Чырыстийы нывонд у Хуыцауы ӕппӕты хуыздӕр лӕвар, уымӕн ӕмӕ нын уый фӕрцы ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс
СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ЛӔВАР ЦЫ У?
Ӕппӕты хуыздӕр лӕвар цы у?
«Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ чи скодта... уыцы Фыдӕй» (Иаковы 1:17). Ацы ныхӕстӕ дзурӕг сты нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ Хуыцауы рӕдаудзинадыл. Фӕлӕ, Хуыцау адӕмӕн цы бирӕ лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу у ӕппӕты стырдӕр. Цымӕ уыцы лӕвар цы у? Иоанны 3:16 стихы фыст сты Йесо Чырыстийы зындгонд ныхӕстӕ: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа».
Хуыцау йӕ иунӕг Фырты кӕй радта, уый у ӕппӕты стырдӕр лӕвар. Уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ ссӕрибар уӕм, цы цагъарады стӕм, уымӕй – тӕригъӕдджын кӕй стӕм, зӕронд кӕй кӕнӕм ӕмӕ мӕлгӕ кӕй кӕнӕм, уымӕй (Псалом 51:5; Иоанны 8:34). Уыцы цагъарадӕй нӕхӕдӕг ницы хуызы ссӕрибар уаиккам. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ Хуыцау тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ сарӕзта, ссӕрибар кӕнынӕн нӕ цы хъӕуы, уый – ахӕсты аргъ бафыста, ома йӕ иунӕг Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн радта. Уый фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Фӕлӕ цымӕ ахӕсты аргъ цы у? Цӕмӕн ӕй бахъуыд фидын? Ӕмӕ махӕн пайда цӕй фӕрцы ӕрхӕсдзӕн?
Ахӕсты аргъ у, ахст адӕймаджы ссӕрибар кӕныны тыххӕй кӕй бафидынц кӕнӕ, адӕймаг цы фесӕфта, уый сӕрмӕ бафидын кӕй фӕхъӕуы, уыцы аргъ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау нӕ рагфыдӕлты, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты ӕххӕст ӕмӕ сӕ бон уыд ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын. Ахӕм цард ӕнхъӕлмӕ каст, фӕстӕдӕр сын цы цот рацыдаид, уыдонмӕ дӕр (Райдиан 1:26–28). Фӕлӕ, хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ уыцы диссаджы цардӕй ӕнӕхай фесты, уымӕн ӕмӕ зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ систы. Уый цӕмӕ ӕркодта? Библийы фыст ис: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адамы аххосӕй йӕ байзӕддӕгтӕ ӕххӕстдзинадӕй ӕнӕхай фесты ӕмӕ сӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой.
Куыд загътам, афтӕмӕй ахӕсты аргъ у, адӕймаг ӕнӕхай цӕмӕй фӕвӕййы, уый сӕрмӕ цы аргъ бафидынц, уый. Адам зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд афтӕмӕй тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ ӕххӕст цардӕй ӕнӕхай фӕци. Библийӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй уый аххосӕй йӕ байзӕддӕгтӕ систы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы цагъарадӕй ссӕрибар уой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕндӕр ӕххӕст адӕймаг йӕ цард нывондӕн раттаид. Уыцы адӕймаг уыд Йесо Чырысти (Ромӕгтӕм 5:19; Ефесӕгтӕм 1:7). Нӕ уарзӕгой Хуыцау уыцы ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй схайджын уой, Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уымӕй – ӕнусон цардӕй (Раргомад 21:3–5).
Уӕдӕ адӕмӕн Чырыстийы нывонды фӕрцы ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ уыцы нывонд у ӕппӕты стырдӕр лӕвар. Уыцы нывонд ӕцӕгдӕр «ӕнӕфау лӕвар» кӕй у, уый феныны тыххӕй ӕркӕсӕм, айразмӕ статьяйы дзырд цы цыппар хъуыддагыл цыди, уыдонмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕ ахсджиаг кӕй сты, уый Хуыцау равдыста, Чырыстийы нывондӕн куы радта, уӕд.
Нӕ бӕллиц нын сӕххӕст кӕндзӕн. Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын (Екклесиаст 3:11). Нӕхи бон ницы хуызы бауыдаид уыцы бӕллиц сӕххӕст кӕнын, фӕлӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы уымӕн гӕнӕн ис. Библи зӕгъы: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23).
Цы хъуыди, уый нын радта. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕ бауыдаид ахӕсты аргъ бафидын. Библийы фыст ис: «Адӕймаджы уд балхӕныны аргъ афтӕ стыр у, ӕмӕ йӕ ӕнусты дӕргъы ничима бафыста» (Псалом 49:8). Уӕдӕ цӕмӕй адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди Хуыцауы ӕххуыс. Ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кодта – «Йесо Чырысти сӕ... балхӕдта ӕмӕ... ссӕрибар сты» (Ромӕгтӕм 3:23, 24). Уый уыд, адӕмы цы хъуыди, растдӕр уый.
Уыцы лӕвар скодта, хуыздӕр кӕд уыд, уӕд. Библийы фыст ис, «Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард» (Ромӕгтӕм 5:8). Хуыцау нӕ тынг уарзы, кӕд тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕд нырма тӕригъӕды аххосӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нӕм уыцы нывонды фӕрцы разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ.
Уыцы лӕвар уымӕн скодта, ӕмӕ нӕ уарзы. Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн цӕй тыххӕй радта, уый. Фыст дзы ис: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта» (1 Иоанны 4:9, 10).
Дӕ бон куыд у равдисын, ӕппӕты стырдӕр лӕварӕн кӕй аргъ кӕныс? Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн Иоанны 3:16 стихы фыст ныхӕстӕ. Чырысти бамбарын кодта, адӕмӕн сӕ ирвӕзындзинад баст кӕй у сӕ уырнындзинадыл, ома йын йӕ нывондыл ӕууӕнддзысты ӕви нӕ, ууыл. Библимӕ гӕсгӕ, «уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа» (Дзуттӕгтӕм 11:1). Цӕмӕй дын ахӕм фидар ныфс уа, уый тыххӕй дӕ хъӕуынц бӕлвырд зонындзинӕдтӕ. Уӕдӕ бацархай, цӕмӕй фылдӕр базонай, «ӕнӕфау лӕвар» нын чи скодта, уый тыххӕй, Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй. Стӕй ма базон, цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй схайджын уай, Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕм разӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы цардӕй – ӕнусон цардӕй.
Уыдӕтты фӕдыл Библи цы дзуры, уый тыххӕй фылдӕр базонын дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сайтӕй. Уыдон дын уыцы хъуыддаджы ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Уыцы стыр лӕвары тыххӕй фылдӕр куы базонай ӕмӕ йыл куы баууӕндай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр зӕгъдзынӕ: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ромӕгтӕм 7:25).