УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ АХУЫР КӔНУТ
Петр ӕмӕ Анани кӕй асайдтой, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?
Куыд ӕй зоныс, афтӕмӕй сайын у, раст цы нӕу, уый дзурын. Искуы асайдтай?~a Суанг ма стыртӕй дӕр Хуыцауы чи уарзы, уыдон дӕр-иу асайдтой. Библийӕ, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, афтӕ чи бакодта, иу ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Уый уыд Петр, Чырыстийы дыууадӕс апостолӕй иу. Базонӕм-ма, Петр цалдӕр хатты цӕмӕн асайдта, уый.
Йесо Чырыстийы куы ӕрцахстой, уӕд ӕй акодтой хистӕр сауджыны хӕдзармӕ. Уыди фӕсӕмбисӕхсӕв. Петр бацыд сауджыны хӕдзары кӕртмӕ, ничи йӕ базыдта, афтӕмӕй. Фӕлӕ йӕ хистӕр сауджыны кӕртмӕ чи бауагъта, уыцы лӕггадгӕнӕг чызг ӕй арты рухсмӕ базыдта ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр... Йесоимӕ уыдтӕ». Петр фӕтарст ӕмӕ загъта, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ.
Библийы фыст ис, фӕстӕдӕр ӕй кӕй «базыдта ӕндӕр лӕггадгӕнӕг чызг». Чызг загъта: «Ай дӕр... Йесоимӕ уыди». Фӕлӕ та ацы хатт дӕр Петр нӕ басаст. Гыццыл фӕстӕдӕр та чидӕртӕ Петрмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ, ды дӕр ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ».
Петр тынг фӕтарст, ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр асайдта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!» Уыцы рӕстӕг уасӕг ныууасыд. Йесо Петрмӕ бакаст, ӕмӕ Петрӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цалдӕр сахаты размӕ йын Йесо цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ». Уӕд Петр йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта. Куыд тынг фӕфӕсмон кодта Петр!
Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕуыл дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуа?~ Чи зоны скъолайы де ’мкъласӕгтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй дзурын райдайой. Зӕгъӕм, иу загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфсадмӕ нӕ цӕуынц». «Стӕй гуырӕнбонтӕ дӕр нӕ кӕнынц»,– бафтыдта йӕм иннӕ. Ӕндӕр чидӕр та афтӕ бакодта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Ног аз нӕ бӕрӕг кӕнынц». Уый фӕстӕ дӕм дзы иу йе ’ргом раздӕхта ӕмӕ дӕ фӕрсы: «Ды дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕ?» Цы зӕгъдзынӕ?~
Хъуамӕ дӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнай, цӕмӕй, ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд раст дзуапп раттай. Петр цӕттӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй асайдта. Фӕлӕ афтӕ кӕй бакодта, ууыл тынг фӕфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Хуыцау ныххатыр кодта.
Библийы ма фыст ис, чи ма асайдта, иу ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Уый уыд Анани. Анани цард фыццаг ӕнусы ӕмӕ уыд Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг. Фӕлӕ Хуыцау Ананийӕн ӕмӕ йӕ ус Сапфирӕйӕн нӕ ныххатыр кодта. Сапфирӕ йӕ лӕгимӕ разы уыд, цӕмӕй иннӕты асайдтаиккой. Фенӕм-ма, Хуыцау Ананийӕн ӕмӕ Сапфирӕйӕн цӕуылнӕ ныххатыр кодта, уый.
Йесо йӕ апостолты куы ныууагъта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм йӕ Фыдмӕ куы ссыд, уымӕй дӕс боны фӕстӕ Иерусалимы ӕртӕ мин адӕймаджы донаргъуыд райстой. Бирӕтӕ дзы ӕрбацыдысты дард бӕстӕтӕй Фӕндзайӕм боны бӕрӕгбонмӕ ӕмӕ сӕ бафӕндыд, цӕмӕй ма Иерусалимы иу цасдӕр баззадаиккой, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ систы ӕмӕ сӕ фӕндыд, сӕ ног дины тыххӕй фылдӕр куы базыдтаиккой. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй сӕм иуӕй-иутӕ ӕхцайӕ фӕкастыты.
Анани ӕмӕ йӕ ус Сапфирӕ сӕ зӕхх ауӕй кодтой, цӕмӕй, ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдонӕн сӕ зӕххы ӕхца радтаиккой. Анани ӕхца апостолтӕм куы бахаста, уӕд сын загъта, йӕ зӕххы ӕхца иууылдӕр кӕй ӕрбахаста. Фӕлӕ Анани кодта сайгӕ! Ӕхцайӕ цасдӕр йӕхицӕн ныууагъта! Хуыцау уый Петрӕн раргом кодта, ӕмӕ Петр Ананийӕн загъта: «Ды адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы асайдтай!» Уӕд Анани зӕххыл мардӕй ӕрхауд. Ӕртӕ сахаты фӕстӕ та ӕрбацыд йӕ ус, Сапфирӕ. Йӕ лӕгыл цы ’рцыд, уый нӕ зыдта, ӕмӕ уый дӕр апостолты асайдта, ӕмӕ уыйадыл мардӕй ӕрхауд.
Ацы хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн? Раст цы у, уый дзурын тынг ахсджиаг у! Уый не ’ппӕт дӕр у хорз зондзонӕн. Мах иууылдӕр рӕдийӕм, уӕлдайдӕр та, цалынмӕ ӕрыгон вӕййӕм, уӕдмӕ. Ӕхсызгон дын нӕу, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ӕмӕ ды дӕр куы фӕрӕдийай, уӕд дӕуӕн дӕр, Петрӕн куыд ныххатыр кодта, афтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уый?~ Фӕлӕ дӕ макуы уӕд рох, алыхатт дӕр хъуамӕ дзурӕм, раст цы у, уый. Ӕмӕ кӕд тынг фӕрӕдыдыстӕм, ӕмӕ фӕсайдтам, уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй курӕм, лӕгъстӕ йын кӕнӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна. Петр дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ бакодта, ӕмӕ йын Хуыцау ныххатыр кодта. Куы архайӕм, цӕмӕй ма сайӕм, уӕд Хуыцау махӕн дӕр хатыр кӕндзӕн!
Дӕ Библийы бакӕс
a Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд, ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.