Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp19 № 1 15 ф.
  • Хуыцауы зонын дын цы пайда у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы зонын дын цы пайда у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар у!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Дӕ иууыл хуыздӕр хӕлар у Хуыцау
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Царды уымӕй хуыздӕр фӕндаг нӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Махӕн «хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
wp19 № 1 15 ф.
Адӕм дзӕнӕты цин кӕнынц

Хуыцауы зонын дын цы пайда у?

Цалдӕр статьяйы фӕрцы базыдтам, Хуыцау чи у, уый. Библийӕ базыдтам, йӕ ном Йегъовӕ кӕй у ӕмӕ йӕ сӕйрагдӕр миниуӕг уарзондзинад кӕй у. Стӕй ма базыдтам, цы сарӕзта ӕмӕ адӕммӕ диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Хуыцауы тыххӕй ма бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, уый дӕуӕн цы пайда у, ууыл.

Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ» (1 Азфыстыты 28:9). Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы лӕвар дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауы куы агурай ӕмӕ йӕ хуыздӕр куы базонай, уӕд – «Йегъовӕйы хӕлар» суыдзынӕ! (Псалом 25:14). Уый дын цы пайда уыдзӕн?

Ӕцӕг амондджын уыдзынӕ. Йегъовӕйы тыххӕй Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «амондджын Хуыцау» у (1 Тимофеймӕ 1:11). Куы йӕм ӕввахсдӕр кӕнай ӕмӕ йӕ куы фӕзмай, уӕд ӕцӕг амондджын уыдзынӕ, дӕ зӕрдӕйы фарн уыдзӕн ӕмӕ уый де ’нӕниздзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн (Псалом 33:12). Стӕй ма дӕ бон уыдзӕн, дӕ цардӕн тӕссаг чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕ ныууадзын, дӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнын ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын. Ӕмӕ уӕд ды дӕр зӕгъдзынӕ, Библи фысджытӕй иу цы ныхӕстӕ загъта, ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (Псалом 73:28).

Йӕ хъус дӕм дардзӕн ӕмӕ дыл тыхсдзӕн. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (Псалом 32:8). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр тыхсы ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратты, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый (Псалом 139:1, 2). Йегъовӕмӕ куы баввахс уай, уӕд фендзынӕ, баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у.

Диссаджы фидӕнӕй дӕ ныфс уыдзӕн. Йегъовӕ Хуыцауы фӕрцы ӕрмӕст абон нӕ уыдзынӕ амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс, фӕлӕ ма дын диссаджы фидӕнӕй дӕр ныфс ӕвӕры (Исай 48:17, 18). Библийы фыст ис: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Ацы уӕззау рӕстӕджыты нын Хуыцау цы ныфс дӕтты, уый нын науӕнгуырау ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» уӕм (Дзуттӕгтӕм 6:19).

Хуыцауы хуыздӕр базонын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын ма ахсджиаг у бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй. Цӕмӕй фылдӕр базонай, уый тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ аныхас кӕн кӕнӕ бацу сайтмӕ jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын