Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 27 сӕр, 270–279 фф.
  • «Куыд стыр у йӕ хорздзинад!»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Куыд стыр у йӕ хорздзинад!»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау йӕ уарзт ӕвдисы диссаджы хуызы
  • Йегъовӕйы стыр хорздзинад цӕмӕй бӕрӕг у?
  • Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ нын пайда хӕсдзысты ӕнустӕм
  • Йегъовӕйы хорздзинад бӕрӕг у ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр
  • «Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ... сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты»
  • Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Хорздзинад. Дӕ бон ӕй куыд у дӕ удыхъӕды фидар кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Дарддӕр дӕр хорздзинад араз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Иегъовӕйы фӕзмӕм, хорздзинад кӕнгӕйӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 27 сӕр, 270–279 фф.
Рӕгъӕд сӕнӕфсиры цупӕлттӕ.

27 СӔР

«Куыд стыр у йӕ хорздзинад!»

1, 2. Хуыцауы хорздзинад пайда кӕмӕн у ӕмӕ Библийы хорздзинады тыххӕй цы фыст ис?

ХУР ныгуылӕнырдӕм фӕкъул. Хорз ӕмбӕлттӕ ӕрдзы хъӕбысы иумӕ бадынц ӕмӕ хӕрынц. Сӕ худын ӕмӕ сӕ хъӕлдзӕг ныхас хъуысы. Ӕндӕр ран та зӕхкусӕг йӕ хуымтӕм кӕсы ӕмӕ йӕ мидбылты худы. Цин кӕны, къӕвдайы мигътӕ кӕй ӕрбацӕуынц, ӕмӕ йӕ хуымтӕ донӕй кӕй бафсӕддзысты, ууыл. Ӕндӕр кӕмдӕр та фыд ӕмӕ мад цин кӕнынц, сӕ хъӕбул фыццаг къахдзӕфтӕ кӕй кӕны, ууыл.

2 Кӕй кой ракодтам, уыдон ӕй зонынц ӕви нӕ, уӕддӕр сын циндзинад цы хӕссы, уыдӕттӕ сты Йегъовӕ Хуыцауы стыр хорздзинады фӕрцы. Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ арӕх фӕзӕгъынц, «Хуыцау хорз у», зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыды Библийы ноджы хуыздӕр загъд у: «Куыд стыр у йӕ хорздзинад!» (Захари 9:17). Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый бирӕтӕ не ’мбарынц. Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад стыр у, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый махӕй алкӕмӕн дӕр цы пайда у?

Хуыцау йӕ уарзт ӕвдисы диссаджы хуызы

3, 4. Цы у хорздзинад ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад сӕйраджыдӕр йӕ уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?

3 Библийӕ базонӕн ис, «хорздзинад» сӕйраджыдӕр кӕй амоны хорз миниуджытӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон зӕгъын у, Йегъовӕйӕн йӕ миниуджытӕ иууылдӕр хорз кӕй сты ӕмӕ сӕм фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ уый хауы йӕ тыхмӕ, йӕ рӕстдзинадмӕ ӕмӕ йӕ зондмӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ хорздзинад сӕйраджыдӕр бӕрӕг у, йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, уымӕй. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у?

4 Хорздзинад бӕрӕг вӕййы хорз хъуыддӕгтӕй. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, адӕм хӕрзгӕнӕгӕн рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр кад кӕнынц (Ромӕгтӕм 5:7). Рӕстгӕнӕг Хуыцауы закъӕттӕ феххӕст кӕны, фӕлӕ хӕрзгӕнӕг уымӕй фылдӕр фӕаразы. Уый ӕдзух фӕархайы иннӕтӕн баххуыс кӕныныл. Ацы сӕрӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы хуызӕн ничи у. Йегъовӕ хорздзинад аразы, тынг нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй.

5–7. Йесо йӕхи «хорз Ахуыргӕнӕг» хонын цӕуылнӕ бауагъта ӕмӕ уымӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта?

5 Йегъовӕйы хуызӕн хорз ничи у. Иухатт иу лӕг Йесойы цӕмӕйдӕр фарста ӕмӕ йӕ «хорз Ахуыргӕнӕг» схуыдта. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у» (Марчы 10:17, 18). Чи зоны дӕм Йесойы дзуапп диссаг фӕкаст. Йесо ӕцӕгдӕр хорз ахуыргӕнӕг уыди. Ӕмӕ уӕд Йесо афтӕ цӕмӕн загъта?

6 Ӕвӕццӕгӕн ӕй уыцы лӕг «хорз Ахуыргӕнӕг» уый тыххӕй схуыдта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ балхӕдтаид. Фӕлӕ Йесо тынг сӕрныллӕг уыд ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ уӕларвон Фыды кадджын кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ уый куыд хорз у, афтӕ ничи (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Йесо ма афтӕмӕй бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы коммӕ куы нӕ бакастысты ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй куы бахордтой, уӕд уымӕй равдыстой, сӕхи кӕй фӕнды скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Уыдонӕй уӕлдай Йесо зоны, уыцы бар ӕрмӕстдӕр йӕ Фыдӕн кӕй ис.

7 Уымӕй уӕлдай ма Йесо зоны, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» уый дӕтты (Иаковы 1:17). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад куыд зыны, рӕдау кӕй у, уымӕй.

Йегъовӕйы стыр хорздзинад цӕмӕй бӕрӕг у?

8. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр Йегъовӕйы хорздзинадӕй цух нӕу?

8 Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр Йегъовӕйы хорздзинадӕй цух нӕу. Псалом 145:9 стихы фыст ис: «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр». Уый цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг? Библийы фыст ис: «Йӕхи [уын] ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыддӕгтӕ 14:17). Хӕрзад хӕринаг хӕрын ӕхсызгон кӕмӕн нӕ вӕййы?! Ахӕм хӕринӕгтӕ нын ис, зӕхх диссаджы конд кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Зӕхх фаг тыллӕг дӕтты, уымӕн ӕмӕ дон ӕрдзы мидӕг зилдух кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы къӕвдатӕ фӕуары ӕмӕ «бӕркадджын азтӕ» вӕййы. Йегъовӕ хӕринаг дӕтты, чи йӕ уарзы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр. Йесо загъта: «Уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матфейы 5:45).

9. Фӕткъуыты тыххӕй цы ис зӕгъӕн ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы хорздзинад куыд зыны?

9 Бирӕтӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, хур, къӕвда ӕмӕ, зӕхх цы тыллӕг дӕтты, уый фӕрцы сын цас хорз цыдӕртӕ ис, ууыл. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, фӕткъуытыл. Фӕткъуыбӕлас бирӕ рӕтты зайы. Фӕткъуы у рӕсугъд, хӕрзад, донджын ӕмӕ тынг пайда дыргъ. Зӕххыл иу-7 500 фӕткъуыйы мыггаджы кӕй ис, уый зыдтай? Уыдон хицӕн кӕнынц хуызӕй дӕр ӕмӕ асӕй дӕр. Ис сырх, бур ӕмӕ цъӕх фӕткъуытӕ. Чи дзы у балы гагайӕ гыццыл стырдӕр, чи та суанг стыр къомсийы йас. Фӕткъуыйы апп тынг гыццыл у, фӕлӕ дзы рӕзгӕ та скӕны рӕсугъддӕр бӕлӕстӕй сӕ иу (Соломоны зарӕг 2:3). Уалдзӕджы фӕткъуыбӕласы къалиутӕ дидинджытӕй нӕ фӕзынынц, фӕззӕгмӕ та сыл фӕткъуытӕ ӕрзайы. Фӕткъуыбӕлас цӕры 75 азы бӕрц. Ӕмӕ алы аз дӕр иу бӕласыл ӕрзайы 400 килӕйы бӕрц фӕткъуытӕ!

Йегъовӕ дӕтты «къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ»

Зад фӕткъуыбӕлӕстӕ дыргъдоны. Чидӕр дыууӕ ӕнгуылдзӕй фӕткъуыйы аппыл хӕцы.

Ацы гыццыл нӕмыгӕй цы бӕлас сырӕза, уый бирӕ азты дӕргъы дыргъ дӕтдзӕн ӕмӕ цӕст рӕвдаудзӕн

10, 11. Йегъовӕ куыд хорз у, уый куыд зыны, куыд конд стӕм, уымӕй?

10 Йегъовӕйы хорздзинад ма бӕрӕг у, «куыд диссаджы конд» стӕм, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын ӕмӕ сыл цин кӕнын (Псалом 139:14). Ногӕй-ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, ацы сӕры райдианы цы цӕвиттонтӕ ӕрхастам, уыдон. Ахӕм уавӕрты адӕймаг цы фӕуыны, уыдӕттӕй йын циндзинад тынгдӕр цы фӕхӕссы? Сывӕллоны сырх уадултӕ, тӕрккъӕвда хуымтыл куыд уары ӕви, хурныгуылд арв алыхуызон ахорӕнтӕй куыд сахоры, уый? Йегъовӕ цӕст афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ бон у ӕвзарын цалдӕр сӕдӕ мин хуызы, чи зоны та суанг милуантӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у хъусын, кӕй уарзӕм, уыцы адӕймаджы ӕхсызгон хъӕлӕс, сывӕллоны хъӕлдзӕг худын ӕмӕ, бӕлӕсты сыфтӕ дымгӕмӕ куыд фӕсыбар-сыбур кӕнынц, уый. Нӕ бон цӕмӕн у уыдӕттыл цин кӕнын? Библи зӕгъы: «Чи хъусы, уыцы хъус ӕмӕ, чи уыны, уыцы цӕст – дыууӕ дӕр Йегъовӕ скодта» (Ӕмбисӕндтӕ 20:12). Йегъовӕ ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕй схайджын кодта, цӕмӕй нӕ бон уа цардыл цин кӕнын?

11 Йегъовӕйы хорздзинадыл дзурӕг ма у, нӕ бон тӕфтӕ ӕмбарын кӕй у, уый дӕр. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, адӕймаджы фындз цы тӕфтӕ ӕмбары, уыдон сты цалдӕр мины, чи зоны, суанг триллионы бӕрц дӕр. Ахъуыды-ма кӕн ӕрмӕст цалдӕрыл, зӕгъӕм, хӕрзад хӕринаджы, дидинджыты, хус сыфтӕрты ӕмӕ арты фӕздӕджы тӕфтыл. Дӕ бон ма у ӕмбарын искӕй кӕнӕ истӕй андзӕвд. Зӕгъӕм, бамбарыс, рог дымгӕ дӕ цӕсгомыл куыд хъазы, дӕ уарзон адӕймаг дын фӕлмӕн хъӕбыс куыд кӕны ӕмӕ дыргъы лӕгъз цъармӕ бавналын куыд ӕхсызгон у, уый. Дыргъӕй куы ахӕрыс, уӕд ын йӕ ад бамбарыс. Йӕ дон де ’взагыл куы андзӕвы, уӕд дзых адджын адӕй байдзаг вӕййы. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у нӕ бон зӕгъын: «Куыд стыр у дӕ хорздзинад! Ды йӕ ӕвӕрдӕй дарыс, чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн» (Псалом 31:19). Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, чи йӕ уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн?

Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ нын пайда хӕсдзысты ӕнустӕм

12. Ӕнӕуи хӕринагӕй ахсджиагдӕр цы у ӕмӕ цӕмӕн?

12 Йесо загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“» (Матфейы 4:4). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын Библийы уылты цы дзуры, уый нын ӕнӕуи хӕринагӕй бирӕ пайдадӕр у, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын. 8-ӕм сӕрӕй базыдтам, ацы фӕстаг бонты Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы кӕй скодта ахӕсгӕ хуызы «дзӕнӕт». Уыцы «дзӕнӕты» алцыдӕр ис, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

13, 14. а) Пехуымпар Йезекил цӕстылуайӕны цы федта ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? б) Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цы дӕтты, цӕмӕй сӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын?

13 Хуыцау алцыдӕр ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн, уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй иу у уӕлдай ахсджиаг. Уый у Йезекилы пехуымпарад. Йезекил цӕстылуайӕны федта, йӕ къахыл чи слӕууыд, уыцы кадджын кувӕндон. Кувӕндонӕй цыд цӕугӕдон, ӕмӕ дӕлӕмӕ куыд цыд, афтӕ уӕрӕхдӕр ӕмӕ арфдӕр кодта, цалынмӕ абухгӕ дон нӕ фестад, уӕдмӕ. Цӕугӕдон кӕдӕм хӕццӕ кодта, уырдӕм хорздзинӕдтӕ хаста. Йӕ былтыл зад дыргъбӕлӕстӕ. Уыдонӕн сӕ дыргътӕ уыдысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕ та – дзӕбӕх кӕнынӕн. Уыцы цӕугӕдон ма суанг Мард денджызы цӕхджын дӕттӕ дӕр сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ дзы тынг бирӕ кӕсаг фӕзынд (Йезекил 47:1–12). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ цы нысан кодтой?

14 Цӕстылуайӕны Йезекил цы кувӕндон федта, уый нысан кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын, куыд ӕй фӕнды, афтӕ лӕггад кӕной. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ дӕтты, уыдоны фӕрцы сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, Йезекил цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы цӕугӕдоны дӕттау. Йегъовӕ уый аразы 1919 азӕй фӕстӕмӕ. Уыцы азӕй фӕстӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ. Цавӕр хорздзинӕдтӕ сын дӕтты? Тынг бирӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕны ахсджиаг ахуырӕдтӕ, уӕлдайдӕр та Йесо Чырыстийы нывонды тыххӕй, ӕмӕ уый аразы Библийы, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйы, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты фӕрцы. Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕйы раз сӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ сын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфсa. Ацы фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ фылдӕр бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, Йегъовӕмӕ кӕй нӕ хъусынц, уый тыххӕй. Йегъовӕйы адӕм та цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сын алцыдӕр ис, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной (Исай 65:13).

15. Чырысти мин азы дӕргъы Хицау куы уа, уӕд Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн куыд равдисдзӕн, хорз кӕй у, уый?

15 Фӕлӕ Йезекил цӕстылуайӕны цы цӕугӕдон федта, уый нӕ бахус уыдзӕн, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр. Уый нӕ, фӕлӕ ма стырӕй-стырдӕр кӕндзӕн, Чырысти мин азы дӕргъы Хицау куы уа, уӕд. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Йесойы нывонды аргъӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм сабыргай ӕххӕст суой. Уӕд цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уындзыстӕм Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ нын стыр пайда кӕй хӕссынц.

Йегъовӕйы хорздзинад бӕрӕг у ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр

16. Йегъовӕ хорз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?

16 Йегъовӕйы хорздзинад ӕрмӕст йӕ рӕдаудзинадӕй нӕу бӕрӕг. Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз дын фенын кӕндзынӕн мӕ хорздзинад иууылдӕр ӕмӕ дын фехъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном». Дарддӕр Библийы фыст ис: «Стӕй Йегъовӕ йӕ рӕзты рацыд ӕмӕ фехъусын кодта: „Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст“» (Рацыд 33:19; 34:6). Йегъовӕ хорз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма йӕм ис бирӕ ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ.

17. Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн куыд у ӕмӕ йӕ уымӕ цавӕр миниуӕг разӕнгард кӕны?

17 «Тӕригъӕдгӕнаг». Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныл йӕхи никуы атигъ кӕны. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты тызмӕг ӕмӕ ӕгъатыр. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Зӕгъӕм, Авраамӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма акӕс цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм, скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм» (Райдиан 13:14). Бирӕ тӕлмацты ныхӕстӕ «дӕ хорзӕхӕй» айстой. Фӕлӕ библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, рагон дзуттаг ӕвзаджы ам Йегъовӕ Аврааммӕ уӕзданӕй дзуры, цӕмӕй йӕ алыварс акӕса. Библийы ма ахӕм цӕвиттонтӕ ноджыдӕр ис (Райдиан 31:12; Йезекил 8:5). Диссаг нӕу, Дунедарӕг Хуыцау адӕмимӕ уӕзданӕй кӕй фӕныхас кӕны, уый?! Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр карз ӕмӕ тызмӕг сты. Нӕ Хуыцау Йегъовӕ та у тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн!

18. Куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕ «алы хъуыддаджы дӕр у раст», зӕгъгӕ, ӕмӕ нӕ уый цавӕр ныфс уадзы?

18 «Алы хъуыддаджы дӕр у раст». Абон бирӕтӕ тынг мӕнгард сты. Фӕлӕ нын Библи нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа» (Нымӕцтӕ 23:19). Титмӕ 1:2 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «стыр у йӕ хорздзинад». Уӕдӕ Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ис ӕууӕндӕн. Цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Библи йӕ хонгӕ дӕр афтӕ кӕны, «рӕстдзинады Хуыцау», зӕгъгӕ (Псалом 31:5). Ӕмӕ йӕ рӕстдзинад йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕргом кӕныb. Стӕй ма сӕ ахуыр дӕр кӕны, кӕй сын ӕргом кӕны, уыцы зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уа «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрын» (3 Иоанны 3). Йегъовӕ куыд хорз у, уый кӕй базыдтам, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?

«Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ... сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты»

19, 20. а) Хӕйрӕг цы сарӕзта, цӕмӕй Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтаид, Йегъовӕ хорз кӕй у, ууыл ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта? б) Йегъовӕйы хорздзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дыл уый куыд фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?

19 Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Евӕйы асайынвӕнд куы скодта, уӕд бацархайдта, цӕмӕй Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтаид, Йегъовӕ хорз кӕй у, ууыл. Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц». Уыцы цӕхӕрадоны, ӕвӕццӕгӕн, тынг бирӕ бӕлӕстӕ уыди, фӕлӕ дзы Адам ӕмӕ Евӕйӕн ӕрмӕстдӕр иуӕй нӕ уыди хӕрӕн. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Хӕйрӕг Евӕйы куыд бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» (Райдиан 2:9, 16; 3:1). Хӕйрӕг Йегъовӕйы ныхӕстӕ афтӕ фӕзылдта, цӕмӕй Евӕ ахъуыды кодтаид, Йегъовӕ сӕ цыдӕр хорздзинад кӕй ӕмбӕхсы. Хъыгагӕн, Евӕ Хӕйрӕджы ныхӕстыл баууӕндыд. Гъемӕ Хуыцауы хорздзинадыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, кӕд ын алцыдӕр Хуыцау радта, уӕддӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕ Евӕйау дызӕрдыг кӕнынц, Хуыцау хорз кӕй у, ууыл.

20 Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау хорз цыдӕр сусӕг кӕны. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йеремийы 31:12 стихы фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ... сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ уынгӕйӕ нӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс вӕййынц. Хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн йӕ зӕрдӕ хорз йеддӕмӕ ницы зӕгъы.

21, 22. а) Йегъовӕйы хорздзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ цы фӕнды аразын? б) Иннӕ сӕры цавӕр миниуӕгыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ уыцы миниуӕг хорздзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

21 Уымӕй уӕлдай нын фадат куы фӕвӕййы, цӕмӕй искӕмӕн Йегъовӕйы хорздзинады тыххӕй радзурӕм, уӕд дӕр нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц. Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй Псалом 145:7 стихы фыст ис: «Дӕ хорздзинад куыд стыр у, уый тыххӕй дзурдзысты ӕнӕрынцойӕ. Цингӕнгӕ зардзысты дӕ рӕстдзинады тыххӕй». Алы бон дӕр Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕй хайджын вӕййӕм. Уӕдӕ цымӕ хъуамӕ алы бон дӕр Йегъовӕйӕн бузныг ма дзурӕм, бӕлвырдӕй нын уыцы бон цы хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй? Йегъовӕ куыд хорз у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, алы бон дӕр ын бузныг куы дзурӕм ӕмӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй иннӕтӕн куы дзурӕм, уӕд мах дӕр нӕ хорз Хуыцауы фӕзмдзыстӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйау иннӕтӕн хорздзинад аразыныл цас тынгдӕр архайӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ацӕргӕ апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕр, ӕвзӕр адӕмы нӕ, фӕлӕ хорз адӕмы фӕзм. Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый у Хуыцауӕй» (3 Иоанны 11).

22 Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад баст у йӕ иннӕ миниуджытимӕ дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцауӕн «ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт» (Рацыд 34:6). Ацы миниуӕг тынг диссаг у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Ууыл бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм иннӕ сӕры.

a Йегъовӕйы хорздзинад ӕппӕты хуыздӕр зыны, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди йӕ зӕдтӕй кӕцыфӕндыйы дӕр равзарын, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид, фӕлӕ равзӕрста йӕ уарзон Фырты.

b Библи рӕстдзинад рухсимӕ дзӕгъӕлы нӕ бары. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ рӕстдзинад» (Псалом 43:3). Йегъовӕ рӕстдзинады рухс цӕстуарзонӕй дӕтты, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:6; 1 Иоанны 1:5).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • 1 Паддзӕхты 8:54–61, 66. Соломон Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинады тыххӕй бузныг кӕй уыд, уый куыд равдыста ӕмӕ уый израилӕгтыл куыд фӕзынд?

  • Псалом 119:66, 68. Нӕ куывдтытӕй куыд уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕйау нӕ иннӕтӕн хорздзинад аразын кӕй фӕнды, уый?

  • Лукайы 6:32–38. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау рӕдау уӕм?

  • Ромӕгтӕм 12:2, 9, 17–21. Нӕ бон куыд у иннӕтӕн хорздзинад аразын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын