Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 15/5 21 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Моисей ӕмӕ Аарон стыр хъӕбатырдзинад равдыстой
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Моисей бацавта къӕдзӕх
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 15/5 21 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕд Йегъовӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны ныхмӕ у, уӕд Аароны цӕуылнӕ бафхӕрдта, сызгъӕрин род куы сарӕзта, уӕд?

Рацыды 32 сӕры фыст ис, Аарон сызгъӕрин род кӕй сарӕзта ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы закъон кӕй фехӕлдта (Рац. 20:3–5). Уый тыххӕй «Йегъовӕ тынг смӕсты Ааронмӕ... ӕмӕ йӕ хъавыди фесафынмӕ, фӕлӕ йын [Моисей] Аароны тыххӕй... ныллӕгъстӕ кодта» (Дык. з. 9:19, 20). Цымӕ рӕстаг адӕймаг Моисей Аароны тыххӕй Хуыцауӕн куы ныллӕгъстӕ кодта, уӕд йӕ куывдӕн «стыр тых» уыд? (Иак. 5:16). О. Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, Моисейы куывд фехъуыста ӕмӕ Аароны нӕ бафхӕрдта, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй.

Аарон уыд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг. Йегъовӕ Моисейы фараонмӕ куы арвыста израилӕгты Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй, уӕд ын Аароны дӕр йемӕ арвыста, цӕмӕй йӕ бӕсты дзырдтаид (Рац. 4:10–16). Ацы дыууӕ нӕлгоймаджы, Хуыцау сын куыд загъта, афтӕ бакодтой ӕмӕ фараонмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бацыдысты. Фараон уыд дурзӕрдӕ адӕймаг ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронимӕ дзырдта карзӕй. Уӕдӕ Аарон цалынмӕ Египеты уыд, уӕдмӕ дӕр равдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыди (Рац. 4:21).

Ӕркӕсӕм ма, Аарон сызгъӕрин род цӕмӕн сарӕзта, уымӕ дӕр. Моисей Синайы хохыл 40 боны фӕци. «Моисей хохӕй бирӕ рӕстӕг куы нӕ цыд, уӕд адӕм» Аароны нал уагътой, зӕгъгӕ нын сараз хуыцау, ӕмӕ йын кувӕм. Ӕмӕ сӕм Аарон дӕр байхъуыста ӕмӕ сын сызгъӕрин род сарӕзта (Рац. 32:1–6). Аарон дарддӕр йӕхи куыд дардта, уымӕй бӕрӕг у, уыцы хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд, фӕлӕ сӕ ныхмӕ йӕ бон ницы уыди. Зӕгъӕм, Моисей израилӕгты куы бафарста, кӕй фарс стут, зӕгъгӕ, уӕд Левийы фырттӕ иууылдӕр, семӕ Аарон дӕр, Йегъовӕйы фарс фидарӕй слӕууыдысты. Израилӕгтӕ мӕнгхуыцауӕн кувыныл кӕй бафтыдысты, уыцы хъуыддаджы сӕйраджыдӕр аххосджын чи уыд, уыдонӕй ӕртӕ мин адӕймаджы сӕфты хай фесты (Рац. 32:25–29).

Уый фӕстӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Сымах стыр тӕригъӕд ракодтат» (Рац. 32:30). Уӕдӕ уыцы хъуыддаджы ӕрмӕст Аарон нӕ уыд аххосджын. Йегъовӕ стыр хатыр ныккодта уымӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр.

Ацы хабары фӕстӕ Йегъовӕ Аароны равзӕрста хистӕр сауджынӕй. Хуыцау Моисейӕн загъта: «Аароныл скӕн сӕрмагонд дарӕс ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд ӕмӕ йӕ снывонд кӕн, ӕмӕ мын сауджынӕй лӕггад кӕндзӕн» (Рац. 40:12, 13). Бӕрӕг у, Йегъовӕ Ааронӕн кӕй ныххатыр кодта. Аарон уыд мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны ныхмӕ ӕмӕ раст диныл уыди ӕнувыд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын