Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 15/4 27–31 фф.
  • Йегъовӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уымӕн аргъ кӕныс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уымӕн аргъ кӕныс?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУ НӔМ ЙӔ ХЪУС ДАРЫ ӔМӔ НӔ ФӔДЗӔХСЫ
  • НӔ УАРЗӔГОЙ ФЫД НЫН ЗОНД АМОНЫ
  • БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТЫ ФӔРЦЫ РАСТ ФӔНДАГЫЛ ЦӔУӔМ
  • ЙЕГЪОВӔ НЫН ФӔЛВАРӔНТЫ ФИДАР ФӔЛӔУУЫНӔН ӔХХУЫС КӔНЫ
  • ЙЕГЪОВӔ ДӔ СХОРЗӔХДЖЫН КӔНДЗӔН
  • «Зондджынты ныхӕстӕм... байхъус»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй зыны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Йегъовӕйы «цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц» алкӕмӕдӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ тынг уарзы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 15/4 27–31 фф.
Дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ, Шифрӕ ӕмӕ Фуӕ, хъахъхъӕнынц, лӕппу кӕмӕн райгуырд, иу ахӕм дзуттаг сылгоймаджы

Йегъовӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уымӕн аргъ кӕныс?

«Йегъовӕйы цӕст ӕххӕссы алкӕдӕм дӕр, лӕмбынӕг кӕсы ӕвзӕртӕм дӕр ӕмӕ хӕрзтӕм дӕр» (ӔМБ. 15:3).

СӔЙРАГ ХЪУЫДЫТӔ НӔ ЗӔРДЫЛ БАДАРӔМ

  • Йегъовӕ нӕм йӕ хъус цӕмӕн дары?

  • Йегъовӕ дӕ куыд фӕдзӕхсы, зонд дын куыд амоны ӕмӕ дын разамынд куыд дӕтты?

  • Хатт нӕ Йегъовӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд цӕуылнӕ фервӕзын кӕны?

1, 2. Фӕндӕгтыл камерӕтӕ цӕй тыххӕй сӕвӕрынц, ӕмӕ нӕм Йегъовӕ та йӕ хъус цӕмӕн дары?

БИРӔ бӕстӕты пъӕлицӕ фӕндӕгтыл камерӕтӕ сӕвӕры, цӕмӕй машинӕты цыдмӕ йӕ хъус дара. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, шофыр кӕйдӕр скъуырдта ӕмӕ йын баххуыс кӕныны бӕсты дарддӕр ацыд, уӕд пъӕлицӕйы кусджытӕн, камерӕтӕ цы ныффыстой, уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн уыцы шофыры ӕрцахсын. Ӕцӕгдӕр, алы къуымӕй дӕр камерӕты «цӕстытӕ» кӕй кӕсынц, уый тыххӕй фыдгӕнджытӕн зындӕрӕй-зындӕр кӕны сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмбӕхсын.

2 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы цӕст ӕххӕссы алкӕдӕм дӕр» (Ӕмб. 15:3). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кӕсы, цӕмӕй нӕм исты рӕдыдтытӕ ссара? Цымӕ уымӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йын куыддӕр йӕ закъӕттӕ фехалӕм, афтӕ нӕ бафхӕра? (Йер. 16:17; Дзут. 4:13). Нӕ, уый афтӕ нӕу! Йегъовӕ нӕм йӕ хъус уый тыххӕй дары, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нын тӕссаг мацӕмӕй уа (1 Пет. 3:12).

3. Ацы статьяйы цавӕр фондз хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Хуыцау нӕм йӕ хъус цӕмӕн дары, уый хуыздӕр цӕй фӕрцы бамбардзыстӕм? Уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ нӕм йӕ хъус кӕй дары, уый цавӕр фондз хъуыддагӕй у бӕрӕг, уыдонмӕ: 1) ӕвзӕр фӕндтӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ бафӕдзӕхсы; 2) рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм, уӕд нын зонд бацамоны; 3) Библийы уагӕвӕрдты фӕрцы нӕ раст фӕндагыл кӕны; 4) фӕлварӕнты нын баххуыс кӕны; 5) нӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй нӕ схорзӕхджын кӕны.

ХУЫЦАУ НӔМ ЙӔ ХЪУС ДАРЫ ӔМӔ НӔ ФӔДЗӔХСЫ

4. Йегъовӕ Каины цӕмӕн бафӕдзӕхста, «тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл», зӕгъгӕ?

4 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, ӕвзӕр фӕндтӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ Хуыцау куыд бафӕдзӕхсы, уымӕ (1 Аз. 28:9). Цӕвиттонӕн райсӕм Каины хабар. Хуыцауӕн Каины кувинагӕй йӕ зӕрдӕ куы нӕ барухс, уӕд Каин «тынг смӕсты». (Бакӕс Райдиан 4:3–7.) Йегъовӕ Каины бафӕдзӕхста: «Хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?» Йегъовӕйы фӕндыд Каины фӕстӕмӕ «сбӕрзонд кӕнын». Каин Хуыцаумӕ куы байхъуыстаид, уӕд та йӕ хорзӕхӕй схайджын уыдаид.

5. Йегъовӕ нӕ куыд фӕдзӕхсы?

5 Абон та хабар куыд у? Йегъовӕ нын кӕсы нӕ зӕрдӕтӕм. Нӕ алы хъуыды ӕмӕ нын нӕ алы фӕнд дӕр уыны, ницы дзы ис бамбӕхсӕн. Нӕ уарзӕгой Фыды фӕнды, цӕмӕй раст фӕндагыл цӕуӕм. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддаг тыхӕй нӕ аразын кӕны. Нӕ зӕрдӕ нӕ рӕдыд фӕндагмӕ кӕй сайы, уый куы фены, уӕд нӕ бафӕдзӕхсы. Цымӕ куыд? Зӕгъӕм, Библийы цы бакӕсӕм, уый нын баххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтыл фӕуӕлахиз уӕм. Нӕ литературӕйы фӕрцы базонӕм, цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕтых уӕм. Стӕй не ’мбырдты дӕр фехъусӕм, йӕ тӕккӕ афоныл чи вӕййы, ахӕм уынаффӕтӕ.

6, 7. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуыл дӕр хицӕнӕй тыхсы? ӕ) Йегъовӕ дӕ кӕй фӕдзӕхсы, уый дын пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?

6 Йегъовӕ нӕ уыцы хъуыддӕгты фӕрцы кӕй фӕдзӕхсы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр уарзы ӕмӕ нӕ алкӕуыл дӕр хицӕнӕй тыхсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи ӕнустӕ раздӕр фыст ӕрцыд ӕмӕ йӕ абоны онг кӕсынц тынг бирӕ адӕм. Хуыцауы организаци мыхуыры цы литературӕ уадзы, уый дӕр фыст цӕуы милуангай адӕмӕн. Ӕмӕ не ’мбырдты цы уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдон дӕр ӕнӕхъӕн ӕмбырдмӕ фӕхауынц. Фӕлӕ уӕддӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы мадзӕлтты фӕрцы Йегъовӕ сӕрмагондӕй дӕумӕ дзуры, цӕмӕй-иу ын йӕ Ныхасмӕ дӕ хъус ӕрдарай ӕмӕ раст фӕндагыл цӕуай. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы ӕмӕ дӕ кӕй уарзы.

Нӕлгоймаг йӕхи хизы, фӕлварӕн ын цы фӕуыдзӕн, уыдӕттӕй

Библийӕ цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕхи фыдбылызӕй бахиздзыстӕм (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

7 Хуыцау нӕ кӕй фӕдзӕхсы, уый нын пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн? Кӕй ныл тыхсы, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм ӕмӕ, Библийы цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм. Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыдытӕ-иу нӕм куы фӕзына, уӕд-иу хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй сӕ бындзарӕй стонӕм. (Бакӕс Исайы 55:6, 7.) Афтӕмӕй нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзыстӕм. Фӕлӕ, зӕгъӕм, нӕ байхъуыстам ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтыл ацыдыстӕм, уӕд та? Уӕд дӕр ма ныл цымӕ Йегъовӕ тыхсдзӕн?

НӔ УАРЗӔГОЙ ФЫД НЫН ЗОНД АМОНЫ

8, 9. Исчи нын Библийӕ уынаффӕ куы ратты, уӕд уымӕй куыд рабӕрӕг вӕййы, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Йегъовӕ нын зонд кӕй фӕамоны, уымӕй дӕр бӕрӕг у, кӕй ныл тыхсы ӕмӕ нӕм йӕ хъус кӕй дары. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:5, 6.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн ӕхсызгон нӕ вӕййы, уынаффӕ йын куы раттынц кӕнӕ йын зонд куы бацамонынц (Дзут. 12:11). Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, уынаффӕ нын цӕмӕн дӕттынц, уый. Уынаффӕ нын чи ратты, уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕуыны, тӕссаг нын кӕй у, Йегъовӕйӕ куы адард уӕм, уымӕй. Ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕна, уый дӕр ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕфӕнды. Уый йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ нӕ бавгъау кӕны, цӕмӕй нын Библийы фӕрцы бамбарын кӕна, цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уӕм. Ахӕм уынаффӕтӕн мах аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕйӕ кӕй сты.

9 Ӕркӕсӕм иу ӕфсымӕры хабармӕ. Рӕстдзинад куы нӕма зыдта, уӕд порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд уыцы ӕвзӕр хъуыддаг ныууагъта. Фӕлӕ ма уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы кӕмдӕр цыдӕр баззад, раст мӕнӕ арт куы ахуыссы, уӕд ма йӕ зынгтӕ мынӕг сыгъд куыд фӕкӕнынц, уыйау. Ӕмӕ ног телефон куы балхӕдта, уӕд йӕ раздӕры монц ногӕй ссыгъд (Иак. 1:14, 15). Йӕ телефоны уылты-иу Интернеты, порнографи кӕм уыд, ахӕм сайттӕм бацыд. Иубон хистӕр нӕлгоймагимӕ телефонӕй куы хъусын кодта, уӕд ӕм йӕ телефон авӕрдта, цӕмӕй дзы цыдӕр адристӕ ссардтаид. Хистӕр нӕлгоймаг телефонимӕ архайын куы райдыдта, уӕд дзы, порнографи кӕм уыд, ахӕм сайттӕ ауыдта, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕримӕ уый тыххӕй аныхас кодта. Ӕфсымӕр ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыста, ӕмӕ ӕппынфӕстаг йе ’взӕр ахуырыл фӕуӕлахиз. Куыд бузныг стӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕй, нӕ сусӕг тӕригъӕдтӕ дӕр нын кӕй уыны ӕмӕ, цалынмӕ фыдбылызы нӕ бахаудыстӕм, уӕдмӕ нын зонд кӕй бацамоны!

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТЫ ФӔРЦЫ РАСТ ФӔНДАГЫЛ ЦӔУӔМ

10, 11. а) Дӕ бон куыд у Хуыцауы разамынд агурын? ӕ) Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын зондыл дзурӕг кӕй у, уый иу бинонты хабарӕй куыд зыны?

10 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕн зарыд: «Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы» (Пс. 73:24). Цавӕрдӕр уавӕры нын куыд кӕнгӕ у, уый куы нӕ зонӕм, уӕд-иу хъуамӕ Библимӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ-иу базонӕм, хъуыддагмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы «нӕ зӕрдыл дарӕм». Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын цардамӕлттӕ кӕнын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн (Ӕмб. 3:6).

11 Ӕркӕсӕм, Филиппинты чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕры хабармӕ. Уыцы ӕфсымӕр йе стыр бинонтимӕ цӕргӕ дӕр ӕмӕ кусгӕ дӕр кодта, арендӕйы кӕй райстой, ахӕм зӕххыл. Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбал дӕр лӕггад кодтой пионертӕй. Фӕлӕ сӕм иубон сӕ зӕххы хицау ӕрбарвыста, арвы цӕфау кӕмӕй фесты, ахӕм писмо. Фыст дзы уыд, йӕ зӕххыл цӕрыны бар сын кӕй нал дӕтты. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йын чидӕр загъта, сайгӕ, дам, дӕ кӕнынц. Ӕфсымӕр, йӕ бинонтимӕ кӕм цӕрдзӕн, ууыл куыннӕ мӕт кодта, фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Йегъовӕ нӕ нӕ ныууадздзӕн. Уый ныл цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр батыхсы». Бинонтӕ архайдтой Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ кӕд мӕнгӕй фӕаххосджын кодтой, уӕддӕр уыдысты уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сын зӕххы хицау загъта, сӕ бон кӕй у баззайын. Цымӕ йӕ хъуыды цӕмӕн фӕивта? Сӕхи куыд дардтой, уый йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Ӕмӕ сын ӕрмӕст уый бар нӕ радта, цӕмӕй дарддӕр дӕр уым цӕрой, фӕлӕ ма сын ноджыдӕр иу зӕххы хай радта. (Бакӕс 1 Петры 2:12.) Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы уылты цы зондӕй хайджын кӕны, уый фӕрцы нӕ бон у алыхуызон зындзинӕдты сӕрты хизын.

ЙЕГЪОВӔ НЫН ФӔЛВАРӔНТЫ ФИДАР ФӔЛӔУУЫНӔН ӔХХУЫС КӔНЫ

12, 13. Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны, ууыл баууӕндын адӕймагӕн зын кӕд вӕййы?

12 Фӕлӕ хатт нӕ зындзинӕдтӕ бирӕ рӕстӕг ахӕссынц, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын кӕрон дӕр никуы уыдзӕн. Чи зоны, цавӕрдӕр уӕззау низимӕ тох кӕнӕм. Йе та, чи зоны, нӕ дины тыххӕй нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц кӕнӕ нӕ бӕстӕйы хицауад нӕ фӕдыл зилы. Уӕлдай зын та нын уый вӕййы, ӕмӕ ӕмбырды искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм.

13 Зӕгъӕм дын ӕмбырды чидӕр йӕ ныхӕстӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта. Уӕд, чи зоны, зӕгъай: «Хуыцауы адӕмы ’хсӕн афтӕ хъуамӕ ма уа!» Стӕй кӕсыс, ӕмӕ дӕ чи фӕхъыг кодта, уыцы ӕфсымӕрӕн ӕмбырды фылдӕр кадджын хӕстӕ радтой, ӕмӕ ма дзы иууылдӕр ӕппӕлгӕ дӕр кӕнынц. Ахӕм уавӕры, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Уый гӕнӕн куыд ис?! Йегъовӕ йӕ нӕ уыны? Ау, ӕппындӕр ницы сараздзӕн?» (Пс. 13:1, 2; Ав. 1:2, 3).

14. Йегъовӕ цӕмӕн бауадзы, цӕмӕй-иу нын ӕфсымӕртӕ бауайдзӕф кӕной?

14 Йегъовӕ цавӕрдӕр уавӕры кӕй ницы саразы, уый хуымӕтӕджы нӕ вӕййы. Зӕгъӕм дын чидӕр уынаффӕ радта, фӕлӕ йӕм ды фӕхъыг дӕ, уыцы уынаффӕ мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Хуыцау, чи зоны, хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы. Уый, чи зоны, уыны, уыцы уынаффӕ дын ӕнӕмӕнг кӕй хъуыди раттын. Ӕмӕ дӕм кӕд уыцы адӕймаджы ныхӕстӕ хъыг фӕкастысты, уӕддӕр дӕ, чи зоны, йӕ ныхӕстыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнын хъӕуы. Разамонӕг советы чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕй иу, Карл Клейн, йӕ биографийы радзырдта, иухатт ын ӕфсымӕр Джозеф Рутерфорд куыд бауайдзӕф кодта, уый тыххӕй. Уыцы хабары фӕстӕ йыл ӕфсымӕр Рутерфорд куы амбӕлд, уӕд ын зӕрдиагӕй салам радта. Фӕлӕ ӕфсымӕр Клейнӕн йӕ маст нӕма ссыди, ӕмӕ йын ӕнӕбары салам радта. Ӕфсымӕр Рутерфорд бамбӕрста, ӕфсымӕр Клейн ӕм маст кӕй хӕссы, ӕмӕ йын загъта: «Къӕрцхъус у. Хӕйрӕг дӕ фӕдыл зилы». Уыцы ныхӕстӕ ӕфсымӕр Клейнӕн баххуыс кодтой хъуыддагмӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн. Фӕстӕдӕр ӕфсымӕр Клейн ныффыста, зӕгъгӕ нын бӕрнон ӕфсымӕртӕй исчи уынаффӕ куы ратта ӕмӕ йӕм мах та нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд нӕхи Хӕйрӕджы къӕппӕджы ӕппарӕм.

15. Фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

15 Мах фӕфӕнды, цӕмӕй-иу нӕ фӕлварӕнтӕй тагъддӕр фервӕзӕм. Фӕлӕ хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын зонӕм. Фӕлварӕнтӕ абарӕн ис, фӕндагыл иннӕ машинӕтӕй размӕ ацӕуӕн куы нал вӕййы, ахӕм уавӕримӕ. Фӕразондзинад дӕм куы уа, уӕд банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, цалынмӕ машинӕтӕ размӕ ацӕуой ӕмӕ фӕндаг ссӕрибар уа, уӕдмӕ. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ куы нӕ бафӕнда ӕмӕ ӕндӕр фӕндагмӕ куы фӕзилай, уӕд та, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕдзӕгъӕл уай ӕмӕ уый тыххӕй бынатмӕ афоныл ма бахӕццӕ уай. Раст афтӕ, фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд дӕр хуыздӕр уыдзӕн, Хуыцауы Ныхас нын цы фӕндаг амоны, уымӕй иуварс куы нӕ аздӕхӕм. Афтӕмӕй, цы «бынатмӕ» цӕуӕм, уырдӕм йӕ афоныл бахӕццӕ уыдзыстӕм.

16. Хатт нӕ Йегъовӕ фӕлварӕнтӕй уайтагъд цӕуылнӕ фервӕзын кӕны?

16 Хатт Йегъовӕ цавӕрдӕр фӕлварӕнтӕ бауадзы, цӕмӕй цӕуылдӕр сахуыр уӕм. (Бакӕс 1 Петры 5:6–10.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлварӕнтӕ Хуыцауӕй не сты (Иак. 1:13). Зындзинӕдтӕ сӕйраджыдӕр «не знаг, Хӕйрӕджы» аххосӕй ӕвзарӕм. Фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын цавӕрдӕр зын уавӕры руаджы нӕ уырнындзинад бафидар кӕна. Йегъовӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕ уыны ӕмӕ ныл йӕ зӕрдӕ риссы. Ӕмӕ кӕд бауадзы, цӕмӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр «гыццыл рӕстӕгмӕ». Уӕдӕ фидарӕй зон, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы ӕмӕ дын хъарутӕ кӕй ратдзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты кӕронмӕ бафӕразай (2 Кор. 4:7–9).

ЙЕГЪОВӔ ДӔ СХОРЗӔХДЖЫН КӔНДЗӔН

17. Йегъовӕ адӕмы зӕрдӕтӕм цӕмӕн кӕсы?

17 Хуыцау ма нӕм йӕ хъус дары ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй, ӕмӕ нын уый у ӕппӕты стырдӕр ныфсы хос. Пехуымпар Анани паддзах Асӕйӕн загъта: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Йегъовӕ уыдта, Асӕйы зӕрдӕ йемӕ «ӕнӕхъӕнӕй» кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ ды, раст цы у, уый куы аразай, уӕд Хуыцау дӕу тыххӕй «йӕ хъару равдисдзӕн» – хъахъхъӕндзӕн дӕ ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн.

18. Хорз цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн? (Кӕс нывмӕ 27 фарсыл.)

18 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ схорзӕхджын кӕна. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ хорздзинадмӕ тырнӕм, хорздзинад уарзӕм ӕмӕ хорздзинад аразӕм (Амос 5:14, 15; 1 Пет. 3:11, 12). Йегъовӕ рӕстгӕнджыты уыны ӕмӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй раарфӕ кӕны (Пс. 34:15). Уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, дыууӕ израилаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймаджы хабарӕй, Шифрӕ ӕмӕ Фуӕ, зӕгъгӕ. Израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд фараон бардзырд радта, цӕмӕй-иу израилӕгтӕн сӕ ноггуырд лӕппуты амардтаиккой. Фӕлӕ уыцы дыууӕ сылгоймаджы тынгдӕр фараонӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй тарстысты, ӕмӕ-иу израилаг ноггуырд лӕппуты удӕгасӕй ныууагътой. Йегъовӕ сын уыдта сӕ хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр «бинонты амондӕй схайджын кодта» (Рац. 1:15–17, 20, 21). Чи зоны нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ ничи уыны. Фӕлӕ нын сӕ Йегъовӕ иууылдӕр уыны ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнгдӕр схорзӕхджын кӕндзӕн (Матф. 6:4, 6; 1 Тим. 5:25; Дзут. 6:10).

19. Йегъовӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй уыны, уый иу хо йӕхиуыл куыд бавзӕрста?

19 Австрийӕ иу хо йӕхицӕй зоны, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбон кӕй уыны. Уыцы хо йӕхӕдӕг венгриаг у, ӕмӕ йын иухатт радтой, венгриаг ӕвзагыл чи дзуры, иу ахӕм сылгоймаджы адрис, зӕгъгӕ йӕ бабӕрӕг кӕн. Нӕ хо уайтагъд уыцы сылгоймагмӕ ацыд, фӕлӕ хӕдзары ничи разынд. Хо йӕм ногӕй ӕмӕ ногӕй цыди. Хатт-иу ӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ хӕдзары чидӕр ис, фӕлӕ-иу ын дуар нӕ байгом кодтой. Нӕ хо йын литературӕ хаста, йӕ телефоны номыр дӕр ын ныууагъта, писмотӕ дӕр ӕм фыста, ӕмӕ афтӕ – иу аз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц. Ӕмӕ иубон хӕдзары дуар байгом! Нӕ хомӕ ракаст хӕларзӕрдӕ сылгоймаг ӕмӕ йын загъта: «Мидӕмӕ рахиз! Цы-иу мын ӕрбахастай, уый-иу бакастӕн, ӕмӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕн». Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы сылгоймаг цасдӕр рӕстӕг химиотерапи кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуын нӕ фӕндыд. Фӕлӕ ныр Библи ахуыр кӕныныл сразы. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ уыцы хойы фыдӕбонӕн раарфӕ кодта!

20. Йегъовӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

20 Йегъовӕ дын дӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыны, ӕмӕ дӕ ӕнӕмӕнгдӕр схорзӕхджын кӕндзӕн. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕм Йегъовӕ уый тыххӕй кӕсы, цӕмӕй дӕм ӕвзӕрӕй исты ссара. Уый дын дӕ рӕдыдтытӕ нӕ фыссы, камерӕ алцыдӕр куыд фӕфыссы, афтӕ. Йегъовӕ дӕм йӕ хъус уый тыххӕй дары, ӕмӕ дӕ уарзгӕ кӕны. Ӕмӕ уый дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын