Кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм
«Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (ДЗУТ. 10:24).
1, 2. Дыккаг дунеон хӕсты кӕрон 230 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны цы фыдӕвзарӕны бахаудысты, уым удӕгасӕй цӕй фӕрцы баззадысты?
ДЫККАГ ДУНЕОН ХӔСТЫ кӕрон, нацистты хицаудзинадӕн йӕ тых куы асаст, уӕд уыдон сфӕнд кодтой, концлагерты ма чи уыд, уыцы мингай адӕмы фесафын. Заксенхаузены концлагеры чи уыд, уыдоны хъуамӕ наулӕууӕн горӕттӕм акодтаиккой, уым сӕ наутыл сбадын кодтаиккой ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы наутӕ денджызы фӕдӕлдон кодтаиккой. Уыцы ахст адӕмӕн уый уыди мӕлӕтмӕ фӕндаг.
2 Заксенхаузены концлагерӕй ракодтой 33 000 ахст адӕймаджы. Уыдон хъуамӕ 250 километры бӕрц фистӕгӕй фӕцыдаиккой наулӕууӕн горӕт Любекмӕ (Германи). Се ’хсӕн уыди 230 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕхсӕз бӕстӕйӕ, ӕмӕ сӕ цӕуын кодтой иумӕ. Ахст адӕм ӕххормаг ӕмӕ рынчынтӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй иууылдӕр уыдысты лӕмӕгъ. Цымӕ не ’фсымӕртӕ уыцы фӕндагыл цӕугӕйӕ удӕгасӕй куыд баззадысты? Уыцы ӕфсымӕртӕй иу загъта: «Мах нӕ кӕрӕдзи фидар кодтам, кӕрӕдзийӕн дзырдтам, ма ӕрлӕуу, размӕ цу, зӕгъгӕ». Не ’фсымӕртӕ кӕрӕдзи кӕй уарзтой ӕмӕ сын Хуыцау, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы уыцы фыдӕвзарӕны удӕгасӕй баззадысты (2 Кор. 4:7).
3. Нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс цӕмӕн хъуамӕ ӕфтауӕм?
3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон мах ахӕм «мӕлӕтмӕ фӕндагыл» нӕ цӕуӕм, фӕлӕ нын уӕддӕр бирӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ис. 1914 азы Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Ӕмӕ ныр тынг мӕсты у – «зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Рарг. 12:7–9, 12). Армагеддон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ Хӕйрӕг тынгдӕр архайы, цӕмӕй фӕлварӕнты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм. Стӕй ӕнӕуи дӕр нӕ цард афтӕ у, ӕмӕ алы бон дӕр цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнӕм (Иов 14:1; Еккл. 2:23). Хатт ныл ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ афтӕ ӕруӕз кӕнынц, ӕмӕ-иу нӕ хъарутӕ иууылдӕр куы ӕрӕмбырд кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон нал вӕййы семӕ тох кӕнын. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр дӕсазты дӕргъы бирӕтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой. Фӕлӕ йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ бинойнагыл дӕр азтӕ сӕ уӕз куы ӕруагътой, уӕд се ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс сӕттын райдыдта. Уыцы ӕфсымӕрау не ’ппӕты дӕр хъӕуы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ хайджын кӕна, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» ӕмӕ нын цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕ нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой.
4. Цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цавӕр уынаффӕ хъуамӕ дарӕм?
4 Цӕмӕй иннӕтӕн ныфсы хос уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕн цы загъта, уый: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Ацы ахсджиаг уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?
«НӔ КӔРӔДЗИЙЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ»
5. Цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ, «нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕ архайынӕн цы хъӕуы?
5 Ацы ныхӕстӕ, «нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, иннӕтӕ цӕуыл тыхсынц, ууыл. Паддзахады залы-иу не ’фсымӕртӕн ӕрмӕст салам куы раттӕм кӕнӕ-иу семӕ уӕлӕнгай ныхӕстӕ куы акӕнӕм, уӕд ӕй цымӕ зондзыстӕм, цӕуыл тыхсынц, уый? Зынтӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй «иннӕты хъуыддӕгты нӕхи... тъыссӕм» (1 Фес. 4:11; 1 Тим. 5:13). Фӕлӕ цӕмӕй не ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ хорз базонӕм. Зӕгъӕм, хъуамӕ зонӕм, куыд цӕрынц, цавӕр хорз миниуджытӕ ӕмӕ сӕм цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ ис, стӕй сӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уый дӕр. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ хъуамӕ зоной, не ’мбӕлттыл сӕ кӕй нымайӕм ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы семӕ рӕстӕг ӕрвитын – зындзинӕдтӕ куы ӕвзарой ӕмӕ ныфссаст куы уой, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ ӕндӕр хӕттыты дӕр (Ром. 12:13).
6. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыдоныл «хъуыды кӕнын»?
6 Библи хистӕр нӕлгоймӕгты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «Хуыцауы дзуг, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизой» ӕнӕзивӕгӕй, тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ (1 Пет. 5:1–3). Ӕмӕ сын сӕ бар кӕй бакодтой, уыцы дзуг хорз куы нӕ зоной, уӕд цымӕ сӕ бон уыдзӕн сӕ хӕс, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын? (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:23.) Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы уыной, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты ӕмӕ сын семӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕхсызгон кӕй у, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн бахъуаджы сахат ӕххуыс ракурын. Стӕй сын зын нӕ уыдзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурын дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын.
7. Ныфссаст адӕймаг иуӕй-иу хатт «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» кӕй фӕкӕны, уымӕ хъуамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?
7 Апостол Павел Фессалоникӕйы ӕмбырдӕн ныффӕдзӕхста: «Лӕмӕгъты фидар кӕнут». (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14.) «Лӕмӕгъ» схонӕн ис, «ныфссаст чи у», ахӕм адӕймаджы дӕр. Ӕмбисӕндты 24:10 фыст ис: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» Йӕ ныфс бынтондӕр кӕмӕн асаст, уый иуӕй-иу хатт фӕкӕны «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» (Иов 6:2, 3). Ахӕм адӕймагӕн нӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ ма рох кӕнӕм, йӕ ныхӕстӕ алы хатт ууыл дзурӕг кӕй нӕ вӕййынц, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кӕны. Нӕ хо Рашель уый йӕхиуыл бавзӕрста. Йӕ мад уыди депрессийӕ рынчын. Рашель мӕнӕ цы радзырдта: «Мӕ мад-иу мын йӕ ныхӕстӕй бирӕ хатт мӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта. Фӕлӕ-иу ахӕм уавӕрты арӕхдӕр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтон, мӕ мад ӕцӕгӕй ахӕм адӕймаг кӕй нӕу, фӕлӕ уарзӕгой, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау. Ӕз бамбӕрстон, депрессийӕ рынчын адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ арӕх, йӕ зӕрдӕйы цы ис, ууыл дзурӕг кӕй нӕ вӕййынц. Ӕмӕ раст нӕ уыдзӕн, ды дӕр ын ӕй уымӕй куы фидай, уымӕн ӕмӕ уавӕр фыддӕр цы фӕуыдзӕн, ӕндӕр ницы». Ӕмбисӕндты 19:11 фыст ис: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны».
8. Уарзондзинад уӕлдай тынгдӕр кӕмӕ хъуамӕ ӕвдисӕм ӕмӕ цӕмӕн?
8 Йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ныфссаст чи у, уыдоныл та нӕ бон куыд у «хъуыды кӕнын»? Кӕд сӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ныууагътой, уӕддӕр ма, чи зоны, сӕхи хӕрынц ӕмӕ маст кӕнынц. Коринфы ӕмбырдӕй, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕймаджы тыххӕй апостол Павел ӕфсымӕртӕм ныффыста: «Зӕрдӕйӕ [йын] ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут, цӕмӕй уыцы адӕймаг бынтондӕр йӕхимӕ ма ныхъхъуса. Уымӕ гӕсгӕ уӕ курӕг дӕн, равдисут ын, кӕй йӕ уарзут, уый» (2 Кор. 2:7, 8). Уӕдӕ ахӕм адӕймагӕн хъуамӕ ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йыл кӕй тыхсӕм. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕнӕуи дӕр ӕй зоны, зӕгъгӕ.
«КӔРӔДЗИЙЫ РАЗӔНГАРД КӔНӔМ УАРЗОНДЗИНАДМӔ ӔМӔ ХОРЗ ХЪУЫДДӔГТӔМ»
9. Ацы ныхӕстӕ, «кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты?
9 Павел ныффыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм». Уӕдӕ хъуамӕ не ’фсымӕрты разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисой ӕмӕ, хорз цы у, уый аразой. Арт куы фӕцӕйхуыссы, уӕд фӕхъӕуы зынгтӕ базмӕнтын ӕмӕ сыл бафу кӕнын, цӕмӕй тынгдӕр ссудзой (2 Тим. 1:6). Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у не ’фсымӕртӕн цӕмӕйдӕрты баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ фӕнда Хуыцауӕн дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу у, хорзӕй цы аразынц, уый тыххӕй сӕ куы ӕппӕлӕм.
Иннӕтимӕ хъусын кӕнынмӕ цу
10, 11. а) Кӕмӕй хъӕуы ӕппӕлын? ӕ) «Рӕдыд къахдзӕф» чи аразы, ахӕм чырыстонӕй йӕ раздӕры хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕппӕлын цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
10 Алы адӕймаджы дӕр хъӕуы, цӕмӕй дзы иннӕтӕ ӕппӕлой,– уӕлдай нӕу, ныфссаст у ӕви нӕ. Иу хистӕр нӕлгоймаг ныффыста: «Мӕ фыд-иу мӕ никуы ницӕмӕй раппӕлыд. Ӕмӕ уый тыххӕй, куы сыстыр дӕн, уӕд дӕр-иу мӕхицӕй райгонд никуы уыдтӕн. [...] Кӕд мыл ныр 50 азы цӕуы, уӕддӕр мын тынг ӕхсызгон вӕййы ме ’мбӕлттӕй ахӕм ныхӕстӕ фехъусын, хорз хистӕр нӕлгоймаг дӕ, хорз архайыс, зӕгъгӕ. [...] Мӕхицӕй йӕ зонын, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Ӕмӕ ӕз дӕр мӕ тых, мӕ бонӕй архайын, цӕмӕй афтӕ кӕнон». Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр – пионертӕн дӕр, ацӕргӕтӕн дӕр ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдонӕн дӕр – стыр ныфсы хос вӕййы, куы дзы раппӕлынц, уӕд (Ром. 12:10).
11 Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, «рӕдыд къахдзӕф» чи аразы, ахӕм чырыстоны «раст зондыл саразой», уый тыххӕй хорз уаид, фӕлмӕнӕй-иу ын уынаффӕ куы раттиккой ӕмӕ-иу дзы йӕ раздӕры хорз хъуыддӕгты тыххӕй куы раппӕликкой. Уый фӕрцы, чи зоны, йӕ зондахаст фӕива ӕмӕ та ногӕй, раст цы у, уый аразын райдайа (Гал. 6:1). Нӕ хо Мириам уый йӕхицӕй зоны. Мӕнӕ цы фыссы: «Иуафон стыр маст бавзӕрстон. Мӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕй чидӕртӕ рӕстдзинад ныууагътой, стӕй ма уыцы рӕстӕг мӕ фыды инсульт ныццавта. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй мӕхимӕ ныхъхъуыстон». Мириам ӕмбӕлын райдыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕ уыд, ахӕм лӕппуимӕ – ӕнхъӕлдта, ӕмӕ дзы афтӕмӕй йӕ зындзинӕдтӕ ферох уыдзысты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та Мириаммӕ афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нал уарзы, ӕмӕ рӕстдзинад ныууадзынмӕ дӕр хъавыд. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймаг йемӕ аныхас кодта ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, раздӕр Йегъовӕйӕн куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уый ӕмӕ йын загъта, Хуыцау ӕй кӕй уарзы. Уыцы ныхӕстӕ йын йӕ зӕрдӕ бацагайдтой, ӕмӕ Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзын райдыдта. Кӕимӕ ӕмбӕлд, уыцы лӕппуйы ныууагъта ӕмӕ та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта.
Разӕнгард сӕ кӕн уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм
12. Не ’мчырыстӕтты Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ куы разӕнгард кӕнӕм, уӕд лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
12 Не ’мчырыстӕттӕй искӕй Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынмӕ куы разӕнгард кӕнӕм, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй йӕ иннӕтимӕ ма барӕм. Стӕй йын хъуамӕ уайдзӕф ма кӕнӕм, нӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ кӕй нӕ архайы кӕнӕ фылдӕр кӕй нӕ аразы, уый тыххӕй. Чи зоны йӕ уый истӕмӕ сразӕнгард кӕна, фӕлӕ йын уӕддӕр бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Ӕппӕты хуыздӕр уыдзӕн, куы-иу дзы раппӕлӕм ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнӕм, Хуыцауӕн уый тыххӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:1–4.)
«КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУӔМ»
13. «Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм», зӕгъгӕ, уымӕ цы хауы? (Кӕс нывмӕ 18 фарсыл.)
13 Мах хъуамӕ «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр». Иннӕты ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауӕм, уымӕ хауы, Хуыцауӕн сӕ дарддӕр дӕр лӕггад кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кӕнӕм, уый. Цӕмӕй арт ма ахуысса кӕна та ноджы тынгдӕр ссудза, уый тыххӕй дзы хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Раст афтӕ мах дӕр не ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сӕ фидар кӕнӕм, цӕмӕй сӕ бон уа Хуыцауӕн дарддӕр лӕггад кӕнын. Ныфссаст чи у, уыдонӕн нӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ семӕ дзурӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ (Ӕмб. 12:18). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ «рӕвдз уӕм байхъусынмӕ» ӕмӕ «дзурынмӕ... тагъд ма кӕнӕм» (Иак. 1:19). Не ’мчырыстонмӕ лӕмбынӕг куы байхъусӕм ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл куы бацархайӕм, уӕд ӕй, чи зоны, базонӕм, йӕ ныфс цӕй тыххӕй асаст. Уый фӕрцы йын нӕ бон уыдзӕн зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ зӕгъын.
Дӕ рӕстӕг де ’мчырыстӕттимӕ ӕрвит, цӕмӕй сӕ хуыздӕр базонай
14. Иу хистӕр нӕлгоймаг, ныфссаст чи уыд, уыцы ӕфсымӕрӕн куыд баххуыс кодта?
14 Ӕркӕсӕм, иу хӕларзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймаг иу ӕфсымӕрӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ. Уыцы ӕфсымӕр цалдӕр азы дӕргъы хъусын кӕнынмӕ нал цыд. Хистӕр нӕлгоймаг йемӕ куы аныхас кодта, уӕд рабӕрӕг, ӕфсымӕр Йегъовӕйы раздӕрау тынг кӕй уарзы. Уый «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» алы номыр дӕр лӕмбынӕг ахуыр кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кодтаид. Фӕлӕ ӕмбырды иуӕй-иутӕн сӕ хъуыддӕгты тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл ӕмӕ кӕмдӕр мӕсты кӕнын дӕр райдыдта. Хистӕр нӕлгоймаг уыцы ӕфсымӕрӕн уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл бацархайдта. Стӕй дзы ныфс дӕр бауагъта, хотӕ ӕмӕ дӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ уарзынц, зӕгъгӕ. Цасдӕры фӕстӕ уыцы ӕфсымӕр бамбӕрста, кӕддӕры хабӕртты тыххӕй кӕй нал лӕггад кодта, тынг зынаргъ ын чи уыд, уыцы Хуыцауӕн. Хистӕр нӕлгоймаг ӕй йемӕ уацамынды акодта. Йе ’ххуысы фӕрцы уыцы ӕфсымӕр раздӕрау зӕрдиагӕй хъусын кӕнын райдыдта, ӕмӕ фӕстӕдӕр та ногӕй хистӕр нӕлгоймаг сси.
Ныфссаст адӕймагмӕ лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ йемӕ фӕразон у (кӕс 14, 15 абзацтӕ)
15. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕ ныфссаст адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕй?
15 Ныфссаст чи у, уыдонӕн алы хатт уайтагъд нӕ фенцон вӕййы, стӕй, чи зоны, фыццаг не ’ххуысыл ма сразы уой. Чи зоны сын бахъӕуа цасдӕр рӕстӕг ӕххуыс кӕнын. Павел загъта: «Лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14). Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоныл-иу хъуамӕ нӕ къух уайтагъд ма ауигъӕм, фӕлӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, кӕдмӕ хъӕуа, уӕдмӕ. Раджы заманты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕразонӕй ӕххуыс кодта, сӕ ныфс-иу куы асаст, уӕд. Зӕгъӕм, Хуыцау тынг фӕразон уыд пехуымпар Илийаимӕ ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтыл хъуыды кодта. Йегъовӕ батыхст, Илийайы дарддӕр лӕггад кӕнынӕн цы хъуыди, уыдӕттыл (1 Пад. 19:1–18). Давиды куы райсӕм, уӕд уымӕн та Йегъовӕ хӕларзӕрдӕйӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ сыл Давид зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта (Пс. 51:7, 17). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, 73 псалом чи ныффыста, уый хабар дӕр. Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ Хуыцауӕн мауал лӕггад кодтаид, фӕлӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта (Пс. 73:13, 16, 17). Уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, ӕмӕ нын алкӕддӕр цӕттӕ у баххуыс кӕнынмӕ, уӕлдайдӕр та, нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд (Рац. 34:6). Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕгӕрон у, «алы райсом дӕр сног вӕййы» (Йер. хъ. 3:22, 23). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм ӕмӕ ныфссаст адӕмимӕ фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм.
КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУӔМ, ЦӔМӔЙ ЦАРДЫ ФӔНДАГЫЛ ДАРДДӔР ЦӔУӔМ
16, 17. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас нӕ тынгдӕр цӕуыл хъӕуы архайын ӕмӕ цӕмӕн?
16 Заксенхаузены концлагерӕй кӕй ракодтой, уыцы 33 000 адӕймагӕй минтӕ амардысты. Фӕлӕ се ’хсӕн цы 230 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр уыцы фыдӕвзарӕны удӕгасӕй баззадысты. Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы сын уыцы фӕндаг мӕлӕтмӕ фӕндаг нӕ рауад, фӕлӕ ирвӕзындзинадмӕ фӕндаг.
17 Абон мах цӕуӕм, «цардмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл» (Матф. 7:14). Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр иумӕ бацӕудзысты, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунемӕ (2 Пет. 3:13). Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр дӕр цӕуӕм.