Сӕргӕндтӕ
2013 азы 15 мартъи
© 2013 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. Ӕппӕт бартӕ дӕр хъахъхъӕд цӕуынц.
АХУЫРГӔНӔН ЖУРНАЛ
2013 АЗЫ 29 АПРЕЛӔЙ 5 МАЙМӔ
Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн «нӕй цӕлхдур»
3 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 45, 32
2013 АЗЫ 6–12 МАЙЫ
Ахӕм зӕрдӕ дын ис, цӕмӕй Йегъовӕйы зонай?
8 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 62, 60
2013 АЗЫ 13–19 МАЙЫ
«Хуыцауы базыдтат». Дарддӕр та цы араздзыстут?
13 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 81, 135
2013 АЗЫ 20–26 МАЙЫ
19 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 51, 95
2013 АЗЫ 27 МАЙӔ 2013 АЗЫ 2 ИЮНМӔ
Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном
24 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 27, 101
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТӔ
▪ Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн «нӕй цӕлхдур»
Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр згъорынц ӕнусон царды фӕндагыл. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр фӕкӕлӕм. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн фондз цӕлхдурыл. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕхи сӕ куыд хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон бауа нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын.
▪ Ахӕм зӕрдӕ дын ис, цӕмӕй Йегъовӕйы зонай?
Йеремийы чиныджы зӕрдӕйы тыххӕй бирӕ ис фыст. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ, «зӕрдӕ у ӕнӕсунӕт», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй суанг чырыстӕттӕн дӕр тӕссаг куыд у. Стӕй ма фендзыстӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын ахӕм зӕрдӕ уа, ӕмӕ Йегъовӕйы зонӕм (Йер. 9:26; 24:7).
▪ «Хуыцауы базыдтат». Дарддӕр та цы араздзыстут?
Цӕмӕй Хуыцауы базонӕм ӕмӕ нӕ уый дӕр базона, ома нӕ йӕ хӕлӕрттыл банымайа, уый тыххӕй цавӕр къахдзӕфтӕ саразын хъӕуы? Кӕд чырыстон фӕндагыл рагӕй стӕм, уӕддӕр нӕ дарддӕр рӕзын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ уый куыд ис аразӕн? Ацы статьяйӕ базондзынӕ дзуапп ацы фарстатӕн.
▪ Йегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг
Мах цӕрӕм, йе сӕфт нӕ чи уыны, уыцы дунейы. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр тӕрсын нӕ хъӕуы. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ «фидар мӕсыг» куыд у, уый.
▪ Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном
Цы нысан кӕны Хуыцауы ном зонын? Йегъовӕйы номӕй цӕуай, уымӕ цы хауы? Ӕмӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, йӕ ном ын чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ? Ацы фарстатӕн дзуапп ис ацы статьяйы.
АЦЫ НОМЫРЫ МА ИС
18 Удӕнцой ссар ӕмӕ иннӕтӕн дӕр удӕнцой хӕсс
29 Ӕцӕгдӕр ӕй Иосиф Флавий ныффыста?
ӔДДАГ ЦЪАР: Финляндийы арӕнтӕй иу стыр хай цӕуы доны былгӕрӕтты ӕмӕ дзы ис бирӕ сакъадӕхтӕ. Ацы бӕстӕйы ма ис мингай цадтӕ, уӕлдайдӕр та астӕуккаг ӕмӕ скӕсӕн Финляндийы. Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм цасдӕр рӕстӕгмӕ чи ацӕуы, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй чидӕртӕ хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуынц бӕлӕгъты.
ФИНЛЯНДИ
ЦӔРДЖЫТЫ НЫМӔЦ:
5 375 276
ФИНЛЯНДИЙЫ ЦӔРДЖЫТӔЙ
алы 283 адӕймагӕй 1 у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн
ПИОНЕРТЫ НЫМӔЦ:
1 824