Библи цы дзуры?
Хуыцау алы куывд дӕр хъусы?
ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС? ХУЫЦАУ...
хъусы алкӕй куывд дӕр
хъусы иуӕй-иуты куывдтытӕ
никӕй куывд хъусы
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС
«Йегъовӕ хӕстӕг у... рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (Псалом 145:18).
БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН
Хуыцау нӕ хъусы, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны куывдтытӕ (Исай 1:15). Фӕлӕ уыдонӕн сӕ бон у йемӕ «аныхас кӕнын ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарын», ома се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын (Исай 1:18).
Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ кувӕм, йӕхӕдӕг Библийы куыд зӕгъы, афтӕ (1 Иоанны 5:14).
Хуыцаумӕ куыд хъӕуы кувын: лӕугӕйӕ, бадгӕйӕ ӕви ӕндӕр искуыд?
ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, кувгӕйӕ ӕнӕмӕнг сӕ уӕрджытыл кӕй хъуамӕ ӕрлӕууой, сӕ сӕр кӕй хъуамӕ ӕркъул кӕной кӕнӕ сӕ къухтӕ иумӕ кӕй хъуамӕ сӕвӕрой. Ды та куыд хъуыды кӕныс?
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС
Хуыцау-иу фехъуыста, бадгӕйӕ, лӕугӕйӕ, чи ныддӕлгом, стӕй йӕ зонгуытыл чи ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕм афтӕмӕй чи куывта, уыдоны куывдтытӕ (1 Азфыстыты 17:16; 2 Азфыстыты 30:27; Ездрӕ 10:1; Хъуыддӕгтӕ 9:40). Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, цӕмӕй йын ӕнӕмӕнг нӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр искуыд кувӕм.
БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН
Хуыцау хъусы сӕрныллӕг адӕмы куывдтытӕ (Псалом 138:6).
Дӕ бон ӕм кувын у цыфӕнды ӕвзагыл дӕр кӕнӕ суанг дӕхинымӕр дӕр (2 Азфыстыты 6:32, 33; Нееми 2:1–6).