Йегъовӕйы миниуджытӕн аргъ кӕн
«Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут» (ЕФ. 5:1).
1. а) Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ бон кӕцытӕ у ранымайын? ӕ) Хуыцауы миниуджыты тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУЫЛ куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд йӕ миниуджытӕй дӕ зӕрдыл кӕцытӕ ӕрлӕууы? Бирӕтӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, уарзондзинад, рӕстдзинад, зонд ӕмӕ тых. Фӕлӕ йӕ не ’ппӕт дӕр зонӕм, Йегъовӕмӕ бирӕ ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ дӕр кӕй ис. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йегъовӕйы миниуджытӕй нӕ литературӕйы ӕвзӕрст цыди иу-40 алыхуызон миниуӕджы. Ӕмӕ хорз уаид, Библи нӕ бинонтимӕ иумӕ кӕнӕ нӕхӕдӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд-иу уыцы миниуджытӕй алкӕцы дӕр хицӕнӕй куы равзариккам. Афтӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй цас базондзыстӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Уый фӕрцы нӕ уӕларвон Фыдӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕ уӕд та ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕзмӕм (Йес. Н. 23:8; Пс. 73:28).
2. а) Йегъовӕйы миниуджытӕн тынгдӕр цӕй фӕрцы аргъ кӕндзыстӕм, уый цӕвиттонӕй бамбарын кӕн. ӕ) Ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
2 Адӕймаг цӕмӕндӕр аргъ кӕнын куыд райдайы, кӕнӕ цыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ куыд фӕцӕуы? Зӕгъӕм, дӕ разы ис цавӕрдӕр ног хӕринаг. Цӕмӕй дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, уый тыххӕй уал ын хъуамӕ йӕ тӕфмӕ басмудай. Стӕй дзы хъуамӕ ахӕрай ӕмӕ йын йӕ ад бамбарай. Ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг хъуамӕ дӕхӕдӕг скӕнай. Раст афтӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы миниуджытӕ нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуой ӕмӕ сын аргъ кӕнын райдайӕм, уый тыххӕй уал сӕ фыццаг хъуамӕ базонӕм, стӕй сыл ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм (Еф. 5:1). Ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕйы миниуджытӕй афтӕ арӕх кӕуыл нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, уыдонӕй цалдӕрыл. Алы миниуӕг ӕвзаргӕйӕ дӕр ӕркӕсдзыстӕм ахӕм фарстатӕм: уыцы миниуӕг цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы? Махӕн ӕй нӕ бон куыд у бафӕзмын?
ЙЕГЪОВӔ БАЙХЪУСЫНМӔ АЛКӔДДӔР ЦӔТТӔ У
3, 4. а) Алкӕддӕр байхъусынмӕ цӕттӕ у, уый цавӕр удыхъӕды хицау у? ӕ) Йегъовӕ байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
3 Йегъовӕйы миниуджытӕй уал фыццаг ӕркӕсдзыстӕм, байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у, уымӕ. Байхъусынмӕ цӕттӕ чи у, уый у хӕларзӕрдӕ, йемӕ ныхас кӕнын у ӕнцон, стӕй афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы вӕййы, цӕмӕй дӕм ма байхъуса ӕмӕ дын ма баххуыс кӕна. Ӕмӕ, ахӕм удыхъӕды хицау кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы йӕ ныхӕстӕй, стӕй йӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ йӕ алы змӕлдӕй дӕр.
4 Йегъовӕ байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Кӕд ӕнӕхъӕн Дун-дунейы скӕнӕг у ӕмӕ уымӕй хъомысджындӕр нӕй, уӕддӕр нын зӕгъы, нӕ куывдтытӕм байхъусынмӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у. (Бакӕс Псалом 145:18; Исайы 30:18, 19.) Хуыцауимӕ ныхас кӕнын нӕ бон у кӕмфӕнды дӕр, кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ цасфӕнды дӕр, ӕмӕ йӕ зонӕм, уый тыххӕй нын кӕй никуы бауайдзӕф кӕндзӕн (Пс. 65:2; Иак. 1:5). Библийы Йегъовӕйы тыххӕй кӕм цӕуы дзырд, уым ис ахӕм абарстытӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у бамбарын, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йемӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнӕм. Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста, Йегъовӕйы цӕстытӕ махмӕ здӕхт кӕй сты ӕмӕ ныл йӕ рахиз къух фидар кӕй хӕцы (Пс. 34:15; 63:8). Пехуымпар Исай Йегъовӕйы абарста фыййауимӕ ӕмӕ загъта: «Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн» (Ис. 40:11). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм тынг ӕввахс уӕм, гыццыл уӕрыкк фыййаумӕ йӕ хъӕбысы куыд ӕввахс вӕййы, афтӕ. Цӕй диссаджы Фыд нын ис! Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы уыцы хъуыддаджы фӕзмын?
СТЫР АРГЪ КӔМӔН ИС, УЫЦЫ МИНИУӔГ
5. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ууыл цӕмӕн хъуамӕ архайой, цӕмӕй-иу сӕм иннӕтӕ аныхас кӕнынмӕ сӕрибарӕй бацӕуой?
5 Ӕрӕджы алы бӕстӕты цӕрӕг зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм радтой ахӕм фарста: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕппӕты тынгдӕр цавӕр миниуӕджы тыххӕй аргъ кӕныс?» Ӕмӕ сӕ фылдӕр загътой, зӕгъгӕ сӕм сӕрибарӕй бацӕуӕн кӕй вӕййы ӕмӕ байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы чырыстон дӕр хъуамӕ ахӕм уа. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ууыл уӕлдай тынгдӕр хъӕуы архайын (Ис. 32:1, 2). Иу хо, уыцы миниуӕг афтӕ ахсджиагыл цӕмӕн нымайы, уый тыххӕй загъта: «Хистӕр нӕлгоймагмӕ цыфӕнды хорз миниуджытӕ куы уа, уӕддӕр нын ницы ӕххуыс фӕуыдзысты, йемӕ сӕрибарӕй аныхас кӕнӕн куы нӕ уа, уӕд». Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, уыцы хо рӕстытӕ кӕй дзуры. Фӕлӕ цымӕ адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй-иу ӕм иннӕтӕ аныхас кӕнынмӕ сӕрибарӕй бацӕуой?
6. Цӕмӕй-иу нӕм иннӕтӕ аныхас кӕнынмӕ сӕрибарӕй бацӕуой, уый тыххӕй цы хъӕуы?
6 Цӕмӕй-иу нӕм иннӕтӕ аныхас кӕнынмӕ сӕрибарӕй бацӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ уыной, зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсӕм. Хистӕр нӕлгоймаг иннӕтыл куы тыхса ӕмӕ сын йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕна, уӕд ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн, суанг сывӕллӕттӕн дӕр, йемӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн (Мар. 10:13–16). Иу 12-аздзыд лӕппу, Карлос, афтӕ загъта: «Не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алкӕуыл дӕр куыд бацин кӕнынц ӕмӕ семӕ куыд хӕларзӕрдӕ вӕййынц, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймаг, байхъусынмӕ ӕмӕ баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый хъуамӕ ӕрмӕст дзургӕ ма кӕна, фӕлӕ йӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдиса (1 Иоан. 3:18). Йӕ бон куыд у уый аразын?
7. Конгрессы плакеткӕтӕ ныл куы вӕййы, уӕд адӕмы немӕ аныхас кӕнын цӕмӕн бафӕнды? Уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?
7 Уый ис бамбарӕн иу цӕвиттонӕй. Ӕрӕджы иу ӕфсымӕр фӕсарӕнты конгрессы уыд, ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхт хӕдтӕхӕгыл. Йӕ риуыл уыд плакеткӕ конгрессы номимӕ, «Ӕрцӕуӕд Хуыцауы Паддзахад!», зӕгъгӕ. Плакеткӕйыл фыст ныхӕстӕ хӕдтӕхӕджы кусджытӕй иу куы бакаст, уӕд ӕфсымӕрӕн загъта: «Хуыцау зӕгъӕд, ӕмӕ ӕрцӕуа! Ацы хабарыл хъуамӕ фылдӕр аныхас кӕнӕм». Фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр аныхас кодтой, ӕмӕ хӕдтӕхӕджы кусӕг не ’фсымӕрӕй журналтӕ дӕр айста. Ахӕм цаутӕ махӕй бирӕтыл ӕрцӕуы. Адӕм ныл плакеткӕтӕ куы фенынц, уӕд сӕ немӕ аныхас кӕнын цӕмӕн бафӕнды? Уымӕн ӕмӕ, плакеткӕтӕ куы фенынц, уӕд сӕ бацымыдис кӕны, кӕдӕм цӕуӕм, уый. Ӕмӕ сын ууыл дзурӕг дӕр вӕййынц, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй семӕ аныхас кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр хъуамӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг уой, се ’мчырыстӕттимӕ аныхас кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты. Зӕгъӕм, цавӕр хъуыддӕгтӕ вӕййынц ууыл дзурӕг?
8. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц, уый куыд равдисынц ӕмӕ уый ӕмбырдыл куыд фӕзыны?
8 Алы бӕстӕты ис алыхуызон ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ уӕддӕр фылдӕр хатт, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уый нӕ бон вӕййы равдисын, нӕ мидбылты сӕм кӕй бахудӕм, сӕ къух сын кӕй райсӕм ӕмӕ сын ӕгасцуай кӕй фӕзӕгъӕм, уымӕй. Уыцы хъуыддаджы-иу чи хъуамӕ фӕраздӕр уа? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесойы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ. Матфей ныффыста, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы фембӕлд, уӕд сӕм йӕхӕдӕг кӕй бацыд ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын кӕй райдыдта (Матф. 28:18). Ӕмӕ абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр се ’фсымӕртӕм ӕмӕ сӕ хотӕм сӕхӕдӕг бацӕуынц ӕмӕ семӕ аныхӕстӕ кӕнынц. Уый ӕмбырдыл куыд фӕзыны? 88 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо загъта: «Паддзахады залмӕ куы бацӕуын, уӕд мыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бацин кӕнынц ӕмӕ мын цалдӕр ныфсы ныхасы фӕзӕгъынц. Ӕмӕ мын уымӕй мӕ зӕрдӕ балхӕнынц». Ӕндӕр хо та загъта: «Чи зоны, искӕмӕ уый гыццыл хъуыддаг фӕкӕса, фӕлӕ ӕмбырдмӕ куы ӕрбацӕуын ӕмӕ мыл хистӕр нӕлгоймаг куы бацин кӕны, уӕд мын уый бирӕ цӕуылдӕр дзурӕг вӕййы».
ИННӔТӔН ДӔ РӔСТӔГ МА ӔВГЪАУ КӔН
9, 10. а) Йегъовӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын?
9 Цӕмӕй-иу нӕм иннӕтӕ аныхас кӕнынмӕ сӕрибарӕй бацӕуой, уый тыххӕй сын хъуамӕ нӕ рӕстӕг ма ӕвгъау кӕнӕм. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ у фӕзминаг. «Уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:27). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы бафӕзмдзысты, зӕгъӕм, ӕмбырды размӕ ӕмӕ-иу уый фӕстӕ дӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕной, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ аныхӕстӕ кӕной,– ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Хистӕр нӕлгоймаг мӕ куы афӕрсы, куыд дӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уайтагъд куы нӕ ацӕуы, фӕлӕ мӕм куы байхъусы, уӕд мын уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ мын аргъ кӕны». Йегъовӕйӕн 50 азы бӕрц чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо та афтӕ загъта: «Ӕмбырды фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мемӕ кӕй аныхӕстӕ кӕнынц, уый фӕрцы йӕ ӕмбарын, иннӕтӕй рох кӕй нӕ дӕн».
10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ис бирӕ алыхуызон хӕстӕ. Фӕлӕ ӕмбырды сӕ нысан сӕйраджыдӕр хъуамӕ уа, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ аныхас кӕной.
ЙЕГЪОВӔ НИКӔЙ ХЪУЛОН КӔНЫ
11, 12. а) Макӕй хъулон кӕнай, уый куыд ӕмбаргӕ у? ӕ) Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый тыххӕй Библи цы дзуры?
11 Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕй ма ноджыдӕр иу у, хъулон кӕй никӕй кӕны, уый. Кӕмӕй вӕййы зӕгъӕн, ӕмӕ никӕй хъулон кӕны? Алкӕимӕ дӕр рӕстӕй чи архайы, иуты иннӕтӕй уӕлдӕр чи не ’вӕры, уымӕй. Хъулон чи никӕй кӕны, уымӕн уыцы миниуӕг хъуыддагӕй ӕвдисын йӕ бон уый тыххӕй у, ӕмӕ йӕ зондахаст дӕр у ахӕм, ома алы адӕймагмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы. Грекъаг Фыстыты дзырдбаст «никӕй хъулон кӕны» дзырдӕй-дзырдмӕ куы ратӕлмац кӕнай, уӕд уыдзӕн, цӕсгӕмттӕ нӕ исы, зӕгъгӕ, ома адӕймаджы хуызмӕ нӕ кӕсы (Хъуыд. 10:34). Уӕдӕ уыцы миниуӕджы хицау уымӕ нӕ фӕкӕсы, адӕймаг рӕсугъд у ӕви фыдынд, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, фӕлӕ фӕкӕсы, адӕймагӕн йӕ удыхъӕд цавӕр у, уымӕ.
12 Ацы хъуыддаджы нын Йегъовӕ куыд у фӕзминаг, афтӕ ничи. Йӕ Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, уый «хъулон никӕй кӕны». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35; Дыккаг закъон 10:17.) Ӕмӕ уый хорз зыны, Моисейы рӕстӕджы чи ’рцыд, уыцы хабарӕй.
Салпаады чызджытӕ Йегъовӕйӕ бузныг уыдысты, кӕй сӕ нӕ фӕхъулон кодта, уый тыххӕй (кӕс 13, 14 абзацтӕ)
13, 14. а) Салпаады фондз чызджы ӕххуыс цавӕр хъуыддаджы хъуыди? ӕ) Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый куыд равдыста?
13 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы хъуамӕ бацыдаиккой, уыцы рӕстӕг Манассийы мыггагӕй фондз ӕнӕцыд хойы хъуыди ӕххуыс иу зын хъуыддаг алыг кӕнынӕн. Цавӕр хъуыддаг? Уыцы хотӕ зыдтой, иннӕ израилаг бинонтау сӕ фыдмӕ дӕр, Салпаадмӕ, зӕххы хай кӕй хауд (Ным. 26:52–55). Фӕлӕ сӕ фыд амард. Закъонмӕ гӕсгӕ Салпаадӕн йӕ зӕххы хай хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид йӕ фырттӕн, фӕлӕ йын ӕрмӕстдӕр чызджытӕ уыди (Ным. 26:33). Ӕмӕ цымӕ уӕд уыцы зӕхх хъуамӕ сӕ хӕстӕджытӕн лӕвӕрд ӕрцыдаид ӕмӕ Салпаады чызджытӕ хъуамӕ ӕнӕ бынтӕй баззадаиккой?
14 Уыцы фондз хойы Моисеймӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «[Нӕ фыдӕн] фырт кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй ныр хъуамӕ йӕ ном йӕ мыггаджы ’хсӕнӕй сӕфгӕ фӕкӕна?» Ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой: «Курӕм дӕ, ратт нын бынтӕ нӕ фыды ӕфсымӕртимӕ». Цымӕ сын Моисей афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уый закъон у, ӕмӕ уын мӕ бон баххуыс кӕнын ницӕмӕй у? Нӕ, уый сын «сӕ хъуыддагӕй Йегъовӕйы бафарста, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ» (Ным. 27:2–5). Ӕмӕ цы баисты? Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Раст зӕгъынц Салпаады чызджытӕ. Ӕнӕмӕнг сын ратт бынтӕ сӕ фыды ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ афтӕ бакӕн, сӕ фыды бынтӕ уыдонӕн лӕвӕрд куыд ӕрцӕуой». Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй уыцы хъуыддагӕй закъон скодтаид. Загъта йын: «Адӕймаг куы амӕла ӕмӕ йын фырт куы нӕ баззайа, уӕд ын йӕ бынтӕ хъуамӕ раттат йӕ чызгӕн» (Ным. 27:6–8; Йес. Н. 17:1–6). Уӕдӕй фӕстӕмӕ, израилаг сылгоймӕгтӕй ахӕм уавӕры чи уыд, уыдонӕн тӕссаг нал уыд, ӕнӕ зӕххӕй кӕй баззайдзысты, уымӕй.
15. а) Йегъовӕ адӕммӕ цавӕр зӕрдӕ дары, уӕлдайдӕр та, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ? ӕ) Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уымӕн ма Библийы ноджыдӕр цавӕр цӕвиттонтӕ ис?
15 Йегъовӕ ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уымӕй ирдӕй равдыста, хӕларзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ ӕппындӕр кӕй никӕй хъулон кӕны. Уыцы фондз хойӕн, сӕ сӕрыл чи рахӕцыдаид, уый нӕ уыд. Фӕлӕ сын Йегъовӕ, уыдонӕй хуыздӕр уавӕры чи уыд, уыцы израилӕгтӕй къаддӕр аргъ не скодта ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста (Пс. 68:5). Ацы хабарӕй уӕлдай ма Библийы бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕппындӕр кӕй никӕй хъулон кӕны (1 Сам. 16:1–13; Хъуыд. 10:30–35, 44–48).
НӔ БОН У ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔЗМЫН
16. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйау ӕппындӕр макӕй хъулон кӕнӕм?
16 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау макӕй хъулон кӕнӕм? Рох кӕнын нӕ хъӕуы: цӕмӕй уыцы миниуӕг хъуыддагӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй нӕ зондахаст дӕр хъуамӕ ахӕм уа, ома хъуамӕ алы адӕймагмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсӕм. Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕз никӕй хъулон кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, хатт нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ фӕкӕсӕм. Уӕдӕ куыд ис базонӕн, хъулон митӕ кӕнӕм ӕви нӕ? Зӕгъӕм, Йесойы куы фӕндыд базонын, адӕм дзы цы дзурынц, уӕд йе ’ввахс ӕмбӕлтты бафарста: «Цы дзурынц адӕм Адӕймаджы Фыртӕй, чи, дам, у?» (Матф. 16:13, 14). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, алкӕддӕр дын рӕстытӕ чи фӕдзуры, уыцы ӕмбалы бафӕрсын: «Куыд дӕм кӕсы, никӕй хъулон кӕнын? Иннӕтӕ та мӕ цы дзурынц?» Ӕмӕ дын чи зоны, зӕгъа, иуӕй-иу хатт кӕцыдӕр адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр кӕй февӕрыс, йе та, хъӕздыгдӕр чи у кӕнӕ уӕлдӕр ахуырад кӕмӕ ис, уыдонмӕ иннӕтӕй хуыздӕр цӕстӕй кӕй фӕкӕсыс. Куыд хъуамӕ бакӕнай уӕд? Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув, цӕмӕй дын дӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кӕна ӕмӕ ды дӕр уыйау ӕппындӕр макӕй хъулон кӕнай (Матф. 7:7; Кол. 3:10, 11).
17. Кӕй никӕй хъулон кӕнӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у равдисын?
17 Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, мах дӕр Йегъовӕйы кӕй фӕзмӕм. Зӕгъӕм, нӕхимӕ уазджыты куы хонӕм, уӕд хорз уаид, куы-иу фӕхониккам, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр, стӕй мӕгуырты, идӕдзты ӕмӕ, йӕ ныййарджытӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыцы ӕрыгӕтты дӕр. (Бакӕс Галатӕгтӕм 2:10; Иаковы 1:27.) Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ дӕр равдисӕм, кӕй никӕй хъулон кӕнӕм, уый – фӕныхас кӕнӕм алыхуызон адӕмимӕ, суанг, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи у, уыдонимӕ дӕр. Нӕ организаци Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕны иу-600 ӕвзагыл. Уымӕй хуыздӕр ӕвдисӕн ма цы хъуамӕ уа, кӕй никӕй хъулон кӕнӕм, уымӕн!
18. Ды дӕр Йегъовӕйау байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй дӕ ӕмӕ кӕй никӕй хъулон кӕныс, уый куыд ӕвдисдзынӕ?
18 Йегъовӕ байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у ӕмӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, ууыл цас арӕхдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы фӕзмын. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ хотӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм, стӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй.
«Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Пс. 145:18). (кӕс 9 абзац)
«Уӕ Хуыцау Йегъовӕ... хъулон никӕй кӕны» (Дык. з. 10:17). (кӕс 17 абзац)