Хорздзинад. Дӕ бон ӕй куыд у дӕ удыхъӕды фидар кӕнын?
НЕ ’ППӔТЫ ДӔР фӕнды, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ хорз адӕймӕгтыл нымайой. Фӕлӕ ацы дунейы цӕргӕйӕ хорздзинад нӕ удыхъӕды фидар кӕнын ӕнцон нӕу. Нӕ алыварс чи ис, уыдонӕй бирӕтӕ «хорздзинад нӕ уарзынц» (2 Тим. 3:3). Уыдон Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ «хорз ӕвзӕр... хонынц, ӕвзӕр та – хорз» (Ис. 5:20). Ацы миниуӕг ӕвдисын ма нын ӕнцон нӕ вӕййы нӕ раздӕры царды тыххӕй, стӕй не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо зӕгъы: «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ ӕз хорз адӕймаг никуы уыдзынӕн».
Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕмӕн дӕр йӕ бон у хорздзинад йӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Хорздзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон алцыдӕр у, ӕмӕ нӕ цыфӕнды ма къуылымпы кӕна,– ацы дунейы адӕмы зондахаст уа ӕви не ’нӕххӕстдзинад,– уӕддӕр сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон бауыдзӕн ацы миниуӕгыл кусын. Цӕй уӕдӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм ацы миниуӕгыл ӕмӕ базонӕм, нӕ царды ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн бӕрӕг.
ЦЫ У ХОРЗДЗИНАД?
Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй хорздзинад у, ӕфсарм, хӕрзӕгъдаудзинад кӕнӕ, хорз, зӕгъгӕ, цӕмӕй фӕзӕгъынц, уый. Ахӕм миниуӕг кӕмӕ ис, уымӕ ӕвзӕрдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Хорз адӕймаг иннӕтӕн баххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ фӕагуры ӕмӕ сын хорздзинад фӕаразы.
Ӕвӕццӕгӕн, фӕуыныс, чидӕртӕ сӕ бинонтӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн зӕрдиагӕй хорздзинад кӕй фӕаразынц, уый. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты хорз адӕймагыл нымад уай. Иннӕмӕй та хорздзинад алкӕддӕр аразын ӕнцон нӕу. Библийы дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы» (Еккл. 7:20). Апостол Павел дӕр ныффыста: «Ӕз ӕй зонын, мӕ мидӕг, ома мӕ буары, хорзӕй кӕй ницы цӕры» (Ром. 7:18). Уӕдӕ цӕмӕй ацы миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, хорздзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы ӕххуыс.
«ЙЕГЪОВӔ У ХОРЗ»
Йегъовӕ сфидар кодта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый фӕдыл уагӕвӕрдтӕ. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ [кӕнӕ «хорз»] ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Пс. 25:8, фип.). Ӕндӕр ран та фыст ис: «Ды аразыс хорздзинад. Амон мын дӕ уагӕвӕрдтӕ» (Пс. 119:68). Ацы стихты Йегъовӕйы хорздзинады тыххӕй цы дыууӕ хъуыдыйы ис, уыдонмӕ-ма лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.
«Йегъовӕ у хорз». Хорздзинад у Йегъовӕйы миниуджытӕй иу. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Моисейӕн афтӕ куы загъта, «ӕз дын фенын кӕндзынӕн мӕ хорздзинад», зӕгъгӕ, уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый. Йегъовӕ Моисейӕн йӕ кад, уыимӕ йӕ хорздзинад дӕр, куы равдыста, уӕд уый фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (Рац. 33:19; 34:6, 7). Уӕдӕ Йегъовӕйы хорздзинад ӕнгом баст у йӕ иннӕ миниуджытимӕ. Ӕмӕ кӕд Йесо дӕр алкӕддӕр, хорз цы у, уый арӕзта, уӕддӕр загъта: «Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у» (Лук. 18:19).
Йегъовӕйы хорздзинад зыны йе сконд хъуыддӕгты
Йегъовӕ «аразы хорздзинад». Ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы йӕ алы хъуыддагӕй дӕр. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (Пс. 145:9). Йегъовӕ хъулон никӕй кӕны, уый хорздзинад аразы ӕппӕт адӕмӕн дӕр – цард сын радта, стӕй сӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дӕр сын дӕтты (Хъуыд. 14:17). Йӕ хорздзинад ма бӕрӕг у, нӕ рӕдыдтытӕ нын кӕй хатыр кӕны, уымӕй. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ [кӕнӕ «хорз»], ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Пс. 86:5, фип.). Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, «ӕнаипп чи у, уыдонӕн Йегъовӕ [кӕй] нӕ бавгъау кӕндзӕн хорздзинӕдтӕ» (Пс. 84:11).
«САХУЫР УТ ХОРЗДЗИНАД АРАЗЫН»
Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ хорз адӕймӕгтӕ уӕм ӕмӕ хорздзинад аразӕм (Райд. 1:27). Фӕлӕ нӕм уыцы миниуӕг йӕхи ӕгъдауӕй нӕ фӕзындзӕн. Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны: «Сахуыр ут хорздзинад аразын» (Ис. 1:17). Цымӕ уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.
Фыццаг: Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй дын хорздзинад дӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕна (Гал. 5:22). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы хорздзинад уарздзынӕ, ӕвзӕрдзинадӕй та дӕхи хиздзынӕ (Ром. 12:9). Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй нӕ фидар фӕнд уа, хорз цы у, уый дзурын ӕмӕ хорздзинад аразын (2 Фес. 2:16, 17).
Дыккаг: Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр кӕс. Афтӕмӕй дын Йегъовӕ амондзӕн, «хорз цы у, уый ӕгасӕй дӕр», стӕй уый фӕрцы «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдзынӕ» (Ӕмб. 2:9; 2 Тим. 3:17). Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ зонындзинӕдты къӕбиц фӕхъӕздыгдӕр кӕнӕм (Лук. 6:45; Еф. 5:9).
Ӕртыккаг: хорз чи у, уыдоны фӕзм (3 Иоан. 11). Библийы ис, уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг чи у, уыдоны цӕвиттонтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр нын фӕзминаг сты Йегъовӕ ӕмӕ Йесо. Фӕлӕ ма нӕ бон у ахъуыды кӕнын, хорздзинад чи арӕзта, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтыл дӕр. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн Тавифӕйы ӕмӕ Варнавӕйы цӕвиттонтыл (Хъуыд. 9:36; 11:22–24). Уыцы дыууӕ чырыстоны тыххӕй Библийы куы кӕсай, уӕд-иу дӕ хъус ӕрдар, иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодтой, уымӕ. Ахъуыды кӕн, дӕ бинонтӕн кӕнӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын. Ноджыдӕр-ма-иу дӕ хъус ӕрдар, Тавифӕ ӕмӕ Варнавӕ иннӕтӕн хорздзинад кӕй арӕзтой, уый сын цы пайда ӕрхаста, уымӕ. Ды дӕр афтӕ куы архайай, уӕд уый дӕуӕн дӕр стыр пайда хӕсдзӕн.
Нӕ рӕстӕджы дӕр, хорздзинад чи аразы, ахӕм адӕймӕгтӕ бирӕ ис. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн хистӕр нӕлгоймӕгтыл. Уыдон ӕмбырды бирӕ фыдӕбон кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц, хорздзинад кӕй уарзынц. Стӕй ма ахъуыды кӕн нӕ иузӕрдион хоты цӕвиттонтыл дӕр. Уыдон ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр «иннӕты ахуыр кӕнынц, хорз цы у, ууыл» (Тит. 1:8; 2:3). Иу хо, Розлин, зӕгъы: «Ме ’мбал ӕдзухдӕр ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн феххуыс кӕны ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Уый сын сӕ уавӕртыл фӕхъуыды кӕны, стӕй сын арӕх гыццыл лӕвӕрттӕ скӕны ӕмӕ, йӕ бон цӕмӕй вӕййы, уымӕй сӕм фӕкӕсы. Тынг хорз адӕймаг у».
Йегъовӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «хорздзинадмӕ тырнӕм» (Амос 5:14). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ уарздзыстӕм ӕмӕ, хорз цы у, уый ноджы зӕрдиагдӕрӕй араздзыстӕм.
Мах архайӕм, цӕмӕй хорз адӕймӕгтӕ уӕм ӕмӕ хорздзинад аразӕм
Хорздзинад аразын уый нӕу, ӕмӕ, иннӕты дисы цы бафтауа, ахӕм исты саразай кӕнӕ зынаргъ лӕвар скӕнай. Зӕгъӕм, цӕмӕй дидинӕг сырӕза, уый тыххӕй йыл иу хатт дон бирӕ нӕ ныккӕнӕм, фӕлӕ бирӕ хӕттыты ӕмӕ гыццылгай. Раст афтӕ нӕ хорздзинад бӕрӕг уыдзӕн бирӕ гыццыл хъуыддӕгтӕй.
Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ уӕм (2 Тим. 2:21). Иннӕтӕ цы уавӕры сты, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, уыдонӕн «хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ... [сӕ] фидардӕр цы фӕкӕндзӕн», уый ӕмӕ-иу сын нӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын дӕр (Ром. 15:2). Зӕгъӕм, цы нӕм ис, уый сын хъуамӕ ма ’вгъау кӕнӕм (Ӕмб. 3:27). Нӕ бон сӕ у нӕхимӕ фӕхонын къӕбӕр ахӕрынмӕ кӕнӕ та, ныфс цӕмӕй бафидар уа, ахӕм истӕуыл аныхас кӕнынмӕ. Кӕд ӕй зонӕм, ӕмӕ чидӕр рынчын у, уӕд ӕй нӕ бон у бабӕрӕг кӕнын кӕнӕ та йӕм телефонӕй бадзурын. Ӕцӕгдӕр, «хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн... ахӕм хорз ныхӕстӕ» дзурынӕн бирӕ фадӕттӕ ис (Еф. 4:29).
Мах дӕр Йегъовӕйау фӕнды хорздзинад алкӕмӕн дӕр аразын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъулон никӕй кӕнӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар се ’ппӕтӕн дӕр куы хъусын кӕнӕм, уымӕй. Йесо нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй хорздзинад аразӕм, йе сӕфт нӕ чи уыны, суанг уыдонӕн дӕр (Лук. 6:27). Хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисӕн ӕмӕ хорздзинад аразӕн ис кӕдфӕнды дӕр, уымӕн ӕмӕ «ахӕм миниуджыты ныхмӕ закъон нӕй» (Гал. 5:22, 23). Ӕфхӕрд куы ӕййафӕм кӕнӕ зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, уӕд дӕр ахсджиаг у иннӕтӕн хорздзинад аразын. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ махмӕ кӕсгӕйӕ, чи зоны, уыдоны дӕр бафӕнда рӕстдзинад базонын, стӕй ма афтӕмӕй Хуыцауӕн кад хӕсдзыстӕм (1 Пет. 3:16, 17).
ХОРЗДЗИНАД КУЫ АРАЗӔМ, УӔД УЫЙ ӔРХӔСДЗӔН СТЫР ТЫЛЛӔГ
Ӕмбисӕндты 14:14 стихы фыст ис: «Хорз адӕймаг... йӕ хъуыддӕгтӕ цы тыллӕг хӕссынц, уымӕй бафсӕддзӕн». Уыцы тыллӕг цы у? Иннӕтӕн хорз куы уӕм, уӕд нын уыдон дӕр, чи зоны, хорз уыдзысты (Ӕмб. 14:22). Ӕмӕ кӕд хабар афтӕ ма рауайа, уӕддӕр-иу нӕ хорз хъуыддӕгты фӕрцы, чи зоны, сӕ маст атайа, судзгӕ цӕхӕртӕй ӕфсӕйнаг куыд батайы, афтӕ (Ром. 12:20, фип.).
Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, хорздзинад чи фӕаразы ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн уый стыр пайда кӕй фӕхӕссы. Иу хо, Нэнси, загъта: «Ӕрыгон куы уыдтӕн, уӕд мӕ ӕппындӕр ницӕй мӕт уыд, ӕнӕгъдау митӕ кодтон ӕмӕ уыдтӕн тынг налат». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ куы базыдтон ӕмӕ мӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразын куы райдыдтон, уӕд амондджындӕр сдӕн. Стӕй ныр мӕхицӕн аргъ кӕнын зонын».
Сӕйраджыдӕр та хорздзинад нӕ удыхъӕды уымӕн фидар кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕмӕ нын бирӕтӕ нӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы нӕ бафиппайынц, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ фӕуыны. Хорзӕй исты куы саразӕм ӕмӕ, хорз цы у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ уый алы хатт дӕр бафиппайы (Еф. 6:7, 8). Уый тыххӕй арфӕгонд куыд ӕрцӕуӕм? Ӕмбисӕндты 12:2 стихы фыст ис: «Хорз адӕймаг ссары Йегъовӕйы хорзӕх». Цӕй уӕдӕ ацы миниуӕг нӕ удыхъӕды дарддӕр дӕр фидар кӕнӕм. Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Хорз хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй... алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы кад, намыс ӕмӕ фарн» (Ром. 2:10).