Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp16 № 1 4–5 фф.
  • Мӕнгдзинад тӕссаг цӕмӕй у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕнгдзинад тӕссаг цӕмӕй у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • МӔНГДЗИНАД – ӔУУӔНЧЫ ЗНАГ
  • МӔНГДЗИНАД РАСАЙЫ МӔНГДЗИНАД
  • Ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый цы пайда у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
wp16 № 1 4–5 фф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔНӔЗӔРДӔХУДТ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?

Мӕнгдзинад тӕссаг цӕмӕй у?

«Арӕх ахӕм зын уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ иугыццыл мӕнгдзинад дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй уавӕр фӕива» (Самантӕ, Хуссар-Африкаг Республикӕ).

Самантӕимӕ разы нӕ дӕ? Алыхуызон зын уавӕртӕй хызт ничи у. Ӕмӕ, асайын ӕнцондӕр кӕм вӕййы, ахӕм уавӕры бахаугӕйӕ нӕхи куыд фӕдарӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, зынаргъдӕр нын цы у, уый. Зӕгъӕм, кӕд нын ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй иннӕты цӕсты нӕ кад ма ’рхауа, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ мын асайын йеддӕмӕ ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ рӕстдзинад куы рабӕрӕг вӕййы, уӕд адӕймаг арӕх фӕсмойнаг фӕвӕййы, кӕй асайдта, уый тыххӕй. Ахъуыды кӕн, дӕлдӕр цы фыст ис, ууыл.

МӔНГДЗИНАД – ӔУУӔНЧЫ ЗНАГ

Дыууӕ адӕймаджы балымӕн вӕййынц, кӕрӕдзийыл куы феууӕндынц, уӕд. Сӕ кӕрӕдзимӕ сӕ зӕрдӕ нӕ фехсайы, хинӕй мыл куы рацӕуа кӕнӕ мӕ ныхас куы ахӕсса, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндын иу бонмӕ нӕ райдайынц. Уый тыххӕй фыццаг иумӕ бирӕ рӕстӕг фервитынц, ӕргом ныхас фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ алчи ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ иннӕмӕн куыд хуыздӕр уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ хатт иу мӕнгард ми дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй, се ’хсӕн цы ӕууӕнк ис, уый фехӕла. Хабар афтӕ куы рауайы, уӕд адӕймагыл ногӕй баууӕндын тынг зын вӕййы.

Дӕ хорз ӕмбалыл кӕй нымадтай, уый дӕ искуы асайдта? Кӕд о, уӕд дӕхи куыд хатыдтӕ? Ӕвӕццӕгӕн дын тынг зын уыди. Чи зоны дӕм афтӕ дӕр фӕкаст, ӕмӕ дыл гадзрахатӕй рацыд. Ӕмӕ дӕ бамбарӕн дӕр ис. Уӕдӕ дызӕрдыггаг нӕу, мӕнгдзинад цыфӕнды хорз ӕмбӕлтты дӕр кӕй фӕхицӕн кӕны.

МӔНГДЗИНАД РАСАЙЫ МӔНГДЗИНАД

Роберт Иннес, экономикӕйы профессор Калифорнийы университетӕй, загъта, зӕгъгӕ, дам, «мӕнгдзинад хӕцгӕ низӕй уӕлдай нӕу». Ӕцӕгдӕр, мӕнгдзинад абарӕн ис вирусимӕ – мӕнгард адӕймагимӕ цас фылдӕр рӕстӕг ӕрвитай, уыйас дын тӕссагдӕр у, йӕ «низ» дыл куы бахӕца, уымӕй.

Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй мӕнгдзинады къӕппӕджы ма бахауай? Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн Библи. Дӕ хорзӕхӕй, цалдӕр уынаффӕмӕ дзы ӕркӕс.

Мӕнгдзинадмӕ цы хауы?

Сайын

УЫЙ ЦЫ У? Рӕстдзинад чи хъуамӕ зона, уымӕн мӕнг ныхас зӕгъын. Сайынмӕ хауы, искӕй афӕливыны тыххӕй хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕнын, сӕйрагдӕр хабӕрттӕ басусӕг кӕнын кӕнӕ ӕцӕг хабӕртты кой ӕгӕр тынг кӕнын, цӕмӕй йӕм хабар, цы у, уымӕй диссагдӕр фӕкӕса.

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ. «Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). «Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 4:25).

Фыдкой кӕнын

УЫЙ ЦЫ У? Адӕймаджы ном фӕчъизи кӕныны тыххӕй, раст цы нӕу, уый дзурын.

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ. «Фыдвӕндтӕ чи кӕны, уый адӕмы кӕрӕдзи ныхмӕ скӕны, фыдкойгӕнӕг хорз ӕмбӕлтты фӕхицӕн кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 16:28). «Суг кӕм нӕй, уым арт ахуыссы, фыдкойгӕнӕг кӕм нӕй, уым хыл банцайы» (Ӕмбисӕндтӕ 26:20).

Цӕстфӕлдахӕн митӕ кӕнын

УЫЙ ЦЫ У? Искӕмӕн йе ’хца кӕнӕ йӕ исбонӕй ратона кӕныны тыххӕй гӕды ныхӕстӕ кӕнын.

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ. «Тыхст уавӕры чи ис ӕмӕ мӕгуыр чи у, ахӕм ӕххуырст кусӕджы ма фӕсай» (Дыккаг закъон 24:14, 15). «Мӕгуыры чи сайы, уый йын худинаг кӕны йе Скӕнӕджы, чи йын ӕххуыс кӕны, уый та йын йе Скӕнӕджы кадджын кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 14:31).

Давын

УЫЙ ЦЫ У? Искӕй цы у, уый ӕнӕ фӕрсгӕйӕ райсын.

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ. «Чи давы, уый мауал давӕд, фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын» (Ефесӕгтӕм 4:28). «Уӕхи ма сайут... нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын