Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 15/12 21 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иаков ацыд Харранмӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Иаковы стыр бинонтӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 15/12 21 ф.
Boys being put to death in Bethlehem at the order of Herod

КӔСДЖЫТЫ ФАРСТАТӔ

Йереми афтӕ куы загъта, Рахил кӕуы йӕ фырттыл, зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта?

Йеремийы 31:15 фыст ис: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Рамӕйы хъуысы ӕрдиаг, хъарӕг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн кӕуын. Рахил кӕуы йӕ фырттыл, ӕмӕ йын басабыргӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ нал сты“».

Рахилы дыууӕ фырты йӕхицӕй раздӕр нӕ амардысты. Ӕмӕ, Рахилы мӕлӕтӕй 1 000 азы фӕстӕ Йереми цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон, чи зоны, искӕмӕ раст нӕ фӕкӕсой.

Рахилӕн йӕ фыццаг фырт уыд Иосиф (Райд. 30:22–24). Фӕстӕдӕр ын райгуырди дыккаг фырт, Вениамин, фӕлӕ аргӕ-арын Рахил амарди. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Йеремийы 31:15 афтӕ фыст цӕмӕн ис, Рахил кӕуы, „уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ нал сты“, зӕгъгӕ?»

Иосифӕн уыди дыууӕ фырты – Манасси ӕмӕ Ефрем (Райд. 41:50–52; 48:13–20). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Ефремы мыггаг сси цӕгат паддзахад Израилы мыггӕгтӕй ӕппӕты хъомысджындӕр мыггаг, ӕмӕ Ефремы номӕй райдыдтой хонын цӕгат паддзахады дӕс мыггаджы се ’ппӕты дӕр. Вениаминӕй цы мыггаг рацыд, уый та уыд хуссар паддзахад Иудӕйы хай. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Рахил амыдта израилаг мадӕлтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, цӕгат паддзахады чи цард, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, хуссар паддзахады чи цард, уыдонмӕ дӕр.

Йереми йӕ чиныг куы ныффыста, уӕдмӕ цӕгат паддзахад Израил ассириӕгтӕ сӕ дӕлбар бакодтой ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй бирӕты уацары акодтой. Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕй чидӕртӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ Иудӕмӕ алыгъдысты. Н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ бацахстой, дыууӕ мыггаджы кӕм цард, уыцы хуссар паддзахад Иудӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы уацары акодтой. Уыдонӕй бирӕты ӕркодтой Рамӕмӕ, Иерусалимӕй цӕгатырдӕм 8 километры бӕрц кӕмӕ хъуыди, уыцы горӕтмӕ (Йер. 40:1). Ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, кӕйдӕрты уым, Вениамины зӕххыл, Рахил кӕм ныгӕд уыд, уыцы зӕххыл, амардтой (1 Сам. 10:2). Уӕдӕ Йереми афтӕ кӕй ныффыста, Рахил йӕ хъӕбултыл кӕуы, зӕгъгӕ, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ амыдта, адӕм кӕй маст кодтой Вениамины мыггагыл ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ, Рамӕйы кӕй амардтой, уыдоныл. Йе та, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ амыдтой, Израилы мадӕлтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй куыдтой, Хуыцауы адӕмы кӕй ныццагътой кӕнӕ сӕ уацары кӕй акодтой, ууыл.

Куыдфӕнды ма уа, Йеремийы ныхӕстӕ уыдысты пехуымпар-ныхӕстӕ. Уыдон амыдтой, ӕнустӕ фӕстӕдӕр, Йесо гыццыл сывӕллон куы уыди, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Паддзах Ирод бардзырд радта, цӕмӕй Вифлеемы, Иерусалимӕй хуссарырдӕм чи уыд, уыцы горӕты, ныццагътаиккой, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр. Дӕ хъустыл-ма ауайын кӕн уыцы сывӕллӕттӕн сӕ мадӕлты зӕрдӕхалӕн хъарӕг – сӕ хъӕбулты сын амардтой, сӕ хъӕбултӕ «нал уыдысты»! Уый афтӕ уыд, цыма сӕ кӕуын хъуысти суанг Рамӕйы дӕр, Иерусалимӕй цӕгатырдӕм цы горӕт уыд, уым (Матф. 2:16–18).

Уӕдӕ Йеремийы заман дӕр ӕмӕ Йесойы рӕстӕджы дӕр ацы ныхӕстӕ, Рахил йӕ фырттыл кӕуы, зӕгъгӕ, амыдтой, дзуттаг мадӕлтӕ сӕ хъӕбулты мӕлӕтыл кӕй маст кодтой, уымӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕд кӕй амардтой ӕмӕ афтӕмӕй «знаджы зӕхмӕ», ома мӕлӕты «зӕхмӕ», чи ацыд, уыдонӕн ис ныфс, кӕй «ӕрыздӕхдзысты» – мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд кӕй райгас уыдзысты (Йер. 31:16; 1 Кор. 15:26).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын