Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/8 3–4 фф.
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мард ма исты фембары?
  • Чи амард, уыдон райгас уыдзысты!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Зындон ӕцӕгдӕр ис? Библимӕ гӕсгӕ зындон цы у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Чи амард, уыдонӕн ныфс ис!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/8 3–4 фф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ АМАРД, УЫДОН МА ИСКУЫ ЦӔРДЗЫСТЫ?

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Хистӕртӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уӕлмӕрды чырыны уӕлхъус

«Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕнӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуы, кӕнӕ зындонмӕ бахауы кӕнӕ та удсыгъдӕггӕнӕнмӕa. Ахӕм хорз адӕймаг нӕ уыдтӕн, цӕмӕй мӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацыдаин, фӕлӕ ахӕм ӕвзӕр дӕр нӕ уыдтӕн, цӕмӕй зындонмӕ бахаудаин. Удсыгъдӕггӕнӕн цы у, уый та кӕронмӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтон. Ахӕмӕй Библийы никуы ницы бакастӕн, адӕмӕй йӕ цы хъуыстон, ӕндӕр» (Лионель).

«Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мын дзырдтой, мӕлӕты фӕстӕ адӕм иууылдӕр уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕуынц, фӕлӕ мӕ уый нӕ уырныдта. Афтӕ мӕм каст, адӕймаг амӕлы, ӕмӕ ууыл алцыдӕр фӕвӕййы – чи амӕлы, уыдонӕн ӕппындӕр ницыуал ныфс вӕййы» (Фернандо).

Искуы хъуыды кодтай: «Цымӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма исты фембары? Чи нын амард, уыдон цымӕ искуы хъизӕмар кӕнынц? Искуы ма сӕ фендзыстӕм? Уый нӕ бон кӕцӕй у базонын?» Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, ацы фарстаты фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕ. Фыццаг уал базондзыстӕм, Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, уый. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм, чи амард, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас, Библи, ныфс цӕмӕй ӕвӕры, ууыл.

Мард ма исты фембары?

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ. «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц, ӕмӕ сын фидгӕ дӕр ничиуал ницы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр ничиуал кӕны. Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй, уымӕн ӕмӕ ингӕны – кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд»b (Екклесиаст 9:5, 10).

Цыбырдзырдӕй, Библимӕ гӕсгӕ ингӕн у, адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕдӕм бахауы, уыцы бынат; ахӕсгӕ хуызы ингӕн у ахӕм бынат кӕнӕ ахӕм уавӕр, ӕмӕ дзы нӕдӕр хъуыды кӕнӕн ис, нӕдӕр исты аразӕн. Цымӕ ингӕн цы у, уый тыххӕй Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иов цы хъуыды кодта? Иу бонмӕ Иов ӕнӕ исбонӕй баззад. Уыцы бон ма амардысты йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр, стӕй та йӕ буар ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕй байдзаг. Иов Хуыцаумӕ сдзынӕзта: «Тӕхуды, ингӕны [«зындоны», Синодалон тӕлмац] мӕ куы бамбӕхсис, ӕмбӕхстӕй мӕ куы дарис, цалынмӕ дӕ маст не ’рсабыр уа, уӕдмӕ!» (Иов 1:13–19; 2:7; 14:13). Уӕдӕ Иов ингӕн, зындоны арты кӕм хъизӕмар кодтаид, ома йӕ хъизӕмӕрттӕ фыддӕр кӕм фӕуыдаиккой, ахӕм бынатыл нӕ нымадта. Фӕлӕ йӕ нымадта, кӕм сӕ фервӕзтаид, ахӕм бынатыл.

Мард ма исты фембары ӕви нӕ, уый нӕ бон куыд у базонын? Ӕркӕсӕм, мӕрдтӕй чи райгас, аст ахӕм адӕймаджы хабармӕ Библийы. (Кӕс рамкӕ «Библийы фыст ис, чи райгас, аст ахӕм адӕймаджы тыххӕй».)

Уыцы аст адӕймагӕй иу дӕр афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ кӕмдӕр хъизӕмар кодта кӕнӕ кӕмдӕр йӕ уды дзӕбӕхӕн царди. Афтӕ куы уыдаид, уӕд ӕй цымӕ иннӕтӕй басусӕг кодтаиккой? Стӕй уыдӕттӕ Библийы фыст не ’рцыдаиккой, цӕмӕй сӕ иууылдӕр базыдтаиккой? Фыстады ахӕмӕй ницы ис фыст. Ӕвӕццӕгӕн сын, цы радзырдтаиккой, уый нӕ уыди. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ куы амардысты, уӕд ницыуал ӕмбӕрстой, цыма тарф фынӕй баисты, афтӕ уыдысты. Ӕцӕгдӕр, Библийы мӕлӕт цалдӕр раны барст цӕуы фынӕй кӕнынимӕ. Зӕгъӕм дзы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Давид ӕмӕ Стефаны мӕлӕты тыххӕй фыст ис, бафынӕй сты, зӕгъгӕ (Хъуыддӕгтӕ 7:60, фиппаинаг; 13:36, фиппаинаг).

Уӕдӕ, чи амард, уыдонӕн ма исты ныфс ис? Цымӕ сӕ искӕй бон у райхъал кӕнын?

a Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цасдӕр рӕстӕг фӕхъизӕмар кӕны, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уа ӕмӕ йын уӕлӕрвтӕм ацӕуыны бар уа.

b «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы дзырд «ингӕн»-ӕй тӕлмацгонд ӕрцыдысты дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес». Библийы иуӕй-иу тӕлмацты та йӕ ратӕлмац кодтой дзырд «зындон»-ӕй, фӕлӕ мӕрдтӕ зындоны арты кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый Фыстадмӕ гӕсгӕ раст нӕу.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС, ЧИ РАЙГАС, АСТ АХӔМ АДӔЙМАДЖЫ ТЫХХӔЙc

Идӕдз усы фырт. Пехуымпар Илийа райгас кодта идӕдз усы лӕппуйы. Уыцы сылгоймаг цард Сарептӕйы, Израилы цӕгатварс (1 Паддзӕхты 17:17–24).

Сунемаг сылгоймаджы лӕппу. Елисей, Илийайы фӕстӕ пехуымпар чи сси, уый, горӕт Сунемы иу лӕг ӕмӕ усӕн сӕ гыццыл лӕппуйы райгас кодта (2 Паддзӕхты 4:32–37).

Ингӕнмӕ кӕй баппӕрстой, уыцы адӕймаг. Йӕ мӕлӕтыл бирӕ кӕмӕн нӕ рацыд, ахӕм лӕджы мард баппӕрстой, Елисей кӕм ныгӕд уыд, уырдӕм. Мард куыддӕр пехуымпары стджытыл андзӕвыд, афтӕ райгас (2 Паддзӕхты 13:20, 21).

Наины чи цард, уыцы идӕдз усы лӕппу. Йесо горӕт Наины цур мӕрддзыгой адӕмы ӕрлӕууын кодта. Лӕппуйы райгас кодта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ рыстзӕрдӕ мады ӕрсабыр кодта (Лукайы 7:11–15).

Иаиры чызг. Иаир, ӕмбырдгӕнӕны хистӕр, Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ рынчын чызгӕн баххуыс кодтаид. Цалынмӕ Йесо цыди, уӕдмӕ чызг амард, фӕлӕ йӕ Йесо райгас кодта (Лукайы 8:41, 42, 49–56).

Лазӕр, Йесойы ’ввахс ӕмбал. Лазӕр куы амарди, уӕд ӕй Йесо цыппар боны фӕстӕ бирӕ адӕмы раз райгас кодта (Иоанны 11:38–44).

Доркӕ. Апостол Петр райгас кодта, йӕ бирӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй адӕм тынг кӕй уарзтой, уыцы диссаджы сылгоймаджы (Хъуыддӕгтӕ 9:36–42).

Евтих. Иу лӕппу, Евтих, рудзынгӕй рахауд ӕмӕ амарди; апостол Павел ӕй райгас кодта (Хъуыддӕгтӕ 20:7–12).

c Йесо Чырысти кӕй райгас, уый у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Куыд райгас, уый тынг хицӕн кӕны, ацы аст адӕймаджы куыд райгас сты, уымӕй. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын