Африкӕйӕ Америкӕмӕ цагъартӕ ласынӕй ӕхцаджындӕр куыст нӕ уыди
Цагъарадӕй фервӕзтысты. Раджы заман ӕмӕ нӕ рӕстӕг
Блессингa Европӕмӕ ӕрцыд, сӕрӕлвынӕджы куыстӕй йын ныфс кӕй бавӕрдтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ дӕс боны дӕргъы фыднад кодтой ӕмӕ йӕ тӕрсын кодтой, хӕтаг сылгоймаг куы нӕ суа ӕмӕ ӕхца куы нӕ куса, уӕд ын йӕ бинонты кӕй ныццӕгъддзысты. Ӕмӕ Блессингӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал уыд.
Цагъартӕ рагон Египеты
Алы мӕй дӕр йӕ хицау-сылгоймагӕн хъуамӕ фыстаид 40 000 евройӕ фылдӕр. Уый тыххӕй-иу Блессинг хъуамӕ алы ӕхсӕв дӕр бакуыстаид 200–300 евройы. Блессинг загъта: «Арӕх-иу мӕ фӕндыд алидзын, фӕлӕ мӕ бинонтӕн кӕй тарстӕн, уый мӕ урӕдта. Цыбырдзырдӕй, къӕппӕджы бахаудтӕн». Блессинг цы уавӕры уыд, ахӕм уавӕры ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл ис цыппар милуан адӕймаджы бӕрц.
Иу-4 000 азы размӕ иу ӕрыгон лӕппу Иосифы йе ’фсымӕртӕ цагъарӕй ауӕй кодтой, ӕмӕ бахауд иу египетаг хицауы хӕдзармӕ. Блессингӕй уӕлдай, Иосифмӕ райдианы йӕ хицау хорз цӕстӕй каст. Фӕлӕ йӕ хицауы усы ӕнӕгъдау фӕндыл куы нӕ сразы, уӕд ын йӕхи фӕаххосджын кодта, тыхми бакӕнынмӕ мын хъавыд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд лӕппуйы ахӕстоны ныппӕрстой ӕмӕ йыл ӕфсӕйнаг рӕхыстӕ бакодтой (Райдиан 39:1–20; Псалом 105:17, 18).
Иосиф цагъар уыди раджы заманты, Блессинг та – 21 ӕнусы. Адӕмы уӕй кодтой незамантӕй фӕстӕмӕ. Уыцы ӕлгъаг куыст чи кӕны, уыдоны амӕттаг баисты Иосиф дӕр ӕмӕ Блессинг дӕр. Уыдонӕн адӕм дзаумайӕ уӕлдай не сты ӕмӕ сӕ фӕрцы ӕхца цы бакусой, ӕндӕр сӕ ницы ӕндавы.
ӔХЦАДЖЫН КУЫСТ
Адӕмтӕн цагъартӕ скӕнын хӕсты фӕрцы куыд ӕнцон вӕййы, афтӕ ӕндӕр ницӕй фӕрцы. Египеты паддзах Тутмос Ӕртыккагӕй дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Ханаанмӕ куы бабырста, уӕд дзы уацары ракодта 90 000 адӕймаджы. Египетӕгтӕ сӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой ӕмӕ сӕ кусын кодтой ӕрзӕткъахӕнты, кувӕндӕттӕ сын аразын кодтой ӕмӕ сын къанӕуттӕ къахын кодтой.
Ромы паддзахады заман хӕстыты фӕрцы уыцы бӕстӕйы уыд дуне цагъартӕ. Цагъартӕ-иу сын куы нӕ фаг кодта, уӕд-иу искӕимӕ схӕцыдысты. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй фыццаг ӕнусмӕ ӕввахс Ромы цӕрджытӕн се ’мбисы бӕрц уыдысты цагъартӕ. Египеты ӕмӕ Ромы цы цагъартӕ уыд, уыдоны фыдкуыст кӕнын кодтой. Дзырдӕн, Ромы ӕрзӕткъахӕнты чи куыста, уыдон 30 азӕй фылдӕр нӕ цардысты.
Фӕлӕ кӕд рӕстӕг цыди, уӕддӕр цагъарты царды ницы ивта. 16 ӕнусӕй 19 ӕнусмӕ Африкӕйӕ Америкӕмӕ цагъартӕ ласынӕй ӕхцаджындӕр куыст зӕххыл нӕ уыди. ЮНЕСКО куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй адавтой ӕмӕ ауӕй кодтой 25 милуанӕй 30 милуаны онг нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Сӕдӕгай минтӕ дзы амардысты фӕндагыл, Атлантикон океаныл сӕ наутыл куы ластой, уӕд. Цагъартӕй удӕгасӕй чи баззад, уыдонӕй иу, Олаудӕ Эквиано, загъта: «Сылгоймӕгты цъӕхахстӕй ӕмӕ, йӕ уд чи иста, уыдоны хъӕрзынӕй адӕймаджы сӕрра кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд».
Хъыгагӕн, цагъарты фыдцард ивгъуыд заманты хабар нӕу. Фӕллойы ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 21 милуаны бӕрц – нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ – абон дӕр цагъары куыст кӕнынц ӕмӕ сын фидынц йе тынг гыццыл, йе та ӕппындӕр ницы. Нӕ рӕстӕджы цы цагъартӕ ис, уыдон кусынц ӕрзӕткъахӕнты, хъуымацуафӕн фабрикӕты, агуыридуртӕ аразӕн заводты, хӕлд митӕ кӕм фӕкӕнынц, ахӕм рӕтты ӕмӕ кӕйдӕр хӕдзӕртты. Ӕмӕ кӕд искӕмӕй цагъар аразын закъоны ныхмӕ у, уӕддӕр цагъартӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц.
Абон дӕр милуангай адӕм цагъарты куыст кӕнынц
ССӔРИБАР СТЫ
Цагъартӕн фыдмитӕ кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу арӕх сӕрибардзинады сӕрыл стох кодтой. Нӕ эрӕйы размӕ фыццаг ӕнусы гладиатор Спартак ӕмӕ иу-100 000 цагъары Ромы ныхмӕ рацыдысты, фӕлӕ сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд. 18 ӕнусы Карибы денджызы сакъадах Эспаньолӕйыл цагъартӕ сӕ хицӕутты ныхмӕ растадысты. Тухӕнӕй сӕ кӕй мардтой ӕмӕ сӕ сӕкӕры плантациты тыхкуыст кӕнын кӕй кодтой, уый расайдта, 13 азы чи ахаста, ахӕм мидхӕст. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, 1804 азы, фӕзынд хӕдбар паддзахад Гаити.
Фӕлӕ израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куыд диссаджы ирвӕзт акодтой, афтӕ никуы ничи. Ӕвӕццӕгӕн, иу-ӕртӕ милуан адӕймаджы – ӕнӕхъӕн адӕмыхатт – ссӕрибар сты Египеты ӕфсондзӕй. Ӕмӕ сӕ ссӕрибар кӕнын та ӕнӕмӕнгӕй хъуыди. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сын «цагъартау алы куыст кӕнын кодтой» (Рацыд 1:11–14). Ӕмӕ цӕмӕй ма сбирӕ уыдаиккой, уый тыххӕй ма сын фараонтӕй иу сӕ сывӕллӕтты дӕр мардта (Рацыд 1:8–22).
Израилӕгтӕ Египетӕй се ’фхӕрджыты къухӕй диссаджы хуызы фервӕзтысты, уымӕн ӕмӕ хъуыддагмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг бавнӕлдта. Хуыцау Моисейӕн загъта: «Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц. Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон» (Рацыд 3:7, 8). Абоны онг дӕр дзуттӕгтӕ, кӕмфӕнды ма цӕрой, алы аз дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц Куадзӕн, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, Хуыцау сӕ куыд фервӕзын кодта, уый (Рацыд 12:14).
ТАГЪД ЦАГЪАРТӔ НАЛ УЫДЗӔН
Библийы фыст ис: «Нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй». Уымӕй уӕлдай ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцау кӕй нӕ аивта (2 Азфыстыты 19:7; Малахи 3:6). Йегъовӕ Йесойы рарвыста, «цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзырдтаид, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ... цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кодтаид» (Лукайы 4:18). Цымӕ ам дзырд ӕнӕуи цагъартыл цӕуы? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Хуыцау Чырыстийы рарвыста, цӕмӕй адӕмы фервӕзын кодтаид тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй. Фӕстӕдӕр Йесо загъта: «Рӕстдзинад [уӕ] ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:32). Йесо цы рӕстдзинад амыдта, уый абон дӕр адӕмы бирӕ цӕмӕйдӕрты ссӕрибар кӕны. (Кӕс рамкӕ «Фервӕзт ӕндӕр хуызы цагъарадӕй».)
Хуыцау Иосифы цагъарадӕй куыд фервӕзын кодта, уый хицӕн кӕны, Блессингы куыд фервӕзын кодта, уымӕй. Иосифы хабар тынг цымыдисаг у, ӕмӕ фыст ис Библийы Райдианы чиныджы 39 сӕрӕй 41 сӕрмӕ. Фӕлӕ Блессингы хабар дӕр адӕймаджы къаддӕр нӕ бацымыдис кӕндзӕн.
Хицауад Блессингы Европӕйы бӕстӕтӕй иуӕй куы рарвыста, уӕд Испанимӕ ацыд. Уым фембӕлд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Блессингы бафӕндыд йӕ цард аивын ӕмӕ кусынмӕ бацыд. Йӕ раздӕры хицауимӕ дӕр баныхас кодта, алы мӕй дӕр ын цас хъуамӕ фыстаид, уымӕй къаддӕр кӕй фиддзӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс кӕй ратдзӕн. Иубон ӕм уыцы сылгоймаг телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ йын загъта, йӕ хӕс фидын ӕй кӕй нал хъӕуы, стӕй дзы хатыр ракуырдта. Цымӕ цы ’рцыд? Уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта! Блессинг загъта: «Рӕстдзинад адӕймаджы диссаджы хуызы сӕрибар кӕны».
Израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Йегъовӕ Хуыцауӕн сӕ тухӕнтӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ рыст; абон дӕр ын зын вӕййы хӕрам хъуыддӕгтӕм кӕсын. Абон адӕм бирӕ цӕйдӕрты цагъартӕ сты, ӕмӕ сӕ цӕмӕй фервӕзой, уый тыххӕй хъӕуы стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм ивындзинӕдтӕ кӕй скӕндзӕн. «Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13).
a Ном ивд у.