Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp16 № 1 11–14 фф.
  • Цы ис саразӕн, дӕхи ӕдас куы нӕ хатай, уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы ис саразӕн, дӕхи ӕдас куы нӕ хатай, уӕд
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦӔМӔ ӔРКӔНЫ, СЫВӔЛЛОН ЙӔХИ ӔДАС КУЫ НӔ ФӔХАТЫ, УЫЙ
  • ХУЫЦАУ НЫЛ ТЫХСЫ
  • ӔРТӔ ХЪУЫДДАДЖЫ, ЦӔМӔЙ НӔХИ ӔДАСДӔР ХАТӔМ
  • АЛЧИДӔР – ӔДАС
  • Йегъовӕимӕ иунӕг никуы уыдзынӕ!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Йегъовӕ дӕ тынг уарзы!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Дӕхицӕн цы ’нтысы, ууыл цин кӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
wp16 № 1 11–14 фф.

Цы ис саразӕн, дӕхи ӕдас куы нӕ хатай, уӕд

НОГГУЫРД сывӕллонӕй ӕнӕбондӕр зӕххыл, ӕвӕццӕгӕн, ницы ис. Куы райгуырдыстӕм, уӕд нӕ ӕдасдзинад ӕгасӕйдӕр кӕнгӕ уыд нӕ ныййарджытӕй. Къахӕй цӕуын куы ахуыр кодтам, уӕд нӕм иууылдӕр уӕйгуыты хуызӕн кастысты. Нӕ ныййарджытӕй-иу нӕ цуры куы ничи уыд, уӕд-иу ӕнӕзонгӕ адӕмӕй тӕрсгӕ дӕр фӕкодтам. Фӕлӕ-иу нын нӕ фыд кӕнӕ нӕ мад нӕ къухыл куы ныххӕцыд, уӕд-иу нал тарстыстӕм.

Гыццылтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд нӕ хъуыди, цӕмӕй нӕ нӕ ныййарджытӕ рӕвдыдтаиккой ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтаиккой. Нӕ ныййарджытӕ нӕ кӕй уарзынц, уый-иу куы уыдтам, уӕд-иу нӕхи ӕдас хатыдыстӕм, ницӕмӕй-иу тарстыстӕм. Истӕй тыххӕй-иу нӕ куы раппӕлыдысты, уӕд-иу фӕныфсджындӕр стӕм ӕмӕ-иу архайдтам, цӕмӕй нӕ сӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр рухс кодтаид.

Гыццыл куы фестырдӕр стӕм, уӕд ма-иу нын ныфсы хос уыдысты не ’мбӕлттӕ дӕр. Нӕ фарсмӕ-иу куы уыдысты, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыд, стӕй-иу скъолайы дӕр ныфсджындӕр уыдыстӕм.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм сабибонтӕ кӕмӕн уыд, уыдоны схонӕн ис амондджын. Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ не ссарынц ӕввахс ӕмбӕлттӕ. Тынг бирӕтӕ та сӕ ныййарджытӕй фаг рӕвдыд нӕ зонынц. «Искуы бинонты иумӕ исты аразгӕ куы фенын, уӕд мӕхинымӕр фӕхъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, тӕхуды, ӕз дӕр ахӕм ӕнгом бинонты ’хсӕн куы схъомыл уыдаин»,– зӕгъы Мелиссӕa. Чи зоны, дӕумӕ дӕр фӕзыны ахӕм ӕнкъарӕнтӕ.

ЦӔМӔ ӔРКӔНЫ, СЫВӔЛЛОН ЙӔХИ ӔДАС КУЫ НӔ ФӔХАТЫ, УЫЙ

Гыццылӕй, чи зоны, уыдтӕ ӕнӕныфсхаст. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фаг рӕвдыд нӕ зыдтай ӕмӕ-иу дӕ арӕх не ’ппӕлыдысты. Чи зоны, дӕ ныййарджытӕ ӕдзух хыл кодтой ӕмӕ уый тыххӕй ахицӕн сты, дӕумӕ та афтӕ каст, ӕмӕ сӕ цард дӕу аххосӕй фехӕлд. Кӕд дӕ дӕ ныййарджытӕй исчи ныхасӕй ӕфхӕрдта кӕнӕ дӕм йӕ къух иста, уӕд уый та ноджы фыддӕр бӕллӕх у.

Йӕ бинонты ’хсӕн йӕхи ӕдас чи нӕ фӕхаты, ахӕм сывӕллон йӕхи куыд фӕдары? Иуӕй-иутӕ рӕзгӕ кары наркотиктыл бафтынц кӕнӕ фыднозт кӕнын райдайынц. Иннӕтӕ та ӕмбӕлттӕ агургӕйӕ бандӕтӕм бахауынц. Ӕрыгӕттӕ ӕнӕныфсхаст куы вӕййынц, уӕд сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ исчи уарза ӕмӕ сӕ фарсмӕ уа, ӕмӕ уый тыххӕй искӕимӕ ӕмбӕлын райдайынц. Фӕлӕ сын уыцы ахастытӕ, стӕм хатт йеддӕмӕ, бирӕ нӕ ахӕссынц. Ӕмӕ куы нал фембӕлынц, уӕд та сӕ уавӕр ноджы фӕфыддӕр вӕййы.

Уыцы тӕссаг къӕппӕджыты чи нӕ бахауы, уыдон дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕхицӕн аргъ кӕнын ма зоной. «Мӕ мад мын ӕдзух, ницы дӕ, зӕгъгӕ, дзырдта ӕмӕ уый мӕхи дӕр бауырныдта,– зӕгъы Аннӕ.– Искуы мӕ раппӕлыд кӕнӕ мыл баузӕлыд, уый нӕ хъуыды кӕнын».

Нӕхи ӕдас кӕй нӕ фӕхатӕм, уый ӕрмӕст, куыд нӕ хъомыл кодтой, уымӕй кӕнгӕ нӕ вӕййы. Чи зоны, нӕ ныфс ницӕмӕ хӕссӕм, нӕ цардӕмбалимӕ кӕй ахицӕн стӕм, уый тыххӕй, зӕронды бонты аххосӕй кӕнӕ не ’ддаг бакаст нӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, суанг уый тыххӕй дӕр. Йӕ аххос цыфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕхимӕ фӕкӕсӕм тынг ӕнамонд ӕмӕ уый ӕвзӕрырдӕм фӕзыны нӕ ахастытыл иннӕтимӕ. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын уыцы хъуыдытӕ нӕ ныфс ма сӕттой?

ХУЫЦАУ НЫЛ ТЫХСЫ

Хъуамӕ нӕ рох ма уа, нӕ бон кӕй у ӕххуыс ссарын. Не ’ппӕтӕн дӕр ис, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм чидӕр – Хуыцау йӕхӕдӕг.

Хуыцау йӕ пехуымпар Исайӕн зӕгъын кодта: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Исай 41:10, 13). Хуыцауы нӕ къухыл хӕцын кӕй фӕнды, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ куыннӕ барухс уыдзӕн! Уӕдӕ цӕуыл хъуамӕ тыхсӕм?!

Библийы нӕ бон бакӕсын у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй тыхст уавӕры чи уыд, фӕлӕ Хуыцауы къухыл хӕцын чи сахуыр, уыдоны тыххӕй. Аннӕ, Самуилы мад, йӕхимӕ ницӕйаг касти, цот ын кӕй нӕ цыди, уый тыххӕй. Ӕнӕзӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй-иу ыл йӕ лӕджы иннӕ ус арӕх худти. Аннӕйӕн-иу фырмастӕй йӕ хъуыры къӕбӕр дӕр нал хызти, ӕмӕ ӕдзух йӕ цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта (1 Самуилы 1:6, 8). Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ Хуыцауӕн куы раргом кодта, уӕд йӕхимӕ ӕгуыдзӕг нал каст (1 Самуилы 1:18).

Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр-иу иуӕй-иу хатт йӕхи ӕдас нӕ хатыд. Бирӕ азты дӕргъы паддзах Саул йӕ фӕдыл зылди, цӕмӕй йӕ амардтаид. Цалдӕр хатты Давид мӕлӕты дзыхӕй фервӕзт ӕмӕ-иу ӕм хатт афтӕ касти, ӕмӕ йӕ зындзинӕдтӕ йӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты (Псалом 55:3–5; 69:1). Фӕлӕ уый уӕддӕр ныффыста: «Ӕнӕмӕтӕй схуысдзынӕн ӕмӕ фынӕй кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст дӕ фӕрцы, о Йегъовӕ, цӕрын ӕдасӕй» (Псалом 4:8).

Аннӕ ӕмӕ Давид сӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдтой – цы сӕ тыхсын кодта, уый йын радзырдтой – ӕмӕ сын баххуыс кодта (Псалом 55:22). Махӕн та нӕ бон куыд у нӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын?

ӔРТӔ ХЪУЫДДАДЖЫ, ЦӔМӔЙ НӔХИ ӔДАСДӔР ХАТӔМ

1. Йегъовӕйыл, нӕ Фыдыл, дӕ ныфс дарын сахуыр у.

Йесо нын дзуры, цӕмӕй йын йӕ Фыды, «иунӕг ӕцӕг Хуыцауы», базонӕм (Иоанны 17:3). Апостол Павел та нын ныфс ӕвӕры, зӕгъгӕ, «уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»,– ныффыста Иаков (Иаковы 4:8).

Уарзӕгой уӕларвон Фыд нын кӕй ис ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый куы зонӕм, уӕд къаддӕр тыхсдзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй искӕуыл дӕ ныфс дарын сахуыр уай, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг, фӕлӕ бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уый тынг ӕххуыс кӕны. «Йегъовӕйы мӕ Фыдыл нымайын куы райдыдтон, уӕд бамбӕрстон, ме ’ппӕт сагъӕстӕ кӕмӕн радзурон, уый мын кӕй фӕзынди,– дзуры Каролинӕ.– Раст мӕ риуы дзаг сулӕфыдтӕн!»

«Мӕ ныййарджытӕ мӕ иунӕгӕй куы ныууагътой, уӕд мын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, цӕмӕй ма тарстаин,– дзуры Рэйчел.– Исты зын уавӕры-иу куы бахаудтӕн, уӕд-иу мӕ бон уыд йемӕ ныхас кӕнын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Ӕмӕ-иу мын Йегъовӕ ӕххуыс дӕр бакодта»b.

2. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕ бинонтӕ суӕнт.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау уарзтаиккой. Уый сын загъта: «Уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут» (Матфейы 23:8). Уый фӕндыд, цӕмӕй йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзи уарзтаиккой ӕмӕ иу стыр ӕнгом бинонтау суыдаиккой (Матфейы 12:48–50; Иоанны 13:35).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты иууылдӕр архайынц, цӕмӕй, ӕцӕг бинонты ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ-иу алкӕйдӕр сӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавой ӕмӕ барӕвдауой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Бирӕтӕ бафиппайдтой, ӕмбырдтӕ кӕй сты рыстсабыргӕнӕн хосы хуызӕн – гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы рыст ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕной.

«Ӕмбырды мын уыд иу хорз ӕмбал. Цы рыст бавзӕрстон, уый ӕмбӕрста,– дзуры Евӕ.– Лӕмбынӕг-иу мӕм байхъуыста, Библийӕ-иу мын стихтӕ бакасти ӕмӕ-иу мемӕ скуывта. Йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй мӕхи иунӕг ма хатыдаин. Мӕ зӕрдӕ раргом кӕнынӕн мын баххуыс кодта, ӕмӕ мӕ уаргъ фӕрогдӕр. Йӕ фӕрцы фӕныфсджындӕр дӕн». Рейчел та зӕгъы: «Ӕмбырды ссардтон бирӕ мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ. Ныр мӕм афтӕ нал кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуын ӕмӕ мӕ ничи уарзы».

3. Иннӕты уарз ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у.

Иннӕты куы уарзай ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы уай, уӕд хорз ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр фендзыстӕм, иннӕты цас фылдӕр уарзӕм, уыйас нӕ уыдон дӕр фылдӕр кӕй уарздзысты. «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты»,– загъта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн (Лукайы 6:38).

Иннӕты куы уарзӕм ӕмӕ нӕ уыдон дӕр куы уарзой, уӕд нӕхи бирӕ ӕдасдӕр хатдзыстӕм. Библийы фыст ис: «Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8). «Зонын ӕй, мӕхӕдӕг мӕхимӕ куыд ӕвзӕр кӕсын, хабар ӕцӕгӕй афтӕ кӕй нӕу,– зӕгъы Мария.– Уыцы хъуыдытӕй фервӕзын, иннӕтӕн кӕй феххуыс кӕнын ӕмӕ мӕхиуыл кӕй нал фӕхъуыды кӕнын, уый фӕрцы. Искӕмӕн исты хорздзинад куы саразын, уӕд мын бирӕ ӕнцондӕр фӕвӕййы».

АЛЧИДӔР – ӔДАС

Цы ӕртӕ уынаффӕмӕ ӕркастыстӕм, уыдон ӕвдадзы хос не сты, цӕмӕй нын ӕвиппайды баххуыс кӕной ӕмӕ ӕппындӕр макуыуал мацӕмӕй стыхсӕм. Фӕлӕ уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ нын нӕ уавӕр зынгӕ фӕивой. Каролинӕ зӕгъы: «Ныр дӕр ма хатт мӕхи ӕдас нӕ фӕхатын. Фӕлӕ ныр мӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕнын. Зонын ӕй, Хуыцау мыл кӕй тыхсы, стӕй мын ис бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ сӕ ныфсӕй дӕн ныфсджындӕр». Рейчел дӕр йӕхи афтӕ фенкъары: «Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрӕнкъард вӕййын. Фӕлӕ мын ис, уынаффӕ кӕмӕй бацагурон, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уыдон мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр хуыздӕр цӕстӕй кӕсон. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ мын ис уӕларвон Фыд, ӕмӕ алы бон дӕр йемӕ фӕныхас кӕнын. Мӕ цард, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ аивта».

Библийы фыст ис, тагъд кӕй ралӕудзӕн, ӕппындӕр кӕм ницӕмӕйуал тӕрсдзыстӕм, уыцы ног дуне

Кӕд ацы ӕртӕ уынаффӕйы фӕрцы адӕймагӕн дзӕвгар фенцондӕр вӕййы, уӕддӕр нӕм разӕй ноджы стырдӕр диссаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Библийы фыст ис, тагъд кӕй ралӕудзӕн, ӕппындӕр кӕм ницӕмӕйуал тӕрсдзыстӕм, уыцы ног дуне. Хуыцауы ныхас нын ныфс ӕвӕры: «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4). Уыцы рӕстӕг афтӕ никӕмӕуал кӕсдзӕн, ӕмӕ йын цӕмӕйдӕр тӕссаг у, ӕмӕ нын зиан дӕр ничиуал ракӕндзӕн. Ацы царды нӕ зӕрдӕ цӕмӕй фӕрыст, уыдӕттӕ «хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн» (Исай 65:17, 25). Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт, Йесо Чырысти, зӕххыл «ӕцӕг рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзысты. Уый та адӕмӕн «ӕрхӕсдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард ӕнустӕм» (Исай 32:17).

a Нӕмттӕ ивд сты.

b Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц, Хуыцаумӕ баввахс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонимӕ.

Адӕймаг йӕхи ӕдас цӕй аххосӕй нӕ фӕхаты?

«Мӕ фыд-иу нозтджынӕй куы сызнӕт, уӕд-иу йӕ хуыз дӕр аивта. Йӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнын ӕввонг тугдзых бирӕгъ йӕ дӕндӕгтӕ куыд ныззыхъхъыр кӕны, афтӕ-иу сси. Тарст уӕрыккау-иу дзы мӕхи ӕмбӕхстон, куы нӕ мӕ фенид, зӕгъгӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы бон дӕр ахӕм „зындоны“ фыхтӕн» (Каролинӕ, йӕ сабибонтыл дзургӕйӕ).

«Ӕппындӕр никӕуылуал ӕууӕндыдтӕн. Афтӕ мӕм касти, цыма мӕ сӕрсӕфӕны былыл иунӕгӕй ныууагътой, ӕмӕ ӕххуысмӕ хъӕр кӕнын, фӕлӕ мӕ чи фехъуса, чи мӕ ӕрсабыр кӕна, уый нӕй» (Евӕ, ӕрӕджы йӕ лӕгӕй ахицӕн).

«Мӕ фыд-иу мӕ арӕх йӕ хъӕлӕсы ахаста: „Ды ницы дӕ! Дӕу никуы ничи бауарздзӕн!“ Бирӕ азты дӕргъы архайдтон, цӕмӕй мӕ бауырныдтаид, ӕвзӕр адӕймаг кӕй нӕ дӕн ӕмӕ мӕ иннӕтӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзынц. Мӕхимӕ кастӕн, фыртӕсӕй йӕ къӕдзил йӕ къӕхты ’хсӕн чи амбӕхсы ӕмӕ йыл исчи куы бацин кӕнид, ӕдзух уымӕ чи фенхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ рӕхуыст йеддӕмӕ чи ницы зоны, ахӕм къӕбылайы хуызӕн» (Марк, йӕ фыдӕй рӕхуыст ныхас йеддӕмӕ ницы зыдта).

«Рӕсугъд сылгоймагмӕ куы фӕкӕсын, уӕд фӕхъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, раст рӕсугъд дидинӕджы хуызӕн у, ӕмӕ алкӕй дӕр бафӕндид, цӕмӕй йӕ хӕдзары уа. Ӕз та дӕн хуымӕтӕг хӕмпӕлгӕрдӕджы хуызӕн, ӕмӕ нымады дӕр никӕмӕ дӕн» (Мария, йӕхицӕн аргъ кӕнын нӕ зоны).

«12 азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, мӕ ныййарджытӕ фӕсарӕнтӕм куы ацыдысты ӕмӕ мын мӕ дыууӕ кӕстӕр хойы ме ’вджид куы ныууагътой, уӕд. Цыма ӕппындӕр никӕй хъӕуын, афтӕ мӕм каст. Куыд тынг бӕллыдтӕн, цӕмӕй мыл исчи батыхстаид ӕмӕ мӕ раппӕлыдаид! Афтӕ мӕм каст, цыма стыр тар хъӕды фӕдзӕгъӕл дӕн. Кӕд алцыдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ арӕзтон, уӕддӕр мӕ тынг фӕндыд уыцы хъӕдӕй раирвӕзын. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй ӕнӕмӕт ӕмӕ амондджын уыдаин» (Рейчел, йӕ ныййарджытӕ фӕсарӕнтӕм кусынмӕ ацыдысты).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын