Сӕргӕндтӕ
© 2014 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТӔ
2014 АЗЫ 29 СЕНТЯБРӔЙ 5 ОКТЯБРМӔ
Хуыцауы хъуыддаджы сылгоймӕгтӕн цавӕр хӕстӕ ис?
6 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 86, 104
2014 АЗЫ 6–12 ОКТЯБРЫ
Хуыцауы Ныхас у удӕгас, ӕмӕ дзы пайда кӕн!
11 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 114, 101
2014 АЗЫ 13–19 ОКТЯБРЫ
Йегъовӕ нӕм йӕхи куыд ӕрбаввахс кодта?
16 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 51, 91
2014 АЗЫ 20–26 ОКТЯБРЫ
Кӕмфӕнды ма уай – Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъус
21 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 26, 89
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТЫ НЫСАН
▪ Хуыцауы хъуыддаджы сылгоймӕгтӕн цавӕр хӕстӕ ис?
Базон, Едемы цӕхӕрадоны фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр куыд фӕзынд. Ахъуыды кӕн, рагзаманты Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы сылгоймӕгты цӕвиттонтыл. Ӕмӕ базон, нӕ рӕстӕджы хъусын кӕныны хъуыддаджы сылгоймӕгтӕ куыд архайынц, уый тыххӕй.
▪ Хуыцауы Ныхас у удӕгас, ӕмӕ дзы пайда кӕн!
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнтыстджын уа. Базон, уацамынды Библийӕ ӕмӕ буклеттӕй пайда кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕйы. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу нын адӕмимӕ ныхас бацайдагъ уа ӕмӕ-иу сын Йегъовӕйы удӕгас Ныхас сӕ зӕрдӕтӕ бацагайа.
▪ Йегъовӕ нӕм йӕхи куыд ӕрбаввахс кодта?
Махӕй алкӕй дӕр хъӕуы, цӕмӕй не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм. Базон, Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, стӕй нын йӕ Ныхас Библи кӕй радта, уый ууыл дзурӕг цӕмӕн у, ӕмӕ нӕ йӕхӕдӕг ӕрбаввахс кодта йӕхимӕ.
▪ Кӕмфӕнды ма уай – Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъус
Цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъусӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ. Базон, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъусын, кӕд нӕ Хӕйрӕг ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын фӕндтӕ фӕхъыгдарынц, уӕддӕр. Ацы статьяйы фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм.
ӔНДӔР СТАТЬЯТӔ
3 Уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл» исыс?