Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/10 12–14 фф.
  • Хуыцау фыдгӕнджыты зындоны хъизӕмарӕй мары?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау фыдгӕнджыты зындоны хъизӕмарӕй мары?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау фыдгӕнджыты бафхӕрдзӕн?
  • Рӕстдзинад куыд домы?
  • Хуыцауы уарзондзинадимӕ йын иумӕйагӕй исты ис?
  • Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн
  • Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йӕ цӕст дары
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Ӕцӕгад чи уарзы, уыцы фӕсивӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • 4 | Хуыцауы фӕрцы дын алцыдӕр рауайдзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/10 12–14 фф.

Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл

Хуыцау фыдгӕнджыты зындоны хъизӕмарӕй мары?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ уарзынц адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын. Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Тимур, ӕрбацыд иу нӕлгоймагмӕ, йӕ ном Сергей, ӕмӕ ныхас кӕнынц.

Хуыцау фыдгӕнджыты бафхӕрдзӕн?

Тимур: Дӕ бон хорз, Сергей! Дӕ уынд мын ӕхсызгон у.

Сергей: Мӕнӕн дӕр.

Тимур: Амӕй размӕ мын цы загътай, ууыл хъуыды кодтон.

Сергей: Ӕмӕ мӕ куы ферох ис.

Тимур: Зындон кӕй ис, ууыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй не ууӕндынц, уый дӕм диссаг фӕкаст.

Сергей: О, уый мӕм, раст зӕгъгӕйӕ, диссаг кӕсы. Адӕймаг ууыл куыннӕ хъуамӕ ӕууӕнда?!

Тимур: Иннӕтӕ цы фӕхъуыды кӕнынц, уый базонын мын ӕхсызгон вӕййы. Зындоны тыххӕй адӕммӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Дӕумӕ гӕсгӕ та зындон цы у?

Сергей: Мӕнмӕ гӕсгӕ зындон у, ӕвзӕр адӕм куы амӕлынц, уӕд кӕдӕм бахауынц ӕмӕ ӕнустӕм кӕм фӕхъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынат.

Тимур: Афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Сергей, иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсон? Искуы дыл исты ӕвзӕр хабар ӕрцыд?

Сергей: Куыннӕ. Фондз азы размӕ мын мӕ хойы чидӕр амардта.

Тимур: Тынг зын мын у. Ӕвӕццӕгӕн ӕй мысыс.

Сергей: О, ӕппындӕр мӕ нӕ рох кӕны.

Тимур: Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ бирӕтӕ, зындон кӕй ис, ууыл уымӕн ӕууӕндынц, ӕмӕ сын чидӕр цыдӕр ӕвзӕрдзинад ракодта. Ӕмӕ сӕ бамбарӕн ис, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы фыдгӕнджытӕ сӕ фыдмиты тыххӕй дзуапп раттой.

Сергей: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Мӕн дӕр фӕнды, цӕмӕй мын мӕ хойы чи амардта, уый дӕр дзуапп ратта, нӕ бинонтӕн нын цы бавзарын кодта, уый тыххӕй.

Тимур: Ӕмбарын дӕ. Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау дӕр кӕй смӕсты вӕййы, ӕнаххос адӕмы куы фефхӕрынц, уӕд. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, фыдгӕнджыты кӕй бафхӕрдзӕн. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Исайы 3:11 стихы цы фыст ис, уымӕ: «Додой йӕ къона фыдгӕнӕгӕн! Мӕгуыры бон ыл акӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр бакӕндзысты, йӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд кодта, афтӕ!» Уӕдӕ Хуыцау фыдгӕнджыты кӕй бафхӕрдзӕн, ууыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы.

Сергей: Ӕмӕ кӕд афтӕ зӕгъыс, зындон нӕй, уӕд сӕ куыд бафхӕрдзӕн?

Тимур: Уый хорз фарста у. Иу ныхасӕй сӕ ӕнустӕм фесафдзӕн. Кӕс-ма, 2 Фессалоникӕгтӕм 1:9 стихы цы фыст ис, уымӕ. Бакӕс-ма йӕ, дӕ хорзӕхӕй.

Сергей: «Уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны тӕрхон, ӕмӕ нӕ Хицауы... разӕй ӕрбайсӕфдзысты».

Тимур: Уӕдӕ куыд уыныс, афтӕмӕй фыдгӕнджытӕн фидӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕнустӕм фесафдзӕн.

Сергей: Уый ам ис афтӕ фыст, фӕлӕ мӕм уый раст нӕ кӕсы. Адӕм иууылдӕр мӕлынц. Фыдгӕнджытӕ та ноджы карздӕр ӕфхӕрд хъуамӕ баййафой.

Рӕстдзинад куыд домы?

Тимур: Куыд кӕсын, афтӕмӕй, рӕстдзинад чи уарзы, ахӕм адӕймаг дӕ.

Сергей: О.

Тимур: Уый хорз у. Адӕймагӕн, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый иртасын йӕ бон уымӕн у, ӕмӕ йӕ Хуыцау уыцы миниуӕгимӕ сфӕлдыста. Хуыцау йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕраст хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Фӕлӕ дины разамонджытӕ афтӕ кӕй дзурынц, зӕгъгӕ, Хуыцау адӕмы зындоны хъизӕмарӕй мары, уымӕ гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ Хуыцаумӕ рӕстдзинад нӕй.

Сергей: Нӕ дӕ ’мбарын.

Тимур: Иу цӕвиттон дын ӕрхӕсдзынӕн. Библийы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый куыннӕ зондзынӕ?

Сергей: О, Хуыцау сын загъта, цӕмӕй кӕцыдӕр бӕласы дыргътӕй ма бахордтаиккой, фӕлӕ йӕ коммӕ нӕ бакастысты.

Тимур: Раст зӕгъыс. Ацы хабар фыст ис Райдианы 2:16, 17 стихты: «Йегъовӕ Хуыцау адӕймагӕн бафӕдзӕхста: „Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ“». Уӕдӕ Хуыцауы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Адамыл цы хъуамӕ ӕрцыдаид, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй куы бахордтаид, уӕд?

Сергей: Хуыцау ын загъта, зӕгъгӕ, дам, амӕлдзынӕ.

Тимур: О. Ахъуыды-ма кӕн: Адамы тыххӕй иууылдӕр нӕ туджы рахастам тӕригъӕдa. Фӕлӕ Хуыцау Адамӕн исты загъта, зындоны кӕй хъизӕмар кӕндзӕн, уый тыххӕй?

Сергей: Ницы.

Тимур: Ӕмӕ Хуыцауы афтӕ куы фӕндыдаид, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ зындоны хъизӕмар кодтаиккой, уӕд сын ӕй хъуамӕ рагацау ма загътаид? Цымӕ уый раст нӕ уыдаид ӕмӕ уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдаид?

Сергей: Ӕвӕццӕгӕн.

Тимур: Ӕркӕс-ма, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы ракодтой, уый фӕстӕ сын Хуыцау цы загъта, уымӕ. Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс-ма Райдиан 3:19 стих.

Сергей: «Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ».

Тимур: Уӕдӕ Хуыцау куыд загъта? Адам кӕдӕм хъуамӕ аздӕхтаид?

Сергей: Сыджытмӕ.

Тимур: Тынг раст! Уӕдӕ кӕд адӕймаджы искуыдӕм фӕстӕмӕ аздӕхын хъӕуы, уӕд, цымӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕй размӕ уым уыди?

Сергей: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы!

Тимур: Ӕмӕ Адам кӕм уыд, цалынмӕ йӕ Хуыцау не сфӕлдыста, уӕдмӕ?

Сергей: Никуы.

Тимур: Афтӕ у. Стӕй, Хуыцау Адамӕн тӕрхон куы хаста, уӕд зындоны кой не скодта. Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау Адамӕн афтӕ куы загътаид, фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй та йӕ зындонмӕ куы ӕрвыстаид, уӕд уый раст уыдаид?

Сергей: Нӕ уыдаид. Фӕлӕ адӕм зындоны хъизӕмӕрттӕй куы нӕ тӕрсиккой, уӕд ноджы фыддӕр нӕ уаиккой?

Хуыцауы уарзондзинадимӕ йын иумӕйагӕй исты ис?

Тимур: Нӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ зындон кӕй ис, ууыл кӕм ӕууӕндынц, уыцы рӕтты иннӕ рӕттимӕ абаргӕйӕ фыдракӕндтӕ къаддӕр кӕй ӕрцӕуы. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы зындоны хъизӕмарӕй мары, уыдон хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕр хъуыддагыл нымайынц?

Сергей: Нӕ.

Тимур: Ӕркӕсӕм-ма уӕдӕ, Хуыцау хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ. Бакӕс-ма, дӕ хорзӕхӕй, Йереми 7:31 стих.

Сергей: «Енномы фырты дӕлвӕзы чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон».

Тимур: Кӕд Хуыцау ууыл хъуыды дӕр никуы акодта, уӕд уыйбӕрц адӕмы зындоны арты куыд хъуамӕ судза?

Сергей: Разы дӕн демӕ.

Тимур: Бахатыр кӕн, Сергей, сывӕллон дын ис?

Сергей: Ис. Фырт. Ӕрӕджы йыл 15 азы сӕххӕст.

Тимур: Ӕмӕ, зӕгъӕм, дӕ фырт схивӕнд ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕнын райдыдта. Цы бакӕндзынӕ ахӕм уавӕры?

Сергей: Йемӕ аныхас кӕндзынӕн, цӕмӕй йын йӕ рӕдыд бамбарын кӕнон.

Тимур: Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ, фӕлӕ цалынмӕ йӕ рӕдыд нӕ бамбара, уӕдмӕ.

Сергей: Дзырд дӕр ыл нӕй!

Тимур: Фӕлӕ йӕм, зӕгъӕм, дӕ ныхӕстӕ нӕ хъарынц. Уӕд ӕй нӕ бафхӕрдзынӕ?

Сергей: Уӕдӕ нӕ!

Тимур: Ӕмӕ йын йӕ къух артмӕ дардзынӕ?

Сергей: Уый та куыд?!

Тимур: Уӕдӕ адӕймаг афтӕ кӕм нӕ бакӕнид, уым уарзӕгой Хуыцау афтӕ куыд бакӕндзӕн?

Сергей: Нӕ бакӕндзӕн.

Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн

Тимур: Фӕлӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи нӕ уадзы, уыдоны Хуыцау фесафдзӕн. Уый фӕдыл ма мӕ фӕнды иу стих бакӕсын. Фыст ис Псаломы 37:9 стихы. Бакӕсдзынӕ йӕ?

Сергей: Куыннӕ. «Уымӕн ӕмӕ фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты. Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты».

Тимур: Фыдгӕнджытӕн Йегъовӕ цы сараздзӕн?

Сергей: Ам куыд фыст ис, афтӕмӕй сӕ фесафдзӕн.

Тимур: О, ӕнустӕм сӕ фесафдзӕн. Фӕлӕ хорз адӕм та, «йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары», уыдон, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. Чи зоны дӕм уый фӕдыл исты фарстатӕ фӕзына, зӕгъӕм, Хуыцау адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын цӕмӕн уадзы? Йе та, кӕд фыдгӕнджыты фесафынмӕ хъавы, уӕд сӕ ныронг цӕуылнӕ фесӕфта?

Сергей: О, хорз фарстатӕ сты.

Тимур: Иннӕ хатт дӕм куы ’рбацӕуон, уӕд дын ацы фарстатӕн дзуапп Библийӕ равдисдзынӕнb.

Сергей: Хорз, ӕнхъӕлмӕ дӕм кӕсдзынӕн.

a Кӕс Ромӕгтӕм 5:12.

b Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын