Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн «нӕй цӕлхдур»
«Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур» (ПС. 119:165).
1. Ерысты чи згъордта, иу ахӕм чызджы хабарӕй куыд зыны, нӕ къухтӕ кӕй макуы хъуамӕ ӕруадзӕм?
МЭРИ ДЕКЕР йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ згъордта ерысты ӕмӕ суанг ӕрыгонӕй дӕр уыд дунейы ӕппӕты хуыздӕр згъорджытӕй сӕ иу. 1984 азы цы Олимпаг хъӕзтытӕ уыд, уым сылгоймӕгтӕ 3 000 метры куы лыгъдысты, уӕд адӕм хъуыды кодтой, фыццаг бынат уый бацахсдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Мэри уыцы фӕндаджы кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ – йемӕ чи згъордта, уыдонӕй кӕйдӕр къахыл йӕхи скъуырдта ӕмӕ ахауд. Йӕхи тынг ныццавта ӕмӕ дарддӕр нал азгъордта. Фӕлӕ Мэри йӕ къухтӕ не ’руагъта, ӕмӕ иу аз дӕр нӕ рацыд, афтӕ та ерысты згъорын райдыдта. Ӕмӕ 1985 азы сылгоймӕгтӕ 1 600 метры куы згъордтой, уӕд ног рекорд сӕвӕрдта.
2. Чырыстӕттӕ цавӕр ерысы згъорынц? Уыцы ерысы нӕ нысан цы хъуамӕ уа?
2 Нӕ чырыстон цард ис абарӕн ерысы згъорынимӕ. Ӕмӕ нӕ нысан у, цӕмӕй уыцы ерысы кӕронмӕ азгъорӕм. Уый нӕй абарӕн, цыбыр фӕндагыл тагъд азгъорын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм ерысимӕ. Стӕй афтӕ дӕр нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бон у сабыргай згъорын ӕмӕ хатт ӕрлӕуу-ӕрлӕуу кӕнын дӕр. Уыцы ерыс абарӕн ис даргъ фӕндагимӕ – марафонимӕ. Ӕмӕ уым рамбулыны тыххӕй та хъӕуы фӕразондзинад. Апостол Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ ерысы згъорджытӕ се ’ппӕт дӕр кӕй фезгъорынц, фӕлӕ дзы хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр иу кӕй райсы? Уӕдӕ афтӕ згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат» (1 Кор. 9:24).
3. Цы ерысы згъорӕм, уым ӕнусон царды хӕрзиуӕг чи райсдзӕн?
3 Библи не ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй уыцы ерысы згъорӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:25–27.) Хӕрзиуӕг та у ӕнусон цард, сӕрст чырыстӕттӕн – уӕлӕрвты, иннӕ чырыстӕттӕн та – зӕххыл. Ацы ерыс иннӕ ерысты хуызӕн нӕу. Хӕрзиуӕг дзы райсдзысты, фидар чи фӕлӕууа ӕмӕ кӕронмӕ чи азгъора, уыдон се ’ппӕт дӕр (Матф. 24:13). Адӕймаг хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн, ерысы уагӕвӕрдты сӕрты куы ахиза кӕнӕ кӕронмӕ куы нӕ азгъора, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕй уӕлдай, ӕндӕр ахӕм ерыс нӕй, ӕмӕ дзы хӕрзиуӕг уа ӕнусон цард.
4. Ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл згъорын ӕнцон цӕуылнӕ у?
4 Уыцы ерысы кӕронмӕ азгъорын ӕнцон нӕу. Иу хатт дӕр нӕ фӕкалд, афтӕ дзы кӕронмӕ азгъордта ӕрмӕстдӕр Йесо Чырысти. Йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй та ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста, се ’ппӕт дӕр арӕх кӕй фӕкӕлынц, ома кӕй фӕрӕдийынц (Иак. 3:2). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у! Алчидӕр нӕ йӕхи ӕнӕххӕстдзинады кӕнӕ иннӕты ӕнӕххӕстдзинады тыххӕй хатт фӕкӕлы ӕмӕ размӕ афтӕ тагъд нал фезгъоры. Хатт хаугӕ дӕр акӕнӕм, фӕлӕ уӕддӕр сыстӕм ӕмӕ дарддӕр фезгъорӕм. Чидӕртӕ та афтӕ ахауынц, ӕмӕ сӕхи бон сыстын нал вӕййы, фӕхъӕуы сӕ ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр азгъорой. Уӕдӕ нӕ исчи куы фӕкӕла кӕнӕ та хаугӕ дӕр куы акӕна, уӕд нӕм уый диссаг хъуамӕ ма фӕкӕса (1 Пад. 8:46).
Куы ахауай, уӕд-иу иннӕты ӕххуысыл дӕхи ма атигъ кӕн ӕмӕ-иу сыст
КУЫ ФӔКӔЛАЙ, УӔДДӔР-ИУ ДӔ ФӔНДАГЫЛ ДАРДДӔР АЗГЪОР
5, 6. а) Чырыстӕттӕн «нӕй цӕлхдур», зӕгъгӕ, куыд ӕмбарын хъӕуы? Куы фӕкӕлой, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн сыстынӕн? ӕ) Иуӕй-иутӕ куы фӕкӕлынц, уӕд цӕуылнӕуал сыстынц?
5 Искӕмӕн йӕ уырнындзинад куы ’рлӕмӕгъ вӕййы, уӕд хатт фӕзӕгъӕм, «фӕцудыдта» йе та «ахауд», зӕгъгӕ. Библийы ацы дыууӕ ныхасӕн иуӕй-иу хатт иу хъуыды вӕййы. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 24:16 фыст ис: «Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн, фыдгӕнджытӕ та бӕллӕхы рӕстӕг фӕцуддзысты».
6 Кӕд фӕкӕлӕм кӕнӕ ахауӕм, уӕддӕр нӕ бон у фӕстӕмӕ нӕ къахыл слӕууын. Цалынмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм, уӕдмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, зындзинӕдты-иу куы бахауӕм, уӕд дӕр ӕмӕ-иу куы фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр. Уый нын сыстынӕн баххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, кӕй йӕ уарзӕм. Фӕлӕ фыдзӕрдӕ адӕмы та фӕстӕмӕ сыстын нӕ фӕфӕнды. Нӕ сӕ бафӕнды, цӕмӕй сын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ йӕ адӕмы фӕрцы баххуыс кӕна. Библийы фыст ис, Йегъовӕйы закъон чи уарзы, уыдонӕн кӕй «нӕй цӕлхдур». Ӕндӕр ныхасӕй, нӕй ахӕм цӕлхдур, ӕмӕ уый тыххӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл мауал згъорӕм. (Бакӕс Псалом 119:165.)
7, 8. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ, чи «ахауа», уый уӕддӕр Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уа?
7 Хатт адӕймаг фӕрӕдийы цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы иу рӕдыд цалдӕр хатты дӕр ӕруадза. Фӕлӕ-иу куы сыста, ома-иу зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ та ногӕй куы архайа иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл, уӕд ӕй Йегъовӕ дарддӕр дӕр нымайдзӕн рӕстгӕнӕгыл. Уый зонӕм, Хуыцау рагон Израилӕн куыд уыд, уымӕй (Ис. 41:9, 10). Ӕмбисӕндты 24:16 стих нын не ’ргом сӕйраджыдӕр здахы, кӕй «ахауӕм», уымӕ нӕ, фӕлӕ, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы фӕрцы кӕй «сыстӕм», уымӕ. (Бакӕс Исайы 55:7.) Йегъовӕ ӕмӕ ныл Йесо Чырысти ӕууӕндынц ӕмӕ нӕ фӕлмӕнӕй разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй-иу сыстӕм (Пс. 86:5; Иоан. 5:19).
8 Марафоны чи згъоры, уый куы фӕкӕла кӕнӕ куы ахауа, уӕд дӕр ын уыдзӕн рӕстӕг сыстынӕн ӕмӕ йӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорынӕн. Ӕрмӕст ӕй уый тыххӕй хъӕудзӕн ӕвӕстиатӕй архайын. Мах цы ерысы згъорӕм, уымӕн кӕрон цы «бон ӕмӕ... сахат» ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонӕм (Матф. 24:36). Фӕлӕ-иу цас къаддӕр фӕкӕлӕм, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй нӕ фӕндагыл дарддӕр згъорӕм ӕмӕ йӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм. Уӕдӕ нӕ бон куыд у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ-иу ма фӕкӕлӕм?
АДӔЙМАГ ЦӔЙ ТЫХХӔЙ ФӔКӔЛЫ?
9. Цавӕр фондз цӕлхдурмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
9 Ӕркӕсӕм, адӕймагӕн цӕлхдур чи свӕййы, фондз ахӕм хъуыддагмӕ: нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ, нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ, ӕмбырды исты хъуыддаг раст куы нӕ уа, уый, стӕй фыдӕвзарӕнтӕ кӕнӕ ӕфхӕрд ӕмӕ ма иннӕты ӕнӕххӕстдзинад дӕр. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ бирӕфӕразон у ӕмӕ кӕд хатт фӕкӕлӕм, уӕддӕр ныл уайтагъд йӕ къух нӕ ауигъы.
10, 11. Давидмӕ цавӕр лӕмӕгъдзинад уыд?
10 Нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ис абарӕн, фӕндагыл цы иугай дуртӕ вӕййы, уыдонимӕ. Паддзах Давиды ӕмӕ апостол Петры цардӕй хорз зынынц уыцы лӕмӕгъдзинӕдтӕй дыууӕ – адӕймагӕн хиуылхӕцындзинад куы нӕ фаг кӕна ӕмӕ адӕмӕй куы тӕрса.
11 Паддзах Давидмӕ-иу хиуылхӕцындзинад алыхатт нӕ разынд. Зӕгъӕм, уыцы лӕмӕгъдзинады тыххӕй фӕрӕдыд Вирсавиимӕ. Стӕй ма, Навал Давиды куы ницӕмӕ ӕрдардта, уӕд дӕр Давид, гыццыл ма, ӕмӕ йыл йӕ маст ныккалдтаид. Кӕд-иу Давид хатт хиуылхӕцгӕ нӕ разынд, уӕддӕр алкӕддӕр архайдта Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Куы-иу фӕрӕдыд, уӕд-иу иннӕты ӕххуысы фӕрцы йӕ бон сси «сыстын» (1 Сам. 25:5–13, 32, 33; 2 Сам. 12:1–13).
12. Петр кӕд рӕдийгӕ дӕр кодта, уӕддӕр чырыстон фӕндагыл дарддӕр цӕй фӕрцы згъордта?
12 Петр адӕмӕй кӕй тарст, уый тыххӕй-иу уый дӕр хатт фӕрӕдыд. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл иузӕрдионӕй баззад. Зӕгъӕм, Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Лук. 22:54–62). Фӕстӕдӕр Петр йӕхи афтӕ дардта, цыма сунӕтгонд дзуттӕгтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ, иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй цӕмӕйдӕр хуыздӕр уыдысты. Фӕлӕ апостол Павел зыдта, чырыстон ӕмбырды иуты иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕн кӕй нӕй. Петр раст нӕ уыд. Ӕмӕ цалынмӕ йӕ зондахаст иннӕ ӕфсымӕртыл дӕр нӕ фӕзынд, уӕдмӕ йын Павел комкоммӕ уынаффӕ радта (Гал. 2:11–14). Цымӕ Петрмӕ уыцы уынаффӕ афтӕ хъыг фӕкаст, ӕмӕ, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг ныууагъта? Нӕ. Уый Павелы уынаффӕйыл хорз ахъуыды кодта, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ айста ӕмӕ чырыстон фӕндагыл дарддӕр згъордта.
13. Хатт нын не ’нӕниздзинад цӕлхдур куыд свӕййы?
13 Иуӕй-иу хатт нӕ лӕмӕгъдзинад вӕййы не ’нӕниздзинадимӕ баст. Уый дӕр нын свӕййы цӕлхдур. Зӕгъӕм, Японийӕ иу хо аргъуыд куы райста, уымӕй 17 азы фӕстӕ тынг фӕрынчын. Уыцы хо йе ’нӕниздзинадыл афтӕ сси, ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Цасдӕры фӕстӕ ӕмбырдтӕм нал цыд ӕмӕ хъусын дӕр нал кодта. Уӕд ӕм дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы бацыдысты ӕмӕ йӕ сӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй афтӕ тынг бафидар кодтой, ӕмӕ та ногӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Уыцы хо загъта: «Ӕфсымӕртӕ мыл афтӕ бацин кодтой, ӕмӕ мӕ цӕссыг дӕр ӕркалд». Ӕмӕ та ныр нӕ хо царды фӕндагыл згъоры.
14, 15. Тӕригъӕдджын фӕндтӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ куыд фӕхъӕуы архайын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
14 Бирӕтӕ фӕкӕлынц тӕригъӕдджын буары фӕндты тыххӕй. Ахӕм фӕндтӕ нын фӕлварӕн куы свӕййынц, уӕд нӕ фӕхъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы цӕсты уой сыгъдӕг. Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыдӕриддӕр нӕ рӕдийын кӕны, кӕнӕ нын цыдӕриддӕр фӕкӕлыны хос у, уыдӕттӕ хъуамӕ «аппарӕм», суанг нӕ цӕст кӕнӕ нӕ къух куы уа, уӕддӕр. Уӕдӕ хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм, ерысы кӕй тыххӕй нал згъордзыстӕм, ахӕм чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ. (Бакӕс Матфейы 5:29, 30.)
15 Чырыстон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, иу ахӕм ӕфсымӕр ныффыста, зӕгъгӕ, дам, мӕхи цы зонын, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ зӕрдӕ ӕхсайдта нӕлгоймӕгтӕм. Уыцы ӕфсымӕр афтӕ загъта: «Кӕимӕфӕнды ма уыдаин, уӕддӕр-иу куыддӕр тыхстӕн, афтӕ-иу мӕм каст, цыма нӕдӕр иутӕй дӕн, нӕдӕр иннӕтӕй». Уыцы ӕфсымӕр 20-аздзыдӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта ӕмӕ ма уыд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕр. Фӕлӕ стӕй стыр рӕдыд ӕруагъта. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын зонд бацамыдтой ӕмӕ йӕм се ’ххуысы къух бадардтой. Уыцы ӕфсымӕр Йегъовӕмӕ куывта, йӕ Ныхас ын ахуыр кодта ӕмӕ йӕ тыхтӕ сарӕзта иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд ӕмӕ та дарддӕр згъордта. Уыцы хабарӕй бирӕ рацыд, фӕлӕ ӕфсымӕр зӕгъы: «Иуӕй-иу хатт мӕм уыцы ӕнкъарӕнтӕ уӕддӕр фӕзынынц, фӕлӕ сыл фӕтых вӕййын. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ адӕймаджы ахӕм фӕлварӕны бахауын кӕй нӕ бауадздзӕн, ӕмӕ йӕ йӕ бон бафӕразын ма бауа. Уӕдӕ мӕн фидарӕй уырны: Хуыцау нӕ дызӕрдыг кӕны, ӕз уыцы тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзынӕн». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Абон кӕй тох кӕнын, уый фӕрцы ног дунейы стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕн. Ӕз уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын! Уӕдмӕ та уал тох кӕндзынӕн». Уыцы ӕфсымӕры фидарӕй фӕнды, йӕ разы цы фӕндаг ис, ууыл дарддӕр дӕр згъорын.
16, 17. а) Афтӕ чи хъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕмбырды йӕ хъуыддаг раст нӕ равзӕрстой, уыцы ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кодта йӕ хъуыды аивынӕн? ӕ) Цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
16 Ӕмбырды исты хъуыддаг раст куы нӕ уа, уӕд нын уый, чи зоны, суа цӕлхдур. Францийӕ чи у ӕмӕ раздӕр хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг раст нӕ равзӕрстой. Уый тыххӕй афтӕ смӕсты, ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр нал цыд. Ӕмӕ йӕм уӕд дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы бацыдысты ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодтой. Фыццаг уал ын йӕхимӕ лӕмбынӕг байхъуыстой. Стӕй йӕ баразӕнгард кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтаид, ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, сӕйрагдӕр кӕй у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уыцы ӕфсымӕр сын сӕ уынаффӕмӕ байхъуыста, ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та ногӕй райдыдта царды фӕндагыл згъорын – Йегъовӕйӕн та зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын райдыдта.
17 Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмбырды сӕргъы Йесо Чырысти кӕй у ӕвӕрд. Ӕмӕ, ӕнӕххӕст адӕм цы аразынц, ууыл хъуамӕ ӕгӕр ма тыхсӕм. Йесойӕн йӕ цӕстытӕ «судзынц пиллон артау». Уый махӕй бирӕ хуыздӕр уыны, ӕмбырды цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон (Рарг. 1:13–16). Чи зоны нӕм цыдӕр раст нӕ фӕкаст. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, гӕнӕн ис, ӕмӕ хабар кӕронмӕ не ’мбарӕм кӕнӕ алцы нӕ зонӕм. Йесо алцыдӕр йӕ афоныл сраст кӕндзӕн, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ макуы бауадзӕм, цӕмӕй нын не ’мчырыстӕттӕй искӕй хъуыддӕгтӕ цӕлхдур суой.
18. Фыдӕвзарӕнты фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?
18 Дыууӕ ӕндӕр цӕлхдуры та сты фыдӕвзарӕнтӕ кӕнӕ ӕфхӕрд ӕмӕ иннӕты ӕнӕххӕстдзинад. Йесо тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым загъта, иуӕй-иутӕ кӕй фӕкӕлынц, раст дины тыххӕй «фыдӕвзарӕнты куы бахауынц ӕмӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдайынц», уӕд. Рӕстдзинады тыххӕй адӕймаджы, чи зоны, ӕфхӕрой йӕ бинонтӕ, йӕ сыхӕгтӕ кӕнӕ хицауад. Ӕмӕ «йын уидаг [куы] нӕ уа», ома йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы уа, уӕд ын фӕцудынӕй тӕссаг уыдзӕн (Матф. 13:21). Фӕлӕ фӕндфидарӕй куы архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм, уӕд Хуыцауы Паддзахады мыггаг нӕ зӕрдӕйы ауадздзӕн арф уидӕгтӕ. Уӕдӕ-иу фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд-иу Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, «раппӕлинаг» цы у, уыдӕттыл. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6–9.) Йегъовӕ нын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ма фӕкӕлӕм.
Мацы дӕ бахъыгдарӕд дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорынӕн!
19. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уый цӕлхдур ма суа?
19 Хъыгагӕн, иннӕты ӕнӕххӕстдзинады тыххӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕнынц. Адӕймаг йе ’фсарммӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, уыцы хъуыддӕгты фӕдыл сын иннӕтимӕ иу хъуыды кӕй нӕ вӕййы, уый сын цӕлхдур свӕййы (1 Кор. 8:12, 13). Зӕгъӕм, исчи нӕ фӕхъыг кодта. Цымӕ афтӕ фӕхӕрам уыдзыстӕм, ӕмӕ рӕстдзинад дӕр ныууадздзыстӕм? Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй макӕмӕн тӕрхон кӕной, иннӕтӕн хатыр кӕной, афтӕ куы хъуыды кӕной, ӕз раст дӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕр (Лук. 6:37, фип.). Уӕдӕ дӕм исты хъыг куы фӕкӕса, уӕд-иу дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Иннӕтӕн, мӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, уымӕ гӕсгӕ фӕтӕрхон кӕнын? Ме ’фсымӕрты ӕнӕххӕстдзинады тыххӕй рӕстдзинад ныууадздзынӕн?» Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ искӕй хъуыддӕгтӕ нӕ ерысы кӕронмӕ азгъорын ма бахъыгдарой.
ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОР ӔМӔ ДЫН ЦӔЛХДУР МАЦЫ СУӔД
20, 21. Ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ерысы дӕ куыд фӕнды архайын?
20 Фӕнды дӕ дӕ «фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын»? (2 Тим. 4:7, 8) Уӕд ахуыр кӕн Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ, дӕ фарстатӕн дзы дзуаппытӕ агур ӕмӕ, цы базоныс, ууыл хъуыды кӕн. Афтӕмӕй зондзынӕ, дӕ разы цавӕр цӕлхдуртӕ уыдзӕн, уый. Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй дӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фидар кӕна. Дӕ зӕрдыл дар: ацы ерысы чи згъоры, уыдонӕй исчи куы фӕкӕла кӕнӕ куы ахауа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дарддӕр нал азгъордзӕн. Йӕ бон уыдзӕн сыстын ӕмӕ та ногӕй йӕ фӕндагыл згъорын. Чи зоны, йӕ разы цы цӕлхдуртӕ ис, уыдон ын ӕххуыс дӕр фӕуой – йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд цӕуылдӕр сахуыр уыдзӕн.
21 Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл хъӕуы ӕдзухдӕр згъорын. Уыцы ерыс ахӕм нӕу, ӕмӕ автобусыл сбадай ӕмӕ дӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕна. Хъуамӕ нӕхӕдӕг згъорӕм. Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ хайджын кӕндзӕн «бирӕ фарнӕй», ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕндзӕн размӕ згъорынӕн, раст нӕ цыма дымгӕ скъӕфы размӕ, афтӕ (Пс. 119:165). Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын дарддӕр дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ фидӕны та, ерысы кӕронмӕ чи азгъора, уыдоны ӕнӕкӕрон арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн (Иак. 1:12).