Лӕггаддзинады фембӕлдты расписани
ФИППАИНАГ: Сӕрды мӕйты «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы мыхуыр цӕудзӕн лӕггаддзинады фембӕлдты расписани, раздӕр куыд уыд, афтӕ алы къуырийӕн дӕр. Фӕлӕ куы хъӕуа, уӕд ӕмбырдтӕн сӕ бон у ивындзинӕдтӕ бахӕссын, облӕстон конгресмӕ — «Хуыцауы ныхас ӕххӕстгӕнджытӕ» — куы цӕуой, уӕд. Конгресмӕ ма иу къуыри куы баззайа, уӕд кӕм хъӕуа, уым лӕггаддзинады фембӕлды 15 минуты рахицӕн кӕнут ӕмӕ сфӕлхат кӕнут, «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы майы номыры уӕлӕмхасӕн сыфыл цы уынаффӕтӕ уыд, уыдон. Алкӕй дӕр сразӕнгард кӕнут, цӕмӕй конгрессы программӕйы алы хайы размӕ дӕр кӕсой сӕ программӕмӕ ӕмӕ рагацау ахъуыды кӕной, дзырд цӕуыл цӕудзӕн, ууыл. Уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн программӕмӕ лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ ахсджиаг хъуыдытӕ цыбыртӕй фыссын. Конгрессӕй 2—4 къуырийы куы рацӕуа, уӕд лӕггаддзинады фембӕлды хъӕуы 30 минуты рахицӕн кӕнын ӕмӕ конгрессы программӕйы фиппаинаг хъуыдытӕ сфӕлхат кӕнын. Ӕртӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕры уыдзысты нысангонд, цӕмӕй сыл ӕрныхас кӕной, ӕмӕ алы хъусынгӕнӕг дӕр хъуамӕ рагацау бацӕттӕ кӕна цыбыр дзуапп ӕмӕ йӕ хъуыды зӕгъа. Ис зӕгъӕн, конгрессы цы базыдтам, уымӕй царды ӕмӕ уацамынды куыд спайда кӕндзыстӕм, уый, кӕнӕ та радзурӕн ис иу-дыууӕ цауы. Алчидӕр ацы хаймӕ хорз куы бацӕттӕ кӕна, уӕд уыдзӕн цымыдисаг ӕмӕ пайда.
10 июлӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 7
12 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ӕй. Зӕгъ цалдӕр ныхасы Уӕрӕсейы апрелы уацамынды хыгъды тыххӕй ӕмӕ уе ’мбырды хыгъды тыххӕй. Ӕрдзур, рамкӕйы «Кӕс фӕстаг фарсыл» цы фыст ис, ууыл. «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы амынд номырты ныхас райдайынӕн цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй уӕ территорийы ӕнтыстджын кӕцы уыдзӕн, уый равдис.
15 мин.: «Махӕн нӕ бон нӕу... нӕ дзурын». Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, иу минуты бӕрц, ӕмӕ йӕ стӕй равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Бахахх кӕн, хъусын кӕныны хъуыддаг афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, уый. Ӕрхӕсс цалдӕр ӕмбӕлон хъуыдыйы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг»-ӕй, 1997 аз, 15 январь, 23, 24-ӕм фӕрстӕ (уыр.).
18 мин.: «Алцыдӕр уӕд уӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн». Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы статьяйыл ныхас кӕнынц. Уыдон дзурынц, исты хъуыддаг аразгӕйӕ кӕнӕ дзы ӕхца ӕвӕргӕйӕ, куыд ахсджиаг у зондджынӕй архайын, ууыл. Равзарут, «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1997 аз, 15 мартъи, 18, 19, 22-ӕм фӕрстыл (уыр.) цы уынаффӕтӕ ис, уыдон.
Зарӕг № 15 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
17 июлӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 23
15 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. Цыбыртӕй ӕрдзур, брошюрӕ «Хуыцауы ном»-ы ӕххуысӕй куыд ис цымыдисгӕнаг адӕймагӕн баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй бамбара, куыд ахсджиаг у Хуыцауы ном зонын ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурын, уый. (Кӕс брошюрӕ «Хуыцауы ном», 28, 29-ӕм фӕрстӕ.)
10 мин.: «Районон конгрессы ног программӕ». Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Зӕгъ, районон конгресс цы бон уыдзӕн, уый ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй дыууӕ боны дӕр конгресмӕ ӕрбацӕуой, ӕмӕ ма цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй бацархайой, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдоны дӕр фӕхоныныл. Конгресмӕ куы ӕрбацӕуой, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, ноджы тынгдӕр бафӕнда ӕмбырды алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын.
20 мин.: Кӕй хъуамӕ фӕзмай? Иу кӕнӕ дыууӕ ӕнахъом сывӕллонимӕ фыд ахуыр кӕны Библи. Уый бафиппайдта, йӕ сывӕллӕттӕ фӕстаг рӕстӕг арӕх кӕй дзурынц номдзыд спортсментыл, зындгонд киноактертыл, телералӕвӕрдты архайджытыл ӕмӕ музыканттыл. Фыд ууыл мӕт кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ ахӕм адӕм кӕй цӕуынц, уый дзурӕг у, дунейы зондахаст сыл кӕй ӕндавы. Уыдон ныхас кӕнынц статьяйыл «Райхъал ут!»-ӕй, 1998 аз, 22 май, 12—14-ӕм фӕрстӕ (уыр.). Сывӕллӕттӕ ӕмбарынц, дунейы зындгонд адӕмы кадджын кӕнын тӕссаг кӕй у ӕмӕ разы сты, дунейы зындгонд бынат ахсын чырыстӕттӕн хорзӕй кӕй ницы дӕтты, ууыл. Уыдон дзурынц, ныййарджыты, хистӕр нӕлгоймӕгты, ӕмбырды ма хорз уагахаст кӕмӕн ис, уыдоны ӕмӕ уӕлдайдӕр та Йесо Чырыстийы фӕзмын цы пайда хӕссы, ууыл.
Зарӕг № 34 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
24 июлӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 45
5 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ.
15 мин.: Ӕвдисӕм нӕхи куыд Хуыцауы кусджытӕ. Дыууӕ службӕйон ӕххуысгӕнӕджы ныхас кӕнынц, «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1999 аз, 1 январь, 17-ӕм фарсыл Фыстадӕй цы амындтӕ ис, уыдоныл. Ӕфсымӕртӕ ӕмбарынц, кӕй сӕ хъӕуы, службӕйон ӕххуысгӕнджытӕм цы домӕнтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ныхас кӕнынц, сӕ бон цы у бакӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, сӕ хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый. Уыдон ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй уацамынды фӕзминаг уой. Дзурынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмбырдмӕ хъус дарыны хъуыддаджы сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ. Уыдон разы сты, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уымӕй ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ ӕмбарой, куыд ахсджиаг рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна ӕмӕ сӕ лӕггаддзинады ӕнтыстджын уой.
10 мин.: Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕнӕнцойӕ хъусын кӕнын. Ныхас бындуриуӕг кӕны чиныг «Нӕ лӕггаддзинад»-ыл, 84—87-ӕм фӕрстӕ (уыр.). Равзар ӕй фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы, 1994 аз, июлы номыры 1-ӕм фарсыл (уыр.) цы статья ис, уырдыгӕй сӕйраг хъуыдытӕ ӕрхӕсс.
15 мин.: Дӕ ныхас ӕнтыстджынӕй райдай. Брошюрӕ «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас»-ы (уыр.) 2—7-ӕм фӕрстыл ныхас райдайынӕн цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй равзар дыууӕ-ӕртӕ ӕмӕ зӕгъ, уе ’мбырды территорийы сӕ ӕнтыстджынӕй куыд ис пайдагӕнӕн, уый тыххӕй. Хъусджытӕм радт ахӕм фарст: «Искӕимӕ уынджы кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕныхас кӕнут, уӕд уӕ ныхас куыд райдайут?». Рӕстӕг куы уа, уӕд равдис, ныхас куыд ис райдайӕн, уымӕн иу кӕнӕ дыууӕ цӕвиттоны.
Зарӕг № 54 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
31 июлӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 66
15 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй июлы мӕйы уацамынды хыгъд радтой. Фарстыты асыкк. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, ацы мӕй сыл, брошюрӕтӕ парахатгӕнгӕйӕ, цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд, уыдон.
12 мин.: Бынӕттон домӕнтӕ.
18 мин.: «Иегъовӕйы фӕразондзинадӕн аргъ кӕныс?». Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Ӕрхӕсс ӕмбӕлон хъуыдытӕ Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинады тыххӕй. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1991 аз, 15 май, 10—13-ӕм фӕрстӕ, 1—12-ӕм абзацтӕ, уыр.)
Зарӕг № 75 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
7 августӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 88
10 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ.
17 мин.: «Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймаг дӕ?». Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Радзур зӕрдӕфидаргӕнӕн цау «1997-ӕм азы Ӕрвылазон чиныг»-ӕй, 43-ӕм фарс (уыр.).
18 мин.: Раст зондыл хӕст у. Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас. Фӕсивӕд фӕбӕллынц, цӕмӕй фидӕны цӕрой амондджынӕй сӕ уарзон адӕмимӕ. Уым диссагӕй ницы ис, ӕмӕ сӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй сӕ царды ӕнтыстджын уой, уӕд хъуамӕ байхъусой Хуыцауы уынаффӕмӕ (Фӕс. н. 19:20). Уыцы кары ӕрыгӕттӕ вӕййынц рӕузонд, ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕдыл куы цӕуой, уӕд фӕстиуджытӕ уыдзысты кӕуинаг. Ахӕм уавӕры фӕзыны фарст: уыцы кары лӕппутӕ чызджытыл куы хъуыды кӕниккой ӕмӕ чызджытӕ та лӕппутыл ӕмӕ семӕ куы ӕмбӕликкой, уӕд уый зондджын ми уаид? Равзар, чиныджы «Фӕсивӕды фарстытӕ» (уыр.) 231—235-ӕм фӕрстыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдон. «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1999 аз, 1 декабрь, 14—18-ӕм фӕрстыл цы статья ис, уырдыгӕй ӕрхӕсс сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ бамбарын кӕн, фӕсивӕдӕн куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы раз сӕ хӕс кӕронмӕ ӕххӕст кӕной. Ӕрыгӕтты сразӕнгард кӕн, цӕмӕй уыцы уынаффӕйыл ахъуыды кӕной ӕмӕ сӕм фарстытӕ куы фӕзына, уӕд сӕ сӕ ныййарджытимӕ равзарой.
Зарӕг № 101 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.