Хуыцау ӕнӕуи цавӕрдӕр тых у?
Арӕх фӕзӕгъынц:
▪ «Хуыцау дымгӕйау алыран дӕр ӕмӕ алкӕмдӕр ис».
▪ «Бамбарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм зонд ӕмӕ тых у».
Чырысти та цы загъта?
▪ «Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис» (Иоанны 14:2). Йесо загъта, Хуыцауӕн кӕй ис, кӕм цӕры, ахӕм бынат.
▪ «Ӕз рацыдтӕн мӕ Фыдӕй ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ. Ӕмӕ та уадзын дуне ӕмӕ цӕуын фӕстӕмӕ мӕ Фыдмӕ» (Иоанны 16:28). Чырысти ӕууӕндыд, Хуыцау цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ тых кӕй нӕу ӕмӕ уӕлӕрвты кӕй цӕры.
ЧЫРЫСТИ афтӕ никуы загъта, Хуыцау цавӕрдӕр тых кӕй у. Йемӕ-иу ныхас дӕр кодта ӕмӕ йӕм кувгӕ дӕр кодта. Хуыдта йӕ йӕ Фыд, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй уыдысты (Иоанны 8:19, 38, 54).
Библийы фыст ис, «адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта» ӕмӕ «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ Уд» (Иоанны 1:18; 4:24). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын буар нӕй. Библийы кӕсӕм: «Кӕд ис туг ӕмӕ стӕгӕй буар, уӕд ис уӕларвон буар дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 15:44). Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕнӕуынгӕ буар ис?
О. Чырысти куы райгас, уӕд «бацыд арвӕн йӕхимидӕг ӕмӕ ныр ис уӕлӕрвты, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (Дзуттӕгтӕм 9:24). Ацы ныхӕстӕй Хуыцауы тыххӕй базонӕн ис дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг: кӕм цӕры, ахӕм бынат ын ис. Дыккаг: алыран дӕр ӕмӕ алкӕмдӕр чи цӕры, ахӕм тых нӕу, науӕд Чырысти йӕ разы куыд ӕрлӕууыдаид.
Кӕд Хуыцау бӕлвырд ран цӕры, уӕд йӕ бон куыд у алцӕмӕдӕр йӕ хъус дарын? Хуыцауӕн йӕ бон у дунейы кӕдӕмфӕнды дӕр йӕ сыгъдӕг тых кӕнӕ хъару арвитын. Фыд йӕ сывӕллонмӕ йӕ къух куыд бадары, цӕмӕй йӕ барӕвдауа ӕмӕ йын баххуыс кӕна, афтӕ Хуыцау дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны (Псалом 104:30; 139:7).
Хуыцау цавӕрдӕр тых нӕу, уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдӕмӕ цыдӕр цӕуы, цӕмӕйдӕр та йе сӕфт уыны. Библийы фыст ис, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны кӕй уарзы, йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ кӕй райы, йе сӕфт кӕй уыны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕй ӕмӕ фыддзинадмӕ кӕсгӕйӕ кӕй фӕмаст кӕны (Райдиан 6:6; Дыккаг закъон 16:22; 1 Паддзӕхты 10:9; Псалом 104:31). 1 Тимофеймӕ 1:11 стихы фыст ис, амондджын Хуыцау кӕй у. Уӕдӕ диссаг нӕу, Чырысти афтӕ кӕй загъта, нӕ бон кӕй у Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзын! (Марчы 12:30)a.
[Фиппаинаг]
a Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]
Фыд йӕ сывӕллонмӕ йӕ къух ӕххуысмӕ куыд бадары, афтӕ Хуыцау дӕр йӕ тыхы фӕрцы йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны