Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jr 13 сӕр, 205–223 фф.
  • «Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый»
  • Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФИДАРӔЙ ЙӔ ЦӔМӔН УЫРНЫДТА?
  • ЙЕРЕМИЙЫ РӔСТӔДЖЫ ЧИ СӔХХӔСТ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ
  • ФӔСТӔДӔР ЧИ СӔХХӔСТ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ
  • ДӔУМӔ ДӔР ЧИ ХАУЫ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ
  • «Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Дӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзардзынӕ?
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕныс: «Кӕм ис Йегъовӕ?»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
jr 13 сӕр, 205–223 фф.

ӔРТЫНДӔСӔМ СӔР

«Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый»

1. Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд Йереми Йегъовӕйы тыххӕй цы загъта?

ИЕРУСАЛИМӔЙ дур дурыл нал баззади. Вавилойнӕгтӕ йӕ арты хай бакодтой, ӕмӕ нырма йӕ фӕздӕг калди. Йеремийы хъустыл-иу, ӕвӕццӕгӕн, ауад, кӕй фӕцагътой, уыцы адӕмы ӕрдиаг. Хуыцау ын рагацау загъта, ахӕм бӕллӕх сыл кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. «Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый»,– ӕнкъардӕй загъта Йереми. Цӕй ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд Иерусалимыл! (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 2:17.)

2. Моисей цы пехуымпар-ныхас загъта, уый Йеремийы рӕстӕджы куыд сӕххӕст?

2 Хуыцау йӕ адӕмӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр дзырдта, цы саразинаг-иу уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй бирӕтӕ куыд сӕххӕст сты, уый Йереми йӕхи цӕстӕй федта. Бирӕ ӕнустӕ раздӕр Моисей израилӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ куы хъусат, уӕд хайджын уыдзыстут «арфӕдзинадӕй», куы нӕ йӕм хъусат, уӕд та уӕ «ӕлгъыст» баййафдзӕн. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаиккой. Фӕлӕ йӕм куы нӕ хъуыстаиккой, уӕд та сӕм ӕнхъӕлмӕ касти ӕвирхъау бӕллӕхтӕ. Моисей сӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы куы ницӕмӕ дарат ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы цӕуат, уӕд «хӕрдзыстут уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты». Ӕмӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр уыцы ныхӕстӕ загъта пехуымпар Йереми дӕр (Дык. з. 30:19, 20; Йер. 19:9; Лев. 26:29). Чи зоны, исчи хъуыды кодта, куыд хъуамӕ ӕрцӕуа ахӕм хабар, зӕгъгӕ. Фӕлӕ вавилойнӕгтӕ Иерусалимы алыварс куы лӕууыдысты ӕмӕ адӕмӕн бахӕринаг куы ницыуал уыди, уӕд уыцы ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр сӕххӕст сты. Йереми ныффыста: «Фӕлмӕнзӕрдӕ сылгоймӕгтӕ сӕхи къухтӕй сӕ хъӕбулты фыхтой. Уыдон мӕ адӕмы чызджы сӕфты рӕстӕг систы фыдохы хӕринаг» (Йер. хъ. 4:10). Уымӕй ӕвирхъаудӕр хабар ма цы хъуамӕ уыдаид!

3. Хуыцау йӕ адӕммӕ пехуымпарты цӕмӕн ӕрвыста?

3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ Йеремийы хуызӕн пехуымпарты ӕрмӕст уый тыххӕй не ’рвыста, ӕмӕ-иу сын, Иерусалим кӕй ныппырх уыдзӕн, уый тыххӕй фехъусын кодтаиккой. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй йӕм йӕ адӕм раздӕхтаиккой ӕмӕ та йын иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон ӕрфӕсмон кодтаиккой. Уый тыххӕй Ездрӕ мӕнӕ цы загъта: «Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ сӕ ӕдзух фӕдзӕхста йӕ минӕвӕртты уылты, ӕппынӕдзух сӕм сӕ ӕрвыста, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынатыл йӕ зӕрдӕ рысти» (2 Аз. 36:15; бакӕс Йеремийы 26:3, 12, 13).

Ныв 205 фарсыл

4. Йереми Хуыцауы ныхӕстӕ цы зӕрдӕйӕ хъусын кодта?

4 Йеремийӕн дӕр Йегъовӕйау йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ рысти. Уый бӕрӕг у, Иерусалим пырхгонд куы нӕма ӕрцыд, уӕд цы загъта, уымӕй. Бӕллӕх фӕдисонау хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кодта, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Адӕмыл уыцы бӕллӕх бӕргӕ не ’рцыдаид, Йеремимӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд! Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Йереми уыцы хабар хъусын кӕнгӕйӕ куыд маст кодта. «Дӕдӕй, мӕ хуылф! – дзынӕзта Йереми.– Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, йӕхи къултыл хойы. Мӕ зӕрдӕ мӕ мидӕг скатай. Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын, уымӕн ӕмӕ мӕ уд фехъуыста сыкъайы уасын, хӕстон фӕдисы хъӕр» (Йер. 4:19). Адӕммӕ цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй сын ма дзырдтаид, уый йӕ бон нӕ уыди.

ФИДАРӔЙ ЙӔ ЦӔМӔН УЫРНЫДТА?

5. Йеремийы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, цы хабӕрттӕ хъусын кодта, уыдон ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзысты?

5 Йеремийы афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта, цы хабӕрттӕ хъусын кодта, уыдон ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзысты? (Йер. 1:17; 7:30; 9:22). Йереми уыд фидар уырнындзинады хицау. Уый Фыстад лӕмбынӕг иртӕста ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр кӕй ӕрцӕуы. Йегъовӕ-иу бирӕ раздӕр загъта, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ чи никуы ’рцыдаид, ахӕм хабӕртты тыххӕй, ӕмӕ-иу йӕ ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Зӕгъӕм, Йегъовӕ загъта, израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты. Йереми уыцы хабар зыдта Рацыды чиныгӕй. Стӕй зыдта, уыцы хабар йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕй сӕ иуы, Навины фырт Йесойы, ныхӕстӕ дӕр. Йесо израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14).

6, 7. а) Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕ иртасын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Адӕмӕн цы хабӕрттӕ хъусын кӕныс, уыдон кӕй ӕрцӕудзысты, ууыл фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕнддзынӕ?

6 Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕ дарддӕр иртасын цӕмӕн хъӕуы? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Йереми фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау кӕй у. Стӕй, Хуыцау Йеремийы уылты цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕххӕст кӕнынц нӕ рӕстӕджы, кӕцыдӕртӕ та дзы сӕххӕст уыдзысты фидӕны. Уымӕй уӕлдай ма, Йереми Хуыцауы номӕй цас хабӕрттӕ фехъусын кодта ӕмӕ сӕ куыд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, уымӕй тынг хицӕн кӕны Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Иу ахуыргонд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Йереми суанг йӕхи хуызӕн пехуымпарты ’хсӕн дӕр бӕрӕг дары, раст мӕсыг хӕдзӕртты ’хсӕн бӕрӕг куыд фӕдары, афтӕ». Йереми ахӕм диссаджы пехуымпар уыди, ӕмӕ, ӕнустӕ фӕстӕдӕр Йесомӕ чи хъуыста, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йереми у (Матф. 16:13, 14).

7 Йеремийы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр ӕххӕст кӕнынц ахсджиаг пехуымпар-ныхӕстӕ. Ӕмӕ дӕу дӕр Йеремийау хъӕуы, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндын (2 Пет. 3:9–14). Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй та хъӕуы дарддӕр дӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Библийы цы пехуымпар-ныхӕстӕ фыст ис, уыдон кӕй сӕххӕст уыдзысты. Ацы сӕры ӕркӕсдзыстӕм, Йереми кӕй загъта ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы чи сӕххӕст, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй цалдӕрмӕ. Стӕй-ма ӕркӕсдзыстӕм, фӕстӕдӕр цы пехуымпар-ныхӕстӕ сӕххӕст, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Уымӕй уӕлдай ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ абоны цард дӕр ӕмӕ нӕ фидӕн дӕр кӕуыл баст у, уыцы пехуымпар-ныхӕстыл дӕр. Уый фӕрцы ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзынӕ, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрды цы ис, уый ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сараздзӕн (Йер. хъ. 2:17).

Хуыцау йӕ адӕммӕ пехуымпарты цӕмӕн ӕрвыста? Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый дӕ цӕмӕн уырны?

ЙЕРЕМИЙЫ РӔСТӔДЖЫ ЧИ СӔХХӔСТ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ

8, 9. Библийы фидӕны тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

8 Абон бирӕтӕ, зӕгъӕм, экономисттӕ, политиктӕ, дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ синоптиктӕ архайынц, райсом цы уыдзӕн, уый базоныныл. Фӕлӕ куыд зоныс, афтӕмӕй, иуӕн дӕр йӕ бон нӕу, цалдӕр боны фӕстӕ кӕнӕ цалдӕр къуырийы фӕстӕ цы уыдзӕн, уый бӕлвырд зӕгъын. Библийы та фидӕны хабӕрттӕ афтӕ бӕлвырд фыст ӕрцыдысты, ӕмӕ уый адӕймаджы дисы ӕфтауы (Ис. 41:26; 42:9). Йереми рагацау загъта, йӕ заманы, стӕй бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр чи хъуамӕ ’рцыдаид, бирӕ ахӕм хабӕртты тыххӕй. Ӕмӕ куыддӕриддӕр загъта, се ’ппӕт дӕр афтӕ ӕрцыдысты. Цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бирӕтӕ хаудысты хицӕн адӕймӕгтӕм, кӕцыдӕртӕ та – ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕм дӕр. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йеремийӕн йӕ рӕстӕджы чи сӕххӕст, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй цалдӕрмӕ.

9 Иу кӕнӕ дыууӕ азы фӕстӕ дунейы уавӕр куыд уыдзӕн, уый кӕй бон у зӕгъын? Абон дунейы хабӕрттӕ чи иртасы, уыдонӕй кӕмӕн у йӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын, дунейы цалх кӕцырдӕм фӕзилдзӕн, уый? Йереми Хуыцауы разамындӕй загъта, Вавилон тыхджын паддзахад кӕй суыдзӕн ӕмӕ иннӕ бӕстӕтӕ йӕ дӕлбар кӕй бакӕндзӕн. Уый Вавилон абарста «сызгъӕрин къусимӕ». Йегъовӕ уыцы къус хъуамӕ бануазын кодтаид Иудӕйы паддзахадӕн, стӕй, йӕ алыварс цы горӕттӕ уыд ӕмӕ цы адӕмтӕ цард, уыдонӕй бирӕтӕн – хъуамӕ сӕ Вавилоны паддзахы къухмӕ раттаид ӕмӕ сыл афтӕмӕй йӕ фыдӕх ныккалдтаид (Йер. 51:7). Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ куыд ӕрцыдысты, уый Йереми ӕмӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм сӕхи цӕстӕй федтой (Абар Йеремийы 25:15–29; 27:3–6; 46:13.)

10. Йегъовӕ Иудӕйы паддзӕхтӕй цыппары тыххӕй цы загъта?

10 Йегъовӕ ма Йеремийы уылты загъта, Иудӕйы паддзӕхтӕй цыппармӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый дӕр. Паддзах Иосийы фырт Иоахазы тыххӕй (хуыдтой ма йӕ Шаллум дӕр) Хуыцау рагацау загъта, уацары йӕ кӕй акӕндзысты, ӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ фӕстӕмӕ кӕй никуыуал ӕрыздӕхдзӕн (Йер. 22:11, 12). Ӕмӕ хабар раст афтӕ рауад (2 Пад. 23:31–34). Иоахазы фӕстӕ паддзах сси Иоаким, ӕмӕ уый тыххӕй та Хуыцау загъта, «хӕрӕджы мард куыд баныгӕнынц, афтӕ йӕ баныгӕндзысты», зӕгъгӕ (Йер. 22:18, 19; 36:30). Иоаким куыд амард ӕмӕ йын йӕ мард цы фӕкодтой, уый тыххӕй Библийы бӕлвырдӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ дзы базонӕн ис, йӕ фырт Йехони паддзах кӕй сси, Вавилоны ӕфсӕдтӕ Иерусалимы алыварс куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕг. Йереми загъта, Йехонийы Вавилонмӕ уацары кӕй акӕндзысты ӕмӕ уым кӕй амӕлдзӕн (Йер. 22:24–27; 24:1). Ӕмӕ та ацы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты. Цы ис зӕгъӕн Иудӕйы фӕстаг паддзах Седекийы тыххӕй та? Йереми загъта, зӕгъгӕ, Седеки знӕгты къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йыл уыдон нӕ бацауӕрддзысты (Йер. 21:1–10). Ӕмӕ хабар куыд рауад? Знӕгтӕ Седекийы ӕцӕгдӕр ӕрцахстой. Уый фӕстӕ йын йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз амардтой, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Стӕй йӕ Вавилонмӕ акодтой, ӕмӕ уым амард (Йер. 52:8–11). Ӕцӕгдӕр, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ иууылдӕр сӕххӕст сты.

11. Чи уыди Ананийӕ ӕмӕ Йегъовӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй цы загъта?

11 Йеремийы чиныджы 28 сӕры куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Седекийы рӕстӕджы мӕнг пехуымпар Ананийӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд. Кӕд Йегъовӕ Йеремийы уылты афтӕ загъта, ӕмӕ Иерусалим Вавилоны дӕлбар уыдзӕн, уӕд Ананийӕ та дзырдта, Навуходоносор, дам, Иудӕйы адӕмыл ӕмӕ иннӕ адӕмтыл цы ӕфсондз сӕвӕрдта, уый саст ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Йереми Ананийӕйӕн комкоммӕ загъта, мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Ӕмӕ та ногӕй фехъусын кодта, бирӕ адӕмтӕ Вавилоны паддзахӕн кӕй лӕггад кӕндзысты. Стӕй ма загъта, уыцы мӕнг пехуымпар, афӕдз дӕр нӕ рацӕудзӕн, афтӕ кӕй амӕлдзӕн. Ӕмӕ йӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. (Бакӕс Йеремийы 28:10–17.)

12. Йереми сӕйраджыдӕр цы хабар хъусын кодта, уымӕ дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр цы цӕстӕй ракастысты?

12 Сӕйраджыдӕр та Хуыцау йӕ адӕмӕн Йеремийы уылты фехъусын кодта, Иерусалим пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый. Йереми дзуттӕгты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, дарддӕр дӕр афтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куы кувой, стӕй сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ фыдмитӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд уыцы горӕтӕй кӕй ницыуал баззайдзӕн (Йер. 4:1; 16:18; 19:3–5, 15). Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм хъуыддаг никуы бакӕндзӕн. Хуыцауы кувӕндон уыди Иерусалимы, ӕмӕ уыцы табуйаг бынат ныппырх кӕнын куыд хъуамӕ бауагътаид?! Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ куыд зоныс, афтӕмӕй Йегъовӕ сайгӕ нӕ кӕны – Иерусалимы тыххӕй йӕ зӕрды цы уыд, уый сарӕзта (Йер. 52:12–14).

Ныв 214 фарсыл

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнут, Авдемелехы, Варухы ӕмӕ рехавитты цӕвиттоныл ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕнут

13. а) Нӕ рӕстӕг Йеремийы рӕстӕгимӕ цӕмӕн ис абарӕн? ӕ) Хуыцау Йеремийы рӕстӕджы иуӕй-иу адӕймӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕ ныфс куыд уадзы?

13 Абон мах дӕр стӕм, Йеремийы рӕстӕджы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы уавӕры уыдысты, ахӕм уавӕры. Мах дӕр ӕй зонӕм, тагъд Йегъовӕ кӕй фесафдзӕн, йӕ ныхӕстӕ йын чи ницӕмӕ дары, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Фӕлӕ, Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй раст диныл фидар чи хӕцыд, уыдонау мах дӕр Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ стыр ныфс уадзынц. Зӕгъӕм, рехавиттӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдысты ӕмӕ сын сӕ фыдӕл цы ныффӕдзӕхста, уымӕ хъуыстой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, Иерусалим пырхгонд куы ’рцӕуа, уӕд удӕгасӕй баззайдзыстут. Ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр фервӕзын кодта. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр, Иудӕйы хицау Неемийы рӕстӕджы, Иерусалим чи цалцӕг кодта, уыдоны ’хсӕн уыди «Рехавы фырт Малхи» дӕр (Неем. 3:14; Йер. 35:18, 19). Йегъовӕ Авдемелехӕн дӕр загъта, удӕгасӕй кӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ дардта ӕмӕ йын йӕ пехуымпарӕн ӕххуыс кодта (Йер. 38:11–13; 39:15–18). Афтӕ ма Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта Йеремийы ӕмбал Варухӕн дӕр, дӕ уд дын бахъахъхъӕндзынӕн, зӕгъгӕ (Йер. 45:1, 5). Йегъовӕ уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кодта, уый дын цӕуыл дзурӕг у? Куыд хъуыды кӕныс, кӕронмӕ иузӕрдион куы уай, уӕд дӕу дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн? (Бакӕс 2 Петры 2:9.)

Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны, уый Авдемелехы, Варухы ӕмӕ рехавитты ныфс куыд уагъта? Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ дӕ куыд фидар кӕнынц?

ФӔСТӔДӔР ЧИ СӔХХӔСТ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ

14. Хуыцау Вавилоны тыххӕй цы загъта, ууыл баууӕндын зын цӕмӕн уыд?

14 Хуыцау рагацау загъта, Навуходоносор ӕрмӕст Иудӕйы паддзахад кӕй нӕ бакӕндзӕн йӕ дӕлбар, фӕлӕ Египет дӕр (Йер. 25:17–19). Фӕлӕ уый никӕй бауырныдтаид, уымӕн ӕмӕ уӕды заман Египет тынг тыхджын паддзахад уыд ӕмӕ Иудӕйы адӕм сӕхӕдӕг дӕр йӕ дӕлбар уыдысты (2 Пад. 23:29–35). Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд ма дзуттӕгтӕй горӕты чи баззад, уыдон сфӕнд кодтой Египетмӕ алидзын, уым, дам, нын тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн. Йегъовӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй Египетмӕ ма алидзой ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, Иудӕйы зӕххыл куы баззайой, уӕд сын кӕй арфӕ кӕндзӕн. Египетмӕ куы ацыдаиккой, уӕд та сӕ уым баййӕфтаид, ӕмризӕджы кӕмӕй рызтысты, уыцы хъама. Фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой ӕмӕ уӕддӕр алыгъдысты (Йер. 42:10–16; 44:30). Вавилойнӕгтӕ Египетмӕ куыд бабырстой, уый Йереми федта ӕви нӕ, уый тыххӕй ницы ныффыста. Фӕлӕ йӕ бӕлвырдӕй зонӕм, н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы райдианы вавилойнӕгтӕ Египет куы басастой, уӕд дзуттӕгтыл Йегъовӕйы ныхас ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд (Йер. 43:8–13).

15, 16. Хуыцау дзуттӕгты фервӕзын кӕныны тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст?

15 Йереми ма рагацау загъта, Вавилон йӕхӕдӕг дӕр кӕй фесӕфдзӕн. Хуыцауы пехуымпар иу ӕнус раздӕр загъта, Вавилон ӕвиппайды кӕй бабын уыдзӕн. Ӕмӕ радзырдта, уыцы хабар куыд ӕрцӕудзӕн, уый дӕр, зӕгъгӕ, горӕты алыварс дӕттӕ «бахус уыдзысты» ӕмӕ йӕ тыхджын хӕстонтӕ хӕцынмӕ нӕ рацӕудзысты (Йер. 50:38; 51:30). Уыцы ныхӕстӕ суанг лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст кодтой мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ. Уыдон Евфраты дӕттӕ ӕндӕрырдӕм аздӕхтой, донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ тӕнджыты бахызтысты ӕмӕ горӕтмӕ бацыдысты, вавилойнӕгтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, афтӕмӕй. Иннӕ диссаг та уый у, ӕмӕ Йегъовӕ Вавилоны тыххӕй афтӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестдзӕн (Йер. 50:39; 51:26). Кӕддӕр йӕ кад кӕмӕн нӕрыд, уыцы Вавилоны абоны онг дӕр цӕрӕг нӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст Хуыцауы ныхас.

16 Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта, дзуттӕгтӕ вавилойнӕгтӕн 70 азы кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ Хуыцау фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. (Бакӕс Йеремийы 25:8–11; 29:10.) Данел фидарӕй ӕууӕндыд, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кодта, «Иерусалим ӕдзӕрӕгӕй» кӕдмӕ лӕудзӕн, уый (Дан. 9:2). Ездрӕ ныффыста, зӕгъгӕ, «Йегъовӕ Йеремийы уылты цы загъта, уый цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй Йегъовӕ Киры сразӕнгард кодта», цӕмӕй Вавилон басастаид ӕмӕ дзуттӕгты фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕркодтаид (Езд. 1:1–4). Ӕмӕ уӕд, Йереми куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, дзуттӕгтӕн сӕ бон уыдаид сӕ зӕххыл фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрын ӕмӕ та раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕнын (Йер. 30:8–10; 31:3, 11, 12; 32:37).

17. Йеремийы ныхӕстӕ, Рамӕйы хъуысы кӕуын, зӕгъгӕ, дыууӕ хатты куыд сӕххӕст сты?

17 Йереми ма ныффыста, ӕнустӕ фӕстӕдӕр чи ӕрцыд, ахӕм хабӕртты тыххӕй дӕр. Уый загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Рамӕйы хъуысы ӕрдиаг, хъарӕг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн кӕуын. Рахил кӕуы йӕ фырттыл, ӕмӕ йын басабыргӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ нал сты“» (Йер. 31:15). Куыд зыны, афтӕмӕй н. э. размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгты ӕрӕмбырд кодтой Рамӕйы. Уыцы горӕт ис Иерусалимӕй 8 километры цӕгатырдӕм. Кӕйдӕрты дзы, ӕвӕццӕгӕн, уым маргӕ дӕр акодтой. Уыцы хабар афтӕ уыди, раст цыма Рахил йӕ «фырттыл» куыдта. Ӕмӕ Йеремийы ныхӕстӕ фыццаг хатт уӕд сӕххӕст сты. Фӕлӕ уыцы хабарӕй ӕхсӕз ӕнусы фӕстӕдӕр паддзах Ирод Вифлеемы ноггуырд сывӕллӕтты ныццӕгъдын кодта. Ӕмӕ Матфей йӕ Евангелийы бамбарын кодта, уыцы рӕстӕг мадӕлтӕ сӕхи кӕуынӕй куыд мардтой, уымӕй Йеремийы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты (Матф. 2:16–18).

Ныв 218 фарсыл

Кӕм сты абон едомӕгтӕ?

18. Хуыцау Едомы тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст?

18 Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы ма сӕххӕст ноджыдӕр иу пехуымпар-ныхас. Хуыцау Йеремийы уылты загъта, вавилойнӕгты къухӕй Едом дӕр кӕй нӕ аирвӕздзӕн (Йер. 25:15–17, 21; 27:1–7). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай загъта, зӕгъгӕ, Едомыл акӕндзӕн Содом ӕмӕ Гоморрӕйы бон. Мах хорз зонӕм уыцы дыууӕ горӕты хабар. Ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйау Едом дӕр хъуамӕ ӕнустӕм ӕдзӕрӕг фӕуыдаид ӕмӕ йӕ кой дӕр макуыуал уыдаид (Йер. 49:7–10, 17, 18). Ӕмӕ растдӕр афтӕ рауад йӕ хабар. Куыд дӕм кӕсы, абон искуы ис ахӕм бӕстӕ, Едом, зӕгъгӕ? Науӕд, едомӕгтӕ кӕй хонынц, ахӕм адӕмыхатт искуы цӕры? Нырыккон картӕтӕй сӕ искӕцыйыл ис ссарӕн? Кӕд уыцы нӕмттӕ искуы ӕмбӕлынц, уӕд ӕрмӕстдӕр рагон чингуыты, Библийы кӕнӕ рагон дунейы картӕтыл. Иосиф Флавий куыд зӕгъы, афтӕмӕй н. э. размӕ дыккаг ӕнусы едомӕгтӕн дзуттаг дин тыхӕй райсын кодтой. Гъемӕ н. э. 70 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕм адӕмыхатт нал ис.

19. Йеремийы чиныгӕй Хуыцауы тыххӕй цы базыдтам?

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Йеремийы чиныджы кӕрӕй-кӕронмӕ ис, хицӕн адӕймӕгтӕм ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕм чи хауы, бирӕ ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕ. Уыцы пехуымпар-ныхӕстӕн сӕ фылдӕр сӕххӕст сты. Ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр Йеремийы чиныг хъӕуы лӕмбынӕг иртасын. Ацы чиныгӕй не Стыр Хуыцауы тыххӕй базыдтам ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый, ӕмӕ йӕ фидӕны дӕр сараздзӕн. (Бакӕс Исайы 46:9–11.) Уый фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ ныффыста, уыдоныл баст у дӕ абоны цард дӕр ӕмӕ дӕ фидӕн дӕр. Куыд? Уымӕ ӕркӕсдзыстӕм дарддӕр.

Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй йӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕцытӕ сӕххӕст сты ӕмӕ уый дӕумӕ куыд хауы?

ДӔУМӔ ДӔР ЧИ ХАУЫ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ

20–22. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Библийы, уыимӕ Йеремийы чиныджы дӕр, цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис фыст, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ иу хатт нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты ӕххӕст кӕнынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

20 Библийы цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис фыст, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ иу хатт нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты ӕххӕст кӕнынц. Иухатт Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы бафарстой, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг», зӕгъгӕ, уӕд сын цы хабӕртты кой ракодта, уыдон дӕр ӕрмӕст иу хатт не ’рцыдысты (Матф. 24:3). Уыцы пехуымпар-ныхас фыццаг хатт сӕххӕст н. э. 66–70 азты. Фӕлӕ дзы цыдӕртӕ та сӕххӕст уыдзысты, ацы фыддунейыл «стыр бӕллӕх» куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг. Уый уыдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх» (Матф. 24:21). Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй дӕр ис ахӕмтӕ, ӕмӕ цалдӕр хатты сӕххӕст сты. Кӕцыдӕртӕ дзы фыццаг хатт сӕххӕст сты н. э. размӕ 607 азы, дыккаг хатт та – бирӕ фӕстӕдӕр. Зӕгъӕм, ацы ныхӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ, «Рахил кӕуы йӕ фырттыл», дыууӕ хатты сӕххӕст сты (Йер. 31:15). Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ та ӕххӕст кӕнынц абон, ӕмӕ хауынц дӕумӕ дӕр.

21 Уый бӕрӕг у Раргомады чиныгӕй. Вавилонӕн йе сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Йереми цы пехуымпар-ныхас загъта, уый кой кӕны апостол Иоанн дӕр. Вавилон фесӕфт н. э. размӕ 539 азы. Фӕлӕ Раргомады чиныджы уыцы хабар Иоанн абарста, ӕгас дунейы дӕр чи хъуамӕ ӕрцӕуа, уыцы хабаримӕ. Йереми кӕй загъта ӕмӕ абон чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй иу у, «Стыр Вавилонӕн» йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, ома зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонӕй иу дӕр кӕй нал баззайдзӕн, уый (Рарг. 14:8; 17:1, 2, 5; Йер. 50:2; 51:8). Хуыцау йӕ адӕмы фӕдзӕхсы, Стыр Вавилонӕй «рацӕут», зӕгъгӕ. Афтӕ куы нӕ бакӕной, уӕд сыл уый бон акӕндзӕн (Рарг. 18:2, 4; Йер. 51:6). Ӕмӕ йӕ абон куыд уынӕм, афтӕмӕй Стыр Вавилонӕн йӕ дӕттӕ хус кӕнынц, ома мӕнг динтыл хӕст адӕмы нымӕц кӕны къаддӕрӕй-къаддӕр (Йер. 51:36; Рарг. 16:12).

22 Фӕлӕ ма фидӕны нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, мӕнг дин Хуыцауы адӕмӕн цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, уый тыххӕй дзы Хуыцау йӕ маст куыд райсдзӕн, уый дӕр. Йегъовӕ йын, «йӕ хъуыддӕгты тыххӕй... цы ’мбӕлы, уый» бакӕндзӕн (Йер. 50:29; 51:9; Рарг. 18:6). Ӕмӕ уӕд «Стыр Вавилон» фестдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ, ома йӕ бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕм ӕй ныууадздзысты (Йер. 50:39, 40).

23. Йереми раст дины тыххӕй цы загъта ӕмӕ уыцы пехуымпар-ныхас 20 ӕнусы куыд сӕххӕст?

23 Нӕ чиныджы фыццаг сӕрты куыд дзырдтам, афтӕмӕй, Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон нӕ ныфс уадзынц. Зӕгъӕм, Йереми рагацау загъта, Хуыцау нӕ рӕстӕджы раст дин йӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн. Кӕддӕр Хуыцау дзуттӕгты рагон горӕт Вавилонӕй куыд ракодта, афтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмы ссӕрибар кодта «Стыр Вавилоны» уацарӕй. Уыцы хабар ӕрцыд, йӕ Паддзахад уӕлӕрвты куы ӕрфидар кодта, уый фӕстӕ. Йегъовӕйӕ йӕ адӕм бузныг куыннӕ уыдаиккой, стӕй цин дӕр куыннӕ кодтаиккой, мӕнг дины уацарӕй сӕ кӕй ракодта ӕмӕ та раст дин ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕууын кодта, уый тыххӕй. Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй раст фӕндагыл слӕууыдаиккой ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй ӕфсӕст уыдаиккой. (Бакӕс Йеремийы 30:18, 19.) Йегъовӕ ма нӕ рӕстӕджы сӕххӕст кодта йӕ зӕрдӕвӕрдтӕй ноджыдӕр иу – йӕ адӕмӕн радта фыййӕуттӕ, фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы фыййӕуттӕ Хуыцауы дзугыл куыд тыхсынц ӕмӕ йӕ куыд хъахъхъӕнынц, уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхицӕй дӕр зоныс (Йер. 3:15; 23:3, 4).

24. Йереми цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй ма кӕцы хъуамӕ сӕххӕст уа?

24 Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн Йеремийы уылты зӕрдӕ бавӕрдта, рухс фидӕн сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Чи дзы адард, уыдоны та бафӕдзӕхста, куы нӕ йӕм раздӕхой, уӕд кӕй фесӕфдзысты. Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Фыдгӕнджытӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон хаудӕй лӕудзысты зӕххыл, иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Ӕмӕ сыл ничи фӕкӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ничи баныгӕндзӕн. Фаджысау суыдзысты зӕххы цъарыл» (Йер. 25:33). Ацы ныхӕстӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй – адӕмы хъӕуы ӕвӕстиатӕй фӕдзӕхсын!

25. Абон Хуыцауы адӕмыл цавӕр хӕс ис?

25 Йеремийау мах дӕр ахӕм рӕстӕг цӕрӕм, ӕмӕ абон дӕр адӕмӕн сӕ цард, Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъусдзысты ӕви нӕ, ууыл баст у. Хуыцауы адӕм абон пехуымпартӕ не сты. Йегъовӕ мах уылты ногӕй ницыуал дзуры – адӕмӕн ӕй цыдӕриддӕр зӕгъын фӕндыд, уый фыст ис Библийы. Фӕлӕ нын бахӕс кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, цалынмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 28:19, 20). Мах нӕ фӕнды Йегъовӕйы ныхӕстӕ «давын», ома, адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ сусӕг кӕнын. (Бакӕс Йеремийы 23:30.) Хуыцауы ныхӕсты цы тых ис, уый лӕмӕгъдӕр кӕнын нӕ нӕ фӕнды. Хуыцау Йеремийы уылты цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бирӕтӕ ныридӕгӕн сӕххӕст сты. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, иннӕтӕ дӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уӕдӕ хъуамӕ адӕмӕн дзурӕм, Хуыцау кӕй сараздзӕн, йӕ зӕрды цы ис, уый ӕмӕ раджы заманты цы загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Йер. хъ. 2:17).

Ныв 222 фарсыл

Йегъовӕйы ныхӕстӕ ма «дав» – адӕмӕй ма сусӕг кӕн, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый

26. Цавӕр пехуымпар-ныхасмӕ ма ӕркӕсдзыстӕм?

26 Фӕлӕ ма нӕ Йеремийы чиныгӕй ӕнӕмӕнг ӕркӕсын хъӕуы ноджыдӕр иу пехуымпар-ныхасмӕ. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ адӕмимӕ кӕй скӕндзӕн «ног бадзырд» ӕмӕ сын уыцы бадзырдимӕ баст закъӕттӕ сӕ зӕрдӕты кӕй ныффысдзӕн (Йер. 31:31–33). Йереми ног бадзырды тыххӕй цы загъта, уый хауы дӕумӕ дӕр. Уыцы бадзырды тыххӕй бӕстон аныхас кӕндзыстӕм иннӕ сӕры.

Йеремийы чиныджы цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис фыст, уыдонӕй нӕ рӕстӕджы кӕцытӕ сӕххӕст сты? Чи ма дзы нӕ сӕххӕст, уыдоны тыххӕй та цы хъуыды кӕныс?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын