Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp16 № 4 3 ф.
  • Уыцы хабар хъӕуы зонын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уыцы хабар хъӕуы зонын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ
    Райхъал ут! 2007
  • Хуыцау нын ӕргом кӕны йӕ фӕндтӕ
    Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
  • Хуыцауы Ныхасы исты ивд ӕрцыд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Фидарӕй дӕ уырнӕд, Хуыцауы Ныхас «ӕцӕгдзинад» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
wp16 № 4 3 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?

Уыцы хабар хъӕуы зонын

Нӕлгоймаджы къухы Библи ӕмӕ йӕм дызӕрдыггӕнгӕ кӕсы

Библи иннӕ динты чингуытӕй никӕцыимӕ ис абарӕн. Бирӕ ӕнусты дӕргъы ӕндӕр никӕцы чиныг бандӕвта уыйбӕрц адӕмы уырнындзинадыл. Иннӕмӕй та, уыцы чиныгӕй бӕстондӕр ӕндӕр никӕцы чиныг фӕиртӕстой ӕмӕ уымӕй фылдӕр фаутӕ никӕцы чиныгыл февӕрдтой.

Зӕгъӕм, иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дызӕрдыг кӕнынц, абон нӕм цы Библитӕ ис, уыдон фыццаг къухфыстытӕй кӕй нӕ хицӕн кӕнынц, ууыл. Динтӕ чи иртасы, иу ахӕм профессор загъта: «Рагон къухфыстытыл куы куыстам, уӕд, райдианы куыддӕриддӕр уыдысты, растдӕр афтӕмӕй кӕй баззадысты, уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу. Ис нӕм ӕрмӕстдӕр рӕдыдтытӕй йедзаг къопитӕ. Сӕ фылдӕр сын скодтой, фыццаг тексттӕ фыст куы ӕрцыдысты, уымӕй ӕнустӕ фӕстӕдӕр, ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, ис мингай хицӕндзинӕдтӕ».

Иннӕтӕ та, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл дызӕрдыг кӕнынц, сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цы диныл хӕст уыдысты, уый аххосӕй. Зӕгъӕм, иу нӕлгоймагӕн, Файзалӕн, йӕ бинонтӕ чырыстӕттӕ нӕ уыдысты. Уыдон ын дзырдтой, Библи табуйаг чиныг кӕй у, фӕлӕ ивд кӕй ӕрцыд. Файзал зӕгъы: «Мемӕ Библийыл аныхас кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ Библийыл дӕр не ’ууӕндыдтӕн, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ фӕивтой».

Цымӕ, Библи аивта ӕви нӕ, уый исты уӕлдай у? Ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: Библи нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ дзы суанг райдианӕй дӕр фыст уыдысты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй куы нӕ зонай, уӕд ыл ӕууӕнддзынӕ? (Ромӕгтӕм 15:4). Кӕд Библийы бирӕ рӕдыдтытӕ ис, уӕд ын йӕ уынаффӕтӕй спайда кӕндзынӕ, куысты, бинонты кӕнӕ дӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст фарстаты фӕдыл ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд?

Кӕд Библийы чингуытӕ, фыццаг куыд фыст ӕрцыдысты, нӕ рӕстӕгмӕ афтӕмӕй не ’рхӕццӕ сты, уӕддӕр сын ис мингай рагон къопитӕ. Цымӕ сыл рӕстӕг цӕуылнӕ фӕтых? Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ сӕ фесафын никӕй бон баци ӕмӕ дзы цы хабар фыст уыд, уый аивын никӕмӕн бантыст? Нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ сты, уый дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, абоны Библитыл ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзынӕ, Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ, уыцы хабарӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын