Чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕ
Фыццаг статьяйы дзырд цыди, Дельфӕты цы оракул уыд, уый ныхӕсты тыххӕй паддзах Крёз куыд фӕсайды ӕмӕ йыл Персы паддзах куыд фӕуӕлахиз, уыцы таурӕгъыл. Персы паддзахы тыххӕй ма фыст ис Библийы пехуымпарады дӕр. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст.
Уыцы паддзах куы райгуырд, уымӕй бирӕ раздӕр – иу-200 азы раздӕр – дзуттаг пехуымпар Исай ныффыста, хъомысджын горӕт Вавилон куыд басӕтдзысты ӕмӕ йӕ чи басӕтдзӕн, уый ном дӕр – Кир, зӕгъгӕ.
Исай 44:24, 27, 28: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ [...] „Арф донӕн зӕгъын: „Дӕ дон байсысӕд. Ӕз дын дӕ цӕугӕдӕттӕ иууылдӕр бахус кӕндзынӕн“. Кирӕй зӕгъын: „Уый у мӕ фыййау, ӕмӕ мӕн цыдӕриддӕр фӕнды – иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзӕн“. Уый сӕххӕст кӕндзӕн, Иерусалимы тыххӕй кӕй загътон, уыцы ныхас дӕр: „Ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн“; ӕмӕ кувӕндоны тыххӕй цы загътон, уый дӕр: „Дӕ бындур ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн“».
Грекъаг историк Геродот ныффыста, Киры ӕфсӕддонтӕ Евфраты цӕугӕдон, горӕт Вавилоны астӕуты цы цӕугӕдон цыд, уый, ӕндӕрырдӕм кӕй аздӕхтой. Дон афтӕ ныггыццыл, ӕмӕ Киры ’фсадӕн йӕ бон сси горӕтмӕ бацӕуын. Горӕт куы бацахстой, уый фӕстӕ Кир ссӕрибар кодта, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгты ӕмӕ сын бар радта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ, вавилойнӕгтӕ 70 азы размӕ кӕй ныппырх кодтой, уыцы горӕтмӕ, аздӕхтаиккой ӕмӕ йӕ рацарӕзтаиккой.
Исай 45:1: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕг Кирӕн,– йӕ рахиз къухыл кӕмӕн хӕцын, цӕмӕй йын адӕмты йӕ дӕлбар бакӕнон ӕмӕ паддзӕхтӕн сӕ астӕутӕй сӕ рӕттӕ раласон, цӕмӕй йын йӕ размӕ дуӕрттӕ бакӕнон ӕмӕ цӕмӕй горӕты кулдуар ӕхгӕд ма ’рцӕуа».
Горӕты къулы цы стыр дуӕрттӕ уыди, уыдон ӕнӕрхъуыдыйӕ гомӕй кӕй баззадысты, уый руаджы персайнӕгтӕ горӕтмӕ бацыдысты. Кирӕн йӕ зӕрды цы уыд, уый вавилойнӕгтӕ куы зыдтаиккой, уӕд горӕты кулдуӕрттӕ се ’ппӕт дӕр сӕхгӕдтаиккой. Фӕлӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ горӕт хъахъхъӕнӕг нӕ уыд.
Библийы бирӕ ис, лыстӕг хабӕртты онг чи сӕххӕст, ахӕм пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ уыдонӕй ацы пехуымпарад у ӕрмӕст иу цӕвиттонa. Адӕм-иу фидӕны тыххӕй цы дзырдтой, уый-иу арӕх дзырдтой сӕ мӕнгхуыцӕутты номӕй. Библийы пехуымпарӕдтӕ та дзырдта, ацы ныхӕстӕ чи загъта, уыцы Хуыцау: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:10).
Афтӕ зӕгъын йӕ бон у ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауӕн – йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы Хуыцауӕн. Йӕ ном цы нысан кӕны, уый ис афтӕ бамбарын кӕнӕн: «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау зоны, фидӕны цы уыдзӕн, уый ӕмӕ йӕ бон у хабӕрттӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ фӕивын. Махӕн нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны.
АБОН ЧИ ӔХХӔСТ КӔНЫ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ
Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цавӕр пехуымпарӕдтӕ ис фыст, уый базонын дӕ нӕ фӕнды? Иу-2 000 азы размӕ Библийы фыст ӕрцыди, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» скӕндзӕн «тынг уӕззау рӕстӕг». Цымӕ дзы цавӕр фӕстаг бонты кой ис? Уыдон зӕххы кӕнӕ адӕмы фӕстаг бонтӕ не сты, фӕлӕ милуангай азты дӕргъы адӕм кӕй аххосӕй удхар кӕнынц, уыцы фыдхъуыддӕгтӕн сӕ фӕстаг бонтӕ. Ӕркӕсӕм-ма, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый чи бӕлвырд кӕны, цалдӕр ахӕм пехуымпарадмӕ.
2 Тимофеймӕ 3:1–5: «Фӕстаг бонты... адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн».
Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, абон адӕм ахӕм кӕй сты. Нӕ алыварс адӕм хиуарзон, ӕхцауарзаг ӕмӕ сӕрбӕрзонд не сты? Уыныс ӕй, адӕм зындзырд кӕй сты ӕмӕ иннӕтӕй фылдӕр кӕй фӕдомынц? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи цӕстӕй уынӕм, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй нӕ кӕсынц ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы нӕ, фӕлӕ тынгдӕр ирхӕфсӕнтӕ кӕй уарзынц, уый. Ӕмӕ цард бонвыддӕр кӕны.
Матфейы 24:6, 7: «Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй [...] Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ».
Иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ уыди, уыдоны фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уый у, бирӕ адӕмыхӕттыты цас адӕм ис, уымӕй фылдӕр. Ахъуыды-ма кӕн, хӕстыты аххосӕй адӕм цас цӕссыг фӕкалдтой, цас фӕхъизӕмар кодтой ӕмӕ цас зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, ууыл. Цымӕ адӕмтӕ истӕуыл сахуыр сты ӕмӕ сӕ бон сси хӕстытӕн кӕрон скӕнын?
Матфейы 24:7: «Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг».
Иу программӕйы хойраджы тыххӕй фыст уыд: «Кӕд фаг хӕринаг ис, уӕддӕр 815 милуан адӕймаджы – зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фарӕстӕм хай – алы ӕхсӕв дӕр схуыссынц ӕххормагӕй. Уымӕй уӕлдай ма алы ӕртыккаг адӕймагӕн дӕр фаг хӕринаг нӕй» (The World Food Programme). Куыд банымадтой, афтӕмӕй алы аз дӕр ӕххормагӕй амӕлы иу-3 милуан сывӕллоны.
Лукайы 21:11: «Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ».
Алы аз дӕр вӕййы иу-50 мин зӕххӕнкъуысты. Уыдонӕй иу-100 зӕххӕнкъуысты аххосӕй хӕдзӕрттӕ тынг бахъыгдард вӕййынц, ӕмӕ алы аз дӕр вӕййы иу стыр зӕххӕнкъуыст. Иу бӕрӕггӕнӕнмӕ гӕсгӕ 1975 азӕй 2000 азмӕ зӕххӕнкъуыстыты фӕмард 471 мин адӕймаджы.
Матфейы 24:14: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 8 милуанӕй фылдӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц ӕнӕхъӕн зӕххыл иу-240 бӕстӕйы. Уыдон хъусын кӕнынц стыр горӕтты, дард хъӕуты, джунглиты ӕмӕ хӕхты. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ацы куыст фӕуыдзӕн, Хуыцауы куы бафӕнда, уӕд ӕмӕ «уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн? Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн Хуыцауы Паддзахад. Уыцы рӕстӕг цавӕр зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст уыдзысты? Бакӕс иннӕ статьятӕ ӕмӕ йӕ базондзынӕ.
a Кӕс статья «Пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уымӕн ӕгомыг ӕвдисӕн»