Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/7 4 ф.
  • Дин ӕмӕ ӕхца

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дин ӕмӕ ӕхца
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔЙ ЦЫ ЗӔГЪӔН ИС?
  • Ӕхцайӕ раст пайда кӕнын куыд хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Ӕхца фыдбылызы хос у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Уе ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕнут?
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/7 4 ф.

Дин ӕмӕ ӕхца

Эстеллa йӕ цалдӕр сывӕллонимӕ ӕдзух аргъуанмӕ цыд. Уый зӕгъы: «Нӕ аргъуаны сауджынӕн загътон, Библи мӕ хуыздӕр базонын кӕй фӕнды». Фӕлӕ йын сауджын никуы загъта, хорз, баххуыс дын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг Эстелл аргъуанмӕ нал цыд. «Аргъуаны хистӕртӕ мӕм писмо ӕрбарвыстой. Сӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, зӕгъгӕ, кӕд дӕ бон аргъуанмӕ цӕуын нӕу, уӕд нын ӕхца уӕддӕр ӕрвит. Ӕз ахъуыды кодтон: „Кӕй нӕ цӕуын, уый сӕм нымады дӕр нӕу, ӕрмӕст сӕ ме ’хца хъӕуы“»,– загъта Эстелл.

Анджелинӕ, Хуыцауыл ӕнувыд сылгоймаг, загъта: «Цы аргъуанмӕ цыдтӕн, уым-иу цалынмӕ службӕ цыд, уӕдмӕ-иу ӕртӕ хатты чыргъӕдимӕ ӕрзылдысты, ӕмӕ-иу дзы алы хатт дӕр хъуамӕ ӕхца ныппӕрстаиккам. Ӕдзух ӕхца куырдтой, ӕмӕ-иу хъуыды кодтон: „Хуыцау ацы адӕмимӕ нӕй“».

Кӕм цӕрыс, уым цы динтӕ ис, уыдонмӕ дӕр ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ адӕмӕй алы мадзӕлттӕй ӕхца курынц? Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ уый раст у?

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?

Йесо, чырыстон дины бындурӕвӕрӕг, загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8). Библийы цы хорз хабар фыст ис, уый уӕй кӕнӕн нӕй ӕмӕ, кӕй фӕнды, уыдон ӕй иууылдӕр хъуамӕ базоной.

Цымӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм ӕмбырды хъуыддӕгтӕн ӕхца кӕм уыд?

Алчидӕр сӕ кодта, «йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ», мысайнӕгтӕ сӕ ничи лӕвӕрдта «ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Апостол Павел загъта: «Хорз хабар уын куы хъусын кодтам, уӕд фыдӕбон кодтам ӕхсӕвӕй-бонӕй, цӕмӕй уӕ стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кодтаиккам» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:9). Цӕмӕй Павелӕн йӕ бон хорз хабар хъусын кӕнын уыдаид, уый тыххӕй хуыдта цатыртӕ (Хъуыддӕгтӕ 18:2, 3).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔЙ ЦЫ ЗӔГЪӔН ИС?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’мбырдтӕ вӕййынц хуымӕтӕг агъуыстыты, хонынц сӕ Паддзахады залтӕ. Цымӕ сын ӕмбырды хъуыддӕгтӕн ӕмӕ хорз хабар хъусынӕн ӕхца кӕм вӕййы? Ӕмбырдты сӕм тӕбӕгъимӕ ничи разилы, цӕмӕй дзы алчидӕр йӕ мысайнаг сӕвӕра, стӕй фыстӕджытӕ дӕр нӕ фервитынц, цӕмӕй сын ӕхца раттой. Фӕлӕ алы Паддзахады залы дӕр ис мысайнӕгты асыкк. Ӕмӕ ӕмбырды цӕуыл фӕахуыр кӕнынц, уымӕн чи аргъ кӕны, уыдонӕн сӕ бон у мысайнаг уыцы асыччы ныппарын.

Дины хъуыддӕгтӕн ӕхца кӕцӕй хъуамӕ цӕуа?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы журнал мыхуыр кӕнынӕн ӕмӕ йӕ алы бӕстӕтӕм ласынӕн ӕхца хъӕуы. Фӕлӕ дзы никуы фендзынӕ нӕдӕр рекламӕ, нӕдӕр ахӕм фыстытӕ, ӕхца нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Йӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй адӕм Библийы рӕстдзинад базоной.

Куыд дӕм кӕсы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы хъуыддаг, Чырысти куыд дзырдта ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куыд кодтой, афтӕ нӕ аразынц?

a Ацы статьяты иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын