2 Библийы фӕрцы зындзинӕдты сӕрты хизӕм
Иуӕй-иу хатт нӕ царды цавӕрдӕр зын уавӕртӕ бирӕ рӕстӕг ахӕссынц, чи зоны, азгӕйттӕ дӕр. Хатт ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнӕм, цавӕрдӕр зондахаст кӕнӕ миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куыд ныффидар вӕййынц ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрын куыд фӕхъыгдарынц. Цымӕ нын Библи ахӕм зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
ӔГӔР КУЫ МӔТ КӔНӔМ
Иу ӕрыгон чызг, Рози, радзырдта: «Ӕдзух цӕуылдӕрты мӕт кодтон. Цы нӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ-иу мӕм фӕзынд, ахӕм нал баззад». Цымӕ йын Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кодтой? Зӕгъӕм, Чырысти цы уынаффӕ радта, уый. Фыст ис Матфейы 6:34: «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг сты». Рози загъта, Чырыстийы ныхӕстӕ йын кӕй баххуыс кодтой, цӕмӕй, райсом цы уыдзӕн, ууыл мауал мӕт кодтаид. Загъта ма: «Зындзинӕдтӕ ӕнӕуи дӕр фаг ис. Ӕмӕ, нырма чи не ’рцыд ӕмӕ, чи зоны, цӕугӕ дӕр чи не ’ркӕна, уыцы хабӕрттыл цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнон?»
Ясмин дӕр-иу ӕдзух сагъӕс кодта. «Къуыри-иу цалдӕр боны дӕр фӕкуыдтон,– загъта уый,– ӕхсӕв-иу нӕ фынӕй кодтон. Ме ’взӕр хъуыдытӕ мӕ цыма удӕгасӕй хордтой, афтӕ уыдтӕн». Уымӕн та Библийӕ цавӕр уынаффӕ баххуыс кодта? Ясмин куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый уыд 1 Петры 5:7 фыст уынаффӕ: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл». Ясмин загъта: «Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ куывтон, ӕмӕ мӕ фехъуыста. Цыма ме уӕхсчытӕй уӕззау уаргъ ахауд, афтӕ мын фенцон. Ӕвзӕр хъуыдытӕ мӕм ныр дӕр фӕзыны, фӕлӕ ныр зонын, семӕ куыд тох кӕнон, уый».
ИСТӔУЫЛ АБОН-РАЙСОМ КУЫ КӔНӔМ
Иу ӕрыгон чызг, йӕ ном Изабеллӕ, загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, адӕймаг алцӕуыл дӕр абон-райсом кӕй фӕкӕны, уый йӕ туджы рахӕссы, уымӕн ӕмӕ мӕ фыд дӕр ахӕм у ӕмӕ ӕз дӕр. Ахсджиаг хъуыддӕгтӕ мын куы вӕййы, уӕд уыдон кӕныны бӕсты фӕбадын ӕмӕ телевизормӕ фӕкӕсын йе та ӕппындӕр ницы фӕаразын. Уый ӕвзӕр миниуӕг у, уымӕн ӕмӕ уый фӕстӕ адӕймаджы йӕ куыстытӕ тагъд-тагъд кӕнын бахъӕуы ӕмӕ сӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бакӕны». Цы уынаффӕ йын баххуыс кодта, уый фыст ис 2 Тимофеймӕ 2:15: «Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы... ахӕм кусӕгӕй». Изабеллӕ загъта: «Мӕн нӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом судза». Ӕмӕ уый фӕрцы Изабеллӕ тынг аивта.
Келсийӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд. Уый загъта: «Исты хъуыддаг-иу мын куы бахӕс кодтой, уӕд-иу ӕй къуырцдзӕвӕнмӕ ӕрхастон. Ӕмӕ-иу уӕд афтӕ стыхстӕн, ӕмӕ-иу кӕугӕ дӕр фӕкодтон, стӕй-иу мӕ хуыссӕг дӕр фӕлыгъд. Иудзырдӕй, хорзӕй дзы ницы уыд». Келси хорз уынаффӕ ссардта Ӕмбисӕндты 13:16: «Ӕмбаргӕ адӕймаг архайы зондӕй, ӕнӕзонд та ахъӕр кӕны йе ’нӕзонддзинад». Уыцы ныхӕстыл куы ахъуыды кодта, уӕд бамбӕрста, алцыдӕр рагацау пълан кӕнын зондыл дзурӕг кӕй у. Келси загъта: «Ныр ме стъолыл дарын иу тетрад, ӕмӕ дзы ныффыссын, кӕд цы хъуамӕ саразон, уый. Уый фӕрцы алцыдӕр афоныл фӕкӕнын ӕмӕ къуырцдзӕвӕнмӕ ницыуал ӕрхӕссын».
АФТӔ НӔМ КУЫ КӔСА, ӔМӔ ИУНӔГ СТӔМ
Иу сылгоймаг, Кристен, загъта: «Мӕ лӕг мӕ куы ныууагъта, уӕд цыппар гыццыл сывӕллонимӕ иунӕгӕй баззадтӕн». Цымӕ йын уыцы уавӕры Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ баххуыс кодтой? Ӕмбисӕндты 17:17 чи ис фыст, уыдон: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр». Кристен ӕххуыс бацагуырдта, уыйау Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй. Ӕмӕ йын куыд баххуыс кодтой? Кристен радзырдта: «Ме ’мбӕлттӕ уайтагъд мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты! Бирӕ цӕмӕйдӕрты мӕм фӕкастысты. Чидӕртӕ-иу мын дзы мӕ дуары раз хӕринӕгтӕ ӕмӕ дидинджытӕ ныууагътой. Ӕртӕ хатты мӕ мӕ сывӕллӕттимӕ цӕрынмӕ ӕндӕр ранмӕ лидзын бахъуыди, ӕмӕ-иу уӕд дӕр амбырд сты ӕмӕ-иу нӕм фӕкастысты. Сӕ иу та мын куыст ссарынӕн баххуыс кодта. Иудзырдӕй, ме ’мбӕлттӕ ӕдзух мӕ фарсмӕ уыдысты».
Айразмӕйы статьяты кӕй кой уыд, уыцы Динӕйӕн дӕр тынг зын уыд, иунӕгӕй куы баззад, уӕд. Цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд, уыдоны фӕстӕ йын куыд зын уыди, уый тыххӕй загъта: «Алчидӕр йӕ царды кой кодта, ӕз та сӕм цыма фӕрсырдыгӕй кастӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕппындӕр никӕйуал хъӕуын». Динӕйӕн баххуыс кодта Псалом 68:6. Уым фыст ис: «Хуыцау иунӕджы ӕрцӕрын кӕны хӕдзары». Динӕ загъта: «Ӕз зонын, уыцы ныхӕстӕ ӕрмӕст ӕнӕуи хӕдзармӕ кӕй нӕ амонынц. Хуыцау нӕ ӕрбакодта йӕ организацимӕ, ӕмӕ уым ссардтам ӕцӕг, ӕнувыд ӕмбӕлтты. Уыдон дӕр Йегъовӕйы уарзынц, ӕмӕ се ’хсӕн ис фарн. Ӕмӕ уыцы фарн абарӕн ис хъарм къонаимӕ. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон: цӕмӕй сӕм ӕввахсдӕр кӕнон, уый тыххӕй уал хъуамӕ Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уон. Ӕмӕ мын уыцы хъуыддаджы баххуыс кодта Псалом 37:4: „Йегъовӕ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн“».
Динӕ ма загъта: «Ӕмбӕрстон ӕй, мӕхи мӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр бӕттын кӕй хъӕуы. Уымӕй хуыздӕр ӕмбал нӕй. Стӕй мӕхицӕн гӕххӕттыл ныффыстон, мӕнау Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ ӕнгомдӕр цавӕр хъуыддӕгты фӕрцы суыдаин, уыдон. Ӕз сахуыр дӕн иннӕтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ хорз миниуджытӕ уынын – ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсын, цыма сӕм иу хъӕндзинад дӕр нӕй».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр алцӕмӕй ӕххӕст не сты, стӕй уыдон дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Фӕлӕ, Библи кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы иннӕтӕн, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнынц. Ахӕм ӕмбӕлттӕ дын уа, уый хорз у. Фӕлӕ, абон аивӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм зын уавӕры куы уӕм, зӕгъӕм, цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын куы уӕм кӕнӕ ныл зиан куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр нын, цымӕ, Библийы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?
Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ