Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wt 20 сӕр, 175–183 фф.
  • Дӕ зӕрдыл дар Иегъовӕйы бон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ зӕрдыл дар Иегъовӕйы бон
  • Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Лӕмбынӕг кӕс «нысанмӕ»
  • Адӕмы хицӕн кӕныны куыст
  • Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
  • Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн
    Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?
  • Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Къӕрцхъус ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
wt 20 сӕр, 175–183 фф.

Дыууынӕм сӕр

Дӕ зӕрдыл дар Иегъовӕйы бон

1. Ацы зӕронд дунейы цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн тагъд кӕрон кӕй уыдзӕн, уый куы базыдтай, уӕд цы банкъардтай?

БИБЛИ ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фыццаджыдӕр базыдтай, Иегъовӕ ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый. Уыцы ног дунейы нал уыдзӕн хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, низтӕ, хъизӕмӕрттӕ, мӕгуырдзинад ӕмӕ мӕлӕт. Суанг ма мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уыцы рӕстӕг тынг ӕввахс кӕй у, уый та уымӕй зонӕм, ӕмӕ 1914 азы Чырысти ӕнӕуынгӕ хуызы паддзахиуӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ уӕд ацы фыддунейӕн ралӕууыдысты йӕ фӕстаг бонтӕ. Фӕстаг бонты кӕрон Иегъовӕ скуынӕг кӕндзӕн ацы цардӕвӕрд ӕмӕ ралӕудзӕн йӕ зӕрдӕвӕрд ног дуне!

2. Цы у «Иегъовӕйы бон»?

2 Библи уыцы рӕстӕг хоны «Иегъовӕйы бон» (2 Петры 3:10, НД). Уый уыдзӕн «Иегъовӕйы масты бон» ӕмӕ ӕрцӕудзӕн Сайтаны дунейыл ӕгасӕй дӕр (Софони 2:3). Уыцы бон йӕ тӕмӕны бацӕудзӕн «хӕсты, Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы... стыр бон [...] кӕцы хуыйны Дзуттагау Армагеддон». Уӕд куынӕггонд ӕрцӕудзысты «ӕппӕт дунейы зӕххон паддзӕхтӕ» дӕр (Раргомад 16:14, 16). «Иегъовӕйы бон» хӕстӕг у, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕныс, уый дӕ цардӕй бӕрӕг у? (Софони 1:14—18; Иереми 25:33).

3. а) Кӕд ӕрцӕудзӕн «Иегъовӕйы бон»? ӕ) Иегъовӕ нын «уыцы бон кӕнӕ сахат» кӕй нӕ раргом кодта, уый хорз цӕмӕй у?

3 Иегъовӕ Йесо Чырыстийы Сайтаны дуне фесафынмӕ цы бон ӕмӕ цы сахат рарвитдзӕн, уый нын Библи нӕ дзуры. «Уыцы боны кӕнӕ сахаты тыххӕй ничи зоны, нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт, ӕрмӕст ӕй Фыд зоны»,— загъта Йесо (Маркы 13:32, МСЕ). Иегъовӕйы зӕрдӕйӕ чи нӕ уарзы, уыдон сӕхицӕн дзурдзысты, зӕгъгӕ, нырма тагъд нӕ уыдзӕн уыцы бон, ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты аныгъуылдзысты. Фӕлӕ Иегъовӕйы зӕрдӕбынӕй чи уарзы, уыдон ын, ацы фыддунейы кӕрон кӕдфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕндзысты (Псалом 36:4; 1 Иоанны 5:3).

4. Цӕмӕй нӕ бафӕдзӕхста Йесо?

4 Иегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн Йесо дзуры: «Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут. Уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Маркы 13:33—37, МСЕ). Йесо нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ хӕрд ӕмӕ нозт кӕнӕ «царды мӕт» уымӕ ма ’ркӕной, ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ ферох уа (Лукайы 21:34—36; Матфейы 24:37—42).

5. Петр куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Иегъовӕйы бон цы ’рхӕсдзӕн?

5 Петр дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм «Хуыцауы боны ӕрцыд [...] кӕцыйы артӕй ӕхсидгӕ ӕрвтӕ фехӕлдзысты ӕмӕ судзгӕ ӕрдзы тыхтӕ атайдзысты». Хуыцау фесафдзӕн куыд «ӕрвтӕ», ома ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ дӕр, афтӕ «зӕхх» ӕмӕ йӕ «хъуыддӕгтӕ» дӕр, ома фыдгӕнджыты ӕмӕ ацы хӕлд дунейы зондахаст ӕмӕ митӕ иууылдӕр. Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыцы ӕнӕгъдау, зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕмӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уый бӕсты уыдзӕн «ног арв [Хуыцауы уӕларвон Паддзахад] ӕмӕ ног зӕхх [ног ӕхсӕнад], кӕцытыл цӕрдзӕн рӕстдзинад» (2 Петры 3:10—13). Дуне бындурзылд кӕмӕй фӕуыдзӕн, уыцы хабӕрттӕ райдайдзысты ӕнӕнхъӕлӕджы (Матфейы 24:44).

Лӕмбынӕг кӕс «нысанмӕ»

6. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ цы цауты кой ракодта, уыдон иудейаг цардӕвӕрды кӕроны иууылдӕр ӕрцыдысты? ӕ) Йесойы дзуаппӕн йӕ кӕцы хай хауы, 1914 азӕй цы цаутӕ цӕуы ӕмӕ адӕмӕн хорз хабармӕ цы ахаст ис, уымӕ?

6 Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмбаргӕйӕ мах хъӕуы бӕстон равзарын, ацы фӕстаг бонтӕн, ома «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд», уый нысаны алы хай дӕр. Мах зонӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ цы цауты кой ракодта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ фыццаг кӕй ӕрцыдысты иудейаг цардӕвӕрдыл н. э. 33 азӕй 70 азмӕ (Матфейы 24:3, НД; 4—22). Фӕлӕ пехуымпарад сӕйраджыдӕр ӕххӕст кӕны 1914 азӕй — Чырысти «адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн» йӕ фӕстаг бонтӕ куы ралӕууыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Матфейы 24:23—28 дзырд цӕуы, н. э. 70 азӕй суанг, Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕдмӕ цы цаутӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл. Матфейы 24:29—25:46 цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон та хауынц ацы фӕстаг бонтӕм.

7. а) «Нысан» куыд ӕххӕст кӕны, уымӕ нӕ алкӕйдӕр лӕмбынӕг кӕсын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Ацы абзацы кӕрон цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, бамбарын кӕн, «нысан» 1914 азӕй куыд ӕххӕст кӕны, уый.

7 Алкӕйдӕр нӕ хъӕуы, «нысан» цы цаутӕй ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ лӕмбынӕг кӕсын. Цытӕ цӕуы, уыдон-иу Библийы пехуымпарӕдтимӕ куы абарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Иегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл дарын. Уый фӕрцы ма нӕ ныхас дӕр уыдзӕн ахадгӕ, уыцы боны ӕрцыды тыххӕй адӕмы куы фӕдзӕхсӕм, уӕд (Исай 61:1, 2). Адӕттӕ нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, ӕркӕсӕм цалдӕр фарстмӕ ӕмӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, «нысаны» сӕйраг хӕйттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ (Матфейы 24:7 ӕмӕ Лукайы 21:10, 11).

Йесо кӕддӕр цы ныхӕстӕ загъта, «сыстдзысты адӕм адӕмыл ӕмӕ паддзахад паддзахадыл», зӕгъгӕ, уыдон 1914 азӕй фӕстӕмӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? Цы зӕгъӕн ис хӕстыты тыххӕй?

Фыццаг дунеон хӕст цал адӕймаджы цард ахаста, уымӕй фылдӕр адӕймаджы цард 1918 азы цавӕр низ ахаста? Кӕд адӕмӕн медицинӕйы стыр ӕнтыстытӕ ис, уӕддӕр ныр дӕр ма милуангай адӕймӕгтӕ цавӕр низтӕй мӕлынц?

Кӕд XX ӕнусы адӕмӕн зонады сӕ къухы стыр ӕнтыстытӕ бафтыд, уӕддӕр цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕххормаг адӕм нал ис?

Цӕмӕ гӕсгӕ ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13 цӕй кой цӕуы, уый, цард алкӕддӕр афтӕ кӕй уыд, ууыл нӕ, фӕлӕ ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕроны кӕй цӕрӕм, ууыл дзурӕг кӕй у?

Адӕмы хицӕн кӕныны куыст

8. а) Матфейы 13:24—30, 36—43 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй ма Йесо цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ӕрхаста, ацы цардӕвӕрд йӕ кӕронмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, уый базонынӕн? ӕ) Куыд ӕмбарын хъӕуы Йесойы фӕсномыг ныхас?

8 Ацы цардӕвӕрд йӕ кӕронмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, уый базонынӕн ма Йесо ӕрхаста ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Уыдонӕй сӕ иу — «Паддзахады фырттӕ» ӕмӕ «хинӕйдзаджы фырттӕ» кӕрӕдзийӕ хицӕнгонд кӕй цӕудзысты. Уый тыххӕй Йесо радзырдта йӕ фӕсномыг ныхасы, знаг мӕгъӕлдатӕ кӕм байтыдта, уыцы мӕнӕуы хуымы тыххӕй. «Мӕнӕу» ахӕсгӕ хуызы ӕвдисы ӕцӕг сӕрст чырыстӕтты. «Мӕгъӕлдатӕ» та сты «хинӕйдзаджы фырттӕ», Хӕйрӕджы къухы цы дуне ис, ууыл йӕхи чи ӕндадзы, уыцы мӕнгномхӕсджытӕ. Уыдон хицӕнгонд цӕуынц «[Хуыцауы] Паддзахады фырттӕй», цӕмӕй куынӕггонд ӕрцӕуой (Матфейы 13:24—30, 36—43). Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?

9. а) Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ чырыстӕттӕ куыд ахицӕн сты? ӕ) Сӕрст чырыстӕттӕ куыд равдыстой, ӕцӕгдӕр Хуыцауы Паддзахады лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый?

9 Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ чырыстӕттӕ ахицӕн сты дыууӕ къордыл: 1) Нациты Лигӕйы (ныртӕккӕ Иугонд Нациты Организаци) фарс чи уыд, уыимӕ йӕ нацийы сӕрыл дӕр чи хӕцыд, уыцы чырыстон дунейы сауджынтӕ ӕмӕ сӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ 2) ацы дунейы нациты фарс нӕ, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы Мессианон Паддзахады фарс чи уыд, уыцы ӕцӕг чырыстӕттӕ (Иоанны 17:16). Дыккӕгтӕ «Паддзахады Евангелийы» тыххӕй ӕгас зӕххы къорийыл дӕр хъусын кӕнынмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ уымӕй равдыстой, ӕцӕгдӕр Хуыцауы Паддзахады лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый (Матфейы 24:14). Цы бафтыд сӕ къухы?

10. Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕныны куысты фӕрцы фыццаджыдӕр чи ӕрцыд ӕмбырдгонд?

10 Фыццаджыдӕр ӕмбырдгонд ӕрцыдысты, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст чи у ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон. Кӕд адӕмты ’хсӕн хӕлиу уыдысты, уӕддӕр систы иу организацийы уӕнгтӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ тагъд фӕуыдзысты бӕрӕггонд (Раргомад 7:3, 4).

11. а) Чи ӕмбырд кӕны абон, ӕмӕ уымӕй цавӕр пехуымпарад ӕххӕст кӕны? ӕ) Уыцы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый цӕуыл дзурӕг у?

11 Уый фӕстӕ Чырыстийы разамындӕй ӕмбырд кӕнын райдыдтой «тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыцы адӕм сты «ӕндӕр фысты» къордӕй. Уыдон фервӕздзысты стыр бӕллӕхы ӕмӕ цӕрдзысты Хуыцауы ног дунейы (Раргомад 7:9, 14; Иоанны 10:16). Ацы цардӕвӕрды кӕроны размӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хъусын кӕныны куыст райдыдта, уый нырма дӕр не ’рлӕууыд. Абон сӕ нымӕц милуантӕй кӕмӕн ахызт, уыцы «тынг бирӕ адӕм» зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц сӕрст чырыстӕттӕн Хуыцауы Паддзахады ӕхсызгон хабар хъусын кӕнынӕн. Уыцы хабар хъусынц ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.

Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

12. Цас ма нӕ хъӕуы хъусын кӕнын?

12 Уӕлдӕр цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастам, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ацы фӕстаг бонтӕ тагъд кӕй фӕуыдзысты ӕмӕ Иегъовӕйы бон къӕсӕрыл кӕй ис. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы ӕвирхъау бон нӕ райдыдта, уӕдмӕ ма искӕцы пехуымпарӕдтӕ хъуамӕ сӕххӕст уой? О. Иу уый, ӕмӕ адӕм, Хуыцауы Паддзахадмӕ сын цы ахаст ис, уымӕ гӕсгӕ кӕронмӕ хицӕнгонд нӕма ӕрцыдысты. Бирӕ азты дӕргъы нӕ ныхмӕ кӕм цыдысты, иуӕй-иу ахӕм бӕстӕты ныр фӕзынд бирӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ. Адӕм хорз хабармӕ кӕм нӕ хъусынц, суанг уым дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у. Уӕдӕ макуы бафӕллайӕм уыцы куыст кӕнынӕй! Йесо нын ныфс ӕвӕры, ацы куыст куы фӕуӕм, уӕд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.

13. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ма цавӕр хабар хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

13 Библийы ма ис ноджыдӕр иу ахсджиаг пехуымпарад: «Куы дзурой: „сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад“, уӕд ӕвиппайды уыдоныл ӕрцӕудзӕн сӕфтдзинад, гуыбыны кӕмӕ вӕййы, уый аргӕйӕ куыд тухӕнтӕ кӕны, ӕмӕ дзы аирвӕзӕн нӕ вӕййы, афтӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3). «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» цы хуызы расиддзысты, уый нырма бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ ӕцӕгдӕр адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзысты. Иегъовӕйы бон йӕ зӕрдыл чи дары, уыдоны уыцы хабар нӕ фӕсайдзӕн. Уыдон зонынц, йӕ хӕдфӕстӕ дунейӕн ӕнӕнхъӕлӕджы йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн.

14. Цавӕр цаутӕ ӕрцӕудзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕджы ӕмӕ сӕ чи кӕй фӕстӕ уыдзӕн?

14 Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд хицӕуттӕ фӕлӕбурдзысты Стыр Вавилонмӕ, мӕнг дины дунеон империмӕ, ӕмӕ йӕ акъабӕзтӕ кӕндзысты (Матфейы 24:21; Раргомад 17:15, 16). Уый фӕстӕ адӕмтӕ сӕхи ныццӕвдзысты, Иегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у, уыдоныл. Иегъовӕ уый куы фена, уӕд йӕ маст рафыцдзӕн политикӕйы разамонджытӕм ӕмӕ сӕ хъузӕттӕм ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзӕн. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн Армагеддоны, стыр бӕллӕх йӕ тӕмӕны куы бацӕуа, уӕд. Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕнӕбын арфы ӕмӕ адӕмыл сӕ бар нал цӕудзӕн. Афтӕ скадджын уыдзӕн Иегъовӕйы ном ӕмӕ ууыл йӕ «масты бон» фӕуыдзӕн (Иезекил 38:18, 22, 23; Раргомад 19:11—20:3).

15. Раст цӕуылнӕ уаид афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы бонмӕ нырма бирӕ хъӕуы?

15 Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, растдӕр ын Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уӕд. Нӕ байрӕджы кӕндзӕн (Аввакум 2:3). Ӕрхъуыды ма кӕн, н. э. 70 азы Иерусалим ныппырх кодтой, растдӕр иудейтӕ ӕнхъӕл куы нӕ уыдысты, афтӕ куы хъуыды кодтой, ӕмӕ сын тӕссаг ницӕмӕйуал у, уӕд. Цы ’рцыд рагон Вавилоныл та? Уый уыд бӕрзонд ӕмӕ фӕтӕн систӕй ӕхгӕд, ӕнӕбасӕтгӕ сахар. Фӕлӕ иу ӕхсӕвмӕ бабын. Уӕдӕ афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бабын уыдзӕн ацы фыддуне дӕр. Цӕй уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Иегъовӕйы бон, цӕмӕй уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд, Иегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи кувы, уыдонӕй уӕм.

Цыбыр афӕлгӕст

• Цӕмӕ нӕ хъӕуы Иегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл дарын? Цы нын баххуыс кӕндзӕн уымӕн?

• Абон адӕм хицӕнгонд кӕй цӕуынц, уый махмӕ куыд хауы?

• Иегъовӕйы бон цалынмӕ нӕ райдайа, уӕдмӕ цы хъуамӕ ’рцӕуа? Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕйдӕр цы кӕнын хъӕуы?

[Нывтӕ 180, 181 фарсыл]

Хуыцау Сайтаны дуне куы фесафа, уӕд фӕуыдзысты ацы фӕстаг бонтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын