Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es25
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 мартъи
  • Хуыцаубон, 2 мартъи
  • Къуырисӕр, 3 мартъи
  • Дыццӕг, 4 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 5 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 6 мартъи
  • Майрӕмбон, 7 мартъи
  • Сабат, 8 мартъи
  • Хуыцаубон, 9 мартъи
  • Къуырисӕр, 10 мартъи
  • Дыццӕг, 11 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 12 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 13 мартъи
  • Майрӕмбон, 14 мартъи
  • Сабат, 15 мартъи
  • Хуыцаубон, 16 мартъи
  • Къуырисӕр, 17 мартъи
  • Дыццӕг, 18 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 19 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 20 мартъи
  • Майрӕмбон, 21 мартъи
  • Сабат, 22 мартъи
  • Хуыцаубон, 23 мартъи
  • Къуырисӕр, 24 мартъи
  • Дыццӕг, 25 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 26 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 27 мартъи
  • Майрӕмбон, 28 мартъи
  • Сабат, 29 мартъи
  • Хуыцаубон, 30 мартъи
  • Къуырисӕр, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
es25

Мартъи

Сабат, 1 мартъи

Уыцы ныфсӕй... фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн (Ром. 5:5).

Ног дуне нӕма ралӕууыд. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, зӕгъӕм, стъалытыл, бӕлӕстыл, цӕрӕгойтыл кӕнӕ адӕмыл. Кӕддӕр уыдон дӕр нӕ уыдысты. Фӕлӕ ныр афтӕ ничи зӕгъдзӕн, ӕцӕг не сты, зӕгъгӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн сты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ сфӕлдыста (Райд. 1:1, 26, 27). Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ног дуне кӕй уыдзӕн, уӕд уыцы зӕрдӕвӕрд дӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Уым адӕм уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм. Ног дуне ралӕудзӕн, Хуыцау цы бон снысан кодта, уыцы бон. Ӕмӕ нӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон куыд ӕцӕг сты, афтӕ ӕцӕг уыдзӕн ног дуне дӕр (Ис. 65:17; Рарг. 21:3, 4). Уӕдмӕ та уал алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай. Йегъовӕйӕ алкӕддӕр бузныг у Чырыстийы нывонды тыххӕй. Йегъовӕмӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕн. Ӕмӕ йӕм кӕй фӕрцы баввахсдӕр уыдзынӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ араз. Афтӕ куы кӕнай, уӕд уыдзынӕ, «Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта», уыдоны ’хсӕн! (Дзут. 6:11, 12). w23.04 31 ф., 18, 19 абз.

Хуыцаубон, 2 мартъи

Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ? (Иоан. 11:40).

Йесо арвмӕ скаст ӕмӕ хъӕрӕй скуывта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй, цы саразинаг уыд, уый тыххӕй адӕм Йегъовӕйы скадджын кодтаиккой. Уый фӕстӕ хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» (Иоан. 11:43). Ӕмӕ дын Лазӕр зӕппадзӕй куы рацӕуид! Йесо сарӕзта стыр диссаг. Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Ацы хабар нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл тынгдӕр ӕууӕндӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо Марфӕйӕн цы загъта, уый: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:23). Йегъовӕйау Йесойы дӕр фӕнды мӕрдты райгас кӕнын, ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр ис. Кӕй скуыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тынг бӕллы мӕлӕт фесафынмӕ ӕмӕ, мӕлӕт цы маст ӕмӕ рыст бавзарын кӕны, уымӕн кӕрон скӕнынмӕ. Лазӕр зӕппадзӕй куы рацыд, уӕд уымӕй Йесо равдыста, йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын. Стӕй ма иу хатт ахъуыды кӕнӕм, Марфӕйӕн цы загъта, ууыл, йӕ ныхӕстӕ фыст сты абоны стихы. Махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн. w23.04 11, 12 фф., 15, 16 абз.

Къуырисӕр, 3 мартъи

Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:18).

Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа ӕндӕрхуызон кувын. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕмӕ ис бӕлвырд фӕнд, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уӕд. Йегъовӕ фӕнд кӕны, абон кӕй тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм, уыцы зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон скӕнын. Зӕгъӕм, нал уыдзӕн ӕрдзон бӕллӕхтӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы (Дан. 2:44; Рарг. 21:3, 4). Уӕдмӕ та Хӕйрӕгӕн бар дӕтты, цӕмӕй ацы дунейы хицау уа (Иоан. 12:31; Рарг. 12:9). Йегъовӕ адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ныр куы скӕнид, уӕд афтӕ зынид, цыма Хӕйрӕг хорз хицау у. Фӕлӕ уал нӕ кӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын ныр не ’ххуыс кӕны. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн. w23.05 8 ф., 4 абз.; 9, 10 фф., 7, 8 абз.

Дыццӕг, 4 мартъи

Зонут, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый (Кол. 4:6).

Мах фӕнды, цӕмӕй иннӕ адӕм дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуой. Уый тыххӕй та сӕ хъӕуы фӕхонын. Уацамынды кӕй хондзыстӕм, уыдонӕй уӕлдай ма нӕ бон у, нӕ зонгӕтӕй нӕ кӕй фӕнды фӕхонын, уыдоны номхыгъд скӕнын. Ис фӕхонӕн нӕ хӕстӕджыты, не ’мкусджыты, нӕ къласӕгты кӕнӕ ма ӕндӕр искӕй. Кӕд нын мыхуыргонд хуынды гӕххӕттытӕ не сфаг уа, уӕд нӕ бон у адӕймагмӕ электронон хуынды гӕххӕтмӕ ссылкӕ арвитын. Чи йын цы зоны, уӕдта ма иууылдӕр ӕрбацыдысты (Еккл. 11:6). Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй фӕхонӕм, уыдонмӕ, гӕнӕн ис, фӕзына цавӕрдӕр фарстатӕ, уӕлдайдӕр кӕд ӕмбырдты никуы уыдысты, уӕд. Хорз уаид, рагацау-иу куы ахъуыды кӕниккам, адӕймаг нӕ цӕмӕй бафӕрсдзӕн, ууыл ӕмӕ дзуаппытӕ куы бацӕттӕ кӕниккам. Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт чи ’рбацӕуа, уыдонмӕ уый фӕстӕ, чи зоны, ӕндӕр фарстатӕ дӕр фӕзына. Мах фӕнды Ӕрымысӕн изӕры, уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразын, цӕмӕй, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдонӕн баххуыс кӕнӕм (Хъуыд. 13:48). w24.01 12 ф., 13, 15 абз.; 13 ф., 16 абз.

Ӕртыццӕг, 5 мартъи

Уӕ цард у, мӕнӕ мигъ иу гыццыл рӕстӕгмӕ куыд фӕзыны ӕмӕ стӕй куыд ӕрбайсӕфы, уый хуызӕн (Иак. 4:14).

Библийы фыст ис, кӕй райгас 9 адӕймаджы. Уыдонӕй аст сӕ райгасдзинады фӕстӕ цардысты зӕххыл. Хорз уаид, уыцы хабӕрттӕй алкӕцы дӕр лӕмбынӕг куы раиртасиккам. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы хабӕрттӕй дӕ бон базонын цы у. Зӕгъӕм, алы хабарӕй дӕр куыд у бӕрӕг, Хуыцауы кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны цардмӕ раздахын ӕмӕ йӕм ахӕм тых кӕй ис? Уӕлдайдӕр та-иу ахъуыды кӕн, Чырысти кӕй райгас, ууыл. Уый уыд ӕппӕты ахсджиагдӕр. Йесо куы райгас, уӕд ӕй уый фӕстӕ федтой цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы, ӕмӕ нын уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн (1 Кор. 15:3–6, 20–22). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый тыххӕй! Уый йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын, ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр ис. Уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, цӕмӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл макуы фӕдызӕрдыг уӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уый та махӕй алкӕмӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры: «Зынаргъ дын чи у, уыдон райгас уыдзысты!» (Иоан. 11:23). w23.04 8 ф., 2 абз.; 12 ф., 17 абз.; 13 ф., 20 абз.

Цыппӕрӕм, 6 мартъи

Дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу (Мих. 6:8).

Бонзонгӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад ӕнгом баст сты. Бонзонгӕ адӕймаг фембары, йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Сӕрныллӕг адӕймаг та иннӕтӕн фӕаргъ кӕны ӕмӕ сӕ йӕхицӕй уӕлдӕр февӕры (Фил. 2:3). Иу ныхасӕй, бонзонгӕ адӕймаг вӕййы сӕрныллӕг дӕр. Гедеон уыди бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг. Йегъовӕйы зӕд ын куы загъта, Йегъовӕ йӕ кӕй равзӕрста, цӕмӕй Израил хъомысджын мадиамӕгты къухӕй фервӕзын кодтаид, уӕд уыцы сӕрныллӕг адӕймаг загъта: «Манассийы мыггаджы ’хсӕн мӕ хӕдзарвӕндаг зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн» (Тӕрх. 6:15). Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн уыцы хъуыддаг саразын. Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы уыцы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодта. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уой бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг (Хъуыд. 20:18, 19). Уыдон сӕ курдиӕттӕй ӕмӕ се ’нтыстдзинӕдтӕй нӕ феппӕлынц. Куы фӕрӕдийынц, уӕд та афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ницӕйаг дӕн, зӕгъгӕ. w23.06 3 ф., 4, 5 абз.

Майрӕмбон, 7 мартъи

Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн (Райд. 3:15).

«Байзӕддаг» Хӕйрӕгӕн йӕ сӕр кӕд ныцъцъӕл кӕндзӕн, уымӕ хъӕудзӕн 1 000 азӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын (Рарг. 20:7–10). Библийы фыст ис, уӕдмӕ цавӕр диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй. Фыццаг уал хицауӕдтӕ фехъусын кӕндзысты «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» (1 Фес. 5:2, 3). Стӕй сӕхи мӕнг динтыл куы ныццӕвой, уӕд «ӕнӕнхъӕлӕджы» райдайдзӕн стыр бӕллӕх (Рарг. 17:16). Уый фӕстӕ Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн, ӕмӕ фысты сӕгътӕй ахицӕн кӕндзӕн (Матф. 25:31–33, 46). Фӕлӕ Хӕйрӕг дӕр ӕнцад нӕ баддзӕн. Уый Хуыцауы адӕмӕй йе сӕфт уыны. Ӕмӕ ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис – Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы – ахӕм зондыл сараздзӕн, цӕмӕй сыл йӕхи ныццӕва (Йез. 38:2, 10, 11). Зӕххыл ма чи уыдзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ кӕцыдӕр афон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты, цӕмӕй Чырыстиимӕ ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсадимӕ баиу уой ӕмӕ Армагеддоны хӕсты схӕцой. Уый уыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕронбӕттӕн (Матф. 24:31; Рарг. 16:14, 16). Ӕмӕ стӕй райдайдзӕн Чырыстийы миназон хицаудзинад (Рарг. 20:6). w23.10 20, 21 фф., 9, 10 абз.

Сабат, 8 мартъи

Дӕ цагъар йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕ тӕрсы (1 Пад. 18:12).

Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ цӕрынц, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты. Уыдон хицӕуттӕн кад кӕнынц, фӕлӕ Овадийау уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл сты иузӕрдион (Матф. 22:21). Хуыцауӕй кӕй тӕрсынц, уый уымӕй ӕвдисынц, ӕмӕ фыццаджыдӕр уымӕ хъусынц, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29). Уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕхи хъахъхъӕнынц, афтӕмӕй (Матф. 10:16, 28). Уыдон архайынц, цӕмӕй сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, уый сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕркӕсӕм Анрийы хабармӕ. Уый цӕры иу африкаг бӕстӕйы. Иуафон дзы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыди. Уыцы рӕстӕг-иу хъуыди хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг фӕхӕццӕ кӕнын. Ӕмӕ Анрийы бафӕндыд уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын. Уый ныффыста: «Ӕнӕуи мӕхӕдӕг ӕнӕныфсхаст адӕймаг дӕн. Ӕмӕ мын Йегъовӕ... радта хъӕбатырдзинад». Дӕумӕ дӕр Хуыцауы тас куы уа, уӕд уыдзынӕ Анрийы хуызӕн хъӕбатыр. w23.06 16 ф., 9, 11 абз.

Хуыцаубон, 9 мартъи

Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд (Ром. 5:12).

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хӕйрӕг бахъыгдардта Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын ӕмӕ зӕхх ӕххӕст, коммӕгӕс адӕмӕй нӕ байдзаг уыдзӕн? Хӕйрӕг, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы къуыммӕ батардта ӕмӕ ныр йӕ гӕнӕнтӕ къуындӕг сты. Зӕгъӕм, чи зоны, ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы фесафдзӕн, сӕ бӕсты та сфӕлдисдзӕн ӕндӕр ӕххӕст лӕг ӕмӕ усы, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Фӕлӕ, Йегъовӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд дзы Хӕйрӕг загътаид, фӕсайдта ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау нӕ разынд, зӕгъгӕ. Цӕмӕн? Райдианы 1:28 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, зӕхх уыдоны байзӕддӕгтӕй кӕй байдзаг уыдзӕн. Кӕнӕ та, чи зоны, Хӕйрӕг афтӕ хъуыды кодта: «Йегъовӕ бауадздзӕн, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн зӕнӕг рацӕуа, фӕлӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕххӕст адӕймӕгтӕ никуы суыдзысты» (Еккл. 7:20; Ром. 3:23). Ӕмӕ уӕд та Йегъовӕйӕн бафидис кодтаид, цы сфӕнд кодтай, уый дӕ бон саразын дӕр нӕу, зӕгъгӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕр Хуыцауы фӕнд нӕ сӕххӕст уыдаид, ома зӕхх ӕххӕст адӕмӕй нӕ байдзаг уыдаид. w23.11 6 ф., 15, 16 абз.

Къуырисӕр, 10 мартъи

Фыст цы у, уый сӕрты ма хизут (1 Кор. 4:6).

Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты дӕтты бӕлвырд разамынд, ӕмӕ уыцы разамындмӕ ницыуал хъӕуы ӕфтауын (Ӕмб. 3:5–7). Уымӕ гӕсгӕ, Библийы цы фыст ис, уыдӕтты сӕрты хъуамӕ ма хизӕм кӕнӕ, адӕймаг йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, уыцы фарстаты фӕдыл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн закъӕттӕ ма ӕвӕрӕм. Хӕйрӕг пайда кӕны «хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» ӕмӕ «ацы дунейы уагӕвӕрдтӕй», цӕмӕй адӕмы сайа ӕмӕ сӕ дихтӕ кӕна (Кол. 2:8). 1 ӕнусы пайда кодта адӕмы философитӕй ӕмӕ дзуттӕгты ӕрымысгӕ ахуырӕдтӕй. Стӕй чидӕртӕ дзырдтой, чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы, ӕмӕ уымӕй дӕр пайда кодта. Уыдон иууылдӕр уыдысты адӕмы сайӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ-иу уыдӕтты тыххӕй адӕймагӕй айрох, ӕцӕг зонд Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. Абон Хӕйрӕг пайда кӕны телеуынынадӕй, интернетӕй, газеттӕй ӕмӕ социалон сетьтӕй, цӕмӕй парахат кӕна ахӕм хъуыдытӕ, зӕгъгӕ, кӕцыдӕр хицауад кӕнӕ организаци кӕйдӕр ныхмӕ фыдвӕнд скодта. w23.07 16 ф., 11, 12 абз.

Дыццӕг, 11 мартъи

Куыд стыр сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Тынг арф сты дӕ хъуыдытӕ (Пс. 92:5).

Фӕлӕ Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уымӕй Хӕйрӕг арвы цӕфау фӕуыдаид. Уый бауагъта, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн цот рацыдаид, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, кӕй нӕ фӕсайдта. Стӕй ма равдыста, цы фӕзӕгъы, уый саразын ӕй кӕй ницы бахъыгдардзӕн. Уый загъта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг» ӕмӕ уый кӕй фервӕзын кӕндзӕн, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй Хуыцауӕн коммӕгӕс чи уа, уыдоны (Райд. 3:15; 22:18). Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, уый Хӕйрӕгӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд! Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн уымӕн ӕрхаста, ӕмӕ адӕмы уарзы удуӕлдай уарзтӕй (Матф. 20:28; Иоан. 3:16). Хӕйрӕг та у хиуарзон ӕмӕ йӕм уарзондзинад иу мур дӕр нӕй. Уӕдӕ уыцы нывонды фӕрцы Хуыцауӕн цы бантысдзӕн? Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕронмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цӕрдзысты Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ. Уыдон уыдзысты ӕххӕст, Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕм, ӕмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдзӕн Йегъовӕйы фӕнд. w23.11 6 ф., 17 абз.

Ӕртыццӕг, 12 мартъи

Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон (Дзут. 13:4).

Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цард ӕмӕ туг нымайӕм табуйагыл. Йегъовӕ загъта, туг кӕй амоны цардмӕ – уый у йӕ зынаргъ лӕвар (Лев. 17:14). Йегъовӕ адӕмӕн фыццаг хатт дзидза хӕрыны бар куы радта, уӕд сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хордтаиккой (Райд. 9:4). Уыцы фӕдзӕхст ногӕй загъта, израилӕгтӕн Моисейы закъон куы радта, уӕд (Лев. 17:10). Стӕй 1 ӕнусы разамонӕг советӕн уынаффӕ рахӕссын кодта, чырыстӕттӕ иууылдӕр тугмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый фӕдыл. Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ тугӕй сӕхи хизой (Хъуыд. 15:28, 29). Мах уыцы фӕдзӕхст алкӕддӕр нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, цавӕрдӕр хосгӕнӕн мадзӕлттыл сразы уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый куы фескъуыддзаг кӕнӕм, уӕд. Ӕххӕст кӕнӕм, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдон дӕр. Апостол Павел загъта, кӕй хъуамӕ «амарӕм» нӕ зӕххон буары фӕндтӕ. Ома хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтыл фӕтых уӕм. Хӕтындзинадмӕ нӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ аразӕм ӕмӕ ахӕм цӕмӕдӕрты нӕ кӕсӕм (Кол. 3:5; Иов 31:1). w23.07 15 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 13 мартъи

Ӕппынфӕстаг [ын] йӕ зӕрдӕ раргом кодта (Тӕрх. 16:17).

Самсоны йӕ уарзондзинад афтӕ бакуырм кодта, ӕмӕ йӕ нӕ бамбӕрста, Далидӕ йыл хинӕй кӕй цӕуы? Нал ӕмӕ йӕ нал уагъта, дӕ тых цӕй мидӕг ис, уый мын зӕгъ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын Самсон ӕппынфӕстаг алцыдӕр радзырдта. Хъыгагӕн, йӕ рӕдыд ӕй уымӕ ӕркодта, ӕмӕ йӕ тых фесӕфта, стӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци. Ӕмӕ афтӕ уыд цасдӕр рӕстӕг (Тӕрх. 16:16–20). Самсон Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ Далидӕйыл кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй бирӕ мӕстыты хай баци. Филистимӕгтӕ йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Стӕй йӕ Газӕйы ахӕстоны бакодтой. Уый размӕ уыцы горӕт ныууагъта ӕнӕ кулдуарӕй. Филистимӕгтӕ дзы скодтой цагъар ӕмӕ йын хор ссын кодтой. Иу бон ӕрӕмбырд сты бӕрӕгбонмӕ. Сӕ мӕнг хуыцау Дагонӕн ӕрхастой стыр нывонд. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сын Самсоны уый радта сӕ къухмӕ. Ӕмӕ Самсоны дӕр уырдӕм ӕрбакӕнын кодтой, цӕмӕй сӕ «аирхӕфстаид», ома дзы ахынджылӕг кодтаиккой (Тӕрх. 16:21–25). w23.09 5, 6 фф., 13, 14 абз.

Майрӕмбон, 14 мартъи

Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый (Ром. 12:17).

Гӕнӕн ис, не ’мкусӕг кӕнӕ нӕ нӕ къласаг бафӕрса, Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕмӕн цӕрӕм, уымӕй. Уӕд ын ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бамбарын кӕндзыстӕм. Фӕлӕ йын йӕхи хъуыдыйӕн дӕр аргъ кӕндзыстӕм (1 Пет. 3:15). Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нӕ барӕй къахы. Фӕлтау-иу ахъуыды кӕн, уыцы фарстайы фӕрцы дӕ бон цы у уыцы адӕймаджы тыххӕй базонын. Уӕлдай нӕу, цӕмӕн нӕ фӕрсы – хъуамӕ йын дзуапп раттӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй. Цы йын зӕгъӕм, уый йӕ, гӕнӕн ис, хъуыдытыл бафтауа, ӕмӕ, чи зоны, йӕ хъуыды дӕр аивдзӕн. Зӕгъӕм, де ’мкусӕг дӕ куы бафӕрса, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ цӕуылнӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цымӕ мӕ цӕмӕн фӕрсы? Мыййаг, афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ нын бар нӕй нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынӕн?» Дӕ бон дзы у раппӕлын, йе ’мкусджытыл афтӕ ӕнувыд кӕй у, уый тыххӕй. Уый фӕрцы уын, гӕнӕн ис, рауайа сабырӕй аныхас кӕнын, Библийы гуырӕнбонты тыххӕй цы фыст ис, ууыл. w23.09 17 ф., 10, 11 абз.

Сабат, 15 мартъи

Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй сымах дӕр семӕ ӕнӕуаг адӕмы рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат (2 Пет. 3:17).

Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ хъуамӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм. Апостол Петр нын фӕдзӕхсы, Йегъовӕйы бон «алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут», зӕгъгӕ (2 Пет. 3:11, 12). Уый нӕ бон куыд у аразын? Хъӕуы нӕ, ног дунейы нӕм цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын, кӕд гӕнӕн ис, уӕд алы бон дӕр. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, сыгъдӕг уӕлдӕф дӕ риуыдзаг куыд сулӕфыдтӕ, куыд хӕрыс пайда, хӕрзад хӕринӕгтӕ, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чи нал ис, уыдон куыд райгас сты ӕмӕ сыл куыд цин кӕныс, стӕй, раджы заманты чи цард, уыдонӕн куыд амоныс, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ дӕ нӕ ферох уыдзӕн, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Мах зонӕм, фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ мӕнг ахуыргӕнджытӕ ма фӕсайой, ӕмӕ «ма адзӕгъӕл» уӕм. w23.09 27 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 16 мартъи

Уӕ ныййарджытӕм хъусут, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у (Еф. 6:1).

Абон сывӕллӕттӕй ӕмӕ ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ «сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц» (2 Тим. 3:1, 2). Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй цы фӕдомынц, уый сӕхӕдӕг нӕ фӕаразынц. Ӕмӕ сывӕллӕттӕ уый фӕуынынц. Иуӕй-иутӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон нӕу хорз уынаффӕ раттын, уымӕн ӕмӕ, дам, цард тынг аивта, нӕ ныййарджытӕ та абоны цардӕн ницы ӕмбарынц. Кӕмӕдӕрты та сӕ ныййарджыты домӕнтӕ ӕгӕр карз фӕкӕсынц. Дӕумӕ дӕр искуы ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны? Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн зын у абоны стихы фыст фӕдзӕхстмӕ хъусын. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныййарджыты коммӕ кӕсай? Ныййарджыты коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уымӕй дын фӕзминаг у Йесо (1 Пет. 2:21–24). Йӕхӕдӕг уыд ӕххӕст адӕймаг, йӕ ныййарджытӕ та – ӕнӕххӕст. Фӕлӕ сӕ Йесо алкӕддӕр нымадта, куы-иу фӕрӕдыдысты ӕмӕ-иу ӕй куы нӕ бамбӕрстой, суанг уӕд дӕр (Рац. 20:12). w23.10 7 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 17 мартъи

Раздӕры закъон лӕмӕгъ кӕй разынд ӕмӕ дзы тых кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ ивд ӕрцыд (Дзут. 7:18).

Апостол Павел бамбарын кодта, Закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуыди хӕссын, уыцы нывӕндты фӕрцы адӕм тӕригъӕдӕй кӕронмӕ кӕй не ссӕрибар уыдзысты. Ӕмӕ уый тыххӕй Закъон «ивд ӕрцыд». Уый фӕстӕ сын се ’ргом раздӕхта арфдӕр хъуыдытӕм. Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта, Чырыстийы нывонды фӕрцы сын кӕй фӕзынд «хуыздӕр ныфс» ӕмӕ сӕ уыцы ныфс Хуыцаумӕ кӕй «ӕввахс кӕны» (Дзут. 7:19). Павел дзуттаг ӕфсымӕртӕн бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн ныр куыд лӕггад кӕнынц, уый хуыздӕр кӕй у, раздӕр ын куыд лӕггад кодтой, уымӕй. Дзуттӕгтӕ раджы заман Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый уыд «фидӕны хорздзинӕдтӕн сӕ аууон, хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг та Чырыстиимӕ баст сты» (Кол. 2:17). Адӕймагӕн йӕ аууон куы фенӕм, уӕд ӕй фембарӕм, уый йӕхӕдӕг кӕй нӕу, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр йӕ аууон кӕй у. Раст афтӕ, дзуттӕгтӕ раджы заман Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый уыд, фидӕны йын Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куыд лӕггад кӕндзысты, уымӕн йӕ «аууон». Хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ йын нӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. w23.10 25 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 18 мартъи

Кӕроны рӕстӕг хуссайраг паддзах йемӕ схӕцдзӕн, ӕмӕ йыл цӕгатаг паддзах... тыхдымгӕйау йӕхи рауадздзӕн (Дан. 11:40).

Данелы 11-ӕм сӕры дзырд цӕуы дыууӕ паддзахыл, ома дыууӕ хицауадыл. Уыдон кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иуы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй уый уа дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад. Ацы пехуымпарад Библийы иннӕ пехуымпарӕдтимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, «цӕгатаг паддзах» кӕй у Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ, «хуссайраг паддзах» та – Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. «Цӕгатаг паддзахы» территорийы Хуыцауы адӕмӕй чи цӕры, уыдон уыцы паддзахы къухӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕрты сӕ уырнындзинады тыххӕй нӕмгӕ дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты бакӕнынц. «Цӕгатаг паддзах» не ’фсымӕрты кӕй ӕфхӕры, уый тыххӕй сӕ тас нӕ бацӕуы. Уый нӕ, фӕлӕ ма сӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр свӕййы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Хуыцауы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уымӕй кӕй ӕххӕст кӕны Данелы пехуымпарад (Дан. 11:41). Уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ ныфс у фидар ӕмӕ Йегъовӕйыл стӕм иузӕрдион. w23.08 11, 12 фф., 15, 16 абз.

Ӕртыццӕг, 19 мартъи

Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы (Зах. 2:8).

Йегъовӕ нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ уайтагъд фены, нӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр кӕй риссы кӕнӕ цӕуылдӕр кӕй маст кӕнӕм, уый. Ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды, зиан нын цы ӕрхӕсдзӕн, уымӕй нӕ бахъахъхъӕнын. Махӕн зын куы вӕййы, уӕд уымӕн дӕр зын вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон у афтӕ кувын: «Цӕстыгагуыйау мӕ хъахъхъӕн» (Пс. 17:8). Адӕймагӕн йӕ цӕстмӕ куы бавналай, уӕд уайтагъд фесхъиудзӕн, стӕй цӕстытӕ тынг хъӕуы хъахъхъӕнын. Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ йӕ цӕстыгагуыимӕ куы фӕбары, уӕд цыма афтӕ фӕдзуры: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый ӕвналы, зынаргъ мын цы у, уымӕ». Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, кӕй нӕ уарзы, уый. Фӕлӕ йӕ зоны, царды цытӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй кӕнӕ, ныр зын уавӕры кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы, ууыл. Цӕмӕй уыцы дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй ис ахъуыды кӕнӕн, Йегъовӕ Йесойы, сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ махӕй алкӕй дӕр кӕй уарзы, уый куыд равдыста, ууыл. w24.01 27, 28 фф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 20 мартъи

Нӕ Хуыцау нын ӕххуыс кодта, ӕмӕ нӕ не знӕгты къухӕй ирвӕзын кодта (Езд. 8:31).

Ездрӕ федта, Йегъовӕ йӕ адӕмы фыдӕвзарӕны рӕстӕг куыд аирвӕзын кодта, уый. Н. э. размӕ 484 азы паддзах Ахашверош бардзырд радта, цӕмӕй, Персы паддзахады дӕлбар чи цард, уыцы дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътаиккой (Есф. 3:7, 13–15). Уӕд Ездрӕ, ӕвӕццӕгӕн, Вавилоны цард, ӕмӕ йӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры уыд. Дзуттӕгтӕ уыцы бардзырды тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд «паддзахы дӕлбар бӕстӕты» алкӕмдӕр ком дардтой ӕмӕ маст кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕмӕ дзынӕзтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид (Есф. 4:3). Ахъуыды-ма кӕн, Ездрӕ ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕ куыд цин кодтаиккой, се знӕгтӕ сын цы саразынмӕ хъавыдысты, уый сӕхи сӕр куы баййӕфта, уӕд! (Есф. 9:1, 2). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар Ездрӕйы бацӕттӕ кодта фидӕны фӕлварӕнтӕм ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дардтаид. Ездрӕ фидарӕй зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ адӕмы бахъахъхъӕнын. w23.11 17 ф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 21 мартъи

Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕм кӕмӕн нӕ кӕсы ӕмӕ афтӕмӕй рӕстгӕнӕгыл кӕй нымайы (Ром. 4:6).

Апостол Павел сӕйраджыдӕр кодта, «закъон [ома Моисейы закъон] цы хъуыддӕгтӕ домы», уыцы хъуыддӕгты кой. Уыцы Закъон лӕвӕрд ӕрцыд израилӕгтӕн Синайы хохыл (Ром. 3:21, 28). Куыд зыны, афтӕмӕй Павелы рӕстӕг иуӕй-иу дзуттаг чырыстӕттӕм нӕ хъардта, Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъуыд. Уымӕ гӕсгӕ сын Павел ӕрхаста Авраамы цӕвиттон ӕмӕ сын бамбарын кодта, адӕймаджы Закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл банымайа. Рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуы йӕ уырнындзинады фӕрцы. Уыцы хъуыды нӕ ныфс уадзы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нын Хуыцауы раз хорз ном уа. Йегъовӕйыл ӕмӕ Чырыстийыл куы ’ууӕндӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн. Фӕлӕ Иаковы 2-аг сӕры цы хъуыддӕгты кой ис, уыдон, «закъон цы хъуыддӕгтӕ домы», уыцы хъуыддӕгтӕ не сты. Иаков кодта, чырыстон куыд цӕры ӕмӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ аразы, уый кой (Иак. 2:24). Ахӕм хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, Хуыцауыл ӕцӕгдӕр ӕууӕнды ӕви нӕ. w23.12 3 ф., 8 абз.; 4, 5 фф., 10, 11 абз.

Сабат, 22 мартъи

Лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау (Еф. 5:23).

Кӕд чындзы цӕуынвӕнд кӕныс, уӕд хъуамӕ хорз ахъуыды кӕнай, цардӕмбалӕн кӕй ӕвзарыс, ууыл. Рох дӕ ма уӕд: кӕмӕ смой кӕнай, уыцы нӕлгоймаг суыдзӕн дӕ сӕрыхицау, ӕмӕ-иу ӕм хъуамӕ хъусай (Ром. 7:2; Еф. 5:33). Уымӕ гӕсгӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Фӕлтӕрдджын чырыстон у? Йегъовӕйы йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕры? Раст уынаффӕтӕ рахӕссы? Йӕ рӕдыдтытыл басӕтты? Сылгоймӕгтӕн кад кӕны? Ӕххуыс мын кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнон? Йӕ бон мӕ уыдзӕн фӕдарын? Хорз ӕмбал мын уыдзӕн?» Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: цӕмӕй дын хорз сӕрыхицау уа, уый тыххӕй дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ хорз бинойнаг уай. Хорз ус йӕ сӕрыхицауӕн «ӕххуысгӕнӕг» у (Райд. 2:18). Ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ сӕрыхицауӕн иннӕты раз хорз ном уа (Ӕмб. 31:11, 12; 1 Тим. 3:11). Дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай, стӕй дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр ӕххуыс кӕнай. w23.12 22, 23 фф., 18, 19 абз.

Хуыцаубон, 23 мартъи

Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй (Иак. 1:5).

Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын дӕтдзӕн зонд, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Хуыцауы зонд адӕймаджы уӕлдайдӕр фӕхъӕуы, йӕ цард ын чи фӕивдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ куы фӕхӕссы, уӕд. Стӕй ма нын ратты тыхтӕ, цӕмӕй-иу зындзинӕдты фидар фӕлӕууӕм. Йегъовӕ апостол Павелӕн тыхтӕ куыд лӕвӕрдта, афтӕ махӕн дӕр дӕтдзӕн тыхтӕ, цӕмӕй-иу зындзинӕдтӕ сфӕразӕм (Фил. 4:13). Зӕгъӕм, баххуыс нын кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывта. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы фауӕгыл банымадтаиккой, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ уымӕй фервӕзын кодтаид. Фӕлӕ уый Йесойӕн ӕндӕрхуызон баххуыс кодта. Рарвыста зӕды, Йесойы ’фсымӕртӕй иуы, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лук. 22:42, 43). Хатт Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Гӕнӕн ис, исчи нӕм дзы телефонӕй ӕрбадзура кӕнӕ нӕ абӕрӕг кӕна. Ӕмӕ хорз уыдзӕн, не ’ппӕт дӕр фадӕттӕ куы агурӕм, цӕмӕй-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн исты «хорз ныхас» зӕгъӕм (Ӕмб. 12:25). w23.05 10, 11 фф., 9–11 абз.

Къуырисӕр, 24 мартъи

Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 5:11).

Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдон, чи зоны, тарсынц, Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд сӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уымӕй. Ӕмӕ хорз нӕ уыдзӕн, кӕй тыххӕй фефсӕрмы уыдзысты, ахӕм фарстатӕ сӕм куы дӕттӕм, хынцфӕрстытӕ сӕ куы кӕнӕм кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ цы фӕриссын кӕндзӕн, ахӕм исты куы зӕгъӕм. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты, ӕмӕ нын ӕхсызгон уыдзӕн ногӕй та семӕ иумӕ лӕггад кӕнын (Пс. 119:176; Хъуыд. 20:35). Йесо нын йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын кӕй бафӕдзӕхста, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Мах ӕй ӕмбарӕм, уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у. Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы стыр пайда, стӕй афтӕмӕй нӕ бон вӕййы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын (Ис. 48:17, 18). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Афтӕмӕй равдисӕм, мах тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн куыд тынг аргъ кӕнӕм, уый. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. Ӕмӕ нӕ бон вӕййы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй базоной, Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕймаг цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы, уый. Цӕй ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ, афӕдзы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ, цӕттӕ уӕм! w24.01 13, 14 фф., 18, 19 абз.

Дыццӕг, 25 мартъи

Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау... цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны (Ис. 48:17).

Йегъовӕ нын фӕндаг куыд амоны, кӕнӕ нын разамынд куыд дӕтты? Фыццаджыдӕр йӕ Ныхасы, Библийы, уылты. Фӕлӕ ма нын разамынд дӕтты йе ’взӕрст адӕймӕгты уылты дӕр. Зӕгъӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы раст уынаффӕтӕ рахӕссын (Матф. 24:45). Разамынд ма нын дӕтты ӕндӕр нӕлгоймӕгты уылты дӕр. Зӕгъӕм, районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ ныфс бауадзынц. Стӕй нын цы амонынц, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Ацы фӕстаг уӕззау бонты нын Йегъовӕ ахӕм хорз разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Уыцы разамынд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр царды фӕндагыл цӕуӕм. Фӕлӕ нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын, уӕлдайдӕр нын ӕй ӕнӕххӕст адӕмы уылты куы фӕдӕтты, уӕд. Ахӕм уавӕрты уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй дӕтты йӕ адӕмӕн разамынд ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзыстӕм. w24.02 20 ф., 2, 3 абз.

Ӕртыццӕг, 26 мартъи

Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).

Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Библи кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, цы бакастӕ, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн. Зӕгъӕм, ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Ацы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, уый? Ацы скъуыддзаг мын куыд ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы уарзынӕн?» Йегъовӕмӕ алы бон дӕр куы кувӕм ӕмӕ йын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ куы дзурӕм, уӕд-иу ӕй уый фӕрцы дӕр тынгдӕр бауарздзыстӕм (Пс. 25:4, 5). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратты (1 Иоан. 3:21, 22). Хъуамӕ ма иннӕты тынгдӕр уарзӕм. Апостол Павел чырыстон куы сси, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ базонгӕ иу дзӕбӕх ӕрыгон лӕппуимӕ, Тимофеимӕ. Тимофей уарзта Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр. Цалдӕр азы фӕстӕ Павел филиппӕгтӕм Тимофейы тыххӕй ныффыста: «Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса» (Фил. 2:20). Ӕвӕццӕгӕн, уыдта, Тимофей хоты ӕмӕ ’фсымӕрты куыд тынг уарзы, уый. Ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Тимофейы ӕрцыдмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты (1 Кор. 4:17). w23.07 9 ф., 7–10 абз.

Цыппӕрӕм, 27 мартъи

Никуы дӕ... ферох кӕндзынӕн (Дзут. 13:5).

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд Моисей амард. Цымӕ ӕнӕ уымӕй Хуыцауы адӕм сидзӕрӕй баззадысты? Уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ сын ӕххуыс кодта, цалынмӕ йыл иузӕрдион уыдысты, уӕдмӕ. Моисей нырма ӕгас уыд, афтӕ йын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй Йесо На́вины адӕмӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдтаид. Моисей йӕ уӕдмӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы ахуыр кодта (Рац. 33:11; Дык. з. 34:9). Уымӕй уӕлдай ма израилӕгты ’хсӕн уыди бирӕ фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон дӕр адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтой. Чи дзы мин адӕймаджы сӕргъы ӕвӕрд уыд, чи – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, чи – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, чи та суанг – дӕс адӕймаджы сӕргъы дӕр (Дык. з. 1:15). Хуыцау йӕ адӕммӕ хорз каст. Кӕнӕ ахъуыды кӕнӕм Илийа́йы хабарыл. Уый бирӕ азты дӕргъы ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй израилӕгтӕн ӕххуыс кодтаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ арвыста ӕндӕр ранмӕ. Хъуамӕ лӕггад кодтаид Иудӕйы паддзахады (2 Пад. 2:1; 2 Аз. 21:12). Цымӕ уӕд, дӕсмыггаг паддзахад Израилы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цард, уыдон ӕнӕ разамындӕй баззадысты? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Илийа цалдӕр азы дӕргъы ахуыр кодта Елисе́йы. Йегъовӕ дарддӕр дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кодта. w24.02 5 ф., 12 абз.

Майрӕмбон, 28 мартъи

Рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут (Еф. 5:8).

Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕ райдыдтой Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрын. Уый сын сӕ фӕндаг рухс кодта (Пс. 119:105). Уыдон ныууагътой мӕнг динимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ нал кодтой. Райдыдтой Хуыцауы фӕзмын ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй сӕ лӕггадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаиккой (Еф. 5:1). Мах дӕр, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтам, уӕдмӕ уыдыстӕм талынджы. Чидӕртӕ нӕ мӕнг динимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ кодтой. Чидӕртӕ та кодтой ӕнӕгъдау цард. Фӕлӕ, Йегъовӕ хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый куы базыдтам, уӕд нӕ цард аивтам ӕмӕ райдыдтам йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Уый фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм (Ис. 48:17). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй та ногӕй талынг хъуыддӕгтӕ аразын ма райдайӕм, фӕлӕ, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм». w24.03 21 ф., 6, 7 абз.

Сабат, 29 мартъи

Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нырма цӕттӕ нӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Чи зоны дӕ хъӕуы ноджыдӕр цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй дӕ Йегъовӕ райгонд уа. Кӕнӕ та дӕ, гӕнӕн ис, хъӕуы фылдӕр рӕстӕг, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр суа (Кол. 2:6, 7). Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй чи тагъддӕр, чи сындӕгдӕр саразы къахдзӕфтӕ. Ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр уыцы иу кары нӕ вӕййынц цӕттӕ, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой. Бацархай, цӕмӕй бамбарай, дӕу цы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, уый. Ӕмӕ-иу дӕхи иннӕтимӕ ма бар (Гал. 6:4, 5). Кӕд нырма цӕттӕ нӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ, уӕддӕр дарддӕр уыцы нысанмӕ тырн. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы хъӕуы, уый фӕивынӕн (Фил. 2:13). Йегъовӕ дӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн (1 Иоан. 5:14). w24.03 5 ф., 9, 10 абз.

Хуыцаубон, 30 мартъи

Сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, ӕмбарут сӕ, афтӕмӕй (1 Пет. 3:7).

Иухатт Саррӕ цӕуылдӕр тынг маст кодта, ӕмӕ йӕ пырх Авраамыл акалдта. Суанг ма уый фӕаххосджын кодта, ацы маст, дам, дӕу тыххӕй бавзӕрстон. Авраам зыдта, Саррӕ хорз, коммӕгӕс бинойнаг кӕй у. Гъемӕ йӕм байхъуыста ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кодтаид (Райд. 16:5, 6). Лӕгӕн йӕ бон куыд у Авраамы бафӕзмын? Уӕ бинонтӕм чи хауы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссыны бар дӕуӕн ис (1 Кор. 11:3). Фӕлӕ-иу уӕддӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ дӕ бинойнаджы дӕр йӕ хъуыдыйӕ куы бафӕрсай ӕмӕ-иу ӕм лӕмбынӕг куы байхъусай,– уӕлдайдӕр кӕд уыцы уынаффӕ ууыл дӕр фӕзындзӕн,– уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, кӕй йӕ уарзыс (1 Кор. 13:4, 5). Ӕндӕр хатт та сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы уазджытӕ ӕрбацыд. Ӕмӕ Авраам Саррӕйӕн загъта, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ фӕуагътаид ӕмӕ дзултӕ скодтаид. Хъуыди йӕ бирӕ дзултӕ скӕнын (Райд. 18:6). Ӕмӕ Саррӕ дӕр уайтагъд, Авраам ын куыд загъта, афтӕ бакодта. Усӕн йӕ бон куыд у Саррӕйы бафӕзмын? Дӕ сӕрыхицау цы уынаффӕ рахӕсса, ууыл-иу сразы у. Афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстут (1 Пет. 3:5, 6). w23.05 24, 25 фф., 16, 17 абз.

Къуырисӕр, 31 мартъи

Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс (Иак. 3:17).

Йегъовӕ Гедеоны тӕрхонгӕнӕгӕй куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй хъуыди коммӕгӕсдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдисын. Йегъовӕ йын тӕссаг хъуыддаг бахӕс кодта: хъуамӕ ныппырх кодтаид, йӕ фыд мӕнг хуыцау Ваалӕн цы нывондхӕссӕн скодта, уый (Тӕрх. 6:25, 26). Фӕстӕдӕр Гедеон йе ’фсад куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд ын дыууӕ хатты загъд уыд, цӕмӕй йе ’фсӕддонты нымӕц фӕкъаддӕр кодтаид (Тӕрх. 7:2–7). Фӕстагмӕ та йын загъд уыд, цӕмӕй йе знӕгтӕм ӕхсӕвы бабырстаид (Тӕрх. 7:9–11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой «коммӕгӕс». Коммӕгӕс хистӕр нӕлгоймаг алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ Хуыцауы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Уымӕй иннӕтӕн вӕййы фӕзминаг. Фӕлӕ йын кӕцыдӕр уавӕрты, гӕнӕн ис, зын уа коммӕгӕсдзинад равдисын. Зӕгъӕм, нӕ организаци хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ амындтӕ куы ратты, уӕд ын, гӕнӕн ис, зын уа уайтагъд се ’ппӕтмӕ гӕсгӕ архайын кӕнӕ йӕм цавӕрдӕр разамынд раст ма фӕкӕса. Кӕнӕ йын, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ йын тӕссаг уа, кӕй йӕ ӕрцахсдзысты, уымӕй. Ахӕм уавӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Гедеонау коммӕгӕсдзинад равдисын? Амындтӕм-иу лӕмбынӕг куы байхъусой ӕмӕ-иу уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайой. w23.06 4, 5 фф., 9–11 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын