БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ
Хуыцау нын «нӕ зӕрдӕтӕ... ӕфсады»
Йегъовӕ ныл ӕцӕгдӕр тыхсы ӕви, адӕм зӕххыл цы уавӕры сты, уый йӕм нымады дӕр нӕу? Ацы фарстайӕн Библийы цы дзуапп ис, уый нын удӕнцой ратдзӕн. Хуыцау ӕцӕгдӕр тыхсы адӕмыл ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Хуыцау алы бон дӕр адӕмы йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, бузныг дзы чи нӕу, суанг уыдоны дӕр. Ӕркӕсӕм апостол Павелы ныхӕстӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:16, 17.)
Горӕт Листрӕйы цӕрджытӕн, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдонӕн, Павел загъта: «Рагзаманты Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕн уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой, фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста». Цымӕ Павелы ныхӕстӕ уыцы адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты?
Листрӕйы цӕрджытӕ Павелы ныхӕстӕ хорз ӕмбӕрстой, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕхх уыд хъӕздыг ӕмӕ донӕфсӕст, ӕмӕ дзы зӕххы куыст бирӕтӕ кодтой. Фӕлӕ сын Павел сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ Хуыцау кӕй дӕтты. Уӕдӕ-иу бирӕ тыллӕг кӕй ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ хӕрзад хӕринаг кӕй хордтой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ Хуыцау йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кодта.
Павел Листрӕйы цӕрджытӕн цы загъта, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй базонӕн ис цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы.
Йегъовӕ нын бар радта, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг равзарӕм, куыд бакӕнӕм, уый. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр уый бар кӕй лӕвӕрдта, цӕмӕй, «сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой». Йегъовӕ нӕ йӕхицӕн тыхӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Хуыцау нын бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, куыд цӕрӕм, уый (Дыккаг закъон 30:19).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм. Апостол Павел загъта, Хуыцау йӕхи кӕй «ӕргом кӕны». Библи тӕлмацгӕнджытӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ацы ныхӕстӕ ратӕлмац кӕнӕн ис – «адӕмӕн ӕргом ӕвдисы, цавӕр Хуыцау у, уый». Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ дзурӕг сты, «цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытыл», зӕгъӕм, йӕ хорздзинад, йӕ зонд, йӕ тых ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл (Ромӕгтӕм 1:20). Йегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис Библийӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уӕдӕ бӕрӕг у, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм.
Хуыцау алы бон дӕр адӕмы йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, бузныг дзы чи нӕу, суанг уыдоны дӕр
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Павел ма загъта, зӕгъгӕ нын Хуыцау дӕтты «парахатӕй хӕринаг ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады». Суанг ма тӕригъӕдджын адӕймагӕн дӕр, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уымӕн дӕр йӕ бон у, цы йӕ хъӕуы, уыдӕттӕ хӕрын ӕмӕ амондджынӕй цӕрын. Фӕлӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм уӕм амондджын. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Йегъовӕйы рӕстдзинад куы базонӕм ӕмӕ йӕ раст закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (Псалом 144:15; Матфейы 5:3).
Алы бон дӕр нӕ Йегъовӕ хайджын кӕны йӕ хорздзинӕдтӕй. Хуыцау нын ӕцӕгдӕр дӕтты «парахатӕй хӕринаг ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады». Уӕдӕ дзы бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон хъуыддагӕй равдисын куыд у, уый тыххӕй фылдӕр куы базонис, уӕд хорз нӕ уаид?
Июлы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын: