Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 15/1 27–31 фф.
  • «Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад». Фӕлӕ кӕд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад». Фӕлӕ кӕд?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БАРДЖЫТӔ РАЦЫДЫСТЫ
  • АДӔМ ФЫДДӔРӔЙ-ФЫДДӔР КӔНЫНЦ
  • АЦЫ ФӔЛТӔР ДӔР МА ӔРӔЙЙАФДЗӔН ӔППӔТ АЦЫ ХАБӔРТТӔ
  • ЧЫРЫСТИ ТАГЪД ЙЕ ЗНӔГТЫЛ КӔРОНМӔ ФӔУӔЛАХИЗ УЫДЗӔН
  • «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн
    Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?
  • Дӕ зӕрдыл дар Иегъовӕйы бон
    Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 15/1 27–31 фф.

«Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад». Фӕлӕ кӕд?

«Уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл» (МАТФ. 24:33).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

  • Ацы дунейы адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, уый цӕуыл дзурӕг у?

  • Кӕрон тынг ӕввахс у, уый кӕй ӕмбарыс, уымӕ гӕсгӕ дӕ цы аразын фӕнды?

1, 2. а) Адӕймаг цы фӕуыны ӕмӕ цы бафиппайы, уый цӕмӕй кӕнгӕ вӕййы? ӕ) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы зонӕм?

ӔВӔЦЦӔГӔН ӕй ды дӕр бафиппайдтай, цавӕрдӕр хабар йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон ӕй иухуызон кӕй нӕ бахъуыды кӕнынц. Стӕй ма арӕх адӕймагӕн зын вӕййы ӕрхъуыды кӕнын, дохтыр ын йӕ низыхатт куы сбӕрӕг кодта, уӕд ын уый фӕстӕ бӕлвырдӕй цы загъта, уый. Кӕнӕ та афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ адӕймаг йӕ дӕгъӕлтӕ кӕнӕ йӕ кӕсӕнцӕстытӕ фӕагуры, афтӕмӕй та йӕ тӕккӕ раз вӕййынц. Афтӕ цӕмӕн вӕййы? Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕймаг уыцы иу рӕстӕг цалдӕр хъуыддаджы куы фӕаразы, уӕд цыдӕртӕ нал фӕуыны ӕмӕ нал фӕфиппайы. Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ сӕрымагъз афтӕ конд у, ӕмӕ нӕ бон нӕу не ’ргом уыцы иу рӕстӕг дыууӕ хъуыддагмӕ саразын.

2 Абон дӕр адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ сты, цыма, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон нӕ уынынц. Чи зоны, 1914 азӕй цард тынг кӕй фӕивта, уый ӕмбарынц, фӕлӕ, уыцы хъуыддаг цӕуыл дзурӕг у, уый не ’мбарынц. Уыдонӕй уӕлдай мах, Библи кӕй иртасӕм, уый фӕрцы ӕмбарӕм, 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад кӕй сфидар ӕмӕ Чырысти уыцы Паддзахады Паддзах кӕй сси. Фӕлӕ ма уый дӕр зонӕм, ӕмӕ, Матфейы 6:10 цы куывды ныхӕстӕ ис фыст, уыдон кӕронмӕ нӕма сӕххӕст сты. Уым та фыст ис: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр». Ацы куывды ныхӕстӕ кӕронмӕ сӕххӕст уыдзысты, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зӕххыл дӕр, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ.

3. Хуыцауы Ныхас кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы цы ӕмбарӕм?

3 Хуыцауы Ныхас ӕдзух кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы ӕмбарӕм, пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕнынц. Ӕмӕ нӕ уый тынг хицӕн кӕны иннӕ адӕмӕй. Уыдон сӕ царды сагъӕстыл афтӕ систы, ӕмӕ нӕ уынынц, бӕлвырд чи у, уыцы хабар – 1914 азӕй фӕстӕмӕ Чырысти Паддзах кӕй у ӕмӕ тагъд ацы фыддуне кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ацы дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон мын раздӕрау ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ кӕрон тынг ӕввахс у? Уыцы хабар мӕ дӕсазты размӕ куыд фидарӕй уырныдта, ныр дӕр ма мӕ афтӕ уырны?» Кӕд Хуыцауӕн ӕрӕджы райдыдтай лӕггад кӕнын, уӕддӕр ахъуыды кӕн, де ’ргом цӕмӕ у здӕхт. Цавӕрфӕнды дзуапп ма раттай, уӕддӕр хорз уаид ӕртӕ ахсджиаг пехуымпарадыл аныхас кӕнын. Уыцы пехуымпарӕдты фӕрцы фидарӕй зондзыстӕм, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый тагъд кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

БАРДЖЫТӔ РАЦЫДЫСТЫ

4, 5. а) 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йесо цы аразы? (Кӕс нывмӕ 27 фарсыл.) ӕ) Йесойы фӕстӕ цы ӕртӕ барӕджы рацыд, уыдон цӕмӕ амонынц? Уыцы пехуымпарад нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны?

4 Раргомады 6 сӕры фыст ис, Йесойӕн кадыхуд лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, ӕмӕ уый амоны, 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси, уымӕ. Фыст ма дзы ис, урс бӕхыл йе знӕгты ныхмӕ кӕй рацыд. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо, Паддзах куыддӕр сси, афтӕ рацыд, цӕмӕй Хӕйрӕджы фыддуне фесафа. (Бакӕс Раргомад 6:1, 2.) Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Паддзахад куы сфидар уыдаид, уӕд зӕххыл уавӕртӕ хъуамӕ уайтагъд ӕвзӕрырдӕм фӕивтаиккой – хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, фыднизтӕ ӕмӕ ма адӕймаджы цардӕн ноджыдӕр тӕссаг кӕмӕй у, ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ хъуамӕ сарӕх уыдаиккой. Ацы бӕллӕхтӕ пехуымпарады ӕвдыст цӕуынц, Йесо Чырыстийы фӕстӕ цы ӕртӕ барӕджы рацыд, уыдоны хуызы (Рарг. 6:3–8).

5 Пехуымпарады куыддӕриддӕр фыст ис, афтӕ «зӕххӕй сабырдзинад [ист ӕрцыд]», кӕд хицауӕдтӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕрдтой, нӕ бӕстӕты ’хсӕн фарн ӕмӕ сабырдзинад уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Фыццаг дунеон хӕст уыди, зӕххӕй сабырдзинад чи айста, уыцы ӕвирхъау хӕстытӕн ӕрмӕстдӕр сӕ райдиан. Ӕмӕ кӕд 1914 азӕй фӕстӕмӕ экономикӕ ӕмӕ зонад размӕ тынг ацыдысты, уӕддӕр бирӕ рӕтты адӕм хӕринагхъуаг ӕййафынц, ӕмӕ тӕссаг у, уый быцӕутӕм ӕмӕ хӕстытӕм куы ’ркӕна. Уымӕй уӕлдай ма, чи не сразы уыдзӕн, фыднизтӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон бӕллӕхтӕ алы аз дӕр милуангай адӕймӕгты цард кӕй ахӕссынц? Ацы хабӕрттӕ ныр куыд апарахат сты, ныр куыд сарӕх сты ӕмӕ ныр куыд ӕвирхъау систы, афтӕ никуыма. Уый цӕуыл дзурӕг у, уый ӕмбарыс?

[Ныв 29 фарсыл]

Барджытӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц (кӕс 4, 5 абзацтӕ)

6. Библийы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ йӕ хъус чи дардта ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ сразӕнгард кодта?

6 Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, стӕй уый фӕстӕ, испанкӕ кӕй схуыдтой, уыцы низ куы ахӕлиу, уӕд бирӕтӕ се ’ргом иууылдӕр уыцы хабӕрттӕм сарӕзтой. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ зыдтой, 1914 азы «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» кӕй фӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты (Лук. 21:24). Цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уый кӕд бӕлвырд не ’мбӕрстой, уӕддӕр зыдтой, 1914 азы кӕй ӕрцӕудзӕн, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст чи у, ахӕм ахсджиаг хабар. Библийы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уый куыддӕр бамбӕрстой, афтӕ адӕмӕн хъӕбатырӕй хъусын кӕнын райдыдтой, Хуыцауы Паддзахад архайын кӕй райдыдта. Уыцы хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. Ӕмӕ уымӕй дӕр сӕххӕст Библийы фыст пехуымпарад. Бирӕ азты дӕргъы Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ «закъоны фӕрцы» архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл. Не ’фсымӕртӕн-иу алыхуызон фыдмитӕ фӕкодтой, ахӕстӕтты-иу сӕ бакодтой, кӕйдӕрты дзы ӕрцауыгътой, кӕйдӕрты фехстой, кӕмӕндӕрты та сӕ сӕртӕ акъуырдтой (Пс. 94:20; Рарг. 12:15).

7. Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуылнӕ ӕмбарынц?

7 Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй сфидар, уымӕн кӕд афтӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр уый цӕуылнӕ ӕмбарынц? Цӕуылнӕ ’мбарынц, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сын Хуыцауы адӕм бирӕ азты дӕргъы цы хъусын кӕнынц, уый ӕцӕг кӕй у? Мыййаг, уымӕн, ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды уынын, уый йеддӕмӕ ницы уынынц? (2 Кор. 5:7). Мыййаг, сӕ царды сагъӕстыл афтӕ систы, ӕмӕ, Хуыцау цы стыр хъуыддӕгтӕ аразы, уый нал уынынц? (Матф. 24:37–39). Мыййаг сӕ исчи, Хӕйрӕджы дуне зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕм аздӕхта йе ’ргом? (2 Кор. 4:4). Хуыцауы Паддзахад цы аразы, уый ӕмбарынӕн хъӕуы уырнындзинад. Стӕй ма хъуамӕ, нӕ цӕстыты раз цы ис, уымӕй дарддӕр кӕсын зонӕм. Куыд амондджын стӕм, дунейы ӕцӕгӕй цы хабӕрттӕ цӕуы, уый кӕй ӕмбарӕм!

АДӔМ ФЫДДӔРӔЙ-ФЫДДӔР КӔНЫНЦ

8–10. а) 2 Тимофеймӕ 3:1–5 фыст ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц?

8 Хуыцауы Паддзахад тагъд зӕххыл дӕр архайын кӕй райдайдзӕн, уымӕн дыккаг бӕлвырдгӕнӕн та у, адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, уый. Фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы цард ӕвдисы, 2 Тимофеймӕ 3:1–5 фыст пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Уыцы стихты цавӕр адӕмы кой ис, ахӕм адӕм абон цас ис, уыйбӕрц никуыма. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр уыныс, ахӕм адӕм ӕрмӕст иу ран нӕ, фӕлӕ дунейы алы ран дӕр кӕй ис, стӕй фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц. Ӕркӕсӕм, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый чи ӕвдисы, цалдӕр ахӕм цӕвиттонмӕ. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1, 13.)

9 Ахъуыды-ма кӕнӕм, 1940-ӕм кӕнӕ 1950-ӕм азты адӕм ӕвзӕрыл цы нымадтой, ууыл ӕмӕ йӕ абарӕм, хабар абон куыд у, уыимӕ. Зӕгъӕм, цы ис зӕгъӕн, куыстуӕтты цытӕ цӕуы, адӕм сӕхи куыд ирхӕфсынц, стӕй спорты ӕмӕ модӕйы цы уынӕм, уыдӕтты тыххӕй? Абон адӕммӕ цыфӕнды фыдмитӕ ӕмӕ хӕлд митӕ дӕр ницыуал кӕсынц. Бирӕтӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ уынд ахӕм вӕййы, цыма кӕрӕдзиимӕ ерыс кӕнынц, адӕммӕ сӕ чи ӕгъатырдӕр кӕнӕ ӕнӕгъдаудӕр фӕкӕсдзӕн, ууыл. 1950-ӕм азты бирӕтӕ ӕвзӕрыл кӕй нымадтой, уыцы телепередачӕтӕ абон нымад сты, бинонтӕн сӕ бон иумӕ кӕсын кӕмӕ у, ахӕмтыл. Бирӕтӕ та бафиппайдтой, гомосексуалистты зондахаст ирхӕфсӕнтыл ӕмӕ модӕйыл тынг кӕй фӕзынд ӕмӕ уыцы зондахаст иннӕтӕн дӕр ӕргом кӕй хъарынц. Куыд хорз у, ӕмӕ йӕ зонӕм, Хуыцау уыцы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы! (Бакӕс Иудӕйы 14, 15.)

10 Ноджыдӕр ма нӕ бон у ахъуыды кӕнын, 1950-ӕм азты ӕрыгӕттӕн хивӕнд митыл цы уыд нымад, ууыл ӕмӕ йӕ абарӕм, абон сӕхи куыд дарынц, уыимӕ. Раздӕр-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллонӕн тарстысты, тамако дымын кӕнӕ нуазын куы райдайа, кӕнӕ искуы ӕнӕгъдау кӕфтытӕ куы кӕна, уымӕй. Фӕлӕ абон та арӕх фехъусӕн вӕййы ахӕм хабӕрттӕ: 15-аздзыд ахуыргӕнинаг иннӕ ахуыргӕнинӕгты ӕхсын райдыдта, ӕмӕ дзы дыууӕйӕ фӕмард сты, ӕртындӕс та дзы фӕцӕфтӕ сты. Расыг ӕрыгӕтты къорд амардтой 9-аздзыд чызджы, йӕ фыд ӕмӕ йын йӕ хӕстӕг лӕппуйы та фыднад фӕкодтой. Азийы иу бӕстӕйы фӕстаг дӕс азы цы фыдракӕндтӕ ’рцыд, уыдонӕн се ’рдӕг сарӕзтой ӕрыгӕттӕ. Уӕдӕ чи не сразы уыдзӕн, адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, ууыл?

11. Бирӕтӕ цӕуылнӕ фиппайынц, дуне фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕны, уый?

11 Абон ма ӕххӕст кӕнынц апостол Петры ныхӕстӕ дӕр: «Фӕстаг бонты фӕзындзӕн, хорз цы у, ууыл чи худдзӕн, ахӕм адӕм. Уыдон цӕудзысты сӕ зӕрдӕйы фӕдыл ӕмӕ дзурдзысты: „Кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис? Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ“» (2 Пет. 3:3, 4). Цымӕ бирӕтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц? Куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг исты арӕх куы фӕуыны, уӕд ыл сахуыр вӕййы ӕмӕ йӕ фиппайгӕ дӕр нал фӕкӕны. Зӕгъӕм, де ’мбал ӕвиппайды фӕивта ӕмӕ йын ӕнхъӕл куыд нӕ уыдтӕ, йӕхи афтӕ дарын райдыдта, уӕд хорзау нал фӕуыдзынӕ. Нӕ алыварс адӕмӕн та сӕ зондахаст ӕмӕ се ’гъдау ӕвзӕрырдӕм сабыргай ивы, ӕмӕ уый тыххӕй уыцы хабар бирӕтӕм диссаг нӕ кӕсы. Фӕлӕ кӕд адӕмы ӕгъдау сабыргай хӕлы, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы тӕссагӕй ницы ис.

12, 13. а) Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон нын нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ сӕттой? ӕ) Кӕд ацы фӕстаг бонты «тынг уӕззау рӕстӕг» скодта, уӕддӕр нын цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар лӕууӕм?

12 Апостол Павел фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы уӕззау рӕстӕг сфӕразын нӕ бон нӕ бауыдзӕн. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы, стӕй чырыстон ӕмбырды фӕрцы ацы уӕззау рӕстӕг дӕр нӕ бон бауыдзӕн иузӕрдионӕй баззайын, цавӕрфӕнды мӕстытӕ ма бавзарӕм ӕмӕ цӕмӕйфӕнды ма тӕрсӕм, уӕддӕр. Хуыцау нӕ хайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7–10).

13 Бафиппайын ма хъӕуы, Павел фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад ныффыста, уый кӕй райдыдта ахӕм ныхӕстӕй, «уый зон», зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, дарддӕр цы зӕгъы, уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзысты. Фидарӕй ис зӕгъӕн, ацы ӕнӕхуыцау дуне дарддӕр дӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕндзӕн, цалынмӕ йын Йегъовӕ кӕрон не скӕна, уӕдмӕ. Историйӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй-иу цавӕрдӕр бӕстӕйы адӕм кӕнӕ цавӕрдӕр адӕмыхатт быныхӕлд куы фесты, уӕд-иу се сӕфт ӕрцыд. Фӕлӕ уавӕр абон куыд у, афтӕ никуыма уыд: ӕнӕхъӕн дунейы адӕм афтӕ фехӕлдысты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Ӕмӕ кӕд уый бирӕтӕн ницӕуыл дзурӕг у, уӕддӕр, 1914 азӕй фӕстӕмӕ адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, тагъд Хуыцауы Паддзахад фыддзинадӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн.

АЦЫ ФӔЛТӔР ДӔР МА ӔРӔЙЙАФДЗӔН ӔППӔТ АЦЫ ХАБӔРТТӔ

14–16. Хуыцауы Паддзахад тагъд кӕй «ӕрцӕудзӕн», уый ма нӕ фидарӕй ноджыдӕр цӕмӕ гӕсгӕ уырны?

14 Кӕрон ӕввахс кӕй у, уымӕн ма ис ӕртыккаг бӕлвырдгӕнӕн дӕр – Хуыцауы адӕмы хабӕрттӕ куыд цӕуынц, уый. Зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты архайын куы нӕма райдыдта, уӕд дӕр Хуыцауӕн зӕххыл уыди иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты къорд. 1914 азы, хабӕрттӕ, уыдон куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ куы нӕ рауадысты, уӕд куыд бакодтой? Сӕ фылдӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтой, кӕд алыхуызон фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр,– кӕд се ’ппӕт нӕ, уӕд,– амардысты, Хуыцауӕн сӕ зӕххон царды кӕронмӕ иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодтой, афтӕмӕй.

15 Йесо ацы цардӕвӕрды кӕроны тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ацы фӕлтӕр дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ». (Бакӕс Матфейы 24:33–35.) Куыд ӕй ӕмбарӕм, афтӕмӕй, ацы ран цы «фӕлтӕры» кой ракодта, уымӕ хауы сӕрст чырыстӕтты дыууӕ къорды. Фыццаг къорд сты, 1914 азы чи цард ӕмӕ, уыцы аз Чырысти Паддзах кӕй сси, уый чи бамбӕрста, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уыцы къорды чи ис, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты 1914 азы кӕнӕ уымӕй раздӕр (Ром. 8:14–17).

16 Уыцы «фӕлтӕры» дыккаг къорд та сты, фыццаг къордӕй ма кӕйдӕрты зӕххыл цӕргӕйӕ чи ӕрӕййӕфта ӕмӕ уыцы рӕстӕг сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ӕрцыд, уыцы чырыстӕттӕ. Уӕдӕ, Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ абон сӕрст чырыстӕттӕй алчи нӕ хауы. Дыккаг къордмӕ чи хауы, уыцы чырыстӕттыл дӕр азтӕ цӕуынц ӕмӕ зӕронд кӕнынц. Фӕлӕ Матфейы 24:34 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы «фӕлтӕрӕй» чидӕртӕ уӕддӕр кӕй ӕрӕййафдзысты стыр бӕллӕхы райдиан. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ноджы фидардӕрӕй уырны, тынг тагъд Хуыцауы Паддзахады Паддзах фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн ӕмӕ, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне кӕй скӕндзӕн (2 Пет. 3:13).

ЧЫРЫСТИ ТАГЪД ЙЕ ЗНӔГТЫЛ КӔРОНМӔ ФӔУӔЛАХИЗ УЫДЗӔН

17. Цы ӕртӕ пехуымпарадмӕ ӕркастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ цавӕр хатдзӕг у нӕ бон скӕнын?

17 Цы ӕртӕ пехуымпарадмӕ ӕркастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн? Йесо загъта, «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» мах кӕй нӕ зондзыстӕм. Ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр нӕ зонӕм (Матф. 24:36; 25:13). Фӕлӕ Павел куыд загъта, афтӕмӕй мах зонӕм, «цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый». (Бакӕс Ромӕгтӕм 13:11.) Мах зонӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм. Библийы пехуымпарӕдты цы фыст ис ӕмӕ, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти цы аразынц, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕввахс кӕй у.

18. Йесо Чырыстийы Паддзахыл чи нӕ нымайы, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

18 Йесо Чырыстийӕн стыр бартӕ кӕй ӕрцыд лӕвӕрд, уый чи ницӕмӕ дары, уыдон тагъд бамбардзысты, куыд тынг рӕдыдысты, уый. Цы тӕрхон сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй аирвӕзыны фадат сын нӕ уыдзӕн. Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ фыртӕссӕй хъӕр кӕндзысты: «Чи бафӕраздзӕн?» (Рарг. 6:15–17). Ацы фарстайӕн дзуапп ис Раргомады 7 сӕры. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон уыцы рӕстӕг Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты. Ӕмӕ стӕй, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «тынг бирӕ адӕм» стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзысты ӕмӕ ног дунемӕ бацӕудзысты (Рарг. 7:9, 13–15).

19. Кӕрон ӕввахс кӕй у, уый дӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

19 Библийы пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд нӕ Хӕйрӕджы дуне йӕ зондыл нӕ акӕндзӕн. Стӕй ма уый фӕрцы алкӕддӕр ӕмбардзыстӕм, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый дӕр. Тагъд Чырысти кӕронмӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн ацы ӕнӕхуыцау дунейыл – Армагеддоны хӕсты йӕ бынтондӕр фесафдзӕн (Рарг. 19:11, 19–21). Ахъуыды-ма кӕн, уӕд цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм! (Рарг. 20:1–3, 6; 21:3, 4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын