Фарстыты асыкк
◼ Ӕмбырды куы фехъусын кӕной, зӕгъгӕ, чидӕр фӕстӕмӕ ӕмбырды уӕнг сси, уӕд ӕмдзӕгъд кӕнын хъӕуы?
Иегъовӕ Хуыцау йӕ ӕнӕкӕрон уарзондзинадӕй ӕрфӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджынтӕн Фыстадмӕ гӕсгӕ фадат ратта ногӕй йӕ хорзӕх ссарынӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ суӕвынӕн (Пс. 50:14, 19). Афтӕ куы ӕрцӕуы, уӕд мах дӕр сразӕнгард кӕны, зӕрдӕбынӕй чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕ нӕ уарзондзинад равдисынмӕ (2 Кор. 2:6—8).
Фембӕлды куы фехъусын кӕной, нӕ хӕстӕг кӕнӕ нӕ зонгӕ фӕстӕмӕ ӕмбырды уӕнг кӕй сси, уӕд нын кӕд тынг ӕхсызгон у, уӕддӕр ӕм хъуамӕ сабырӕй байхъусӕм. «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 1998 азы 1 октябры номыры 17 фарсыл (уырыс.) уый тыххӕй фыст уыд: «Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмбырды бирӕтӕ кӕй нӕ зонынц, уыцы адӕймаджы цӕй тыххӕй ацух кодтой кӕнӕ йӕ фӕстӕмӕ цӕмӕн сфидар кодтой, уый. Уыимӕ ма, чи зоны, ӕмбырды ис, ӕрфӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста кӕнӕ ма уый тыххӕй ныр дӕр чи хъизӕмар кӕны, ахӕмтӕ дӕр. Мах аргъ кӕнӕм иннӕты ӕнкъарӕнтӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, ӕмбырды куы радзурой, зӕгъгӕ, чидӕр фӕстӕмӕ ӕмбырды уӕнг сси, уӕд бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ хъуамӕ нӕхиуыл фӕхӕцӕм, цӕмӕй йын адӕмы ’хсӕн ма раарфӕ кӕнӕм, цалынмӕ йыл хибарӕй фембӕлӕм, уӕдмӕ».
Кӕд нын тынг ӕхсызгон у, чидӕр ӕцӕгадмӕ кӕй раздӕхт, уый, уӕддӕр раст нӕ уаид, уыцы адӕймаг ногӕй ӕмбырды уӕнг кӕй сси, уый тыххӕй ӕмдзӕгъд кӕнын.