зонд дӕтты Йегъовӕ, уымӕй цӕуынц зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арфуынындзинад (Ӕмб. 2:6).

Ӕмбисӕндты 9-ӕм сӕры «ӕцӕг зонд» ӕвдыст у сылгоймагӕй. Уыцы сылгоймаг цавӕр у, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у рӕдау Хуыцау ӕмӕ алцыдӕр парахатӕй кӕй дӕтты. Уыцы «сылгоймаг» сфыхта дзидза, йӕ сӕныл хъацӕнтӕ ӕркодта ӕмӕ йӕ хӕдзары фынгтӕ ӕрӕвӕрдта (Ӕмб. 9:2). Уый фӕстӕ 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм стихты кӕсӕм: «Ӕнӕзонд чи у, уыдонӕн... загъта: „Рацӕут, фенут мын мӕ конд дзулӕй“». Ӕцӕг зонды хӕдзармӕ цӕмӕн хъуамӕ бацӕуӕм ӕмӕ йын йӕ хӕринӕгтӕй цӕмӕн хъуамӕ хӕрӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ уой зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ сыл ӕвзӕрӕй мацы ’рцӕуа. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй рӕдийӕм ӕмӕ-иу фӕсмойнаг фӕуӕм, ӕмӕ-иу цӕуылдӕрты афтӕмӕй сахуыр уӕм. Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис: «Уымӕ рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕвӕрд уыдзӕн куырыхон зонд» (Ӕмб. 2:7). Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, ома йӕ куы нымайӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Ӕмӕ-иу ын йӕ уынаффӕтӕ куы фехъусӕм, уӕд-иу сӕм уайтагъд байхъусдзыстӕм (Иак. 1:25). w23.06 23, 24 фф., 14, 15 абз.

Ӕртыццӕг, 29 январь

Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон (Дзут. 6:10).

Кӕд Йегъовӕйы хъуыддаджы, цас нӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын нӕ бон нӕу, уӕддӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ уыны, йӕ зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй цы аразӕм, уый. Ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йегъовӕ пехуымпар Захарийӕн загъта, цӕмӕй, дзуттӕгтӕ Вавилонӕй Иерусалиммӕ цы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист ӕрбарвыстой, уымӕй кадыхуд скодтаид (Зах. 6:11). Уыцы «рӕсугъд кадыхуд» уыди зӕрдыл дарынӕн, цӕмӕй сӕ рӕдау мысайнӕгтӕ рох ма уыдаиккой (Зах. 6:14). Ӕмӕ Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн, мах дӕр ын тыхст рӕстӕджы зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый. Ацы фӕстаг бонты зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Ӕмӕ фидӕны та уавӕр, гӕнӕн ис, ноджы фыддӕр фӕуа (2 Тим. 3:1, 13). Фӕлӕ-иу хъуамӕ мӕты ма бафтӕм ӕмӕ ма стыхсӕм. Аггейы рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз уемӕ дӕн... [...] Ма тӕрсут» (Аг. 2:4, 5). Ӕмӕ немӕ дӕр уыдзӕн, йӕ фӕндон ын зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. w23.11 19 ф., 20, 21 абз.

Цыппӕрӕм, 30 январь

Ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн (Лук. 5:8).

Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ апостол Петры рӕдыдтыты ӕмӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй Библийы ма ныффыссын кодтаид, фӕлӕ сӕ ныффыссын кодта. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй мах уыдӕттӕй цӕуылдӕр сахуыр уӕм (2 Тим. 3:16, 17). Куы базонӕм Петры хъӕндзинӕдты тыххӕй, стӕй-иу цы ’нкъардта, уыдӕтты тыххӕй, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕ нӕ ӕххӕстдзинад кӕй нӕ домы. Уый фӕнды, цӕмӕй-иу, куы фӕрӕдийӕм, уӕддӕр нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм ӕмӕ дарддӕр архайӕм, цӕмӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Исты нын куы нӕ уайа, уӕд дӕр-иу нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм? Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цавӕрдӕр хъӕндзинадӕй фервӕзтыстӕм, уӕддӕр та, гӕнӕн ис, ногӕй фӕрӕдийӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафта. Махӕй алчидӕр фӕзӕгъы кӕнӕ саразы, фӕстӕдӕр цӕуыл фӕфӕсмон кӕны, ахӕм цыдӕртӕ. Фӕлӕ нӕ къухтӕ куы не ’руадзӕм, уӕд нын Йегъовӕ ивынӕн ӕххуыс кӕндзӕн (1 Пет. 5:10). Кӕд-иу Петр фӕрӕдыд, уӕддӕр-иу ӕм Йесо фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста. Ӕмӕ-иу ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. w23.09 20 ф., 2, 3 абз.

Майрӕмбон, 31 январь

Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид (Иоан. 11:21).

Йесойӕн ӕцӕгдӕр йӕ бон уыд Лазӕры сдзӕбӕх кӕнын, Марфӕ куыд загъта, афтӕ. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты абоны стихы. Фӕлӕ Йесо фӕнд кӕны ноджы диссагдӕр хъуыддаг саразын. Йесо Марфӕйӕн загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:23, 25). Ӕмӕ йӕ цӕмӕй уый ноджы тынгдӕр бауырныдтаид, уый тыххӕй ма йын загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард». Хуыцау Йесойӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ йӕ бар цӕуы мӕлӕтыл дӕр. Йӕ бон у, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын. Уый размӕ райгас кодта гыццыл чызджы, куы амард, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Стӕй ма райгас кодта ӕрыгон лӕппуйы, ӕвӕццӕгӕн, куы амард, уыцы бон (Лук. 7:11–15; 8:49–55). Фӕлӕ цымӕ йӕ бон бауыдзӕн, цыппар боны мард чи уыд ӕмӕ йӕ буар ӕмбийын кӕмӕн райдыдта, уый райгас кӕнын? Лазӕры иннӕ хо дӕр, Марийӕ, Йесойы размӕ рацыд. Ӕмӕ йын уый дӕр загъта, йӕ хо куыд загъта, афтӕ: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид» (Иоан. 11:21). Йесо Марийӕйы ӕмӕ иннӕты кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр нынкъард. Йе ’мбӕлттӕн афтӕ тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ скуыдта. Йесо ӕмбӕрста, адӕймагӕн куыд зын вӕййы, зынаргъ ын чи у, уый куы амӕлы, уӕд. Ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд цыдӕр саразын, цӕмӕй сӕ цӕссыг цинмӕ раивтаид. w23.04 10, 11 фф., 12, 13 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын