Йегъовӕ нын не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр удӕнцой дӕтты
«Табу... удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн. Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 КОР. 1:3, 4).
1, 2. Йегъовӕ нын зындзинӕдты удӕнцой куыд ратты ӕмӕ нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?
БИНОНТӔ кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр хъуыды кодта, 1 Коринфӕгтӕм 7:28 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдоныл. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, «бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ». Уыцы ’фсымӕр бафарста, бирӕ хистӕр дзы чи уыд ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн уыд, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы: «Цы сты уыцы „зындзинӕдтӕ“ ӕмӕ, бинонтӕ куы скӕнон, уӕд сӕ сӕрты куыд хиздзынӕн?» Хистӕр нӕлгоймаг ын уайтагъд дзуапп нӕ радта, фӕлӕ йын загъта, цӕмӕй ма ахъуыды кодтаид, апостол Павел ӕндӕр ран цы загъта, ууыл дӕр: Йегъовӕ у «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ӕмӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Кор. 1:3, 4).
2 Йегъовӕ у нӕ уарзӕгой Фыд, ӕмӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын удӕнцой ратты. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, Йегъовӕ дын йӕ Ныхасы фӕрцы куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ дын разамынд куыд лӕвӕрдта, уый. Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕм цы зӕрдӕ дардта, махмӕ дӕр ахӕм зӕрдӕ дары – ӕрмӕстдӕр ӕй нӕ хорз фӕнды. (Бакӕс Йеремийы 29:11, 12.)
3. Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?
3 Адӕймагӕн йӕ зындзинӕдтӕ сфӕразын ӕнцондӕр вӕййы, цӕмӕн сӕ ’взары, уый куы фӕзоны, уӕд. Ӕмӕ уый хауы, бинонтӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдонмӕ дӕр. Цымӕ цавӕр зындзинӕдтӕ сты? Ӕмӕ нын удӕнцойы хос куыд фӕуыдзысты, Библийы кӕй тыххӕй ис фыст ӕмӕ нӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм ӕмӕ фенӕм, нӕ бон куыд у зындзинӕдтӕн фӕразын.
ЛӔГ ӔМӔ УС ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ СӔМБӔЛЫНЦ
4, 5. Лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?
4 Хуыцау фыццаг сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй нӕлгоймагмӕ ӕрбакодта, ӕмӕ сылгоймаг сси йӕ бинойнаг. Стӕй Йегъовӕ загъта: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райд. 2:24). Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй ног бинонтӕ зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлынц (Ром. 3:23). Зӕгъӕм, арӕхдӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ, чызг цалынмӕ не смой кӕны, уӕдмӕ йӕ фӕхъӕуы йӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, нӕлгоймаг свӕййы сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау (1 Кор. 11:3). Фыццаг рӕстӕг, чи зоны, лӕгӕн зын уа йӕ усӕн разамынд дӕттын. Ӕмӕ усӕн дӕр, чи зоны, ӕнцон ма уа йӕ лӕгмӕ хъусын, уымӕн ӕмӕ йын раздӕр йӕ ныййарджытӕ дзырдтой, цы хъуамӕ араза, уый. Уымӕй уӕлдай ма, чи зоны, лӕгӕн зын уа йӕ каистимӕ кӕрӕдзи бамбарын, усӕн та – йӕ лӕджы бинонтимӕ.
5 Кӕнӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ цард куыд фӕивы, сывӕллон сын кӕй уыдзӕн, уый куы базонынц, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕцин кӕнынц, фӕлӕ ма тыхсгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕтыхсынц, цалынмӕ сывӕллон райгуыра, уӕдмӕ мадыл дӕр ӕмӕ сывӕллоныл дӕр исты куы ’рцӕуа, зӕгъгӕ. Стӕй фӕзонынц, уымӕй фӕстӕмӕ сӕ фылдӕр хӕрдзтӕ кӕнын кӕй бахъӕудзӕн. Ӕмӕ сывӕллон куы райгуыры, уӕд ма сӕ ноджыдӕр цыдӕртӕ фӕхъӕуы фӕивын. Мад фылдӕр сывӕллонимӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, лӕгмӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ йӕ бинойнаджы афтӕ тынг нал хъӕуы. Уӕдӕ нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хӕстӕ фӕфылдӕр вӕййынц. Ӕдзух ӕй фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй йӕ ус дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллон дӕр, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ цух ма уой.
6–8. Лӕг ӕмӕ усӕн цот куы нӕ фӕцӕуы, уӕд сыл уый куыд фӕзыны?
6 Иуӕй-иу бинонтӕ та сӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинадыл – цот сын нӕ фӕцӕуы, кӕд уымӕ тынг фӕбӕллынц, уӕддӕр. Ӕмӕ сылгоймагӕн уый зӕрдӕниз свӕййы (Ӕмб. 13:12). Раджы заманты-иу сылгоймагӕн зӕнӕг куы нӕ цыди, уӕд-иу уый худинагыл нымад уыд. Рахил дӕр, Иаковы ус, тынг маст кодта, йӕ хойӕн сывӕллӕттӕ кӕй уыд, уымӕн та цот кӕй нӕ цыди, ууыл (Райд. 30:1, 2). Нӕ рӕстӕджы дӕр иуӕй-иу бӕстӕты адӕм ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн хъуамӕ уа бирӕ сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ ахӕм бӕстӕты цы миссионертӕ лӕггад кӕны, уыдоны адӕм арӕх фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ уын сывӕллӕттӕ цӕуылнӕ ис. Ӕмӕ сын кӕд уыцы миссионертӕ уӕзданӕй сӕ хъуыды бамбарын кӕнынц, уӕддӕр сын иуӕй-иутӕ афтӕ бакӕнынц: «Хуыцаумӕ кувдзыстӕм, цӕмӕй уын сывӕллон ратта».
7 Ӕркӕсӕм-ма ӕндӕр цӕвиттонмӕ дӕр. Английӕ иу хойы тынг фӕндыд, цӕмӕй йын сывӕллӕттӕ уыдаид. Ӕмӕ йын ацы дунейы сывӕллӕттӕ кӕй нӕ уыдзӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал калди. Стӕй йӕ лӕгимӕ сфӕнд кодтой сывӕллон райсын. Фӕлӕ уӕддӕр цасдӕр рӕстӕг йӕ зӕрдӕйы рыст не ’рсабыр. Уый загъта: «Зыдтон ӕй, сывӕллон исгӕ ракӕнай ӕмӕ йын цард дӕхӕдӕг раттай, уый иу кӕй нӕу».
8 Библийы фыст ис, «сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза, уӕд ӕй уый [кӕй] хъахъхъӕндзӕн» (1 Тим. 2:15). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ кӕй ис, уый фӕрцы ӕнустӕм цӕрдзӕн. Уӕдӕ ацы стих куыд ӕмбаргӕ у? Мады фӕхъӕуы сывӕллӕттӕм кӕсын, хӕдзары куыстытӕ кӕнын, ӕмӕ йын рӕстӕг нӕ вӕййы, цӕмӕй искӕй фыдкой кӕна кӕнӕ йӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъысса (1 Тим. 5:13). Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ йын йӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ уа.
Адӕймагӕн исчи куы амӕла, уӕд ын йӕ рыст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? (кӕс 9, 12 абзацтӕ)
9. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц?
9 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон ма цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц? Уый у цардӕмбалы мӕлӕт. Бирӕтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ сыл искуы ахӕм ӕвирхъау хабар ӕрцӕудзӕн. Чырыстӕтты фидар ныфс ис, фидӕны Йегъовӕ, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ сын уый стыр удӕнцой хӕссы (Иоан. 5:28, 29). Нӕ Фыд Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бавӕрдта, ӕмӕ нын уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ зын рӕстӕджыты вӕййынц удӕнцойы хос. Ныр та ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕн удӕнцой куыд радта ӕмӕ сын уый куыд баххуыс кодта, уымӕ.
ЗЫНДЗИНӔДТЫ НЫН ЙЕГЪОВӔ УДӔНЦОЙ РАТТЫ
10. Аннӕ удӕнцой куыд ссардта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
10 Ӕркӕсӕм-ма Аннӕйы хабармӕ. Йӕ сӕрыхицау Елхъан ӕй бирӕ уарзта. Фӕлӕ Аннӕ тынг маст кодта, цот ын кӕй нӕ цыди, ууыл. Елхъаны иннӕ ус Феннанӕйӕн та уыд бирӕ сывӕллӕттӕ. (Бакӕс 1 Самуилы 1:4–7.) Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй-иу ын Феннанӕ «алы аз дӕр» мӕстӕймарӕн ныхӕстӕ кодта, ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта. Цымӕ Аннӕ цы сарӕзта, цӕмӕй удӕнцой ссардтаид? Аннӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ хъуыддаг уый бар бакодта. Ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр ныфс уыди, Йегъовӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп кӕй ратдзӕн. Йегъовӕмӕ бирӕ рӕстӕг куы фӕкуывта, уӕд ын бирӕ фенцондӕр, ӕмӕ «йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:12, 17, 18). Аннӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕнӕ лӕппу кӕй ратдзӕн, кӕнӕ та йын йӕ зӕрдӕйы рыст ӕндӕр искуыд кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн.
11. Куывды фӕрцы нӕ бон удӕнцой ссарын куыд у?
11 Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзардзыстӕм (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ нын чи баххуыс кӕна, уый дӕр ис. Нӕ бон у Йегъовӕмӕ, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцаумӕ», кувын. Аннӕ дӕр раст афтӕ бакодта. Йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уый Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Махӕн дӕр нӕ бон у Аннӕйы бафӕзмын. Зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн ӕрмӕст сӕ кой скӕнын фаг нӕ уыдзӕн. Хъуамӕ йын лӕгъстӕ кӕнӕм, ома йын, нӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый раргом кӕнӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна (Фил. 4:6, 7).
12. Аннӕ амондджын цӕй фӕрцы уыд?
12 Чи зоны, тынг маст кӕныс, сывӕллӕттӕ дын кӕй нӕй кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чидӕр кӕй амард, уый тыххӕй. Фӕлӕ дӕ бон у удӕнцой ссарын. Ӕркӕсӕм, Йесо Чырыстийы рӕстӕг чи цард, уыцы Аннӕйы хабармӕ. Ӕрыгонӕй смой кодта, фӕлӕ йӕ лӕгимӕ авд азы йеддӕмӕ нӕ фӕцард, афтӕ идӕдзӕй баззад. Сывӕллӕттӕ йын уыди ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Цымӕ 84-аздзыд Аннӕйӕн цы ’ххуыс кодта? Лукайы 2:37 стихы фыст ис: «Аннӕ ӕдзух уыд кувӕндоны – ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн, ком даргӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй кувгӕйӕ». Уый фӕрцы-иу Аннӕ удӕнцой ссардта ӕмӕ уыд амондджын.
13. Нӕ бинонтӕй нӕ исчи куы фӕфыдӕнхъӕл кӕны, уӕд нын хорз ӕмбӕлттӕ куыд баххуыс кӕнынц?
13 Нӕ бон ма удӕнцой ссарын у, ӕмбырды нын цы хорз ӕмбӕлттӕ фӕзыны, уыдоны фӕрцы дӕр (Ӕмб. 18:24). Полӕйыл фондз азы йеддӕмӕ нӕ цыд, афтӕ йӕ мад рӕстдзинад ныууагъта. Полӕйӕн тынг зын уыди. Фӕлӕ йыл цасдӕры фӕстӕ иу пионер-хо, Энн, зӕгъгӕ, зӕрдиагӕй батыхст ӕмӕ йӕ тынг бафидар кодта. Полӕ зӕгъы: «Энн мын ницы бавӕййы, фӕлӕ мыл афтӕ зӕрдиагӕй кӕй батыхст, уый мын тынг баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаин». Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Полӕйӕн йӕ мад фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт, ӕмӕ йын уый у стыр цины хос. Энн дӕр уӕдӕ тынг цин кӕны, Полӕйӕн кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид.
14. Иннӕтыл куы фӕтыхсӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр цы пайда ӕрхӕссы?
14 Иннӕтӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ арӕх нӕхи зындзинӕдтӕ айрох вӕййынц. Зӕгъӕм, моймӕдзыд хотӕ дӕр ӕмӕ, моймӕдзыд чи нӕу, уыдон дӕр зонынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕй фӕкӕнынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй феххӕст кӕнынц. Ӕмӕ уый фӕрцы сты амондджын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон дӕр у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисын, иннӕтыл кӕй тыхсы, уый. Ӕмӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хорздзинад куы фӕаразӕм, уӕд сӕм афтӕмӕй дӕр баввахсдӕр вӕййӕм (Фил. 2:4). Уымӕй бафӕзмӕн ис апостол Павелы. Уый иннӕты рӕвдыдта, «дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ» ӕмӕ сын, «фыд йӕ хъӕбултӕн куыд вӕййы», афтӕ уыди. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 11, 12.)
УДӔНЦОЙ БИНОНТӔН
15. Сывӕллӕтты ахуыр кӕныны хӕс сӕйраджыдӕр кӕуыл ис?
15 Не ’мбырды цы бинонтӕ ис, уыдонӕн нӕ бон куыд у удӕнцой хӕссын? Гӕнӕн ис, ӕмӕ ногтӕй искӕй бафӕнда, цӕмӕй сын фӕлтӕрд чырыстӕттӕй исчи ӕххуыс кӕна сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонынӕн кӕнӕ та цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕна. Библийы фыст ис, сывӕллӕтты ахуыр кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕнын Йегъовӕ ныййарджытӕн кӕй бахӕс кодта (Ӕмб. 23:22; Еф. 6:1–4). Ӕмӕ сӕ кӕд иуӕй-иу хатт ӕххуыс фӕхъӕуы, уӕддӕр сӕ сывӕллӕтты сӕйраджыдӕр хъуамӕ сӕхӕдӕг ахуыр кӕной, стӕй хъуамӕ семӕ арӕх ныхас кӕной.
16. Искӕй сывӕллонимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
16 Исчи нын куы зӕгъа, цӕмӕй йын йӕ сывӕллонимӕ Библи ахуыр кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ныййарӕгӕн цы бартӕ ис, махӕн ахӕм бартӕ кӕй нӕй. Иуӕй-иу хатт хъусынгӕнджытӕ фӕахуыр кӕнынц, йӕ ныййарджытӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, ахӕм сывӕллонимӕ. Ӕмӕ уӕд зондыл дзурӕг уаид, сӕ хӕдзары куы ахуыр кӕниккам, сӕ ныййарджытӕй кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстӕттӕй исчи уым куыд уа, афтӕмӕй, йе та, адӕм кӕм уа, ӕндӕр ахӕм ран. Уӕд афтӕ ничи ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ сывӕллонӕн ӕвзӕрӕй цыдӕр аразӕм. Ӕмӕ, чи зоны, фӕстӕдӕр ныййарджыты сӕхи бафӕнда Хуыцауы раз сӕ хӕс ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ сӕхӕдӕг Библи ахуыр кӕндзысты.
17. Сывӕллӕттӕ сӕ бинонтӕн удӕнцойы хос цӕй фӕрцы уыдзысты?
17 Йегъовӕйы чи бауарзта, ахӕм ӕрыгӕттӕн сӕ бон у, ӕмӕ сӕ бинонтӕн уой удӕнцойы хос ӕмӕ сӕ фидар кӕной. Куыд? Сӕ ныййарджытӕн куы кад кӕной ӕмӕ сын ӕхцайӕ дӕр, стӕй ӕнӕуи дӕр куы ӕххуыс кӕной. Стӕй сывӕллӕттӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион куы вӕййынц, уӕд уый ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Доны хъаймӕты размӕ Ламех, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, йӕ фырт Нойы тыххӕй загъта: «Ай фӕрцы сулӕфдзыстӕм, Йегъовӕ кӕй ралгъыста, уыцы зӕххыл кусгӕйӕ цы фыдӕбон ӕмӕ цы тухитӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй». Уыцы пехуымпарад сӕххӕст Доны хъаймӕты фӕстӕ, Йегъовӕ зӕххӕй ӕлгъыст куы систа, уӕд (Райд. 5:29; 8:21). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, ахӕм сывӕллӕттӕн сӕ бон у бинонтӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ныр дӕр зындзинӕдты фидар фӕлӕууой, стӕй фидӕны та Доны хъаймӕтӕй стырдӕр бӕллӕхы аирвӕзой.
18. Цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
18 Абон Йегъовӕйы адӕм удӕнцой ссарынц, кӕй йӕм фӕкувынц, стӕй, Библийы кӕй тыххӕй ис фыст, уыцы адӕмы цӕвиттонтыл кӕй фӕхъуыды кӕнынц ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгом кӕй сты, уый фӕрцы. (Бакӕс Псалом 145:18, 19.) Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у удӕнцой раттынмӕ, ӕмӕ нын цыфӕнды зындзинӕдты дӕр фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕндзӕн.