Февраль
Сабат, 1 февраль
Ӕз [уӕ] фехъусдзынӕн (Йер. 29:12).
Паддзах Езеки тынг куы фӕрынчын, уӕд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ сдзӕбӕх кодта (2 Пад. 20:1–6). Фӕлӕ йын апостол Павел куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ «буары... сындзӕй» фервӕзын кодтаид, уӕд ӕй Йегъовӕ уымӕй нӕ фервӕзын кодта (2 Кор. 12:7–9). Апостолтӕ Иаковы ӕмӕ Петры паддзах Ирод марынмӕ хъавыд. Ирод Иаковы амарын кодта, Петры та зӕд фервӕзын кодта (Хъуыд. 12:1–11). Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм: «Кӕд Йегъовӕ Петры фервӕзын кодта, уӕд Иаковы цӕуылнӕ фервӕзын кодта?» Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕмӕ «хӕрамӕй... [кӕй] ницы ис», йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр раст кӕй сты (Дык. з. 32:4). Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн, куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ нӕ ратты дзуапп. Фӕлӕ йӕ зонӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕхъаст кӕнӕм, цы дзуапп нын радта, уымӕй (Иов 33:13). w23.11 21 ф., 6 абз.
Хуыцаубон, 2 февраль
Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс (Иак. 3:17).
Хуыцау Иаковӕн ныффыссын кодта, зондджын адӕймаг кӕй вӕййы «коммӕгӕс». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уӕм, Йегъовӕ цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсынмӕ, ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ фӕндгӕ дӕр кӕна. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нын йӕ закъӕттӕ чи халын кӕны, уыдонмӕ дӕр хъуамӕ хъусӕм (Хъуыд. 4:18–20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕнцондӕр у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у ӕххӕст, ӕмӕ алкӕддӕр фӕдӕтты раст разамынд (Пс. 19:7). Адӕмӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ уӕларвон Фыд ныййарджытӕн, хицӕуттӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр цавӕрдӕр бартӕ радта (Ӕмб. 6:20; 1 Фес. 5:12; 1 Пет. 2:13, 14). Ӕмӕ сӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд фӕкӕсӕм Йегъовӕйы коммӕ. w23.10 6 ф., 2, 3 абз.
Къуырисӕр, 3 февраль
Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг (Рарг. 21:5).
Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн иу мадзал у, Йегъовӕмӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕнын. Ахӕм тых ӕм ис, ӕмӕ йӕ бон у, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнын. Исты Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу?! (Иов 42:2; Мар. 10:27; Еф. 3:20). Ацӕргӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн загъта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн (Райд. 17:15–17). Стӕй ма Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй ратдзӕн Ханааны зӕхх. Авраамы байзӕддӕгтӕ – израилӕгтӕ – бирӕ азты дӕргъы Египеты уыдысты цагъартӕ. Ӕмӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кастаид, ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд никуы сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ сӕххӕст. Йегъовӕ ӕнӕцыд ӕрыгон чызг Марийӕйӕн загъта, кӕй йын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ уый кӕй уыдзӕн Хуыцауы Фырт. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдаид, Йегъовӕ цалдӕр мин азы размӕ Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый (Райд. 3:15). Йегъовӕ-иу зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ-иу йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, стыр тыхы хицау кӕй у (Йес. Н. 23:14; Ис. 55:10, 11). w23.04 28 ф., 10–12 абз.
Дыццӕг, 4 февраль
О Йегъовӕ, фехъус мын мӕ куывд, дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм (Пс. 143:1).
Йегъовӕ Давиды куывдтытӕн дзуапп радта ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕй фервӕзын кодта (1 Сам. 19:10, 18–20; 2 Сам. 5:17–25). Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (Пс. 145:18). Йегъовӕ-иу нын нӕ куывдтытӕн, мах цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, алы хатт ахӕм дзуапп нӕ ратдзӕн. Апостол Павел Хуыцауӕй ӕртӕ хатты куырдта, цӕмӕй йӕ фервӕзын кодтаид, йӕ буары цы «сындз» уыд, уымӕй. Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕн дзуапп радта? О, фӕлӕ, Павел куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ нӕ. Йегъовӕ йӕ уыцы «сындзӕй» нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын радта тыхтӕ, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаид (2 Кор. 12:7–10). Махӕн дӕр Йегъовӕ, гӕнӕн ис, цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ахӕм дзуапп ма ратта. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕйӕ хуыздӕр ӕй ничи зоны, куыд нын хъӕуы баххуыс кӕнын. Уымӕн йӕ бон у, «цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын» (Еф. 3:20). Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ куывдтытӕн, гӕнӕн ис, дзуапп ратта, ӕнхъӕл кӕд нӕ вӕййӕм, уӕд ӕмӕ, ӕнхъӕл куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ. w23.05 8, 9 фф., 4–6 абз.
Ӕртыццӕг, 5 февраль
Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты (Иоан. 5:28, 29).
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ махӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ахъуыды кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонӕм, райсом цы уыдзӕн, уый. Гӕнӕн ис, уӕззау низӕй фӕрынчын уӕм кӕнӕ та нын зынаргъ чи у, уыдонӕй исчи ӕнӕнхъӕлӕджы амӕла (Еккл. 9:11; Иак. 4:13, 14). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ кӕй уырны, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы ахӕм зындзинӕдтӕ сфӕразын (1 Фес. 4:13). Библийы фыст ис, нӕ уӕларвон Фыд нӕ хорз кӕй зоны ӕмӕ нӕ тынг кӕй уарзы (Лук. 12:7). Уый нӕ афтӕ хорз зоны, ӕмӕ нӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдыстӕм, ахӕмтӕй, ӕмӕ алцыдӕр хъуыды кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын ӕнусон цард балӕвар кӕндзӕн. Ӕмӕ исты куы кӕнӕм, уӕддӕр нӕ райгас кӕндзӕн. Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый? Исчи нын истӕмӕй зӕрдӕ куы бавӕра ӕмӕ куы зонӕм, цы нын загъта, уый саразын ӕй кӕй фӕнды ӕмӕ уый бакӕнын йӕ бон дӕр кӕй у, уӕд ыл баууӕнддзыстӕм. w23.04 8, 9 фф., 2–4 абз.
Цыппӕрӕм, 6 февраль
[Иосиф ӕмӕ Марийӕ] алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ (Лук. 2:41).
Иосиф ӕмӕ Марийӕ иумӕ архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хӕлар уыдаид. Ӕмбӕрстой йӕ, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйӕн, куыд бинонтӕ, афтӕ лӕггад кӕнын (Лук. 2:22–24, 41; 4:16). Сымахӕн дӕр уӕ бон у Иосиф ӕмӕ Марийӕйы бафӕзмын. Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уын, чи зоны, ӕнцон нӕ вӕййы ӕмбырдтӕм цӕуын кӕнӕ бинонты ахуырӕн рӕстӕг ссарын. Чи зоны уын ноджы зындӕр та вӕййы рӕстӕг ссарын, цӕмӕй уӕ дыууӕ иумӕ Библи раиртасат ӕмӕ Хуыцаумӕ скуват. Фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут: Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иумӕ куы аразат, уӕд уымӕ дӕр ӕмӕ уӕ кӕрӕдзимӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстут. Уӕдӕ уын Йегъовӕ алкӕддӕр фыццаг бынаты уӕд! Кӕд уӕ кӕрӕдзийӕ адард стут, уӕд уӕ, чи зоны, нӕ фӕфӕнды иумӕ бинонты ахуыр уадзын. Ахӕм уавӕры уӕ бон цы у саразын? Райдайут уал цыбыр ӕмӕ, уӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр чи цӕуы, ахӕм ӕрмӕгӕй. Уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр суыдзыстут ӕмӕ уӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иумӕ аразын. w23.05 22 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 7 февраль
Овади Йегъовӕйӕ тынг тарст (1 Пад. 18:3).
Овади Йегъовӕйӕ кӕй тарст, уый фӕрцы уыди ӕууӕнкджын ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг. Ӕмӕ йӕ паддзах йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕй дӕр уый тыххӕй сӕвӕрдта. (Абар Нееми 7:2.) Овади Хуыцауӕй кӕй тарст, уый фӕрцы равдыста стыр хъӕбатырдзинад дӕр. Уыцы миниуӕг та йӕ тынг хъуыди. Уый цард, Ахав паддзах куы уыд, уыцы рӕстӕг (1 Пад. 16:30). Уымӕй уӕлдай ма Ахавы ус Йезавел куывта Ваалӕн. Уый Йегъовӕйӕ йе сӕфт афтӕ тынг уыдта, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй цӕгатаг паддзахады раст дин скуынӕг кодтаид. Суанг ма Йегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕты маргӕ дӕр акодта (1 Пад. 18:4). Йезавел Хуыцауы пехуымпарты куы мардта, уӕд Овади равдыста стыр хъӕбатырдзинад. Пехуымпартӕй сӕдӕйы акодта ӕмӕ сӕ «лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй... ӕмбӕхста ӕмӕ сын уырдӕм дзул ӕмӕ дон... хаста» (1 Пад. 18:13, 14). Уый Йезавел куы базыдтаид, уӕд ӕй удӕгасӕй нӕ ныууагътаид. Ӕмӕ Овади тӕрсгӕ дӕр куыннӕ кодтаид, мӕлын ӕй кӕцӕй фӕндыд. Фӕлӕ йын Йегъовӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕхи цардӕй зынаргъдӕр уыдысты. w23.06 16 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 8 февраль
Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау... цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны (Ис. 48:17).
Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, афтӕ абон дӕр йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты. Уый аразы йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ Фырты уылты – куыд загътам, афтӕмӕй Йесойы сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы. Фӕлӕ адӕмӕй дӕр кӕйдӕрты равзары, цӕмӕй уыдоны уылты дӕр разамынд дӕтта. 19 ӕнусы кӕрон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон-ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Чарлз Тейз Ра́сселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ гыццылгай ӕмбарын райдыдтой, 1914 азы тынг ахсджиаг хабар кӕй ӕрцӕудзӕн (Дан. 4:25, 26). Ахӕм хатдзӕгмӕ уымӕн ӕрцыдысты, ӕмӕ Библи иртӕстой ӕмӕ сӕ уырныдта, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый. Ис зӕгъӕн, ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта Библи иртасынӕн? Ууыл дзырд дӕр нӕй. 1914 азы дунейы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Райдыдта Фыццаг дунеон хӕст, уый фӕстӕ сыстад низтӕ, цыд зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ адӕм ӕййӕфтой хӕринагхъуаг (Лук. 21:10, 11). Бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы чырыстон нӕлгоймӕгты уылты йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта. w24.02 22 ф., 11 абз.
Хуыцаубон, 9 февраль
Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны (Пс. 34:19).
Мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ ӕппӕты хуыздӕр цард кӕй зӕгъы (Ром. 8:35–39). Стӕй ма йӕ зонӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын алкӕддӕр стыр ӕххуыс кӕй фӕвӕййынц (Ис. 48:17, 18). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм, ӕнхъӕл кӕмӕн не стӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Ӕмӕ-иу уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕй чидӕр смаст кодта. Кӕмӕндӕр йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта кӕнӕ уӕззау низӕй фӕрынчын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нӕу Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразын. Кӕмӕндӕрты ӕрдзон бӕллӕх зиан ӕрхаста. Чидӕртӕ та сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм: «Ахӕм хабар мӕныл цӕмӕн ӕрцыд? Мыййаг, истӕмӕй фӕрӕдыдтӕн? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мын Йегъовӕ нӕ арфӕ кӕны?» Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Ахӕм хъуыдытӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕм уыди ӕмӕ вӕййы (Пс. 22:1, 2; Ав. 1:2, 3). w23.04 14 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 10 февраль
Ӕз мӕ зӕрдӕ уымӕ сарӕзтон, цӕмӕй дын дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон ӕнустӕм (Пс. 119:112).
Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ хъуыддӕгты ӕмӕ нӕ хъуыдыты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ уайтагъд нӕ сӕрӕй фӕсурӕм чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ фӕцӕудзӕн, ахӕмӕй мацы аразӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын уӕм «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» (Ром. 6:17). Нӕ бон нӕу равзар-бавзар кӕнын, зӕгъгӕ, ацы закъӕттӕ ӕххӕст кӕндзынӕн, адон та – нӕ. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, йӕ амындтӕ нын алкӕддӕр пайда кӕй вӕййынц (Ис. 48:17, 18; 1 Кор. 6:9, 10). Хӕйрӕг не знӕгты ахӕм зондыл саразы, цӕмӕй-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм сӕ къух сисой, фыдмитӕ сын кӕной кӕнӕ сӕ тӕрсын кӕной. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ «аныхъуыра», ома цӕмӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм (1 Пет. 5:8). 1 ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм-иу ӕртхъирӕн кодтой, фӕнадтой-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕ маргӕ дӕр акодтой, Хуыцауы закъӕттыл фидар кӕй хӕцыдысты, уый тыххӕй (Хъуыд. 5:27, 28, 40; 7:54–60). Хӕйрӕг абон дӕр уыцы мадзалӕй пайда кӕны. Уый бӕрӕг у, Уӕрӕсейы ӕмӕ ма кӕцыдӕр бӕстӕты хицауӕдтӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты карзӕй кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ сын фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уымӕй. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ та ӕфхӕрд ӕййафынц ӕндӕр хуызы дӕр. Хӕйрӕг ма фӕархайы хинӕй дӕр, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ «хинмитӕм» дӕр нӕ хъус дарӕм (Еф. 6:11). w23.07 15, 16 фф., 6–9 абз.
Дыццӕг, 11 февраль
Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм (Еф. 4:15).
Хуыцауы Ныхас цас фылдӕр ахуыр кӕнай, уыйас Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзынӕ ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Стӕй уынаффӕтӕ рахӕсыс Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уымӕй уӕлдай, ивыс дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ цард, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ сывӕллоны куыд фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ ныййарджыты хуызӕн уа, афтӕ ды дӕр архайыс, цӕмӕй уай дӕ уӕларвон Фыды хуызӕн (Еф. 5:1, 2). Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Чырыстон куы сдӕн, уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтон? Фылдӕр райдыдтон, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ, уый куыд архайы, афтӕ архайын? Зӕгъӕм, мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты тынгдӕр бауарзтон?» Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, «райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый» афтӕ тыхджын нал у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ахӕм уавӕры уыдысты 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ. Фӕлӕ сыл Йесо йӕ къух нӕ систа, ӕмӕ дӕуыл дӕр йӕ къух нӕ сисдзӕн (Рарг. 2:4, 7). Уый зоны, рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нӕ зӕрдӕты цы уарзондзинады зынг ссыгъд, уый та ногӕй ссудзӕн кӕй ис. w23.07 8 ф., 2, 3 абз.
Ӕртыццӕг, 12 февраль
О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ (Пс. 86:5).
Апостол Петр цалдӕр рӕдыды ӕруагъта. Ӕмӕ йӕ уыдон ӕркодтой йӕ царды ӕппӕты стырдӕр рӕдыдмӕ. Петр йӕхицӕй уыд ныфсджын. Уый йӕхицӕй ӕппӕлыд, иннӕ апостолтӕ Йесойы куы ныууадзой, уӕддӕр ӕй уый кӕй нӕ ныууадздзӕн (Мар. 14:27–29). Фӕстӕдӕр, Петр цалдӕр хатты бафынӕй (Мар. 14:32, 37–41). Уый фӕстӕ та, адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд ӕй Петр ныууагъта ӕмӕ алыгъд (Мар. 14:50). Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, ӕмӕ ма сомытӕ кӕнын дӕр райдыдта (Мар. 14:66–71). Петр йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта (Мар. 14:72). Йесо Петрӕн йӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, фӕлӕ йе ’мбалӕн йӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодта (Иоан. 21:15–17). Петр зыдта, стыр рӕдыд кӕй ӕруагъта, фӕлӕ йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ницы пайда мӕ ис, зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йесо йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл йӕ къух кӕй нӕ систа. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, ууыл (Ром. 8:38, 39). w24.03 18, 19 фф., 13–15 абз.
Цыппӕрӕм, 13 февраль
Мӕрдтӕм кӕй барвыста, уыдонӕн нымӕц дӕр нӕй (Ӕмб. 7:26).
Хӕтындзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ арӕх уымӕ ӕркӕнынц, ӕмӕ адӕймаг йӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсы, йӕ цӕсгом ӕй фӕхӕры, сылгоймаг басывӕрджын вӕййы, нӕ йӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй, кӕмӕндӕрты та сӕ бинонты цард дӕр фехӕлы. Уӕдӕ зондджын адӕймаг ӕнӕзонд сылгоймаджы «хӕдзармӕ» хӕстӕг дӕр нӕ бацӕудзӕн. Йӕ хӕдзармӕ йын чи бацӕуа, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт, ома Йегъовӕйы цӕсты мардӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн. Стӕй, хӕтгӕ чи кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ фӕрынчын вӕййынц цавӕрдӕр низтӕй дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр акӕнынц (Ӕмб. 7:23). Ӕмбисӕндты 9-ӕм сӕры 18-ӕм стихы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Мидӕмӕ кӕй бакодта, уыдон... сты ингӕны арфы». Ӕмӕ уӕд бирӕтӕ куыд фӕсайды вӕййынц ӕмӕ цӕмӕн бацӕуынц йӕ хӕдзармӕ? (Ӕмб. 9:13–18). Бирӕтӕ бахауынц порнографийы къӕппӕджы. Кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, порнографимӕ куы кӕсой, уӕд сын уымӕй ницы уыдзӕн. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та порнографи хӕссы стыр зиан, адӕймаг ыл фӕцахуыр вӕййы, йӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр нал фӕнымайы ӕмӕ иннӕтӕм дӕр раст цӕстӕй нал фӕкӕсы. Хӕлд нывтӕ зонды ныффидар вӕййынц ӕмӕ сӕ ферох кӕнын зын вӕййы. Уымӕй уӕлдай, порнографи тӕригъӕдджын буары монцтӕ амарынӕн ницы ӕххуыс у, тынгдӕр ма сӕ ссудзы (Кол. 3:5; Иак. 1:14, 15). Ӕмӕ, порнографимӕ чи фӕкӕсы, уыдонӕй бирӕты уый хӕтындзинадмӕ дӕр ӕркӕны. w23.06 23 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 14 февраль
Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм (Дан. 2:44).
Кӕд кӕцыдӕр бӕстӕты хицауӕдтӕ Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты бынатмӕ бахъав-бахъав фӕкӕнынц, уӕддӕр йӕ бӕсты ӕндӕр паддзахад не суыдзӕн дунеон паддзахад. Уый кӕцӕй зонӕм? «Дур», ома Хуыцауы Паддзахад, ныппырх кӕндзӕн къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ, ома Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ (Дан. 2:34, 35, 44, 45). Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый дӕ куы уырна, уӕд уый фӕзындзӕн дӕ цардыл дӕр. Бирӕ ӕхца ӕмӕ дӕм бирӕ мулк уа, уымӕ нӕ тырндзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, тагъд ацы фыддунейӕн йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Лук. 12:16–21; 1 Иоан. 2:15–17). Стӕй ӕмбардзынӕ, куыд ахсджиаг у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 6:33; 28:18–20). Ацы пехуымпарад куы раиртасай, уӕд-иу ахъуыды кӕн ацы фарстайыл: «Цы уынаффӕтӕ хӕссын, уыдонӕй бӕрӕг у, кӕй мӕ уырны, тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ дӕр кӕй фесафдзӕн?» w23.08 11 ф., 13, 14 абз.
Сабат, 15 февраль
Алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй (Ром. 14:12).
Бонзонгӕ у. Чи зоны, дӕ кары, де ’нӕниздзинады кӕнӕ дӕ уавӕрты тыххӕй ныртӕккӕ дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын. Уӕд дӕ бон у Верзелийы бафӕзмын. Уый уыд ацӕргӕ ӕмӕ йе ’нӕниздзинад дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕцудыдта, ӕмӕ уый тыххӕй цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл не сразы (2 Сам. 19:35, 36). Кӕнӕ дӕ бон у Моисейы бафӕзмын. Исчи дын баххуыс кӕнынмӕ куы хъава, уӕд-иу сразы у. Кӕнӕ, куы хъӕуа, уӕд-иу дӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ иннӕты бар бакӕн (Рац. 18:21, 22). Бонзонгӕ куы уай, уӕд, дӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм нӕ тырндзынӕ ӕмӕ-иу нӕ бафӕллайдзынӕ. Исчи раст уынаффӕ куы нӕ рахӕсса, уӕд хъуамӕ нӕхи ма аххосджын кӕнӕм. Иннӕты бӕсты уынаффӕ нӕ рахӕсдзынӕ. Ӕмӕ исчи раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссы, уӕд дӕр алы хатт нӕ бон нӕ вӕййы, уый цы фӕстиуджытӕм ӕркӕны, уыдонӕй йӕ бахизын. Зӕгъӕм, вӕййы афтӕ, ӕмӕ кӕмӕндӕр йӕ лӕппу кӕнӕ йӕ чызг Йегъовӕйы ныууагъта. Уый ныййарджытӕн ӕрхӕссы, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм стыр маст. Фӕлӕ уый тыххӕй сӕхи куы аххосджын кӕной, уӕд сын уый суыдзӕн уӕззау уаргъ. Ӕмӕ Йегъовӕ та афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ ахӕм уаргъ хъуамӕ хӕссой (Ром. 14:12). w23.08 29 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 16 февраль
Самсон бауарзта иу сылгоймаджы, Далидӕ, зӕгъгӕ (Тӕрх. 16:4).
Самсон дӕр махау ӕнӕххӕст адӕймаг уыд. Ӕмӕ-иу алы хатт раст уынаффӕ нӕ рахаста. Уӕлдайдӕр иухатт тынг фӕрӕдыд, ӕмӕ йӕхи фыдбылызы баппӕрста. «Самсон бауарзта иу сылгоймаджы, Далидӕ, зӕгъгӕ. Уый цард Сорекы дӕлвӕзы». Уӕдмӕ Самсон цасдӕр рӕстӕг уыд тӕрхонгӕнӕг. Уый размӕ хъавыд иу филистимаг сылгоймаджы ракурынмӕ. Уый йын Йегъовӕ аразын кодта, цӕмӕй йын фадат уыдаид филистимӕгтимӕ тох кӕнынӕн. Фӕстӕдӕр та ӕрлӕууыд иу хӕтаг сылгоймаджы хӕдзары филистимаг горӕт Газӕйы. Уӕд Хуыцау Самсонӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ горӕты кулдуар рафтыдта ӕмӕ йӕ хохы цъупмӕ ахаста. Афтӕмӕй горӕт хъахъхъӕд нал уыди (Тӕрх. 14:1–4; 16:1–3). Фӕлӕ Далидӕйы хабар ӕндӕрхуызон уыд. Уый, ӕвӕццӕгӕн, израилаг уыд. Уымӕ гӕсгӕ, Самсон ӕй кӕй бауарзта ӕмӕ йемӕ кӕй ӕмбӕлд, уый йын филистимӕгтимӕ тох кӕнынӕн ницы ӕххуыс уыди. Самсон уӕд Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ нӕ архайдта. Далидӕйӕн филистимӕгтӕ бафыстой бирӕ ’хца, цӕмӕй сын Самсоны ауӕй кодтаид. w23.09 5 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 17 февраль
Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы (Ӕмб. 19:11).
Ӕмбаргӕдзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын фӕлмӕн удыхъӕд уа. Ӕмбаргӕ, арфуынӕг адӕймаг йӕхиуыл фӕхӕцы, исчи йӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй хынцфарст куы фӕкӕны, уӕд. Иуӕй-иу фарстатӕ вӕййынц айсбергы хуызӕн. Айсбергӕн йӕ фылдӕр хай доны бын вӕййы ӕмӕ нӕ фӕзыны. Раст афтӕ, исчи нӕ истӕмӕй куы фӕфӕрсы, уӕд ӕй арӕх нӕ фӕзонӕм, афтӕ нӕ цӕмӕн фӕрсы. Ӕмӕ хорз уыдзӕн, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, цалынмӕ йын дзуапп раттӕм, уӕдмӕ (Ӕмб. 16:23). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Гедеон ефремӕгтӕн цавӕр дзуапп радта, уый. Уыдон ӕм смӕсты сты, раздӕр, дам, нӕм цӕуылнӕ фӕдзырдтай, Израилы знӕгтимӕ хӕцынмӕ куы цыдтӕ, уӕд. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгӕй та цӕмӕн смӕсты сты? Чи зоны сӕм хъыг фӕкаст, Гедеон сӕм уайтагъд кӕй нӕ фӕдзырдта, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, Гедеон равдыста ӕмбаргӕдзинад – се ’нкъарӕнтыл сын ахъуыды кодта ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй дзуапп радта. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр «сӕ маст ссыди» (Тӕрх. 8:1–3). w23.09 16, 17 фф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 18 февраль
Ӕз уыдтӕн йе стыр цин алы бон дӕр (Ӕмб. 8:30).
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, афтӕ ничи. Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ куыннӕ скъуыдтӕ кодта, йӕ Фырты йын кӕй ӕфхӕрынц, кӕй йӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ куыд хъизӕмар кӕны, уый уынгӕйӕ! Йӕ хъӕбул кӕмӕн амард, уыцы ныййарджытӕ хорз зонынц, уый куыд зын у ӕмӕ зӕрдӕ цы дудгӕ рыст фӕкӕны, уый. Кӕд ӕй зонӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уӕддӕр тынг фӕмаст кӕнӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд. Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ куыд хъыг кодта, н. э. 33 азы 14 нисаны йӕ уарзон Фырт тухӕнтӕ кӕнгӕйӕ куы амард, уӕд (Матф. 3:17). Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма иуцасдӕр баззад. Дӕ бон у, дӕхӕдӕг Библи куы иртасай, уӕд Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг бацагурын кӕнӕ та ууыл ис бинонты ахуыры рӕстӕг аныхас кӕнӕн. Ӕрымысӕн изӕры бон-иу ӕнӕмӕнг бакӕс видеороликмӕ «Ӕрымысӕн изӕры бон райсомӕй ныхас кӕнӕм Библийыл». Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ зӕрдӕ куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын уыцы ахсджиаг хабар пайда ӕрхӕсса (Езд. 7:10). w24.01 11 ф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 19 февраль
[Йегъовӕ] уӕ бафидар... кӕндзӕн (1 Пет. 5:10).
Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд-иу нын ратдзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» (2 Кор. 4:7). Йегъовӕ ма нын тыхтӕ дӕтдзӕн, йӕ Ныхас ын куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Пс. 86:11). Хуыцауы Ныхасы ис «стыр тых» (Дзут. 4:12). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ Библи куы кӕсай, уӕд-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай, Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай ӕмӕ зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнай. Фенӕм-ма, Йегъовӕ пехуымпар Ионӕйы куыд бафидар кодта. Йегъовӕ Ионӕйӕн зын хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд Ионӕ фӕтарст ӕмӕ алыгъд. Науыл куы цыд, уӕд денджызы тыхдымгӕ сыстад ӕмӕ, гыццыл ма бахъӕуа, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, йемӕ науыл чи цыд, уыдон дӕр бабын уыдаиккой. Уый фӕстӕ йӕ денджыздзаутӕ денджызы куы ныппӕрстой, уӕд ӕй стыр кӕсаг аныхъуырдта. Ионӕ уыд кӕсаджы хуылфы – уым уыди тынг талынг, ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр куыннӕ фӕкодтаид. Кӕсаджы хуылфмӕ бахаудзӕн, уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыд. Ионӕ иунӕгӕй кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд дзы хъарутӕ цӕй фӕрцы бацыд? Йегъовӕмӕ кӕй куывта, уый фӕрцы (Ионӕ 2:1, 2, 7). w23.10 13 ф., 4–6 абз.
Цыппӕрӕм, 20 февраль
Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон (1 Пет. 4:7).
Апостол Петр йӕ фыстӕджытӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕм ныффыста, фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ Ныхасмӕ хаст ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон абон махӕн дӕр пайда хӕссынц (Ром. 15:4). Абон бирӕтӕ Библийы пехуымпарӕдтыл не ’ууӕндынц. Иуӕй-иутӕ ныл фӕхудынц, зӕгъгӕ, дам, кӕдӕй дзурут, кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн. Чидӕртӕ та фӕзӕгъынц, кӕрон никуы уыдзӕн, зӕгъгӕ (2 Пет. 3:3, 4). Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ не ’мкусджытӕй, нӕ бинонтӕй кӕнӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕй куы хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад фӕцуда. Петр бамбарын кодта, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ ма рауайа. Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕ тагъд нӕ кӕны ацы фыддунейӕн кӕрон скӕнынмӕ. Фӕлӕ нын Петры ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕ рӕстӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тынг кӕй хицӕн кӕны, мах ӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй (2 Пет. 3:8, 9). Йегъовӕйӕн мин азы сты иу боны хуызӕн. Ӕмӕ у фӕразон, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Фӕлӕ, цы бон снысан кодта, уыцы бон куы ’рцӕуа, уӕд ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. w23.09 26, 27 фф., 2–5 абз.
Майрӕмбон, 21 февраль
Мах хъӕуы, цы фехъуыстам, уымӕ нӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарын, цӕмӕй нӕ уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса (Дзут. 2:1).
Апостол Павел Иудейӕйы цӕрӕг дзуттаг чырыстӕттӕм фыстӕг цӕмӕн ныффыста? Уый уыдаид сӕйраджыдӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Сӕ фылдӕр сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыдысты дзуттаг диныл хӕст. Ӕмӕ, чырыстӕттӕ кӕй систы, уый тыххӕй сыл дзуттаг дины разамонджытӕ худтаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕн нӕ уыд, Хуыцауӕн кӕм куывтаиккой, ахӕм стыр, рӕсугъд кувӕндон, нывондхӕссӕн, стӕй сын сауджынтӕ дӕр нӕ уыд. Кӕй сыл худтысты, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, сӕ ныфс асастаид ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдаид (Дзут. 3:12, 14). Кӕйдӕрты та дзы, чи зоны, бафӕндыдаид фӕстӕмӕ дзуттаг диныл ныххӕцын. Дыккаг: Павел уыцы чырыстӕттӕн загъта, кӕй нӕ архайдтой, цӕмӕй бамбӕрстаиккой Хуыцауы Ныхасы ног кӕнӕ арф хъуыдытӕ, ома «хъӕбӕр хӕринаг» (Дзут. 5:11–14). Ӕвӕццӕгӕн сӕ чидӕртӕ уӕддӕр Моисейы закъон ӕххӕст кодтой. w23.10 24, 25 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 22 февраль
Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ... [ныхас кӕн], цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл (1 Тим. 5:2).
Иуӕй-иу хотӕ мой не скӕнынц (Матф. 19:10–12). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕ иннӕтӕй цауддӕр сты. Ӕгас зӕххыл дӕр ӕнӕцыд хотӕ ӕмбырдты тынг бирӕ аразынц, ӕмӕ сын аргъ нӕй. Иннӕтӕн сӕ уарзондзинад кӕй не ’вгъау кӕнынц ӕмӕ сын зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы бирӕтӕн свӕййынц хоты ӕмӕ мадӕлты хуызӕн (Мар. 10:29, 30). Иуӕй-иутӕ дзы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. Ӕгас зӕххыл хорз хабар хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр хотӕ сты (Пс. 68:11). Фӕндид дӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын? Дӕ бон у ныртӕккӕ дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын. Ис пионерӕй кӕнӕ Вефилы лӕггад кӕнӕн кӕнӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнӕн. Кув, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Аныхас кӕн, ахӕм нысан йӕ къухы кӕмӕн бафтыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Бафӕрс сӕ, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй афтӕ лӕггад кӕнай. Уый фӕстӕ скӕн, дӕ нысанмӕ куыд тырндзынӕ, уый пълан. Дӕ нысан дӕ къухы куы бафта, уӕд дын фӕзындзӕн бирӕ ӕндӕр диссаджы фадӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. w23.12 22 ф., 16, 17 абз.
Хуыцаубон, 23 февраль
Ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ хорз хабар... хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10).
Стыр бӕллӕх къӕсӕрыл ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон тынг ахсджиаг у Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ нын, чи зоны, зын у нӕ тыхтӕ хъусын кӕнынмӕ саразын, уымӕн ӕмӕ ӕхцайӕ фӕтыхстыстӕм кӕнӕ та нӕ бӕстӕйы Хуыцауы адӕмы хъусын кӕнын нӕ уадзынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддаг царды фыццаг бынаты уа? Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» немӕ кӕй ис. Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ нын нӕхи хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр куы уой, уӕд нын ӕнӕмӕнгдӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм (Аг. 2:4). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕйраджыдӕр нӕ тыхтӕ саразӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй фервӕзой. Аггей Хуыцауы адӕмӕн загъта, цӕмӕй та Хуыцауы хъуыддагмӕ ногӕй бавнӕлдтаиккой. Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, афтӕ куы бакӕной, уӕд сын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Аг. 2:18, 19). Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уый нын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд. w23.11 16 ф., 8 абз.; 17 ф., 11 абз.
Къуырисӕр, 24 февраль
Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой (Ром. 3:23).
Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм апостол Павел ныффыста, адӕм се ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын кӕй сты. Цымӕ уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцау искӕй рӕстгӕнӕгыл, кӕнӕ ӕнӕфау адӕймагыл, банымайа ӕмӕ дзы райгонд уа? Павел ӕрхаста Авраамы цӕвиттон, цӕмӕй, ацы фарстайӕн дзуапп базонын кӕй фӕндыд, уыцы чырыстӕттӕн уый бамбарын кодтаид. Йегъовӕ Авраамы рӕстгӕнӕгыл банымадта, уый Ханааны куы цард, уӕд. Цымӕ йӕ рӕстгӕнӕг цӕмӕн схуыдта? Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ (Ром. 4:13). Йегъовӕ Моисейы закъон израилӕгтӕн радта, Авраамы рӕстгӕнӕг куы схуыдта, уымӕй 400 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд. Йегъовӕ Аврааммӕ равдыста стыр хорзӕх ӕмӕ йӕ рӕстгӕнӕгыл банымадта йӕ уырнындзинады тыххӕй (Ром. 4:2–4). w23.12 3 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 25 февраль
Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн (1 Аз. 17:2).
Пехуымпар Нафан ацы ныхӕстӕ паддзах Давидӕн цы ’хсӕв загъта, уыцы ’хсӕв Йегъовӕ Нафанӕн загъта, кувӕндон Давид кӕй нӕ сараздзӕн (1 Аз. 17:3, 4, 11, 12). Цымӕ уӕд Давид куыд бакодта? Йӕ фырт Соломоны кувӕндон саразынӕн цы ’хцатӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ бахъуыдаид, уыдон ӕмбырд кӕнынмӕ бавнӕлдта (1 Аз. 29:1–5). Йегъовӕ Давидӕн куы загъта, кувӕндон уый кӕй нӕ сараздзӕн, уӕд йемӕ скодта бадзырд. Зӕрдӕ йын бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕй иу ӕнустӕм паддзах кӕй уыдзӕн (2 Сам. 7:16). Ӕмӕ Давид ног дунейы Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг куы базона, Паддзах Йесо Чырысти йӕ байзӕддаг кӕй у, уӕд куыд цин кӕндзӕн! Давиды хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕм цы фӕндтӕ ис, уыдонӕй алкӕцы, чи зоны, нӕ къухы ма бафта. Фӕлӕ нын, гӕнӕн ис, нӕ Хуыцау ӕрцӕттӕ кодта ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕ, мах ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн не стӕм, ахӕмтӕ. w23.04 16 ф., 8–10 абз.
Ӕртыццӕг, 26 февраль
Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы (Пс. 94:14).
Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд дын Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ уӕлдай тынгдӕр баххуыс кӕндзысты, зӕгъӕм, Иовы чиныг, Псаломтӕ ӕмӕ Ӕмбисӕндтӕ, стӕй Матфейы чиныджы 6-ӕм сӕр (уым фыст сты Йесойы ныхӕстӕ). Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы кӕсай, уӕд ӕй банкъардзынӕ, дӕ зӕрдӕ дын куыд ӕрсабыр кодта. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ уыдзӕн нӕ фарсмӕ нӕ царды ӕппӕты ӕнамонддӕр бонты дӕр. Иунӕг никуы уыдзыстӕм (Пс. 23:4). Зӕрдӕ нын ӕвӕры, нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нын нӕ зонд кӕй хъахъхъӕндзӕн, кӕй нын дӕтдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй ма фӕцудӕм, иунӕгӕй нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ зӕрдӕ кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн. Йегъовӕйы тыххӕй Исайы 26:3 стихы фыст ис: «Фидар зондыл хӕст чи у, уыцы адӕймаджы ды схайджын кӕндзынӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ». Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл дар ӕмӕ-иу ӕй бауадз, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Ӕмӕ-иу дӕ уӕд суанг уӕззау рӕстӕджыты дӕр ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн. w24.01 25 ф., 16, 17 абз.
Цыппӕрӕм, 27 февраль
Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн (Ис 54:17).
Ацы стихы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц. Абон ма ӕххӕст кӕнынц мӕнӕ ацы ныфсы ныхӕстӕ дӕр: «Дӕ фыртты дын се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ, ӕмӕ дӕ фырттӕ хайджын уыдзысты ӕнӕкӕрон фарнӕй. Ды ӕрфидар уыдзынӕ рӕстдзинады. ...Никӕмӕй тӕрсдзынӕ. Уыдзынӕ дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй, уымӕн ӕмӕ дӕм хӕстӕг дӕр не ’рбацӕудзысты» (Ис. 54:13, 14). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн амонынц, Библи цы дзуры, уый. Ӕмӕ суанг Хӕйрӕгӕн дӕр, «ацы цардӕвӕрды хуыцауӕн», йӕ бон нӕу уыцы куыст бауромын (2 Кор. 4:4). Раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд ӕмӕ никуыуал ницӕмӕй фӕхъӕстӕ уыдзӕн. Уый уыдзӕн ӕнустӕм дӕр. Нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй нын иу дӕр ницы бакӕндзӕн! w24.02 4 ф., 10 абз.
Майрӕмбон, 28 февраль
Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый мӕн аккаг нӕу (Матф. 10:37).
Мах куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм, нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам ӕмӕ йын дзырд кӕй радтам, уымӕ. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, нӕ бинонтимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл нӕ уынаффӕ рахӕссын кӕнӕ, нӕ бинонтӕм байхъусдзыстӕм ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд. Мах тынг архайӕм, Библимӕ гӕсгӕ ныл нӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл. Фӕлӕ, нӕ бинонты цы фӕнды, уый нын Йегъовӕйы закъӕттӕй ахсджиагдӕр никуы вӕййы (Матф. 10:35, 36; 1 Тим. 5:8). Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ нӕ хатт бахъӕуы, нӕ бинонты зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссын. Йегъовӕ ӕрӕвӕрдта бындур бинонты цардӕн, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой (Еф. 3:14, 15). Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр аразӕм, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕныс ӕмӕ уыимӕ дӕ бинонтӕн дӕр хорз кӕй дӕ, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сын кӕй кад кӕныс, уымӕн (Ром. 12:10). w24.02 17 ф., 11 абз., 18 ф., 13 абз.